Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ нын разамынд дӕтты, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр адӕмы ахуыр кӕнӕм

Йегъовӕ нын разамынд дӕтты, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр адӕмы ахуыр кӕнӕм

«Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (ИС. 48:17).

1. Чырыстӕттӕн хъусын кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ у?

ЙЕГЪОВӔЙЫ адӕм 130 азӕй фылдӕр хъусын кӕнынц хорз хабар *. Уыцы куыст куы райдыдтой, уӕд бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау уыдон дӕр гыццыл къорд йеддӕмӕ нӕ уыдысты ӕмӕ, цы хабар хъусын кодтой, уый бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Иуӕй-иутӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ сӕм фаг ахуырдзинад нӕй. Фӕстӕдӕр, Хӕйрӕг зӕхмӕ ’ппӕрст куы ’рцыд, уӕд, чырыстӕтты фӕдыл зилын дӕр райдыдтой (Рарг. 12:12). Уый уыд «фӕстаг бонтӕн» сӕ райдиан. Фӕлӕ кӕд «тынг уӕззау рӕстӕг» у, уӕддӕр чырыстӕттӕ хъусын кӕнынц (2 Тим. 3:1).

2. Йегъовӕ нын хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд ӕххуыс кӕны?

2 Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕной, ӕмӕ уый бар ницӕмӕн ратдзӕн, цӕмӕй уыцы куыст ныкъкъуылымпы кӕна. Раджы заманты израилӕгты Вавилонӕй куыд ссӕрибар кодта, афтӕ нӕ рӕстӕджы дӕр йӕ адӕмы «Стыр Вавилонӕй», ома мӕнг динӕй, ракодта (Рарг. 18:1–4). Йегъовӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уый фыццаджыдӕр нӕхи пайдайӕн у. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрӕм, ӕмӕ нын амоны, иннӕты куыд ахуыр кӕнын хъӕуы, уый дӕр. (Бакӕс Исайы 48:16–18.) Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕтты, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дунейы уавӕртӕ ӕдзухдӕр афтӕ ивы, цӕмӕй нын хъусын кӕнын ӕнцондӕр уа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу хатт ахӕм хабӕрттӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ нын хъусын кӕнын фенцондӕр вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр Хӕйрӕджы дунейы нӕ фӕдыл зилынц ӕмӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм. Уӕдӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы ’ххуысы фӕрцы у нӕ бон хъусын кӕнын (Ис. 41:13; 1 Иоан. 5:19).

3. Данелы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны?

3 Пехуымпар Данел загъта, «кӕроны рӕстӕджы» бирӕтӕ Библийы рӕстдзинад кӕй бамбардзысты. (Бакӕс Данелы 12:4.) Ӕнусты дӕргъы чырыстон динтӕ Библийы ахуырӕдтӕ раст не ’мбарын кодтой, фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы ахуырӕдтӕ бамбӕрстаиккой. Абон йӕ адӕм Библийы рӕстдзинад амонынц ӕгас дунейы дӕр. Уӕдӕ уынӕм, Данелы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый. Аст милуан адӕймаджы бӕрц рӕстдзинад базыдтой ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр амонынц. Цымӕ Йегъовӕйы адӕмӕн цавӕр хъуыддӕгтӕ ӕххуыс кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнынӕн?

БИБЛИ ТӔЛМАЦ КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ

4. 19 ӕнусы Библи цал ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой?

4 Абон Библи бирӕтӕм ис, ӕмӕ нын уый дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сын хорз хабар хъусын кӕнӕм. Фӕлӕ хабар алкӕд афтӕ нӕ уыд. Сӕдӕгай азты дӕргъы чырыстон дины разамонджыты нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм Библи кастаиккой. Библи чи касти, уыдоны фӕдыл-иу зылдысты ӕмӕ йӕ чи тӕлмац кодта, уыдонӕй та кӕйдӕрты маргӕ дӕр акодтой. Фӕлӕ 19 ӕнусы иуӕй-иу организацитӕ Библи ратӕлмац кодтой ӕмӕ йӕ мыхуыры рауагътой иу-400 ӕвзагыл. Уыцы ӕнусы кӕронмӕ бирӕтӕм уыди сӕхи Библитӕ, фӕлӕ йын уӕддӕр йӕ ахуырӕдтӕ не ’мбӕрстой.

5. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Библи тӕлмац кӕныны хъуыддаджы цы бантыст?

5 Йегъовӕйы адӕм зыдтой, адӕмӕн Библийы ахуырӕдтӕ кӕй хъуамӕ ӕмбарын кӕной, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой. Фыццаг рӕстӕг пайда кодтой, уӕд цы Библитӕ уыди, уыдонӕй ӕмӕ сӕ адӕмӕн парахат дӕр кодтой. Фӕлӕ 1950 азӕй фӕстӕмӕ 120 ӕвзагӕй фылдӕрыл мыхуыры рауагътой «Библи Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай. Ӕрӕджы та, англисаг ӕвзагыл цы тӕлмац ис, ууыл ногӕй бакуыстой, ӕмӕ йӕ 2013 азы мыхуыры рауагътой. Уыцы тӕлмац у ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм дӕр ӕнцон тӕлмац кӕнӕн у. Ӕмӕ тӕлмац ӕнцонӕмбарӕн куы вӕййы, уӕд нын адӕмӕн рӕстдзинад амонын дӕр ӕнцондӕр вӕййы.

САБЫР РӔСТӔДЖЫТӔ

6, 7. а) Фӕстаг сӕдӕ азы дӕргъы цавӕр хӕстытӕ уыд? ӕ) Иуӕй-иу бӕстӕты сабыр рӕстӕджытӕ кӕй скодта, уый нын хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд баххуыс кодта?

6 Чи зоны, зӕгъай, ацы дунейы та сабыр рӕстӕджытӕ кӕд уыд, зӕгъгӕ. Зӕгъӕм, фӕстаг сӕдӕ азы дӕргъы бирӕ хӕстытӕ уыди, уыимӕ дыууӕ дунеон хӕсты, ӕмӕ дзы милуангай адӕм фӕцагъды. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийӕн разамынд лӕвӕрдта ӕфсымӕр Нейтан Норр. 1942 азы цы конгресс уыд, уым радзырдта диссаджы раныхас, «Цымӕ сабырдзинад бирӕ ахӕсдзӕн?», зӕгъгӕ. Ӕфсымӕр Норр бамбарын кодта, Раргомады 17 сӕры фыст пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Дыккаг дунеон хӕст Армагеддонмӕ кӕй не ’ркӕндзӕн, фӕлӕ кӕй фӕуыдзӕн ӕмӕ йӕ фӕстӕ сабыр рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн (Рарг. 17:3, 11).

7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ алы ран сабыр нӕ уыд. Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй 1946 азӕй 2013 азмӕ хӕстытӕ ӕмӕ змӕстыты нымӕц уыди 331 ӕмӕ дзы фӕмард милуангай адӕм. Фӕлӕ бирӕ бӕстӕты скодта сабыр рӕстӕджытӕ, ӕмӕ дзы Йегъовӕйы адӕмӕн хъусын кӕнын фенцондӕр. Цымӕ сын цы бантыст? Дыккаг дунеон хӕсты дӕргъы Ӕвдисӕнтӕ уыдысты 110 000 гыццыл къаддӕр. Фӕлӕ абон та сты 8 000 000 бӕрц! (Бакӕс Исайы 60:22.) Ӕцӕгдӕр, сабыр рӕстӕджыты нӕ бон у ноджы фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнын.

ТРАНСПОРТӔЙ ПАЙДА КӔНӔМ

8, 9. Иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуын ӕнцондӕр цӕй фӕрцы у ӕмӕ нын уый хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

8 Йегъовӕйы адӕм Америкӕйы Иугонд Штатты хъусын кӕнын куы райдыдтой, уӕд сын иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуын ӕнцон нӕ уыд. 1900 азы, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыры цӕуын куы райдыдта, уымӕй иу-21 азы фӕстӕ, уыцы бӕстӕйы уыди ӕрмӕстдӕр 8 000 машинӕйы ӕмӕ дзы хорз фӕндӕгтӕ дӕр бирӕ нӕ уыд. Фӕлӕ абон ӕгас дунейы дӕр ис иу миллиард ӕмӕ ӕрдӕг машинӕйӕ фылдӕр ӕмӕ бирӕ хорз фӕндӕгтӕ. Машинӕтӕ ӕмӕ уыцы фӕндӕгты фӕрцы нӕ бон у, горӕттӕй дард чи у ӕмӕ зын цӕуӕн кӕдӕм у, уыцы бынӕтты дӕр хъусын кӕнын. Фӕлӕ кӕд, мах кӕм цӕрӕм, уым транспорты хабар ӕвзӕр у ӕмӕ нӕ фистӕгӕй бирӕ цӕуын фӕхъӕуы, уӕддӕр, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй хъусын кӕнӕм, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым (Матф. 28:19, 20).

9 Уымӕй уӕлдай ма пайда кӕнӕм ӕндӕр транспортӕй дӕр. Библи чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ фервитӕм уӕзласӕн машинӕтыл, наутыл ӕмӕ поездтыл. Уый фӕрцы ӕрмӕстдӕр цалдӕр къуыримӕ литературӕ фӕхӕццӕ вӕййы, дард рӕтты чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм дӕр. Хӕдтӕхджыты фӕрцы районон цӕстдарджытӕн, филиалты комитетты чи лӕггад кӕны, уыдонӕн, миссионертӕн ӕмӕ иннӕтӕн сӕ бон у конгресстӕм раныхӕстимӕ цӕуын ӕмӕ ӕмбырдтӕн ӕххуыс кӕнын. Разамонӕг советы чи лӕггад кӕны, уыдонӕн ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадӕй ӕндӕр ӕфсымӕртӕн сӕ бон у алыхуызон бӕстӕтӕм тӕхын, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕной ӕмӕ сӕ ахуыр кӕной. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн ис иудзинад (Пс. 133:1–3).

АНГЛИСАГ ӔВЗАГ ӔМӔ ТӔЛМАЦ КӔНЫНЫ КУЫСТ

10. Англисаг ӕвзаг куыд парахат у, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

10 Фыццаг ӕнусы Ромы паддзахады бирӕтӕ дзырдтой грекъаг ӕвзагыл. Абон та ӕгас дунейы дӕр бирӕтӕ дзурынц англисаг ӕвзагыл. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, дунейы цӕрджытӕн сӕ цыппӕрӕм хай англисаг ӕвзагыл дзуры кӕнӕ та йӕ ӕмбары (English as a Global Language). Бирӕтӕ англисаг ӕвзаг ахуыр кӕнынц, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр бизнесментӕ, политиктӕ, ахуыргӕндтӕ ӕмӕ, техникӕ чи уадзы, уыдон уыцы ӕвзагӕй пайда кӕнынц.

11. Йегъовӕйы адӕмӕн англисаг ӕвзаг куыд ӕххуыс кӕны?

11 Англисаг ӕвзагӕй бирӕтӕ кӕй пайда кӕнынц, уый нын стыр ӕххуыс у рӕстдзинад парахат кӕнынӕн. Фыццаг рӕстӕг нӕ литературӕ цыди англисаг ӕвзагыл. Уыцы ӕвзагӕй пайда кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады дӕр. Паттерсоны (Нью-Йорк, АИШ) нын цы скъолатӕ вӕййы, уыдон дӕр фӕцӕуынц англисаг ӕвзагыл.

12. Нӕ литературӕ цал ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнӕм ӕмӕ нын компьютерон программӕтӕ цы ’ххуыс сты?

12 Фӕлӕ махӕн нӕ хӕс у хорз хабар ӕгас дунейы дӕр хъусын кӕнын. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ литературӕ тӕлмац кӕнӕм 700 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Цымӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис? Тӕлмац кӕныны куысты нын стыр ӕххуыс сты компьютертӕ ӕмӕ компьютерон программӕтӕ (зӕгъӕм, MEPS). Уый фӕрцы ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц Библийы «сыгъдӕг ӕвзаг» ӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад. (Бакӕс Софони 3:9.)

ЗАКЪӔТТӔ ӔМӔ ТӔРХОНДӔТТЫ УЫНАФФӔТӔ

13, 14. Закъӕттӕ ӕмӕ нын тӕрхондӕтты уынаффӕтӕ куыд ӕххуыс кӕнынц?

13 Фыццаг ӕнусы Ромы закъӕттӕ чырыстӕттӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы стыр ӕххуыс уыдысты. Ӕмӕ нын абон дӕр, бирӕ бӕстӕты цы закъӕттӕ ис, уыдон уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнынц. Зӕгъӕм, Иугонд Штатты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад кӕм ис, уыцы бӕстӕйы, закъонмӕ гӕсгӕ адӕмӕн уый бар ис, цӕмӕй-иу сӕхӕдӕг равзарой, цавӕр диныл хӕст уыдзысты, уый ӕмӕ цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурой ӕмӕ иумӕ ӕмбырд кӕной. Уый фӕрцы ӕфсымӕртӕн сӕ бон у уыцы бӕстӕйы сӕрибарӕй ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хъусын кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм рӕстӕджытӕ дӕр уыд, ӕмӕ-иу сӕ уыцы бӕстӕйы тӕрхондӕтты сӕ бартыл дзурын дӕр бахъуыд, цӕмӕй хорз хабар дарддӕр дӕр хъусын кодтаиккой (Фил. 1:7). Ӕмӕ-иу тӕрхонгӕнджытӕ ахӕм уынаффӕ куы рахастой, цӕмӕй мауал хъусын кӕной, уӕд-иу ӕфсымӕртӕ уӕлдӕр тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу арӕх рамбылдтой.

14 Ӕндӕр бӕстӕты дӕр тӕрхондӕтты нӕ бартыл дзырдтам, цӕмӕй нӕ бон уыдаид Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ хъусын кӕнын. Кӕцыдӕр тӕрхоны-иу куы нӕ рамбылдтам, уӕд-иу арӕх хъаст балӕвӕрдтам ӕхсӕнадӕмон тӕрхондӕттӕм. Зӕгъӕм, 2014 азы июны онг Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондон 57 хатты нӕ сӕрыл рахӕцыд. Ӕмӕ, уыцы тӕрхондон цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайой Европӕйы бӕстӕтӕн сӕ фылдӕр. Кӕд нӕ «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уынынц», уӕддӕр нын бирӕ бӕстӕты закъӕттӕ уый бар дӕттынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнӕм (Матф. 24:9).

СТЫР ӔХХУЫС НЫН ЧИ У, ӔНДӔР АХӔМ МАДЗӔЛТТӔ

Мах архайӕм, цӕмӕй адӕм ӕгас зӕххыл нӕ литературӕ сӕхи ӕвзагыл кӕсой

15. Мыхуыр кӕныны мадзӕлттӕ куыд фӕхуыздӕр сты ӕмӕ нын уый куыд ӕххуыс кӕны?

15 Мыхуыр кӕныны хъуыддаджы ног мадзӕлттӕ кӕй фӕзынд, уый дӕр нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабар ноджы фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнӕм. Сӕдӕгай азты дӕргъы адӕм пайда кодтой, 1450 азмӕ ’ввахс Иоганн Гутенберг кӕй ӕрхъуыды кодта, ахӕм мыхуыргӕнӕн станоктӕй. Фӕлӕ фӕстаг 200 азы дӕргъы мыхуыргӕнӕн станоктӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕхуыздӕр кодтой. Уый фӕрцы мыхуыры куыст тагъддӕр цӕуы ӕмӕ йӕ хъӕд дӕр хуыздӕр у. Стӕй гӕххӕтт ӕмӕ чингуытӕ аразын дӕр фӕасламдӕр. Ӕппӕт уыцы ивындзинӕдтӕ нӕ литературӕйыл куыд фӕзындысты? Фыццаг «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» рацыд 1879 азы июлы мӕйы ӕмӕ уыд ӕрмӕстдӕр англисаг ӕвзагыл. Нывтӕ дзы нӕ уыд ӕмӕ дзы 6 000 экземпляры йеддӕмӕ нӕ ныммыхуыр кодтой. Абон та «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыры цӕуы 228 ӕвзагыл. Вӕййы дзы рӕсугъд ӕмӕ хуызджын нывтӕ ӕмӕ алы номыры тираж дӕр у 50 000 000 экземплярӕй фылдӕр.

16. Цавӕр хъуыддӕгтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

16 Фӕстаг 200 азы дӕргъы Йегъовӕйы адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ баххуыс кодтой. Гыццыл раздӕр загътам поездтӕ, машинӕтӕ ӕмӕ хӕдтӕхджыты тыххӕй. Фӕлӕ ма зӕгъын хъӕуы велосипедтӕ, мыхуыргӕнӕн машинкӕтӕ ӕмӕ, Брайлы шрифтыл кӕсын ӕмӕ фыссын кӕй фӕрцы ис, ахӕм ӕрмӕджы тыххӕй, стӕй телеграф, телефон, камерӕтӕ, аудио- ӕмӕ видеотехникӕ, радио, телеуынынад, кинонывтӕ, компьютертӕ ӕмӕ Интернеты тыххӕй дӕр. Кӕд Йегъовӕйы адӕм уыцы мадзӕлттӕ сӕхӕдӕг не ’рхъуыды кодтой, уӕддӕр сӕ пайда кӕнынц, цӕмӕй Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ бирӕ ӕвзӕгтыл мыхуыр кӕной ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕной. Афтӕмӕй сӕхи «ӕфсадынц адӕмты ӕхсырӕй», Библийы пехуымпарады куыддӕриддӕр фыст ис, афтӕ. (Бакӕс Исайы 60:16.)

17. а) Абон нӕ организацийӕн цы ӕнтысы, уый цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йе ’мкусджытӕ уӕм?

17 Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты. Йегъовӕ уыцы куыст махӕн уый тыххӕй нӕ бахӕс кодта, ӕмӕ йӕ йӕхӕдӕг нӕ бакодтаид. Уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йемӕ ӕмгуыст кӕнӕм. Хъусын кӕй кӕнӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр кӕй уарзӕм (1 Кор. 3:9; Мар. 12:28–31). Мах тынг бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, ӕгас зӕххыл хъусын кӕнынӕн нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй. Цӕй уӕдӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм!

^ 1 абз. 1870-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы адӕм хуындысты Библииртасджытӕ. 1931 азы та райстой ног ном – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Ис. 43:10).