Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй. Цӕуыл дзурӕг нын у?

Фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй. Цӕуыл дзурӕг нын у?

«Сӕ иуӕн дзы радта фондз таланты, иннӕмӕн – дыууӕ, ӕртыккагӕн та – иу» (МАТФ. 25:15).

1, 2. Йесо талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта?

ЙЕСО талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас радзырдта, цӕмӕй йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодтаид, цы хӕс сыл ис, уый. Фӕлӕ ацы фӕсномыг ныхас хауы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Уӕдӕ нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл, не ’ппӕт дӕр хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, ацы фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны, уый.

2 Йесо ацы фӕсномыг ныхас кӕд радзырдта? Иухатт ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой, «кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг», зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын Йесо сӕ фарстайӕн дзуапп куы лӕвӕрдта, уӕд радзырдта ацы фӕсномыг ныхас дӕр (Матф. 24:3). Уӕдӕ ацы фӕсномыг ныхас ӕххӕст кӕны, Йесо Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ, ома нӕ рӕстӕджы.

3. Матфейы 24 ӕмӕ 25 сӕрты цы фӕсномыг ныхӕстӕ ис фыст, уыдонӕй нӕ бон цы у базонын?

3 Йесо талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд ма ноджыдӕр радзырдта ӕртӕ фӕсномыг ныхасы, ӕмӕ уыдон дӕр хауынц кӕроны рӕстӕгмӕ. Ацы фӕсномыг ныхӕстӕ фыст сты Матфейы 24 сӕры 45 стихӕй 25 сӕры 46 стихмӕ ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр дзырд цӕуы, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм чи хъуамӕ уа, уыцы миниуджытыл. Фыццаг фӕсномыг ныхас у ӕууӕнкджын цагъары тыххӕй – уыцы цагъар у, Йегъовӕйы адӕмы ахуыр кӕныны хӕс кӕуыл ис, уыцы сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд. Уыдон хъуамӕ уой ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын *. Дыккаг фӕсномыг ныхас у дӕс чызджы тыххӕй. Уыцы фӕсномыг ныхасы Йесо сӕрст чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус уой, уымӕн ӕмӕ, цы бон ӕмӕ цы сахат ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонынц *. Уый фӕстӕ та Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй, ӕмӕ уыцы фӕсномыг ныхасы фӕрцы сӕрст чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр бамбарын кодта, цы хӕс сыл ис, уый ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъуамӕ архайой. Фӕстагмӕ Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй – уый та хауы, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ. Уыцы фӕсномыг ныхасы Йесо бамбарын кодта, иузӕрдион кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ йын йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕной *. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны, уымӕ.

ХИЦАУ ЙӔ ЦАГЪАРТӔН РАДТА БИРӔ ӔХЦА

4, 5. Йесойы фӕсномыг ныхасы хицау кӕмӕ амоны ӕмӕ иу талант цас у?

4 Бакӕс Матфейы 25:14–30. Талантты тыххӕй фӕсномыг ныхасы Йесо радзырдта, ӕндӕр бӕстӕм чи ацыди, ахӕм хицауы тыххӕй. Ӕндӕр фӕсномыг ныхасы та Йесо радзырдта, дард бӕстӕм паддзахы бартӕ райсынмӕ чи цыди, ахӕм хицауы тыххӕй * (Лук. 19:12). Бирӕ азты дӕргъы нӕ публикациты фыстам, ацы фӕсномыг ныхӕсты цы дыууӕ хицауы кой ис, уыдон Йесомӕ кӕй амонынц, ӕндӕр бӕстӕм кӕй ацыдысты, уый та – н. э. 33 азы уӕлӕрвтӕм кӕй ссыд, уымӕ. Фӕлӕ Йесо уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд Паддзах уайтагъд не сси. Уый «ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, Хуыцау ын йе знӕгты йӕ къӕхты бын кӕд ӕрӕвӕрдзӕн, уымӕ» (Дзут. 10:12, 13).

5 Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы хицауы кой ракодта, уымӕ уыди аст таланты. Уыдон стыр ӕхцатӕ уыдысты *. Цалынмӕ хицау йӕ балцы нӕ араст, уӕдмӕ уыцы ӕхца йӕ цагъартӕн радта ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй сӕ фылдӕр ӕхца бакусой. Уыцы хицауӕн йе ’хца куыд зынаргъ уыд, афтӕ Йесойӕн дӕр иу хъуыддаг уыди тынг зынаргъ. Цымӕ цавӕр хъуыддаг? Зӕххыл цӕргӕйӕ цы хъуыддаджы лӕуд уыд, уый.

6, 7. Таланттӕ цӕмӕ амонынц?

6 Хъусын кӕныны хъуыддаг Йесойӕн уыд тынг ахсджиаг. Кӕй хъусын кодта, уый руаджы бирӕтӕ систы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. (Бакӕс Лукайы 4:43.) Фӕлӕ уый зыдта, нырма бирӕ куыст кӕй ис ӕмӕ хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ нырма бирӕ адӕм кӕй айсдзӕн. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35–38). Хорз зӕхкусӕг, кӕрдынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм хуымтӕ ӕнӕкуыстӕй никуы ныууадздзӕн. Ӕмӕ ахӕм зондахаст уыд Йесойӕн дӕр. Фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм ссӕуыны хӕдразмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:18–20). Афтӕмӕй сын Йесо сӕ бар бакодта стыр хӕзна – хъусын кӕныны хъуыддаг (2 Кор. 4:7).

7 Хицау йе ’хца йӕ цагъартӕн куыд радта, афтӕ Йесо дӕр йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг (Матф. 25:14). Уӕдӕ таланттӕ амонынц хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагмӕ.

8. Кӕд хицау йӕ цагъартӕй кӕмӕндӕр фылдӕр ӕхца радта, кӕмӕндӕр та – къаддӕр, уӕддӕр сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст?

8 Йесо куыд радзырдта, афтӕмӕй хицау цагъартӕй иуӕн радта фондз таланты, иннӕмӕн – дыууӕ, ӕртыккагӕн та – иу (Матф. 25:15). Фӕлӕ сӕ кӕд кӕмӕндӕр фылдӕр ӕхца радта, кӕмӕндӕр та – къаддӕр, уӕддӕр се ’ппӕтмӕ дӕр иу цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ каст: хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдтаиккой, цӕмӕй йын фылдӕр ӕхца бакуыстаиккой. Раст афтӕ Йесо дӕр йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕм уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй архайдзысты (Матф. 22:37; Кол. 3:23). Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бон Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ райдыдтой ӕппӕт адӕмтӕй дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Ӕмӕ Хъуыддӕгты чиныгӕй ирдӕй зыны, куыд зӕрдиагӕй фыдӕбон кодтой, уый * (Хъуыд. 6:7; 12:24; 19:20).

ЦАГЪАРТӔ КӔРОНЫ РӔСТӔГ ТАЛАНТТӔЙ ПАЙДА КӔНЫНЦ

9. а) Дыууӕ ӕууӕнкджын цагъары ӕхцайӕ куыд спайда кодтой ӕмӕ уымӕй цы ис базонӕн? ӕ) Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон цы хъуамӕ аразой?

9 Йӕ хицауы ӕхцайӕ хорз чи спайда кодта, уыцы дыууӕ цагъары амонынц, кӕроны рӕстӕг чи цӕры, уыцы иузӕрдион сӕрст хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм. 1919 азӕй фӕстӕмӕ уыдон уӕлдай зӕрдиагдӕрӕй райдыдтой хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын. Фӕсномыг ныхасы хицау уыцы дыууӕ цагъарӕн ӕхца ӕмхуызон нӕ радта, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ дыууӕ къордыл дих кӕнынц. Дыууӕ цагъары дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайдтой, ӕмӕ сын хицау цы ’хца радта, ууыл ма ноджы иу ахӕм бафтыдтой. Фӕлӕ цымӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй ӕрмӕст сӕрст чырыстӕттӕ хъуамӕ архайой? Нӕ. Йесо фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй бӕрӕг у, ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕной ӕмӕ сыл иузӕрдион кӕй хъуамӕ уой. Ӕмӕ уыдон сӕрст чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕнын стыр кадыл нымайынц. Йегъовӕйы адӕм сты «иу дзуг», ӕмӕ се ’ппӕт дӕр хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй архайынц (Иоан. 10:16).

10. Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы хабӕрттӕ радзырдта, уыдонӕй иу цавӕр у?

10 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕй алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайдзӕн. Ӕмӕ фыццаг ӕнусы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ растдӕр афтӕ кодтой. Цымӕ ацы кӕроны рӕстӕг дӕр, ома, Йесойы фӕсномыг ныхас куы ’ххӕст кӕны, уыцы рӕстӕг дӕр, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы куысты архайынц? О, ӕмӕ, хорз хабар чи фехъуыста ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинаг чи сси, уыдон абон куыд бирӕ сты, афтӕ никуы. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайынц, уый руаджы алы аз дӕр донаргъуыд райсынц сӕдӕгай минтӕ. Ӕмӕ уыдон дӕр райдайынц хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕцӕгдӕр, абон хъусын кӕныны хъуыддаг афтӕ кӕй апарахат ӕмӕ ахӕм стыр тыллӕг кӕй хӕссы, уымӕй диссаджы хуызы ӕххӕст кӕны, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы хабӕрттӕ радзырдта, уыдонӕй сӕ иу. Дзырд дӕр ыл нӕй, Хицау йӕ кусджытӕй тынг райгонд у!

Йесо Чырысти йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ бар бакодта стыр хӕзна – хъусын кӕныны хъуыддаг (кӕс 10 абзац)

ХИЦАУ КӔД ӔРЦӔУДЗӔН?

11. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо йӕ цагъарты ӕрфӕрсынмӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн?

11 Йесо загъта: «Рацыди бирӕ рӕстӕг. Уыцы цагъартӕн сӕ хицау фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт ӕмӕ сӕ ӕрфарста, чи сӕ цы сарӕзта, уымӕй» (Матф. 25:19). Хицау, ома Йесо, уыцы хъуыддаг бакӕндзӕн стыр бӕллӕхы кӕронмӕ ӕввахс. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Матфейы 24 ӕмӕ 25 сӕрты фыст пехуымпарады Йесо бирӕ хӕттыты дзырдта йе ’рцыды тыххӕй. Зӕгъӕм, загъта, адӕм кӕй «фендзысты Адӕймаджы Фырты уӕларвон мигътыл... ӕрцӕйцӕугӕ». Уыцы ныхӕстӕ хауынц, Йесо стыр бӕллӕхы рӕстӕг адӕмӕн куы тӕрхон кӕна, уымӕ. Уымӕй уӕлдай ма, кӕроны рӕстӕг чи цӕрдзӕн, уыцы чырыстӕтты бафӕдзӕхста, цӕмӕй ма бафынӕй уой – загъта сын, зӕгъгӕ, «Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» ӕмӕ, «цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матф. 24:30, 42, 44). Уӕдӕ Йесо талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд дӕр кодта, адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ ӕмӕ Хӕйрӕджы дуне фесафынмӕ куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕджы кой *.

12, 13. а) Хицау йӕ дыууӕ цагъарӕн цы загъта ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Сӕрст чырыстӕттыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд кӕд ӕрцӕудзӕн? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Аккагыл нымад ӕрцӕуынц мӕлӕты размӕ».) б) Сӕрст чырыстӕттӕн чи ӕххуыс кӕны, уыдонмӕ цавӕр хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

12 Хицау йӕ балцӕй куы ’рыздӕхт, уӕд федта, фондз таланты кӕмӕн радта, уыцы цагъар ма ноджыдӕр иу ахӕм кӕй бакуыста ӕмӕ дыууӕ таланты кӕмӕн радта, уымӕн дӕр йӕ хабар афтӕ кӕй уыд. Хицау сӕ иуӕн дӕр ӕмӕ сӕ иннӕмӕн дӕр загъта: «Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар! Гыццыл хъуыддаджы дӕхи ӕууӕнкджынӕй равдыстай, ӕмӕ дын дӕ бар стырдӕр хъуыддаг бакӕндзынӕн» (Матф. 25:21, 23). Цымӕ Хицау, Йесо Чырысти, фидӕны куы ’рцӕуа, уӕд цы сараздзӕн?

13 Стыр бӕллӕхы хӕдразмӕ Хуыцау, зӕххыл ма цы зынгзӕрдӕ сӕрст чырыстӕттӕ уа, уыдоныл фӕстаг мыхуыр сӕвӕрдзӕн (Рарг. 7:1–3). Стӕй сын Армагеддоны размӕ Йесо ратдзӕн сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг. Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы чи ӕххуыс кӕны, уыдоны тыххӕй та? Уыдон фыстыл нымад ӕрцӕудзысты ӕмӕ райсдзысты диссаджы хӕрзиуӕг – зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрдзысты (Матф. 25:34).

ӔВЗӔР ӔМӔ ЗИВӔГГӔНАГ ЦАГЪАР

14, 15. Мыййаг, Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг суыдзысты? Бамбарын ӕй кӕн.

14 Фӕсномыг ныхасы ма дзырд цӕуы, хицау иу талант кӕмӕн радта, уыцы цагъары тыххӕй дӕр. Уый уыцы талантӕй не спайда кодта – нӕдӕр дзы фылдӕр ӕхца бакуыста, нӕдӕр ӕй ӕхцайы куыстгӕнджытӕм радта, цӕмӕй йӕ стӕй проценттимӕ райстаид. Цагъар йе ’хца зӕххы баныгӕдта. Хицау ӕй схуыдта ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъар. Цы талант ын радта, уый дзы байста ӕмӕ йӕ радта фыццаг цагъарӕн. Уый фӕстӕ хицау ӕвзӕр цагъары «ӕддӕмӕ, талынгмӕ» аппарын кодта, ӕмӕ «уырдыгӕй цыди йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ хъӕрзын» (Матф. 25:24–30; Лук. 19:22, 23).

15 Йесо афтӕ кӕй загъта, ӕртӕ цагъарӕй сӕ иу ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг уыд, зӕгъгӕ, уымӕй йӕ уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕн дӕр се ’ртыккаг хай уыцы цагъары хуызӕн суыдзӕн. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм-ма иннӕ дыууӕ фӕсномыг ныхасмӕ. Йесо ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым ракодта, иннӕ цагъарты чи ӕфхӕрдта, ахӕм фыдзӕрдӕ цагъары кой. Фӕлӕ Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары къордмӕ чи хауы, уыдонӕй чидӕртӕ суыдзысты фыдзӕрдӕ. Йесо уыцы сӕрст чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй фыдзӕрдӕ цагъары хуызӕн ма суыдаиккой. Уый фӕстӕ, дӕс чызджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым Йесо ракодта фондз ӕнӕзонд чызджы кой. Уыцы чызджытӕ, сӕрст чырыстӕттӕн се ’мбис ӕнӕзонд кӕй суыдзысты, уымӕ нӕ амыдтой. Афтӕмӕй Йесо сӕрст чырыстӕттӕн бамбарын кодта, цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус куы нӕ уой, уӕд сыл цы ’рцӕудзӕн, уый *. Ӕмӕ талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым дӕр Йесо уый кой нӕ кодта, ӕмӕ фӕстаг бонты сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ суыдзысты ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг. Йесо сӕрст чырыстӕтты бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр цагъары хуызӕн ма суыдаиккой ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы алкӕддӕр ӕппӕт тыхтӕй архайдтаиккой (Матф. 25:16).

16. а) Талантты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй базыдтам? ӕ) Ацы статья нын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас растдӕр бамбарӕм? (Кӕс рамкӕ « Талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас куыд ӕмбаргӕ у?».)

16 Талантты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй базыдтам? Фыццаг уый, ӕмӕ Йесо йӕ сӕрст ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бар бакодта стыр хӕзна – хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг. Дыккаг та уый, ӕмӕ Йесо махӕй алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы, хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй кӕй архайдзыстӕм, уымӕ. Уӕдӕ уыцы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ куы архайӕм, стӕй коммӕгӕс ӕмӕ иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ Йесо, нӕ Хицау, ӕнӕмӕнгдӕр схорзӕхджын кӕндзӕн (Матф. 25:21, 23, 34).

^ 3 абз. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар чи у, ууыл дзырд цыди ахуыргӕнӕн брошюрӕйы «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?», 21, 22 фӕрстӕ, 8–10 абзацтӕ.

^ 3 абз. Дӕс чызджы чи сты, ууыл дзырд цыди айразмӕйы статьяйы.

^ 3 абз. Сӕгътӕ ӕмӕ фысты тыххӕй фӕсномыг ныхасыл дзырд цыди 1995 азы 15 октябры «Сторожевая башня»-йы, 23–28 фӕрстӕ, ӕмӕ ма йыл дзырд цӕуы, ацы статьяйы фӕстӕ цы статья ис, уым дӕр.

^ 5 абз. Йесойы рӕстӕджы 1 талант уыд 6 000 динары. Кусӕг-иу 1 бонмӕ бакуыста 1 динар. Уӕдӕ цӕмӕй 1 талант бакуыстаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди 20 азы кусын.

^ 8 абз. Апостолтӕ куы амардысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ чырыстон ӕмбырдты апарахат сты мӕнг ахуырӕдтӕ. Бирӕ ӕнусты дӕргъы хъусын кӕныны хъуыддаг, зӕгъӕн ис, ӕмӕ размӕ нӕ цыд. Фӕлӕ «хуымгӕрдӕнты», ома кӕроны рӕстӕг, хъусын кӕныны хъуыддаг хъуамӕ ногӕй райдыдтаид (Матф. 13:24–30, 36–43). Кӕс брошюрӕ «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?», 9–12 фӕрстӕ.

^ 15 абз. Кӕс ацы брошюрӕйы статья «Цӕттӕ разындзынӕ?», 13 абзац.