Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Дӕу афтӕ бафӕндыд»

«Дӕу афтӕ бафӕндыд»

«Ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй... басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн... раргом кодтай» (ЛУК. 10:21).

1. Йесойӕн цины хос цы уыд? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

«ЙЕСОЙЫЛ Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцыд ӕмӕ йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уый куыд уыдаид. Ӕвӕццӕгӕн, Йесойӕн йӕ цӕсгом фырцинӕй ныррухс ӕмӕ йӕ мидбылты худт. Цымӕ цӕмӕн? Уый размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй 70 адӕймаджы арвыста Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Йесойы тынг фӕндыд базонын, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ хӕс куыд сӕххӕст кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сын бирӕ знӕгтӕ уыди. Уыцы знӕгты ’хсӕн уыдысты ахуыргонд чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ дӕр. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй адӕм Йесойы нымадтаиккой хуымӕтӕг хъӕддӕсныйыл ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм дӕр уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастаиккой, ахуырдзинад сӕм кӕй нӕ уыд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм кӕй уыдысты, уый тыххӕй (Хъуыд. 4:13; Мар. 6:3). Фӕлӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр ахуыргӕнинӕгтӕ хъусын кӕнынӕй цингӕнгӕ ӕрбаздӕхтысты. Уыдон хъусын кодтой, кӕд сӕ ныхмӕ суанг дӕлимонтӕ дӕр архайдтой, уӕддӕр! Цымӕ афтӕ зӕрдӕрухс ӕмӕ хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыдысты? (Бакӕс Лукайы 10:1, 17–21.)

2. а) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сабиты хуызӕн цӕмӕй уыдысты? ӕ) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Ныхасы арф хъуыдытӕ цӕй фӕрцы ӕмбӕрстой?

2 Йесо Йегъовӕйӕн загъта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй. О, мӕ Фыд, дӕу афтӕ бафӕндыд» (Матф. 11:25, 26). Цымӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты сабитӕ цӕмӕн схуыдта? Уымӕн ӕмӕ, ахуыргонд чи уыд ӕмӕ йӕхи зондджын чи хуыдта, уыцы чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕй уӕлдай, уыдон гыццыл сабитау уыдысты сӕрныллӕг ӕмӕ цӕттӕ уыдысты ахуыр кӕнынмӕ (Матф. 18:1–4). Ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй сын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы ӕххуыс кодта, цӕмӕй йын йӕ Ныхасы арф хъуыдытӕ ӕмбӕрстаиккой. Дзуттаг дины разамонджыты та Сайтан ӕмӕ сӕхи сӕрбӕрзонддзинад бакуырм кодтой.

3. Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

3 Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесойы зӕрдӕ цинӕй кӕй байдзаг. Ӕхсызгон ын уыди, Йегъовӕ йӕ Ныхасы арф хъуыдытӕ сӕрныллӕг адӕмӕн кӕй бамбарын кодта, кӕд ахуыргонд нӕ уыдысты, уӕддӕр. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй алкӕй бон дӕр уыдаид рӕстдзинад бамбарын, ӕмӕ абон дӕр йӕ хъуыды нӕ фӕивта. Фӕлӕ цымӕ, афтӕ кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, абон Йегъовӕ йӕ Ныхасы арф хъуыдытӕ сӕрныллӕг адӕмӕн куыд ӕмбарын кӕны, уый.

БИБЛИЙЫ АРФ ХЪУЫДЫТӔ АЛКӔЙ БОН ДӔР У ӔМБАРЫН

4. Хуымӕтӕг ӕвзагыл фыст «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» диссаджы лӕвар цӕмӕн у?

4 Хуыцауы адӕм куыд ахуыр кӕнынц, уый фӕстаг азты бирӕ фӕхуымӕтӕгдӕр. Ӕркӕсӕм ӕртӕ цӕвиттонмӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» райдыдтой мыхуыры уадзын хуымӕтӕг ӕвзагыл дӕр *. Ацы диссаджы лӕвар баххуыс кодта, ӕвзаг ӕвзӕр чи зоны кӕнӕ йыл кӕсын зын кӕмӕн у, уыдонӕй бирӕтӕн. Ныййарджытӕ федтой, хуымӕтӕг ӕвзагыл фыст «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕрцы сӕ сывӕллӕттӕ хуыздӕр кӕй ӕмбарынц, статьяты цы фыст вӕййы, уый. Бирӕтӕ ныффыстой бузныджы ныхӕстӕ. Иу хо ныффыста, ӕмбырды-иу ахуыргӕнӕн статья ӕвзӕрст куы цыди, уӕд-иу дзуапп дӕттын кӕй нӕ уӕндыд. Фӕлӕ хуымӕтӕг ӕвзагыл фыст «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй пайда кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ нал тӕрсы! Уыцы хо ныффыста: «Ныр цалдӕр дзуаппы раттын ӕмӕ ӕппындӕр нӕ тӕрсын! Стыр бузныг Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ сымахӕн дӕр».

5. Ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац» хорз цӕмӕй у?

5 Дыккаг уый, ӕмӕ 2013 азы 5 октябры ӕрвылазон фембӕлды фехъусын кодтой, «Ног дунейы тӕлмац»-ыл ногӕй кӕй бакуыстой ӕмӕ англисаг ӕвзагыл мыхуыры кӕй рацыд *. Ныр бирӕ стихты ис къаддӕр ныхӕстӕ, фӕлӕ сӕ хъуыды нӕ фӕивта ӕмӕ ӕнцондӕр ӕмбарӕн сты. Зӕгъӕм, Иовы 10:1 стихы раздӕр уыди 27 ныхасы, ныр та – 19 ныхасы, Ӕмбисӕндты 8:6 стихы та уыди 20 ныхасы, ныр та – 13 ныхасы. Ӕмӕ ныр дыууӕ стихы дӕр ӕнцондӕр ӕмбарӕн сты. Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм сӕрст ӕфсымӕр загъта: «Ногӕй кӕй рауагътой, уыцы Библийы каст фӕдӕн Иовы чиныг. Ӕмӕ мӕм афтӕ кӕсы, цыма йӕ ӕрмӕстдӕр ныр бамбӕрстон!» Ахӕм ныхӕстӕ ма бирӕтӕ загътой.

6. Матфейы 24:45–47 стихтӕ хуыздӕр ӕмбарын кӕй райдыдтам, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

6 Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ Библийӕ кӕцыдӕр стихтӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам. Зӕгъӕм, ахуыргӕнӕн брошюрӕйы «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?», зӕгъгӕ, цы статья уыд, уый фӕрцы бӕлвырддӕр бамбӕрстам, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» чи у, уый (Матф. 24:45–47). Уыцы статьяйӕ базыдтам, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй у Разамонӕг совет, «хӕдзаронтӕ» та кӕй сты, ӕууӕнкджын цагъар хӕринаг кӕмӕн дӕтты, уыдон се ’ппӕт дӕр – сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр (Иоан. 10:16). Куыд ӕхсызгон нын у, уыдӕттӕ кӕй базыдтам ӕмӕ сӕ нӕ бон кӕй у иннӕтӕн дӕр ӕмбарын кӕнын! Фӕлӕ ма цавӕр хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй нын йӕ Ныхас ахуыр кӕнын ӕнцондӕр уа?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ХАБӔРТТӔ ХУЫМӔТӔГДӔР ӔМБАРЫН КӔНӔМ

7, 8. Библийӕ цавӕр хабӕрттӕ амыдтой, фидӕны цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ?

7 Кӕд Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕныс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бафиппайдтай, Библийы фыст хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ нӕ литературӕйы ныр ӕндӕрхуызон кӕй ӕмбарын кӕнӕм. Раздӕр-иу нӕ литературӕйы арӕхдӕр дзырд цыди, Библийӕ кӕцыдӕр хабар фидӕны цӕмӕдӕр кӕй амыдта, ууыл. Цымӕ Библи ахӕм хуызы ӕмбарын кӕнын раст у? О, раст у. Зӕгъӕм, Йесо дзырдта, пехуымпар Ионӕйыл цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй. (Бакӕс Матфейы 12:39, 40.) Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Ионӕ кӕсаджы хуылфы цас фӕци, уый амыдта, йӕхӕдӕг ингӕны цас рӕстӕг хъуамӕ фӕуыдаид, уымӕ.

8 Цалдӕр ахӕм хабары кой ма ракодта апостол Павел дӕр. Зӕгъӕм, Авраам, Агар ӕмӕ Саррӕ амыдтой Йегъовӕмӕ, Израилы адӕммӕ ӕмӕ Хуыцауы организацийы уӕларвон хаймӕ (Гал. 4:22–26). Хӕсгӕ кувӕндоны цатыр, кувӕндон, Сыгъдӕггӕнӕн бон, хистӕр сауджын ӕмӕ ма Моисейы закъонимӕ баст ӕндӕр хабӕрттӕ та уыдысты «фидӕны хорздзинӕдтӕн... сӕ аууон» (Дзут. 9:23–25; 10:1). Библийы ацы хабӕрттӕ ӕмӕ, цӕмӕ амонынц, уый куы фӕиртасӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Библийы цы адӕмы, цы дзауматы ӕмӕ цы хабӕртты кой цӕуы, уыдонӕй алкӕцы дӕр кӕмӕдӕр кӕнӕ цӕмӕдӕр амоны?

9. Раздӕр Навуфейы хабар куыд ӕмбарын кодтам?

9 Библийы иуӕй-иу хабӕртты цы адӕм, цы дзауматӕ ӕмӕ цы цауты кой цӕуы, уыдон-иу раздӕр нӕ литературӕйы афтӕ ӕмбарын кодтам, цыма дзы алкӕцы дӕр кӕмӕдӕр кӕнӕ цӕмӕдӕр амоны. Цӕвиттонӕн райсӕм Навуфейы хабар. Фыдзӕрдӕ ус-паддзах Йезавел ӕй амарын кодта, цӕмӕй йӕ сӕнӕфсирдон йӕ лӕг Ахавы бауыдаид (1 Пад. 21:1–16). Ӕмӕ 1932 азы нӕ литературӕйы уыцы хабар афтӕ ӕмбарын кодтам, зӕгъгӕ, Ахав ӕмӕ Йезавел амонынц Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ организацимӕ, Навуфей амоны Йесомӕ, ӕмӕ йӕ кӕй амарын кодтой, уый та амоны, Йесойы кӕй амардтой, уымӕ. Фӕлӕ 1961 азы чиныджы «Срухс уӕд дӕ ном» (англ.) фыст уыди, Навуфей сӕрст чырыстӕттӕм кӕй амоны, Йезавел та – чырыстон динтӕм. Ӕмӕ Йезавел Навуфейы фӕдыл кӕй зылд, уый та амоны, фӕстаг бонты сӕрст чырыстӕтты фӕдыл кӕй зилдзысты, уымӕ. Хуыцауы адӕм ацы хабар бирӕ азты дӕргъы куыд ӕмбӕрстой, уый сын сӕ уырнындзинад фидар кодта. Фӕлӕ ацы хабӕрттӕ ныр ӕндӕрхуызон ӕмбарын кӕнӕм. Цымӕ цӕмӕн?

10. а) Ӕууӕнкджын цагъар Библийӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ ӕмбарын кӕнгӕйӕ ноджы лӕмбынӕгдӕр кӕй вӕййы, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Абон нӕ литературӕйы дзырд сӕйраджыдӕр цӕуыл фӕцӕуы?

10 Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Йегъовӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» ӕххуыс кодта, цӕмӕй ноджы зондджындӕр суыдаид. Уый фӕрцы цагъар Библи иртасгӕйӕ лӕмбынӕгдӕр вӕййы ӕмӕ дзы кӕцыдӕр хабӕрттӕ фидӕнмӕ кӕй амонынц, уый фӕзӕгъы, Фыстады уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Цавӕрдӕр хабӕрттӕ-иу раздӕр куыд ӕмбарын кодтам, уый-иу уыди зын бамбарӕн, зын бахъуыды кӕнӕн ӕмӕ-иу дзы царды спайда кӕнын дӕр зын уыди. Уымӕй уӕлдай ма, Библийы фыст хабӕрттӕ цӕмӕ амыдтой, не ’ргом фылдӕр уымӕ кӕй здӕхтам, уый тыххӕй-иу рохуаты аззад, уыцы хабӕрттӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у, уый. Абон та нӕ литературӕйы сӕйраджыдӕр дзырд фӕцӕуы, Библийы фыст хабӕрттӕй зондӕн райсӕн цы ис, ууыл, зӕгъӕм, куыд нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, фӕразон уӕм, Хуыцауыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ ма цӕмӕй ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр хорз миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм *.

Навуфей нын у фӕзминаг (кӕс 11 абзац)

11. а) Навуфейы хабар ныр куыд ӕмбарын кӕнӕм ӕмӕ нын йӕ цӕвиттон куыд ӕххуыс кӕны? ӕ) Фӕстаг азты нӕ литературӕйы сӕйраджыдӕр ӕргом здӕхт цӕмӕ цӕуы ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс ацы брошюрӕйы «Кӕсджыты фарстатӕ».)

11 Уӕдӕ Навуфейы хабар ныр куыд ӕмбарын кӕнӕм, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн? Ныр ӕй ӕмбарын кӕнӕм бӕлвырддӕр ӕмӕ хуымӕтӕгдӕр. Навуфей уый тыххӕй нӕ амард, ӕмӕ Йесомӕ кӕнӕ сӕрст чырыстӕттӕм амыдта, фӕлӕ, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй. Навуфей Йегъовӕйы закъон нӕ фехӕлдта, кӕд ӕй уый тыххӕй хъомысджын хицӕуттӕ карзӕй бафхӕрдтой, уӕддӕр (Ным. 36:7; 1 Пад. 21:3). Ӕмӕ абон фӕзминаг у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:12.) Навуфейы хабар ныр куыд ӕмбарын кӕнӕм, уый чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр у ӕнцон бамбарӕн ӕмӕ ӕнцон бахъуыды кӕнӕн, стӕй сын ӕнцон у царды уыцы цӕвиттонмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕнын.

12. а) Библийы фыст хабӕрттӕй цыдӕр зондӕн райсӕн кӕй ис, уый йеддӕмӕ сын ӕндӕр нысаниуӕг нӕй? ӕ) Библийы арф хъуыдытӕ цӕй фӕрцы ӕмбарӕм? (Кӕс фиппаинаг.)

12 Цымӕ уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ Библийы фыст хабӕрттӕй цыдӕр зондӕн райсӕн кӕй ис, уый йеддӕмӕ сын ӕндӕр нысаниуӕг нӕй? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Фӕлӕ ныр нӕ литературӕйы, Библийы фыст хабӕрттӕй кӕцыдӕртӕ фидӕны цӕмӕдӕр кӕй амонынц, уый кой афтӕ арӕх нӕ вӕййы. Ныр дзы фылдӕр дзырд фӕцӕуы, Библийы цавӕрдӕр хабар кӕсгӕйӕ нӕ зӕрдыл ӕндӕр хабар кӕй ӕрлӕууы, ууыл. Зӕгъӕм, Навуфей мӕлӕты онг Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад. Ӕмӕ ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, Чырысти ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр иузӕрдион кӕй сты, уый. Фӕлӕ ма, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, «ӕндӕр фыстӕй» дӕр бирӕтӕ иузӕрдион кӕй сты, ууыл дӕр. Уӕдӕ уынӕм, Йегъовӕ нӕ хуымӕтӕгӕй кӕй ахуыр кӕны, уый *.

ЙЕСОЙЫ ФӔСНОМЫГ НЫХӔСТӔ ХУЫМӔТӔГДӔР ӔМБАРЫН КӔНӔМ

13. Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕй иуӕй-иутӕ нӕ литературӕйы ныр хуымӕтӕгдӕр ӕмӕ бӕлвырддӕр кӕй ӕмбарын кӕнӕм?

13 Зӕххыл ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг уыди Йесо Чырысти. Адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ арӕх пайда кодта фӕсномыг ныхӕстӕй, кӕнӕ цӕвиттонтӕй (Матф. 13:34). Цӕвиттонты фӕрцы ӕнцондӕр у зынӕмбарӕн хъуыдытӕ хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнын, цӕмӕй адӕймаджы хъуыдытыл бафтауой ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ бахъарой. Фӕстаг азты нӕ литературӕйы Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ ӕмбарын кӕнӕм хуымӕтӕгдӕр ӕмӕ бӕлвырддӕр. Зӕгъӕм, брошюрӕйы «Байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут» цы статьятӕ уыд, уыдоны фӕрцы хуыздӕр бамбӕрстам Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ ӕнхъизӕн, хъыцъыйы нӕмыг ӕмӕ хызы тыххӕй. Ӕмӕ ныр зонӕм, уыцы фӕсномыг ныхӕстӕ кӕй амонынц Хуыцауы Паддзахадмӕ, бирӕтӕ ацы фыддунейӕ кӕй фӕрцы рацыдысты ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй фӕрцы систы, уыцы Паддзахадмӕ.

14. а) Самариаг лӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас раздӕр куыд ӕмбарын кодтам? ӕ) Ацы фӕсномыг ныхас абон куыд ӕмбарӕм?

14 Йесо-иу радзырдта, бирӕ лыстӕг хъуыддӕгты кой кӕм цыди, ахӕм хабӕрттӕ дӕр. Цымӕ уыдон та куыд ӕмбарын хъӕуы? Уыцы хабӕрттӕй кӕцыдӕртӕ фӕсномыгӕй цӕмӕдӕр амонынц йе та сты пехуымпарӕдтӕ. Кӕцыдӕртӕй та нӕ бон вӕййы зондӕн цыдӕр райсын. Фӕлӕ куыд базонӕн ис, кӕцы хабар дзы куыд ӕмбаргӕ у, уый? Фӕстаг азты уый хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам. Ӕркӕсӕм-ма, Йесо хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй кӕй радзырдта, уыцы фӕсномыг ныхасмӕ (Лук. 10:30–37). 1924 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди, зӕгъгӕ, самариаг лӕг амыдта Йесомӕ ӕмӕ, Иерусалимӕй Иерихонмӕ дӕлӕмӕ цы фӕндаг цыди, уый та – Едемы Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕны, уымӕ. Фӕндагыл цы абырджытӕ уыди, уыдон, дам, амыдтой дунейы стыр организацитӕм ӕмӕ ӕнӕфсис бизнесментӕм, сауджын ӕмӕ левит та – чырыстон динтӕм. Фӕлӕ абон нӕ литературӕйы уыцы фӕсномыг ныхасы кой фӕкӕнӕм, цӕмӕй хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, адӕмы хъулон кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый. Мах хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, фӕкӕсын кӕмӕ хъӕуы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ сын сӕйраджыдӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонынӕн. Йегъовӕ нын рӕстдзинад афтӕ хуымӕтӕгӕй кӕй ӕмбарын кӕны, уый нын цины хос куыннӕ у!

15. Иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

15 Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йесо дӕс чызджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕ (Матф. 25:1–13). Цымӕ Йесойы уыцы фӕсномыг ныхасӕй фӕстаг бонты цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтӕн цы фӕндыд бамбарын кӕнын? Цымӕ дзы алы адӕймаг дӕр, алы дзаума дӕр ӕмӕ алы хабар дӕр фидӕны цӕмӕдӕр амыдта? Ӕви Йесойы фӕндыд, цӕмӕй сахуыр уӕм, фӕстаг бонты нын стыр ӕххуыс чи фӕуыдзӕн, ахӕм цӕуылдӕр? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

^ 4 абз. Хуымӕтӕг ӕвзагыл фыст «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» фыццаг хатт рацыд англисаг ӕвзагыл 2011 азы июлы. Уый фӕстӕ цӕуын райдыдта ноджыдӕр цалдӕр ӕвзагыл.

^ 5 абз. Ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац» уыдзӕн ӕндӕр ӕвзӕгтыл дӕр.

^ 10 абз. Зӕгъӕм, чиныджы «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут» цӕуы Библийӕ 14 адӕймаджы кой. Ацы чиныг нын не ’ргом сӕйраджыдӕр здахы, Библийӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ цӕмӕ амонынц, уымӕ нӕ, фӕлӕ дзы нӕ бон зондӕн райсын цы у, уымӕ.

^ 12 абз. Хуыцауы Ныхасы ис, адӕймагмӕ зынӕмбарӕн чи фӕкӕсы, ахӕм стихтӕ дӕр, зӕгъӕм, Павелы фыстӕджытӕй иуӕй-иу скъуыддзӕгтӕ. Фӕлӕ, Библи чи фыста, уыдон се ’ппӕт дӕр фыстой Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй. Ӕмӕ уыцы сыгъдӕг тых абон ӕцӕг чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Библи, уыимӕ «суанг Хуыцауы арф зонд дӕр», ӕмбарой (2 Пет. 3:16, 17; 1 Кор. 2:10).