Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕфсымӕрты куыд ахуыр кӕнынц, цӕмӕй фӕлтӕрдджын суой
«Мӕнӕй цы фехъуыстай, уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн» (2 ТИМ. 2:2).
1. а) Хуыцауы адӕм ахуыр кӕныны тыххӕй алкӕддӕр цы зыдтой ӕмӕ уый абон махӕн цӕуыл дзурӕг у? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
ХУЫЦАУЫ адӕм алкӕддӕр зыдтой: цӕмӕй адӕймаг цавӕрдӕр хъуыддаджы ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ ахуыр кӕна. Зӕгъӕм, Лоты уацары куы акодтой, уӕд Аврам амбырд кодта, «йӕ адӕмӕй хӕцынмӕ дӕсны чи уыди, уыдоны», ӕмӕ йӕ ссӕрибар кодтой (Райд. 14:14–16). Паддзах Давиды рӕстӕджы та зарӕггӕнджыты «сахуыр кодтой», Йегъовӕйы кӕй фӕрцы кадджын кодтаиккой, уыцы зарджытӕ зарын (1 Аз. 25:7). Нӕ рӕстӕджы кой куы кӕнӕм, уӕд мах та хъӕуы Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дунейы ныхмӕ тох кӕнын (Еф. 6:11–13). Стӕй нӕ хъӕуы зӕрдиагӕй архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм – адӕмӕн йӕ номы тыххӕй дзурӕм (Дзут. 13:15, 16). Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытау мах дӕр хъӕуы ахуыр кӕнын, цӕмӕй ӕнтыстджын уӕм. Йегъовӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй иннӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕной (2 Тим. 2:2). Цымӕ иуӕй-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй ӕфсымӕрты Хуыцауы дзуг хизын ахуыр кӕной?
ӔХХУЫС СЫН КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ ТЫНГДӔР УАРЗОЙ
2. Ӕфсымӕрӕн ног цыдӕртӕ бацамоныны размӕ хистӕр нӕлгоймаджы, чи зоны, цы бахъӕуа саразын ӕмӕ цӕмӕн?
2 Хистӕр нӕлгоймаджы абарӕн ис зӕхкусӕгимӕ. Зӕхкусӕг 1 Тим. 4:6).
цалынмӕ мыггӕгтӕ нӕ байтауа, уӕдмӕ йӕ, чи зоны, сыджытыл хъацӕнтӕ ныккӕнын дӕр бахъӕуа, цӕмӕй йӕ тауинӕгтӕ сырӕзой ӕмӕ хорз тыллӕг раттой. Раст афтӕ, цалынмӕ хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕрӕн ног цыдӕртӕ бацамона, уӕдмӕ уал ӕй, чи зоны, бахъӕуа йемӕ Библийӕ иуӕй-иу уагӕвӕрдтыл аныхас кӕнын. Уый фӕрцы ӕфсымӕр, цы базона, уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагдӕрӕй архайдзӕн (3. а) Ӕфсымӕримӕ ныхас кӕнгӕйӕ Марчы 12:29, 30 стихты фыст Йесойы ныхӕстӕй куыд ис спайда кӕнӕн? б) Хистӕр нӕлгоймаджы куывд ӕфсымӕрыл куыд фӕзындзӕн?
3 Ӕфсымӕры зӕрдӕйы ӕмӕ зонды рӕстдзинад уидӕгтӕ куыд арф ауагъта, уый базоныны тыххӕй йӕ дӕ бон у бафӕрсын: «Дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай, уый дӕ цардыл куыд фӕзынд?» Ахӕм фарстайы фӕрцы уын, чи зоны, хорз ныхас рауайа, Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын нӕ бон куыд у, уый фӕдыл. (Бакӕс Марчы 12:29, 30.) Уӕ ныхасы кӕрон дӕ бон у ӕфсымӕримӕ Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых ракурын, цӕмӕй йын ахуыр кӕнынӕн ӕххуыс кӕна. Ӕфсымӕр куы фехъуса, уый тыххӕй кӕй кувыс, уӕд ӕй фылдӕр аразын куыннӕ бафӕнддзӕн!
4. а) Хистӕр нӕлгоймагӕн Библийӕ йӕ бон цавӕр цӕвиттонтӕ у ӕрхӕссын, цӕмӕй ӕфсымӕрӕн йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн баххуыс кӕна? б) Ӕфсымӕрты ахуыр кӕнгӕйӕ хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ нысан цы хъуамӕ уа?
4 Хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕры ахуыр кӕнын куы райдайа, уӕд уал хорз уыдзӕн, йемӕ Библийӕ цалдӕр цӕвиттоныл куы аныхас кӕна, цӕмӕй уыцы цӕвиттонты фӕрцы ӕфсымӕр бамбара, адӕймаг ӕнӕзивӕг, ӕууӕнкджын ӕмӕ сӕрныллӕг уа, уый ахсджиаг кӕй у (1 Пад. 19:19–21; Неем. 7:2; 13:13; Хъуыд. 18:24–26). Сыджытыл хъацӕнтӕ кӕнын куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг у, цӕмӕй ӕфсымӕрмӕ ацы миниуджытӕ уой. Уыдоны фӕрцы тагъддӕр рӕздзӕн. Францийӕ иу хистӕр нӕлгоймаг, Жан-Клод, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕфсымӕртӕй искӕй куы фӕахуыр кӕнын, уӕд мӕ нысан вӕййы, цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын сахуыр уа. Фадат фӕагурын, цӕмӕй Библийӕ иумӕ бакӕсӕм, йӕ цӕстытӕ йын чи „байгом кӕна“ ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасы цы диссаджы хъуыдытӕ ис, уыдон кӕй фӕрцы фена, ахӕм стих» (Пс. 119:18). Куыд ма ис ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕн?
ЦАВӔР НЫСӔНТТӔМ ХЪУАМӔ ТЫРНОЙ ӔМӔ ЦӔМӔН
5. а) Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нысӕнттӕ ӕвӕрын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй ӕфсымӕримӕ аныхас кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у? б) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, нырма ӕрыгон чи у, уыцы ӕфсымӕрты дӕр цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕной? (Кӕс фиппаинаг.)
5 Кӕй ахуыр кӕныс, уыцы ӕфсымӕры бафӕрс: «Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдтай?» Кӕд ын нысӕнттӕ нӕма ис, уӕд ын баххуыс кӕн, цӕмӕй йӕ разы сӕвӕра, йӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысан. Зӕрдиагӕй йын радзур, кӕддӕр дӕхӕдӕг дӕ разы цы нысан сӕвӕрдтай ӕмӕ, дӕ къухы куы бафтыд, уӕд куыд цин кодтай, уый тыххӕй. Ацы мадзал хуымӕтӕг у, фӕлӕ адӕймагӕн баххуыс кӕны. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаг Африкӕйӕ, Виктор, зӕгъгӕ, загъта: «Ӕрыгон ма куы уыдтӕн, уӕд мӕм иухатт хистӕр нӕлгоймаг цалдӕр фарстайы радта, мӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрын, уый фӕдыл. Уыцы фарстатӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй мӕ лӕггадыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын райдыдтаин». Фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ахсджиаг у ӕфсымӕрты суанг хӕрзӕрыгонӕй ахуыр кӕнын. Уӕдӕ сын дӕ бон у бахӕс кӕнын, сӕ кармӕ гӕсгӕ сӕ бон саразын кӕй бауыдзӕн, ахӕм хъуыддаг. Ӕфсымӕры йе ’рыгонӕй куы ахуыр кӕнай, уӕд ын баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй, куы фестырдӕр уа ӕмӕ бирӕ цӕлхдуртыл куы ’мбӕла, уӕд дӕр йӕ нысӕнттӕм тырна *. (Бакӕс Псалом 71:5, 17.)
6. Йесо иннӕты куыд ахуыр кодта?
Матф. 28:18, 19). Дӕ бон куыд у иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ Йесойы фӕзмын?
6 Цӕмӕй ӕфсымӕры лӕггад кӕнынмӕ сразӕнгард кӕнай, уый тыххӕй фаг нӕу, цы аразын ӕй хъӕуы, уый тыххӕй йын дзурын. Хъуамӕ ма йын бамбарын кӕнай, афтӕ кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у, уый дӕр. Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг, Йесо, йӕ апостолтӕн бахӕс кодта хъусын кӕнын. Фӕлӕ уал сын фыццаджыдӕр бамбарын кодта, хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый. Йесо загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр. Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (7, 8. а) Ахуыр кӕныны хъуыддаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын? б) Ӕфсымӕрӕй ӕппӕлын ахсджиаг цӕмӕн у? в) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты? (Кӕс рамкӕ « Куыд ис ӕфсымӕрты ахуыр кӕнӕн».)
7 Ӕфсымӕрӕн исты хъуыддаг куы бахӕс кӕнай, уӕд ын Библимӕ гӕсгӕ бамбарын кӕн, уыцы хъуыддаг ахсджиаг цӕмӕн у, уый. Уый фӕрцы цыфӕнды хъуыддаг дӕр араздзӕн цавӕрдӕр уагӕвӕрдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Библимӕ гӕсгӕ афтӕ раст кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, ӕфсымӕрӕн куы бахӕс кӕнай, цӕмӕй йӕ хъус дара, залмӕ бахизӕн сыгъдӕг ӕмӕ ӕдас куыд уа, уымӕ, уӕд ын дӕ бон у Титмӕ 2:10 стих равдисын ӕмӕ йын бамбарын кӕнын, йӕ фыдӕбоны фӕрцы «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад [куыд] рӕсугъд кӕндзӕн», уый. Стӕй ма ӕфсымӕры баразӕнгард кӕн, цӕмӕй ахъуыды кӕна ӕмбырды ацӕргӕтыл ӕмӕ сын уыцы хъуыддаг цы ’ххуыс уыдзӕн, ууыл. Афтӕ йӕ куы ахуыр кӕнай, уӕд фылдӕр хъуыды кӕндзӕн цавӕрдӕр уагӕвӕрдтыл нӕ, фӕлӕ адӕмыл. Ӕмӕ куы уына, йӕ фыдӕбон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн цы пайда хӕссы, уый, уӕд ын иннӕтӕн лӕггад кӕнын ӕхсызгондӕр уыдзӕн.
8 Уымӕй уӕлдай ма ахсджиаг у, цӕмӕй-иу ӕфсымӕрӕй раппӕлай, дӕ уынаффӕтӕм дын кӕй хъусы, уый тыххӕй. Цӕмӕй зайӕгой рӕза, уый тыххӕй йыл хъӕуы дон кӕнын. Раст афтӕ ӕфсымӕрӕй дӕр хъӕуы ӕппӕлын, цӕмӕй рӕза ӕмӕ йын фылдӕр ӕнтыса. (Абар Матфейы 3:17.)
НОДЖЫДӔР МА ЗЫН ЦӔМӔН ВӔЙЙЫ
9. а) Иуӕй-иу хъӕздыг бӕстӕты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн арӕх зын цы вӕййы? б) Ӕрыгон ӕфсымӕртӕй кӕмӕндӕрты Хуыцауӕн лӕггад кӕнын царды фыццаг бынаты цӕуылнӕ вӕййы?
9 Хъӕздыг бӕстӕты чи цӕры, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн арӕх зын вӕййы ӕфсымӕрты фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ баразӕнгард кӕнын. Иуӕй-иу ӕрыгон ӕфсымӕрты ӕмбырды фылдӕр аразын цӕуылнӕ фӕфӕнды, уый фӕдыл сӕ хъуыды загътой фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иу-20 бӕстӕйӕ. Сӕ фылдӕр куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, иуӕй-иу ӕфсымӕрты, ӕрыгондӕр ма куы уыдысты, уӕд Матф. 10:24).
ничи разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ разы Хуыцауы хъуыддагимӕ баст нысӕнттӕ ӕвӕрдтаиккой. Ӕмӕ-иу сӕ кӕд кӕйдӕрты фӕндыди фылдӕр аразын, уӕд-иу сын сӕ ныййарджытӕ та дзырдтой, цӕмӕй уӕлдӕр ахуырад райсой кӕнӕ хорз куыстмӕ бацӕуой! Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын сӕ царды фыццаг бынаты никуы уыди (10, 11. а) Хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон куыд у ӕфсымӕрӕн йӕ зондахаст аивынӕн баххуыс кӕнын? б) Хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон цавӕр стихтӕй у спайда кӕнын, цӕмӕй ӕфсымӕр фылдӕр хӕстӕм тырна, ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс фиппаинаг.)
10 Ӕфсымӕр ӕмбырды хъуыддӕгты фылдӕр архайынмӕ куы нӕ тырна, уӕд дӕ хъӕудзӕн бирӕ фыдӕбон кӕнын ӕмӕ фӕразонӕй архайын, цӕмӕй йӕ зондахаст аива. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕн гӕнӕн ис. Цӕмӕй тала раст рӕза, уый тыххӕй йын зӕхкусӕг йӕ хъӕд сабыргай фӕраст кӕны. Раст афтӕ хъуамӕ ӕфсымӕрӕн сабыргай ӕххуыс кӕнай, цӕмӕй фена, йӕ зондахаст кӕй хъуамӕ аива ӕмӕ ӕмбырды фылдӕр хӕстӕм кӕй хъуамӕ тырна. Фӕлӕ уый куыд аразӕн ис?
11 Бацархай, цӕмӕй ӕфсымӕримӕ балымӕн уай. Бамбарын ын кӕн, ӕмбырды йе ’ххуыс кӕй хъӕуы, уый. Стӕй уын фадат куы уа, уӕд-иу Библийӕ ахӕм стихтыл аныхас кӕнут, цӕмӕй лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кӕна, йӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодта, ууыл (Еккл. 5:4; Ис. 6:8; Матф. 6:24, 33; Лук. 9:57–62; 1 Кор. 15:58; 2 Кор. 5:15; 13:5). Дӕ бон ӕй у бафӕрсын: «Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтай, уӕд ын цавӕр дзырд радтай?» Цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ бацагайай, уый тыххӕй йӕм ахӕм фарста ратт: «Цымӕ, донаргъуыд куы райстай, уӕд Йегъовӕ цы хъуыды кодта?» (Ӕмб. 27:11). Стӕй ма йӕ бафӕрс: «Ӕмӕ Хӕйрӕг та цы хъуыды кодтаид?» (1 Пет. 5:8). Ахӕм стихты стыр тых ис ӕмӕ ӕфсымӕры зӕрдӕмӕ арф бахъардзысты *. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:12.)
ӔФСЫМӔРТӔ, ӔУУӔНКДЖЫН УТ
12, 13. а) Елисейӕн цавӕр зондахаст уыд? б) Йегъовӕ Елисейы йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй цавӕр кады аккаг скодта?
12 Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, ӕмбырды уе ’ххуыс тынг хъӕуы! Цымӕ уын цавӕр зондахаст хъуамӕ уа, цӕмӕй уӕ лӕггады ӕнтыстджын уат? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм, раджы заманты Хуыцауы пехуымпар кӕй ахуыр кодта, уыцы адӕймаджы царды хабӕрттӕй иуӕй-иутӕй. Уыцы адӕймаг уыд Елисей.
13 Иу-3 000 азы размӕ пехуымпар Илийа ӕрыгон Елисейӕн загъта, цӕмӕй йе ’ххуысгӕнӕг суыдаид. Елисей уайтагъд сразы ӕмӕ ацӕргӕ пехуымпарӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын райдыдта – кадджыныл нымад чи нӕ уыд, ахӕм куыстытӕ йын кодта (2 Пад. 3:11). Илийа Елисейы ахуыр кодта ӕхсӕз азы бӕрц. Израилы йӕ лӕггад куы фӕуд кодта, уӕд Елисейӕн загъта, цӕмӕй йӕ ныууагътаид ӕмӕ ацыдаид. Фӕлӕ йын уый ӕртӕ хатты загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн». Тынг ӕй фӕндыд йӕ ахуыргӕнӕгимӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, фылдӕр рӕстӕг баззайын. Елисей афтӕ иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнкджын кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ Йегъовӕ стыр кады аккаг скодта – Илийайы тыхдымгӕ уӕлӕрвтӕм куыд ахаста, уый феныны бар ын радта (2 Пад. 2:1–12).
14. а) Ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у Елисейы фӕзмын? б) Ӕфсымӕр ӕууӕнкджын уа, уый ахсджиаг цӕмӕн у?
14 Кӕд дӕу дӕр хистӕр нӕлгоймаг ахуыр кӕны, уӕд дӕ бон куыд у Елисейы фӕзмын? Исты дын куы бахӕс кӕны, уӕд-иу ӕй ӕнӕзивӕгӕй бакӕн, цыфӕнды хуымӕтӕг хъуыддаг куы уа, уӕддӕр. Дӕ зӕрдыл дар, дӕ ахуыргӕнӕг дӕ хӕлар кӕй у. Кӕй дын ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй-иу ын бузныг зӕгъ, стӕй бӕрӕг уӕд, кӕй дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ дарддӕр дӕр ахуыр кӕна. Сӕйраджыдӕр та, дӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕууӕнкджын у. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг кӕй дӕ, уый хъуыддагӕй куы равдисай, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бамбардзысты, Йегъовӕйы кӕй Пс. 101:6; бакӕс 2 Тимофеймӕ 2:2).
фӕнды, цӕмӕй дын ӕмбырды дӕ бар фылдӕр хъуыддӕгтӕ бакӕна (ФӔЛТӔРДДЖЫН ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔН АРГЪ КӔН
15, 16. а) Елисей йӕ ахуыргӕнӕгӕн кӕй аргъ кодта, уый куыд равдыста? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Иннӕ пехуымпартӕ Елисейыл цӕй фӕрцы баууӕндыдысты?
15 Елисейы хабарӕй ма бӕрӕг у, абон ӕфсымӕртӕ фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кӕй хъуамӕ аргъ кӕной, уый дӕр. Илийа ӕмӕ Елисей Иерихоны пехуымпарты куы бабӕрӕг кодтой, уый фӕстӕ Иорданы цӕугӕдоны ’рдӕм ацыдысты. Доны былмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд «Илийа йӕ уӕлӕдарӕс райста, стыхта йӕ ӕмӕ дзы дон ӕрцавта, ӕмӕ дон дыууӕ дихы фӕци». Стӕй Иорданыл иннӕ фарсмӕ хус зӕххыл ахызтысты ӕмӕ «фӕндагыл ныхӕстӕгӕнгӕ... ацыдысты». Елисей лӕмбынӕг хъуыста, йӕ ахуыргӕнӕг цыдӕриддӕр дзырдта, уымӕ. Афтӕ никуы хъуыды кодта, ӕмӕ алцыдӕр зоны. Уый фӕстӕ Илийайы тыхдымгӕ ахаста ӕмӕ Елисей фӕстӕмӕ Иорданы цӕугӕдоны былмӕ араст. Уым Илийайы уӕлӕдарӕсӕй дон ӕрцавта ӕмӕ загъта: «Кӕм ис Илийайы Хуыцау Йегъовӕ?» Ӕмӕ та дон дыууӕ дихы фӕци (2 Пад. 2:8–14).
16 Ӕвӕццӕгӕн, дӕ хъус ӕрдардтай, Елисей фыццаг хатт цы диссаг сарӕзта, уый кӕй уыд, Илийа фӕстаг хатт цы диссаг сарӕзта, растдӕр уый хуызӕн. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Елисей афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ ныр, пехуымпар йӕхӕдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, Илийа куыд архайдта, афтӕ нӕ, фӕлӕ йӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ хъуамӕ архайа. Елисей алцӕмӕй дӕр Илиайы кӕй фӕзмыдта, уымӕй равдыста, йӕ ахуыргӕнӕгӕн кӕй аргъ кодта, уый. Ӕмӕ йыл уый руаджы иннӕ пехуымпартӕ дӕр баууӕндыдысты (2 Пад. 2:15). Елисей пехуымпарӕй фӕлӕггад кодта 60 азы, ӕмӕ йын Йегъовӕ ахӕм хъарутӕ радта, цӕмӕй Илийайӕ бирӕ фылдӕр диссӕгтӕ сарӕзтаид. Цымӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, уыцы ӕфсымӕртӕ ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?
17. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, уыцы ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у Елисейы фӕзмын? б) Йӕ афоныл Йегъовӕйӕн иузӕрдион ӕфсымӕрты фӕрцы йӕ бон цы у саразын?
17 Ӕмбырды дын фылдӕр хӕстӕ куы бахӕс кӕной, уӕд-иу афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ сӕ ныр, уый размӕ сӕ куыд арӕзтой, афтӕ нӕ, фӕлӕ бынтон ӕндӕрхуызон хъуамӕ аразай. Дӕ зӕрдыл дар: ӕмбырды хъуыддӕгтӕ куыд аразын хъӕуы, уым исты фӕивӕн ис, уый ӕнӕмӕнг куы уа кӕнӕ Йегъовӕйы организаци ахӕм разамынд куы ратта, ӕрмӕстдӕр уӕд. Хъуамӕ цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ уый тыххӕй ма аразай, ӕмӕ дӕу афтӕ фӕнды. Илийа цы мадзӕлттӕй архайдта, Елисей дӕр уыдонӕй кӕй пайда кодта, уый фӕрцы йыл иннӕ пехуымпартӕ ӕууӕндыдысты, стӕй бӕрӕг уыд, йӕ ахуыргӕнӕгӕн кӕй аргъ кодта. Раст афтӕ ды дӕр, цы мадзӕлттӕ дын бацамыдтой, уыдонӕй куы пайда кӕнай, уӕд равдисдзынӕ, фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кӕй аргъ кӕныс, ӕмӕ дыл хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр ӕууӕнддзысты. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 4:17.) Фӕлтӕрдджындӕр куы суай, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы организацийы разамындмӕ гӕсгӕ цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ аразын, цӕмӕй уе ’мбырд размӕ цӕуа. Ӕмӕ, чи зоны, йӕ афоныл ды дӕр Йегъовӕйы фӕрцы, Елисейау, дӕ ахуыргӕнджытӕ цы хъуыддӕгтӕ сарӕзтой, уыдонӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ саразай (Иоан. 14:12).
18. Ӕфсымӕрты ахуыр кӕныныл фӕстиат кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?
18 Ныфс нӕ ис, ацы дыууӕ статьяйы фылдӕр хистӕр нӕлгоймӕгты кӕй сразӕнгард кӕндзысты, цӕмӕй ӕфсымӕрты ахуыр кӕнынӕн сӕ рӕстӕг ма ’вгъау кӕной. Стӕй ма кувӕм, цӕмӕй ӕфсымӕртӕ ӕнӕзивӕгӕй ахуыр кӕной ӕмӕ, цы базоной, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы адӕмӕн ӕххуыс кӕной. Уый фӕрцы ӕгас дунейы ӕмбырдтӕ дӕр фидардӕр уыдзысты ӕмӕ уый махӕй алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, разӕй нӕм цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны рӕстӕг иузӕрдионӕй баззайӕм.
^ 5 абз. Ӕрыгон ӕфсымӕр фӕлтӕрдджын ӕмӕ сӕрныллӕг куы уа, стӕй йӕм, ӕмбырды лӕггад кӕнынӕн чи хъӕуы, ӕндӕр ахӕм миниуджытӕ куы уа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у рекомендаци раттын, цӕмӕй йӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кӕной, 20 азы дӕр ыл куы нӕма цӕуа, уӕд дӕр (1 Тим. 3:8–10, 12; кӕс 1990 азы 1 февралы «Сторожевая башня», 23 фарс).
^ 11 абз. Дӕ бон ма у йемӕ аныхас кӕнын, ахуыргӕнӕн брошюрӕйы «Фырты фӕнды Фыды раргом кӕнын» 14–16 фӕрстыл 8–13 абзацты ӕмӕ чиныджы «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн» 16 сӕры 1–3 абзацты цы хъуыдытӕ ис, уыдоныл.