Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнӕм Чырыстийы ӕфсымӕртӕн

Иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнӕм Чырыстийы ӕфсымӕртӕн

«Мӕ гыццыл ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн цы сарӕзтат, уый мӕнӕн сарӕзтат» (МАТФ. 25:40).

1, 2. а) Йесо йе ’ввахс ӕмбӕлттӕн цавӕр фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) ӕ) Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасы фӕдыл цы хъуамӕ зонӕм?

ЙЕСО ныхас кодта йе ’ввахс ӕмбӕлттимӕ – Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары тыххӕй, дӕс чызджы тыххӕй ӕмӕ сын талантты тыххӕй фӕсномыг ныхӕстӕ куы радзырдта, уӕд ма сын радзырдта ноджыдӕр иу фӕсномыг ныхас. Йесо дзырдта, «Адӕймаджы Фырт» «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» куы тӕрхон кӕна, уыцы рӕстӕджы тыххӕй. Уыцы хабар йӕ ахуыргӕнинӕгты куыннӕ бацымыдис кодтаид! Йесо загъта, «Адӕймаджы Фырт» адӕмы дыууӕ къордыл кӕй фӕхицӕн кӕндзӕн – иу къорд дзы схуыдта «фыстӕ», иннӕ та – «сӕгътӕ». Стӕй ма загъта ӕртыккаг къорды тыххӕй дӕр, ӕмӕ уыдоны та схуыдта Паддзахы «ӕфсымӕртӕ». (Бакӕс Матфейы 25:31–46.)

2 Уыцы фӕсномыг ныхас Йегъовӕйы адӕмы алкӕддӕр цымыдис кодта, уымӕн ӕмӕ Йесо дзырдта, адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Йесо загъта, адӕмӕй иутӕ ӕнусон цардӕй кӕй схайджын уыдзысты, иннӕтӕ та сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, уыцы фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны, уый ӕмӕ зонӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уӕм. Ууыл баст у нӕ фидӕн. Уӕдӕ хъуамӕ дзуапп базонӕм ацы фарстатӕн: Йегъовӕ нын фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас бамбарынӕн куыд ӕххуыс кодта? Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ нын уыцы фӕсномыг ныхас не ’ргом здахы, хъусын кӕнын куыд ахсджиаг у, уымӕ? Чи хъуамӕ хъусын кӕна? Ӕмӕ абон цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй Паддзахыл ӕмӕ, Паддзах йе ’фсымӕртӕ кӕй хоны, уыдоныл иузӕрдион уӕм?

ЙЕГЪОВӔ НЫН АЦЫ ФӔСНОМЫГ НЫХАС БАМБАРЫНӔН КУЫД ӔХХУЫС КОДТА?

3, 4. а) Цы хъуамӕ зонӕм, цӕмӕй фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас ӕмбарӕм? ӕ) 1881 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ацы фӕсномыг ныхасы тыххӕй цы фыст уыд?

3 Цӕмӕй фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм: 1) «Адӕймаджы Фырт», кӕнӕ «паддзах», фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, стӕй Паддзахы «ӕфсымӕртӕ» чи сты? 2) «Адӕймаджы Фырт» фысты сӕгътӕй кӕд ахицӕн кӕндзӕн, ома сын кӕд стӕрхон кӕндзӕн? 3) Адӕмӕй иутӕ фыстыл, иннӕтӕ та сӕгътыл нымад цӕмӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзысты?

4 1881 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, «Адӕймаджы Фырт», кӕнӕ «Паддзах», Йесо кӕй у. Паддзахы «ӕфсымӕртӕ» чи сты, уый фӕдыл та дзы фыст уыд, зӕгъгӕ, дам, уыдон сты, уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы чырыстӕттӕ. Фӕлӕ ма, дам, Паддзахы «ӕфсымӕртыл» нымад ӕрцӕудзысты, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм дӕр, ӕххӕст куы суой, уӕд. Фыст ма дзы уыди, фысты сӕгътӕй кӕй ахицӕн кӕндзысты, Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд. Ӕмӕ, дам, фыстыл нымад ӕрцӕудзысты, Хуыцауы уарзондзинад царды алы хъуыддаджы дӕр чи ӕвдиса, уыцы адӕм.

5. 1923 азы Хуыцауы адӕм Йесойы фӕсномыг ныхас куыд ӕмбӕрстой?

5 Фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй ацы фӕсномыг ныхас хуыздӕр бамбӕрстаиккой. 1923 азы 15 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ногӕй фыст уыд, «Адӕймаджы Фырт» Йесо кӕй у. Фӕлӕ дзы Библийӕ кӕцыдӕр стихтӕм гӕсгӕ ӕмбарын кодтой, Чырыстийы «ӕфсымӕрты» къордмӕ кӕй хауынц, мин азы дӕргъы йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр уыдон. Фыст ма дзы уыд, фыстӕ кӕй амонынц, Чырыстийы Паддзахады дӕлбар зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕммӕ. Йесо фысты сӕгътӕй кӕд ахицӕн кӕндзӕн, уый тыххӕй та уыцы статьяйы цы фыст уыд? Чырыстийы ӕфсымӕртӕ, дам, мин азы дӕргъы йемӕ паддзӕхтӕ уӕлӕрвты кӕй уыдзысты, уымӕ гӕсгӕ, дам, сӕ уыцы рӕстӕг зӕххыл цӕрӕг адӕмы ӕххуыс нал хъӕудзӕн. Ӕмӕ, дам, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Йесо фысты сӕгътӕй кӕй ахицӕн кӕндзӕн, йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕ ма зӕххыл куы уой, уыцы рӕстӕг, ома миназон хицаудзинад куы нӕма райдайа, уӕд. Стӕй ма дзы фыст уыди, зӕгъгӕ, дам, адӕм фыстыл нымад ӕрцӕудзысты, Йесойыл кӕй ӕууӕндыдысты ӕмӕ, йӕ Паддзахад хуыздӕр цард кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый сӕ кӕй уырныдта, уымӕ гӕсгӕ.

6. Йесойы фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны, уый фӕдыл 1995 азы ноджы хуыздӕр цы бамбӕрстам?

6 Бирӕ азты дӕргъы афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ адӕм тӕрхонгонд цӕуынц ацы кӕроны рӕстӕг, хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракӕсынц, уымӕ гӕсгӕ. Хорз хабар-иу йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдон-иу нымад ӕрцыдысты фыстыл, чи йӕм нӕ хъуыста, уыдон та – сӕгътыл. Фӕлӕ 1995 азы хуыздӕр бамбӕрстам, уыцы фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны, уый. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырд цыди, Матфейы 24:29–31 стихты (бакӕс сӕ) ӕмӕ Матфейы 25:31, 32 стихты (бакӕс сӕ) Йесойы ныхӕстӕ ӕмхуызон цӕмӕй сты, ууыл. Ӕмӕ дзы фыст уыд, зӕгъгӕ, Йесо адӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг, Адӕймаджы Фырт «стыр кадимӕ [куы] ӕрцӕуа», уӕд *.

7. Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас абон куыд ӕмбарӕм?

7 Абон фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас бӕлвырд ӕмбарӕм. Мах зонӕм, «Адӕймаджы Фырт», кӕнӕ «паддзах», Йесо кӕй у. Паддзахы «ӕфсымӕртӕ» сты, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон (Ром. 8:16, 17). «Фыстӕ» ӕмӕ «сӕгътӕ» сты, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр чи сты, уыцы адӕм. Тӕрхонгонд та ӕрцӕудзысты, тынг тагъд чи райдайдзӕн, уыцы стыр бӕллӕхы кӕрон. Фыстӕ кӕнӕ сӕгътыл нымад та цӕмӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзысты? Зӕххыл ма чи ис, уыцы сӕрст чырыстӕттӕм цы зӕрдӕ дардтой, уымӕ гӕсгӕ. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кодта ацы фӕсномыг ныхас ӕмӕ ма Матфейы 24 ӕмӕ 25 сӕрты ноджыдӕр цы фӕсномыг ныхӕстӕ ис, уыдон бамбарынӕн, ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм!

АЦЫ ФӔСНОМЫГ НЫХАС НЫН НЕ ’РГОМ ЗДАХЫ, ХЪУСЫН КӔНЫН АХСДЖИАГ КӔЙ У, УЫМӔ

8, 9. Йесо Чырысти фысты «рӕстгӕнджытӕ» цӕмӕн схуыдта?

8 Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасы Йесо хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй комкоммӕ ницы загъта. Уӕдӕ йӕ кӕцӕй зонӕм, ӕмӕ нын уыцы фӕсномыг ныхас не ’ргом хъусын кӕнынмӕ здахы?

9 Фыццаджыдӕр, рох кӕнын нӕ хъӕуы, Йесо фӕсномыгӕй кӕй дзырдта. Чырысти ӕнӕуи фыстӕ ӕмӕ сӕгъты кой нӕ кодта. Уӕдӕ йӕ уый зӕгъын дӕр нӕ фӕндыд, ӕмӕ, фыстыл нымад чи ’рцӕудзӕн, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ сӕрст чырыстӕттӕн хӕринагӕй ӕмӕ дарӕсӕй ӕххуыс кӕна, рынчын куы уой, уӕд сӕм кӕса ӕмӕ, ахӕстоны куы уой, уӕд сӕ бӕрӕг кӕна. Фыстыл нымад чи ’рцӕудзӕн, уыдоны Йесо «рӕстгӕнджытӕ» уымӕн схуыдта, ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты нымайынц Йесойы ӕфсымӕртыл ӕмӕ сын ацы уӕззау фӕстаг бонты иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнынц (Матф. 10:40–42; 25:40, 46; 2 Тим. 3:1–5).

10. Фыстӕн сӕ бон куыд у Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын?

10 Дыккаджы та уый, ӕмӕ Йесо фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд кодта, кӕроны рӕстӕджы цы цӕудзӕн, уый кой (Матф. 24:3). Зӕгъӕм, Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матф. 24:14). Ӕмӕ стӕй, фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас радзурыны размӕ, радзырдта талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас. Уыцы фӕсномыг ныхас Йесо радзырдта, цӕмӕй йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодтаид, хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъуамӕ архайой, уый. Фӕлӕ уыдонӕй зӕххыл гыццыл йеддӕмӕ нал ис, ӕмӕ куыст та нырма бирӕ ис. Сӕрст чырыстӕттӕ, цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ хъуамӕ «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» хорз хабар фехъусын кӕной. Фӕлӕ, фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй «фыстӕ» ӕххуыс кӕндзысты Чырыстийы ӕфсымӕртӕн. Ӕмӕ сын ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс та уыдзӕн, хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕм куы фӕкӕсой, уый. Фӕлӕ сӕм куыд хъуамӕ фӕкӕсой? Цымӕ ӕрмӕстдӕр мысайнӕгтӕ дӕттын ӕмӕ сӕ хъусын кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын фаг уыдзӕн? Ӕви ма ноджыдӕр цыдӕр хъӕуы?

ЧИ ХЪУАМӔ ХЪУСЫН КӔНА?

11. Кӕмӕдӕрты, чи зоны, цавӕр фарста фӕзына ӕмӕ цӕмӕн?

11 Абон Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сты аст милуаны, ӕмӕ сӕ фылдӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст не сты. Йесо та, куыд зонӕм, афтӕмӕй, таланттӕ радта сӕрст чырыстӕттӕн (Матф. 25:14–18). Ӕмӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна: «Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи нӕу, уыдон дӕр хъуамӕ хъусын кӕной?» О, ӕмӕ ӕркӕсӕм, цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, уымӕ.

12. Матфейы 28:19, 20 стихты фыст ныхӕстӕй цы ис базонӕн?

12 Йесо хъусын кӕнын бахӕс кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Йесо куы райгас, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын». Ӕмӕ, Йесо цы бафӕдзӕхста, уымӕ хауы хъусын кӕнын дӕр. (Бакӕс Матфейы 28:19, 20.) Уӕдӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ се ’ппӕт дӕр хъусын кӕной, фӕнды сын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс уа, фӕнды – зӕххыл (Хъуыд. 10:42).

13. Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, уымӕй цы ис базонӕн?

13 Раргомады чиныгӕй бӕрӕг у, сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр кӕй хъусын кӕндзысты. Йесо апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны равдыста, «чындз» адӕмы кӕй хоны, цӕмӕй «царды дон лӕвар айсой». Уыцы «чындз» амоны, Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы 144 000 сӕрст чырыстонмӕ (Рарг. 14:1, 3; 22:17). Дон та амоны Йесойы нывондмӕ, Йегъовӕ адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй фӕрцы фервӕзын кӕндзӕн, уыцы нывондмӕ (Матф. 20:28; Иоан. 3:16; 1 Иоан. 4:9, 10). Сӕрст чырыстӕттӕ адӕмӕн зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц Йесойы нывонды тыххӕй ӕмӕ сын ӕмбарын кӕнынц, цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй сын уыцы нывонд пайда ӕрхӕсса (1 Кор. 1:23). Фӕлӕ ма Иоанн цӕстылуайӕны федта, «чындзы» къордмӕ чи нӕ хауы, ахӕм адӕмы дӕр – зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны. Уыцы адӕмӕн дӕр бафӕдзӕхстой, цӕмӕй иннӕтӕн дзурой, «Ӕрцу!», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыдон дӕр уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайынц, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнынц. Уӕдӕ ацы цӕстылуайӕнӕй бӕрӕг у: хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чидӕриддӕр айсы, уыдон ӕй хъуамӕ иннӕтӕн дӕр хъусын кӕной.

14. «Чырыстийы закъон» ӕххӕст кӕнынмӕ цы хауы?

14 «Чырыстийы закъон» чи ӕххӕст кӕны, уыдон се ’ппӕт дӕр хъуамӕ хъусын кӕной (Гал. 6:2). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыцы иу закъӕттӕ радта. Зӕгъӕм, израилӕгтӕн загъта: «Иу закъон уыдзӕн израилагӕн дӕр ӕмӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггагӕн дӕр» (Рац. 12:49; Лев. 24:22). Абон мах Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ не ’ппӕт дӕр, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст стӕм ӕви нӕ, уӕддӕр, хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм «Чырыстийы закъон». Уыцы закъонмӕ хауы, Йесо цыдӕриддӕр амыдта, уый. Ӕмӕ нын цы бацамыдта, уыдӕттӕй сӕйрагдӕр у иннӕты уарзын (Иоан. 13:35; Иак. 2:8). Мах хъуамӕ уарзӕм Йегъовӕйы, Чырыстийы ӕмӕ адӕмы. Ӕмӕ уыцы уарзондзинад равдисынӕн та ӕппӕты хуыздӕр мадзал у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Иоан. 15:10; Хъуыд. 1:8).

15. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йесо хъусын кӕнын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхста?

15 Йесо-иу гыццыл къордӕн цы загъта, уый-иу хатгай стырдӕр къордмӕ дӕр хауд. Зӕгъӕм, Йесо Паддзахады тыххӕй бадзырд скодта ӕрмӕстдӕр 11 ахуыргӕнинагимӕ, фӕлӕ уыцы бадзырд хауы 144 000 сӕрст чырыстонӕй алкӕмӕ дӕр (Лук. 22:29, 30; Рарг. 5:10; 7:4–8). Йесо куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ӕрмӕстдӕр иу къордмӕ фӕзынд ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдонӕн бафӕдзӕхста хъусын кӕнын (Хъуыд. 10:40–42; 1 Кор. 15:6). Фӕлӕ фыццаг ӕнусы йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмбӕрстой, уыцы фӕдзӕхст сӕ алкӕмӕ дӕр кӕй хауы, кӕд Йесойы ныхӕстӕ сӕхӕдӕг нӕ фехъуыстой, уӕддӕр (Хъуыд. 8:4; 1 Пет. 1:8). Раст афтӕ абон дӕр, зӕххыл цы аст милуан хъусынгӕнӕджы ис, уыдонӕй Йесо алкӕмӕн дӕр хицӕнӕй нӕ загъта, цӕмӕй хъусын кӕна. Фӕлӕ уыдон се ’ппӕт дӕр ӕмбарынц, Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый хъуыддагӕй кӕй хъуамӕ ӕвдисой, ома кӕй хъуамӕ хъусын кӕной (Иак. 2:18).

НЫР ХЪУАМӔ УӔМ ИУЗӔРДИОН

16–18. Нӕ бон куыд у Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ уый ныр цӕмӕн хъӕуы аразын?

16 Хӕйрӕг тынгӕй-тынгдӕр архайы, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоны ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Рарг. 12:9, 12, 17). Фӕлӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр сӕрст чырыстӕттӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы разамынд сӕхимӕ исынц, ӕмӕ хорз хабар абон куыд бирӕ адӕм хъусы, афтӕ никуыма. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесо ис сӕрст чырыстӕттимӕ ӕмӕ сын разамынд дӕтты (Матф. 28:20).

17 Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм. Хъусын кӕнынӕй уӕлдай ма сын ӕххуыс кӕнӕм, мысайнӕгтӕ кӕй дӕттӕм, уымӕй, стӕй Паддзахады залтӕ, Конгрессты залтӕ ӕмӕ филиалтӕ кӕй аразӕм, уымӕй дӕр. Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый ма ноджыдӕр ӕвдисӕм, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй сӕвӕрдта, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕм кӕй хъусӕм, уымӕй дӕр (Матф. 24:45–47; Дзут. 13:17).

Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм бирӕ алыхуызон хъуыддӕгты (кӕс 17 абзац)

18 Чырыстийы ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоныл тагъд рӕстӕджы фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ уӕд зӕдтӕ «зӕххы цыппар дымгӕйы» суадздзысты, ӕмӕ стыр бӕллӕх райдайдзӕн (Рарг. 7:1–3). Цалынмӕ Армагеддон нӕ райдайа, уӕдмӕ Йесо сӕрст чырыстӕтты уӕлӕрвтӕм акӕндзӕн (Матф. 13:41–43). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй фыстыл нымад ӕрцӕуӕм, уӕд хъуамӕ ныр иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнӕм Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн.

^ 6 абз. Ацы фӕсномыг ныхас бӕстон ӕвзӕрст цыди 1995 азы 15 октябры «Сторожевая башня»-йы, статьяты «Каким предстанешь перед судебным престолом ты?» ӕмӕ «Какое будущее ждет овец и козлов?».