Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ ӕцӕгдӕр де ’ввахс ӕмбал у?

Йегъовӕ ӕцӕгдӕр де ’ввахс ӕмбал у?

«Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (ИАК. 4:8).

1. Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?

КӔД донаргъуыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕ, уӕд хайджын дӕ стыр хорзӕхӕй – Хуыцау у де ’ввахс ӕмбал. Фӕлӕ, Хӕйрӕджы дунейы кӕй цӕрӕм ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй уыцы хӕлардзинадӕн фехӕлынӕй тӕссаг у. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый алкӕддӕр уа фидар.

2. Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый цӕй фӕрцы фидардӕр кӕндзӕн?

2 Йегъовӕ дын ӕцӕгдӕр удӕгас Хуыцау у? Де ’мбалыл ӕй нымайыс? Фӕнды дӕ, цӕмӕй дын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый ноджы фидардӕр уа? Уый тыххӕй дӕ цы аразын хъӕуы, уый фыст ис Иаковы 4:8 стихы: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн». Куыд зыны, афтӕмӕй, Йегъовӕйы ӕввахс ӕмбал уыдзынӕ ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у дӕуӕй дӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕ дӕр. Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕныныл куы архайай, уӕд дӕм уый дӕр ӕввахсдӕр кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕм куыд ӕввахсдӕр кӕнай, афтӕ хуыздӕр ӕмбардзынӕ, удӕгас Хуыцау кӕй у, уый. Йегъовӕимӕ афтӕ ӕнгом суыдзынӕ, ӕмӕ йыл Йесойау фидарӕй ӕууӕнддзынӕ. Уый загъта, зӕгъгӕ мӕ «чи рарвыста, уый ӕцӕгдӕр ис», ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз... [Хуыцауы] зонын» (Иоан. 7:28, 29). Фӕлӕ цымӕ бӕлвырдӕй дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уай?

Дӕ бон куыд у Хуыцауимӕ ныхас кӕнын? (кӕс 3 абзац)

3. Дӕ бон куыд у Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын?

3 Цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕввахс ӕмбӕлттӕ уат, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр ныхас кӕнат. Фӕлӕ цымӕ дӕ бон куыд у Хуыцауимӕ ныхас кӕнын? Ахъуыды-ма кӕн, тынг дард дӕ чи цӕры, уыцы ӕмбалимӕ куыд фӕныхас кӕныс, ууыл. Ӕвӕццӕгӕн, кӕрӕдзимӕ арӕх фӕфыссут ӕмӕ телефонӕй фӕныхас кӕнут. Уӕдӕ Йегъовӕимӕ та фӕныхас кӕныс, куы йӕм фӕкувыс, уӕд. (Бакӕс Псалом 142:2.) Ӕмӕ, Йегъовӕ цы дзуры, уый та дӕ бон куыд у хъусын? Ӕдзухдӕр ын йӕ Ныхас, Библи, куы кӕсай ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнай. (Бакӕс Исайы 30:20, 21.) Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕимӕ куы ныхас кӕнат, уӕд уӕ хӕлардзинад куыд фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ дын уый фӕрцы ӕцӕг ӕмбал куыд суыдзӕн, уымӕ.

БИБЛИ КУЫ ФӔКӔСЫС, УӔД ЙЕГЪОВӔ ДЕМӔ ФӔНЫХАС КӔНЫ

4, 5. Библи куы фӕкӕсыс, уӕд Йегъовӕ демӕ куыд фӕныхас кӕны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Куыд зонӕм, афтӕмӕй Библийы фыст ис, Хуыцау ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы дзуры, уый. Фӕлӕ цымӕ Библи дӕуӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уай? Куыннӕ! Библи куы кӕсай, уӕд-иу дӕхимӕ ратт ахӕм фарстатӕ: «Цы бакастӕн, уый тыххӕй цы хъуыды кӕнын? Цы базыдтон, уымӕй мӕ бон куыд у царды спайда кӕнын?» Афтӕ куы кӕнай, уӕд Йегъовӕйӕн фадат дӕтдзынӕ, цӕмӕй демӕ ныхас кӕна, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Дзут. 4:12; Иак. 1:23–25).

5 Зӕгъӕм, дӕ бон у бакӕсын ӕмӕ ахъуыды кӕнын Йесойы ныхӕстыл, «зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут», зӕгъгӕ. Кӕд ӕнӕуи дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайыс, цӕмӕй дын Йегъовӕ царды фыццаг бынаты уа, уӕд уыцы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ бамбардзынӕ, Хуыцау дӕ райгонд кӕй у. Фӕлӕ, чи зоны, уыцы ныхӕстӕ кӕсгӕйӕ бамбарай, дӕ цард дӕ фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын кӕй хъӕуы ӕмӕ дӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн фылдӕр хъарутӕ раттын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ кӕд афтӕ уа, уӕд дын уыцы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг уыдзысты, ӕмӕ дын Йегъовӕ амоны, цы дӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй йӕм баввахс уай (Матф. 6:19, 20).

6, 7. а) Библи куы кӕсӕм, уӕд уый, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, ууыл куыд фӕзындзӕн? б) Библи кӕсгӕйӕ нӕ сӕйраг нысан цы хъуамӕ уа?

6 Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд базонӕм, нӕ лӕггады нӕ фӕхуыздӕр кӕнын цы хъӕуы, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй дӕр. Ӕмӕ йӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Ӕмӕ Хуыцауы цас тынгдӕр уарзӕм, уыйас тынгдӕр нӕ уарздзӕн уый дӕр. Афтӕмӕй та фидардӕр кӕндзӕн, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 8:3.)

7 Цӕмӕй Библи кӕсгӕйӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ разы хъуамӕ ӕвӕрӕм раст нысан. Йесо загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоан. 17:3). Уӕдӕ Библи кӕсгӕйӕ нӕ сӕйраг нысан хъуамӕ уа ног цыдӕртӕ базонын нӕ, фӕлӕ, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый «базонын». (Бакӕс Рацыд 33:13; Пс. 25:4.)

8. а) Йегъовӕ паддзах Азарийы кӕй бафхӕрдта, уый фӕдыл иуӕй-иутӕм цавӕр фарста фӕзыны? б) Йегъовӕйы хорз куы зонӕм, уӕд, куыд архайы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕндзыстӕм?

8 Библийы иуӕй-иу хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый дзы цӕуылнӕ ис фыст, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Хуыцауы хорз куы зонӕм, уӕд ахӕм фарстатыл ӕгӕр тынг нӕ мӕт кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, Азари Иудӕйы паддзах куы уыди, уӕд адӕм куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн, Азари та арӕзта, «Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый» (2 Пад. 15:1–5). Фӕлӕ Йегъовӕ Азарийыл хъотыр бафтыдта. Цӕмӕн? Уый фӕдыл Библийы уыцы ран бӕлвырд ницы ис фыст. Уӕдӕ, Йегъовӕ раст кӕй бакодта, ууыл дызӕрдыг кӕндзыстӕм? Нӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хорз куы зонӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, йӕ зондамынд алкӕддӕр раст кӕй вӕййы. Йегъовӕ алкӕддӕр зонд бацамоны, «куыд хъӕуы, афтӕ» (Йер. 30:11). Уӕдӕ, Йегъовӕ Азарийы цӕмӕн бафхӕрдта, уый бӕлвырд куы нӕ зыдтаиккам, уӕддӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, раст кӕй бакодта, ууыл.

9. Йегъовӕ Азарийыл хъотыр цӕмӕн бафтыдта, уый кӕцӕй зонӕм?

9 Библийы ма паддзах Азарийы тыххӕй (йӕ иннӕ ном у Ози) фыст ис ӕндӕр хабӕрттӕ дӕр (2 Пад. 15:7, 32). 2 Азфыстыты 26:3–5, 16–21 стихтӕм гӕсгӕ, кӕд Азари, «Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый» арӕзта, уӕддӕр, рӕстӕг куы рацыд, уӕд «йӕ зӕрдӕ схъал, ӕмӕ йӕхи бабын кодта». Паддзах сфӕнд кодта, ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн чи ’мбӕлд, ахӕм хъуыддаг бакӕнын. Ӕмӕ уӕд ӕстай иу сауджыны йӕ разы ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын загътой, уыцы хъуыддаг бакӕнын ын кӕй не ’мбӕлы. Цымӕ Азари сӕ ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракаст? Афтӕ сӕрбӕрзонд уыд, ӕмӕ сӕм «мӕстӕй рафыхт»! Уӕдӕ диссаг нӕу, Йегъовӕ йыл хъотыр кӕй бафтыдта!

10. Йегъовӕ афтӕ ӕмӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый ӕмбарын кӕнын нын алы хатт цӕуылнӕ фӕхъӕуы? Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл фидарӕй цӕй фӕрцы ӕууӕнддзыстӕм?

10 Фӕлӕ, зӕгъӕм, ацы хабары тыххӕй Библийы алцы бӕстон фыст не ’рцыд, уӕд куыд ахъуыды кӕнис? Стӕй ма Библийы ноджыдӕр бирӕ хабӕрттӕ сты цыбыртӕй фыст. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ куы фӕкӕсыс, уӕд, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр раст кӕй бакодта, ууыл фӕдызӕрдыг кӕныс? Ӕви дӕхицӕн фӕзӕгъыс, зӕгъгӕ, Библийы цы фыст ис, уый фаг у, цӕмӕй ӕууӕндӕм, Хуыцау алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, ууыл? (Дык. з. 32:4). Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый цас хуыздӕр зонай, уыйас тынгдӕр ӕй уарздзынӕ ӕмӕ йыл ӕууӕндгӕ дӕр тынгдӕр кӕндзынӕ. Ӕмӕ уӕд, Хуыцау цавӕрдӕр уавӕрты афтӕ ӕмӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый дын алы хатт дӕр ӕмбарын кӕнын нӕ хъӕудзӕн. Библи кӕсгӕйӕ фидарӕй зондзынӕ, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Пс. 77:12, 13).

ЙЕГЪОВӔМӔ КУЫ ФӔКУВЫС, УӔД ЙЕМӔ ФӔНЫХАС КӔНЫС

11–13. Кӕцӕй йӕ зоныс, Йегъовӕ куывдтытӕ кӕй хъусы? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

11 Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр фӕкӕнӕм. Нӕ куывдтыты йӕ фӕкадджын кӕнӕм, бузныг ын фӕдзурӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс фӕкурӕм (Пс. 32:8). Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйы ӕввахс ӕмбӕлттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, нӕ куывдтытӕ нын кӕй хъусы.

12 Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ нӕ хъусы ӕмӕ, дам, куывд у, адӕймагӕн кӕй фӕрцы фенцондӕр вӕййы, ахӕм цыдӕр. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, кувгӕйӕ адӕймагӕн йӕ бон вӕййы йӕ зындзинӕдтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын ӕмӕ цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссын. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, куывд, чи зоны, адӕймагӕн уынаффӕ рахӕссынӕн баххуыс кӕна. Фӕлӕ цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ, Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕхъусы?

13 Ахъуыды-ма кӕнӕм Йесойы цӕвиттоныл. Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уыдта, Йегъовӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтты, уый. Зӕххыл куы уыд, уӕд йӕхӕдӕг дӕр йӕ уӕларвон Фыдмӕ куывта ӕмӕ йын йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ ӕргом кодта. Иухатт суанг ӕнӕхъӕн ӕхсӕв дӕр фӕкуывта (Лук. 6:12; 22:40–46). Цымӕ Йесо куы зыдтаид, Хуыцау куывдтытӕ кӕй нӕ хъусы, уӕд ӕм куывтаид? Йесо ма йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр бацамыдта, Йегъовӕмӕ кувын куыд хъӕуы, уый. Цымӕ Йегъовӕ куывдтытӕ куы нӕ хъуыстаид, уӕд сын уыдӕттӕ амыдтаид? Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесо кӕй зыдта, Йегъовӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Иухатт ма йӕ Фыдӕн афтӕ дӕр загъта: «Ӕз зыдтон, алкӕддӕр мӕ кӕй хъусыс» (Иоан. 11:41, 42). Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы (Пс. 65:2).

14, 15. а) Бӕлвырд хъуыддӕгты тыххӕй кувын хорз цӕмӕн у? б) Кэти йӕ куывдтыты фӕрцы Йегъовӕмӕ куыд баввахс?

14 Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, уый, чи зоны, алы хатт бӕрӕг ма уа. Фӕлӕ йӕм бӕлвырд хъуыддаджы тыххӕй куы кувӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн бӕлвырдӕй фенын, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп куыд дӕтты, ӕмӕ йыл уый фӕрцы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм. Цыдӕриддӕр дӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн куы дзурай, уӕд дӕм уый дӕр ӕввахсдӕр кӕндзӕн.

15 Зӕгъӕм, Кэти * хъусын кӕнын нӕ уарзта, кӕд уацамынды арӕх цыди, уӕддӕр. Кэти загъта: «Хъусын кӕнын нӕ уарзтон. Цы йӕ ’мбӕхсон, уыцы хъуыддаг ӕппындӕр нӕ уарзтон». Пенсийы куы рацыд, уӕд ӕй хистӕр нӕлгоймаг сразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид. Кэти загъта: «Бланк дӕр ма мын радта. Ӕмӕ ӕз дӕр аскъуыддзаг кодтон, пионерӕй кӕй лӕггад кӕндзынӕн. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай алы бон Йегъовӕмӕ кувын дӕр райдыдтон, цӕмӕй хъусын кӕнын бауарзтаин». Цымӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕ фехъуыста? Ныр Кэти пионерӕй лӕггад кӕны ӕртӕ азы, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Уацамынды фылдӕр рӕстӕг кӕй вӕййын ӕмӕ иннӕ хотӕй кӕй фӕахуыр кӕнын, уый фӕрцы арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын райдыдтон. Ӕмӕ ныр, хъусын кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ ӕрмӕст цӕугӕ нӕ кӕны, фӕлӕ уыцы хъуыддаг уарзгӕ дӕр кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма, Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс дӕн». Ӕцӕгдӕр, Кэти Хуыцаумӕ кӕй куывта, уый руаджы йӕм ноджы тынгдӕр баввахс.

НӔХИЦӔЙ КӔНГӔ ЦЫ У, УЫЙ КӔНӔМ

16, 17. а) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый фидардӕр кӕна? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

16 Адӕймаг хъуамӕ Хуыцаумӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕна цӕрӕнбонты. Цӕй уӕдӕ ӕдзухдӕр Библи кӕсӕм, ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ хъусӕм, стӕй йӕм ӕдзухдӕр кувӕм, ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ ныхас кӕнӕм. Уый фӕрцы, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый фидардӕр кӕндзӕн, ӕмӕ нын уый хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм.

Адӕймаг хъуамӕ Хуыцаумӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕна цӕрӕнбонты (кӕс 16, 17 абзацтӕ)

17 Фӕлӕ кӕд Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр фӕкувӕм, уӕддӕр хатт цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ февзарӕм. Ахӕм рӕстӕджыты, чи зоны, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл раздӕрау мауал дарӕм. Чи зоны нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕ нӕ хъусы, ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнын дӕр райдайӕм, ӕцӕгдӕр йӕ хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, ууыл. Зӕгъгӕ дӕм ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 15 абз. Ном ивд у.