Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алкӕддӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар!

Алкӕддӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар!

«Уӕ ныфс ыл дарут алкӕддӕр» (ПС. 62:8).

1–3. Павел йӕ ныфс Йегъовӕйыл цӕмӕн дардта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ Ромы чырыстӕттӕ уыдысты тынг тӕссаг уавӕры. Н. э. 64 азы горӕтыл зынг кӕй сирвӕзт, уый уыдоны аххос фӕкодтой ӕмӕ сӕ дзырдтой, адӕмӕй се сӕфт уынынц, зӕгъгӕ. Уый тыххӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой. Уыцы рӕстӕг куы цардаис, уӕд дын алы бон дӕр тӕссаг уыдаид, кӕй дӕ ӕрцахсдзысты ӕмӕ дӕ хъизӕмайраг мӕлӕтӕй кӕй амардзысты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты ӕрцахстой, сырдты сӕм рауагътой ӕмӕ сӕ уыдон ныскъуыдтӕ кодтой. Кӕйдӕрты та сӕ цӕджындзтыл ныххуыдтой ӕмӕ сӕ стӕй удӕгасӕй ссыгътой, цӕмӕй ӕхсӕвыгон цырӕгътау рухс кодтаиккой.

2 Уыцы уӕззау рӕстӕг апостол Павел ахӕстоны уыди. Ӕмӕ, чи зоны, дызӕрдыг кодта, ӕфсымӕртӕ йӕм ӕххуысмӕ кӕй фӕзындзысты, ууыл, уымӕн ӕмӕ уый размӕ ахӕм уавӕры куы уыд, уӕд йӕ фарсмӕ ничи балӕууыд. Фӕлӕ Йегъовӕ Павелӕн Чырыстийы уылты баххуыс кодта. Павел ныффыста: «Нӕ Хицау уыди мӕ фарсмӕ ӕмӕ мын хъару лӕвӕрдта». Чырысти йын радта, уыцы уавӕры йӕ цы хъарутӕ хъуыди, уыдон. Павел ма афтӕ дӕр ныффыста, зӕгъгӕ мӕ «домбайы дзыхӕй фервӕзын кодта» (2 Тим. 4:16, 17) *.

3 Павелӕй рох нӕ уыд, Йегъовӕ йын раздӕр дӕр кӕй ӕххуыс кодта, уый. Уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын уыйбӕрц хъарутӕ кӕй ратдзӕн, цӕмӕй ныр дӕр фидар фӕлӕууа ӕмӕ ма фидӕны кӕуыл сӕмбӕла, уыцы зындзинӕдты рӕстӕг дӕр ма фӕцуда. Афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Нӕ Хицау мӕ фервӕзын кӕндзӕн ӕппӕт фыдбылызтӕй дӕр» (2 Тим. 4:18). Павел фидарӕй зыдта: йе ’фсымӕртӕ йын баххуыс кӕнынхъом куы нӕ уой, уӕддӕр йӕ бон у йӕ ныфс Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Фыртыл дарын.

НӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ КӔД ХЪУАМӔ ДАРӔМ

4, 5. а) Цыфӕнды уавӕры дӕр дын кӕй бон у баххуыс кӕнын? б) Йегъовӕмӕ цӕй фӕрцы ӕввахсдӕр кӕндзынӕ?

4 Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ дын дӕ зындзинады чи баххуыс кӕна, уый нӕй? Чи зоны, ӕнӕ куыстӕй баззадтӕ кӕнӕ дӕ скъолайы де ’мгӕрттӕ ӕфхӕрдтой. Йе та, чи зоны, тынг фӕрынчын дӕ кӕнӕ ӕндӕр уӕззау фӕлварӕны бахаудтӕ. Чи зоны, кӕмӕйдӕрты ӕххуыс куырдтай, фӕлӕ фӕфыдӕнхъӕл дӕ, уымӕн ӕмӕ дын нӕ баххуыс кодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис ахӕм зындзинӕдтӕ, ӕмӕ сӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу аиуварс кӕнын. Ахӕм зындзинадыл куы сӕмбӕлай, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, «дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл» (Ӕмб. 3:5, 6). Фӕлӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕн ис? Куыннӕ! Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн Библийы ис бирӕ цӕвиттонтӕ.

5 Зын сахат дын адӕм куы нӕ баххуыс кӕной, уӕд-иу мӕсты кӕныны бӕсты Павелау дӕ уавӕр нымай, дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дарыс, уый равдисыны фадатыл. Ахӕм уавӕр ма дын хорз фадат уыдзӕн, Хуыцау дын куыд ӕххуыс кӕны, уый фенынӕн. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дардзынӕ ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ.

НӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ДАРӔМ

6. Зын уавӕры нын нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

6 Чи зоны, зын уавӕры дӕ ӕмӕ тынг тыхсыс. Дӕ бон цы у, уый сарӕзтай ӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕр скуывтай, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Цымӕ уый фӕстӕ дӕ бон у, ӕмӕ уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакӕнай ӕмӕ мауал тыхсай? О, дӕ бон у! (Бакӕс Псалом 62:8; 1 Петры 5:7.) Цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, уый тыххӕй йыл хъуамӕ нӕ ныфс дарын сахуыр уӕм. Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цӕуылнӕ? Иу уый, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп алкӕд уайтагъд нӕ ратты (Пс. 13:1, 2; 74:10; 89:46; 90:13; Ав. 1:2).

7. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп алкӕд уайтагъд цӕуылнӕ ратты?

7 Цымӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп алкӕд уайтагъд цӕуылнӕ ратты? Библийы Йегъовӕ барст цӕуы фыдимӕ (Пс. 103:13). Сывӕллон йӕ фыдӕй цытӕ фӕкуры, уыдонӕй йын фыд алцы нӕ ратты кӕнӕ йын сӕ уайтагъд нӕ ратты. Фыд зоны, сывӕллоны цыдӕр ӕвиппайды кӕй бахъӕуы, фӕлӕ йӕ стӕй ӕппындӕр кӕй нал фӕхъӕуы. Стӕй ма зоны, сывӕллонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр хуыздӕр цы уыдзӕн, уый. Фыд зоны, сывӕллоны ӕнӕмӕнг цы хъӕуы ӕмӕ йӕ кӕд хъӕуы, уый дӕр. Сывӕллон фыдӕй цы куры, уый йын фыд уыцы тӕккӕ куы дӕтта, уӕд йӕ сывӕллонӕн цагъар суыдзӕн. Йегъовӕ дӕр у нӕ уӕларвон Фыд ӕмӕ нӕ уарзы. Не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зоны, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, ӕмӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, цы дзы курӕм, уый нын кӕд хъӕуы раттын. Уӕдӕ хорз уыдзӕн, куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратдзӕн, уымӕ. (Абар Исай 29:16; 45:9.)

8. Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

8 Рох нӕ ма уӕд уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ зоны, махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу (Пс. 103:14). Ӕмӕ нын хъарутӕ дӕр дӕтты, цас нӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ бон нал у. Фӕлӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ бон сфӕразын кӕй нӕу, ахӕм фӕлварӕны куы бахауӕм, уӕд нын, «цы бакӕнӕн ис, уый... [кӕй] бацамондзӕн». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:13.) Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ кӕй зоны, нӕ бон цас у сфӕразын, уый. Ӕмӕ нын уый та у стыр ныфсы хос.

9. Цы хъуамӕ аразӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп уайтагъд куы нӕ дӕтта, уӕд?

9 Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ куы кувӕм, фӕлӕ нын дзуапп уайтагъд куы нӕ дӕтта, уӕд хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Рох нӕ ма уӕд: Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, фӕлӕ уый дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, хуыздӕр нын кӕд уыдзӕн баххуыс кӕнын, уыцы рӕстӕгмӕ. Библи нын зӕгъы: «Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна, сыстдзӕн, цӕмӕй уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у, раст тӕрхон чи кӕны, уыцы Хуыцау. Амондджын сты, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр» (Ис. 30:18).

«ДОМБАЙЫ ДЗЫХ»

10–12. а) Бинонтӕй рынчын чи у, уыдонмӕ кӕсын зын цӕмӕн вӕййы? б) Зын рӕстӕг нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд уый нӕ хӕлардзинадыл куыд фӕзындзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

10 Чи зоны, ахӕм уӕззау уавӕры уай, ӕмӕ дӕм афтӕ кӕса, цыма дӕу дӕр Павелау «домбайы дзыхӕй» фервӕзын кӕнын хъӕуы (2 Тим. 4:17). Ахӕм рӕстӕг уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ ныфс дарӕм. Зӕгъӕм, дӕ бинонтӕй чидӕр тынг рынчын у ӕмӕ йӕм ды кӕсыс. Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕмӕ фӕкувыс, цӕмӕй дын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕна ӕмӕ дын хъарутӕ дӕтта *. Уӕдӕ-иу дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууын кӕнай, Йегъовӕ дын дӕ уавӕр кӕй уыны ӕмӕ дӕ кӕй ӕмбары, уӕд-иу дын фенцондӕр уыдзӕн. Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайай (Пс. 32:8).

11 Фӕлӕ дӕм, чи зоны, афтӕ дӕр кӕса, ӕмӕ дын Йегъовӕ не ’ххуыс кӕны. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дохтыртӕ ма разы кӕной цавӕрдӕр мадзӕлттӕй хос кӕныныл. Кӕнӕ та дӕ ныфс уа, дӕ хиуӕттӕ дын кӕй баххуыс кӕндзысты, фӕлӕ дын уыдон дӕ уавӕр фыддӕр цы фӕкӕной, ӕндӕр дын ӕххуыс мацы бакӕной. Фӕлӕ алкӕддӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар – уый дын дӕтдзӕн хъарутӕ. Архай, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнай. (Бакӕс 1 Самуилы 30:3, 6.) Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кодта, уый, ӕмӕ йӕм уӕд ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ.

12 Раст ахӕм уавӕры уыд нӕ хо Линдӕ *. Линдӕйӕн йӕ ныййарджытӕ бирӕ рӕстӕг уыдысты рынчын, ӕмӕ сӕм кӕсын бахъуыд, цалынмӕ нӕ фӕзиан сты, уӕдмӕ. Уый загъта: «Уыцы уавӕры мӕ сӕрыхицау, ме ’фсымӕр ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр арӕх нӕ зыдтам, куыд бакӕнын хъӕуы, уый. Иуӕй-иу хатт нӕм афтӕ касти, ӕмӕ нӕ бон ницыуал у. Фӕлӕ ныр, уыцы рӕстӕджытыл хъуыды кӕнгӕйӕ, ӕмбарӕм, Йегъовӕ нӕ фарсмӕ кӕй уыд. Хуыцау нӕ фидар кодта ӕмӕ нын лӕвӕрдта, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыди, уый, суанг нӕм афтӕ куы касти, ӕмӕ нӕ уавӕры ницыуал саразӕн ис, уӕд дӕр».

13. Рондӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый йын куыд баххуыс кодта, фӕд-фӕдыл ыл уӕззау хабӕрттӕ куы ’рцыд, уӕд?

13 Нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, исты уӕззау хабар ныл куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр. Ӕркӕсӕм-ма Рондӕйы цӕвиттонмӕ. Иуафон йе ’нӕуырнӕг сӕрыхицау ЗАГС-мӕ гӕххӕттытӕ балӕвӕрдта, цӕмӕй дзы ахицӕн уыдаид. Уыцы рӕстӕг Рондӕйы ’фсымӕрмӕ дохтыртӕ ссардтой уӕззау низ, волчанкӕ, зӕгъгӕ. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ та йе ’фсымӕры бинойнаг фӕзиан. Уыцы уӕззау хабӕртты фӕстӕ Рондӕ сабыргай йӕхимӕ ’рцыд ӕмӕ райдыдта ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ мад фӕзиан. Цымӕ Рондӕ уыцы уӕззау хабӕрттӕ цӕй фӕрцы сфӕрӕзта? Уый загъта: «Алы бон дӕр-иу Йегъовӕимӕ ныхас кодтон, суанг-иу мӕ исты гыццыл хъуыддаджы фӕдыл куы хъуыд уынаффӕ рахӕссын, уӕд дӕр. Афтӕ кӕй кодтон, уый руаджы ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у. Уый фӕрцы сахуыр дӕн мӕ ныфс мӕхиуыл кӕнӕ адӕмыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл дарын. Ӕмӕ мын Йегъовӕ ӕцӕгдӕр ӕххуыс кодта – алы хъуыддаджы дӕр мыл тыхсти. Афтӕ мӕм каст, цыма мын мӕ къухыл хӕцы».

Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый, чи зоны, фӕлвӕрд цӕуа нӕ бинонты ’хсӕн дӕр (кӕс 14–16 абзацтӕ)

14. Йӕ бинонтӕй кӕйдӕр ӕмбырдӕй кӕмӕн ацух кодтой, уыцы чырыстӕтты фидар ныфс цӕмӕй хъуамӕ уа?

14 Ахъуыды-ма кӕнӕм ӕндӕр хабарыл. Зӕгъӕм дын дӕ бинонтӕй кӕйдӕр ӕмбырдӕй ацух кодтой. Библи кӕй ахуыр кӕныс, уымӕ гӕсгӕ зоныс, ахӕм адӕймагимӕ дӕхи куыд хъуамӕ дарай, уый (1 Кор. 5:11; 2 Иоан. 10). Фӕлӕ уыцы адӕймаджы кӕй уарзыс, уымӕ гӕсгӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Библийы фӕдзӕхстмӕ хъусын тынг зын у кӕнӕ уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй *. Цымӕ фидарӕй ӕууӕнддзынӕ, дӕ уӕларвон Фыд дын хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсай? Ӕмбардзынӕ йӕ, уыцы уавӕр хорз фадат кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уай?

15. Адам Йегъовӕйы коммӕ цӕуылнӕ бакаст?

15 Цымӕ ахӕм уавӕр фыццаг адӕймаг Адамы уавӕримӕ абарӕн куыд ис? Мыййаг, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ куы нӕ бакӕса, уӕд нӕ амӕлдзӕн? Нӕ, уымӕн ӕмӕ нын Фыстад дзуры, Адамыл сайд кӕй не ’рцыд (1 Тим. 2:14). Уӕдӕ уӕд ӕгоммӕгӕс цӕмӕн разынд? Йӕ бинойнаг ын цы дыргъ радта, уымӕй бахордта, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаджы Йегъовӕйӕ фылдӕр уарзта. Йегъовӕмӕ байхъусыны бӕсты йӕ бинойнагмӕ байхъуыста (Райд. 3:6, 17).

16. Ӕппӕты тынгдӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ цӕмӕн?

16 Мыййаг нын Адамы хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ нӕ хӕстӕджыты ма уарзӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр хъуамӕ уарзӕм Йегъовӕйы. (Бакӕс Матфейы 22:37, 38.) Уӕвгӕ, Йегъовӕйы алкӕмӕй тынгдӕр куы уарзӕм, уӕд уый стыр пайда уыдзӕн нӕ хиуӕттӕн дӕр, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ куы нӕ уой, уӕддӕр. Уӕдӕ архай, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр уарзай ӕмӕ йыл тынгдӕр ӕууӕндай. Кӕд дӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой ӕмӕ йыл тынг тыхсыс, уӕд Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ йын дзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый (Ром. 12:12; Фил. 4:6, 7) *. Ӕмӕ дын кӕд тынг зын у, уӕддӕр уыцы уавӕр нымай, Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр кӕй фӕрцы баввахс уыдзынӕ, ахӕм фадатыл. Афтӕ куы кӕнай, уӕд ыл дӕ ныфс тынгдӕр дардзынӕ ӕмӕ зондзынӕ, ӕппынфӕстаг алцыдӕр, хуыздӕр куыд у, афтӕ кӕй рауайдзӕн.

ЦАЛЫНМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСӔМ

Дӕ лӕггадӕй бӕрӕг уӕд, дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарыс (кӕс 17 абзац)

17. Хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд нӕ фидар ныфс цӕмӕй уыдзӕн?

17 Йегъовӕ Павелы «домбайы дзыхӕй» цӕмӕн фервӕзын кодта? Павел загъта: «Цӕмӕй хорз хабар бӕстон фехъусын кодтаин» (2 Тим. 4:17). Йегъовӕ махӕн дӕр бахӕс кодта «хорз хабар хъусын кӕнын» ӕмӕ нӕ хоны йе ’мкусджытӕ (1 Фес. 2:4; 1 Кор. 3:9). Мах дӕр Павелау уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд нӕ фидар ныфс уыдзӕн, Йегъовӕ нын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый (Матф. 6:33). Стӕй ма нын ӕнцондӕр уыдзӕн, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕд ратдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕр.

18. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарай ӕмӕ дын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый фидардӕр кӕна?

18 Уӕдӕ алы бон дӕр архай, цӕмӕй дын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый фидардӕр кӕна. Фӕлварӕны куы бахауай ӕмӕ куы тыхсай, уӕд-иу дӕ уавӕр нымай, Йегъовӕмӕ кӕй фӕрцы баввахсдӕр уыдзынӕ, ахӕм фадатыл. Хуыцауы Ныхас Библи кӕс, иртас ӕй ӕмӕ йыл хъуыды кӕн. Ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ йын зӕрдиагӕй лӕггад кӕн. Ӕмӕ дӕ уӕд фидар ныфс уыдзӕн, Йегъовӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, ныр кӕуыл ӕмбӕлыс ӕмӕ ма, чи зоны, фидӕны кӕуыл сӕмбӕлай, уыцы фӕлварӕнты фидар фӕлӕууай.

^ 2 абз. Чи зоны, Павел ӕцӕгдӕр домбайы дзыхӕй фервӕзт йе та, чи зоны, цы тӕссаг уавӕры уыд, уый кой кодта.

^ 10 абз. Уӕззау низӕй рынчын чи у, уыцы чырыстӕттӕн ӕмӕ сӕм чи кӕсы, уыдонӕн баххуыс кӕнынӕн нӕ публикациты уыди алыхуызон статьятӕ. Кӕс «Пробудитесь!» 1997 азы 8 февралы, 2000 азы 22 майы ӕмӕ 2001 азы 22 январы.

^ 12 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

^ 16 абз. Дӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйы куы ныууадза, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй кӕс 2006 азы 1 сентябры «Сторожевая башня», 17–21 фӕрстӕ ӕмӕ 2007 азы 15 январы «Сторожевая башня», 17–20 фӕрстӕ.