Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Чырыстӕттӕ хъуамӕ Йесо Чырыстимӕ кувой?

Нӕ. Йесо нӕ йӕхӕдӕг ахуыр кодта Йегъовӕмӕ кувын, стӕй-иу йӕхӕдӕг дӕр йӕ Фыдмӕ куывта (Матф. 6:6–9; Иоан. 11:41; 16:23). Уӕдӕ йын фыццаг ӕнусы цы фӕдылдзӕуджытӕ уыди, уыдон дӕр куывтой Хуыцаумӕ, Йесомӕ нӕ, фӕлӕ (Хъуыд. 4:24, 30; Кол. 1:3) (bp154, 14 фарс).

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу нӕхи Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнӕм?

Иу уый, ӕмӕ нӕ бон у, уыцы рӕстӕг Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ фӕхъӕуы бакӕсын, уыдон амынд графикмӕ гӕсгӕ бакӕсын. Нӕ бон ма у бацархайын, цӕмӕй уыцы рӕстӕг фылдӕр хъусын кӕнӕм. Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕныны тыххӕй ма хорз уыдзӕн, Хуыцаумӕ-иу куы скувӕм ӕмӕ-иу афтӕмӕй куы ахъуыды кӕнӕм, цы ныфс нын дӕтты, ууыл (bw554, 14–16 фӕрстӕ).

Иосифимӕ ахӕстоны чи бадт ӕмӕ йын йӕ фын чи радзырдта, уыцы дыууӕ египетагӕн сӕ хабар куыд рауад?

Фараоны сӕндарӕн Иосиф загъта, фӕстӕмӕ йӕ йӕ бынаты кӕй сӕвӕрдзысты. Дзулгӕнӕгӕн та йӕ фын амыдта, фараон ӕй кӕй амарын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъӕдыл кӕй ӕрцауындзын кӕндзӕн, уымӕ. Иосиф уыцы дыууӕ лӕгӕн сӕ фынтӕ куыддӕриддӕр райхӕлдта, растдӕр афтӕ рауад алцыдӕр (Райд. 40:1–22) (bp155, 12–14 фӕрстӕ).

Японийы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн цавӕр лӕвар скодтой?

Сӕрмагонд фембӕлды сын байуӕрстой ног публикаци – «Библи – Матфейы фыст хорз хабар». Ацы чиныгӕн йӕ текст ист ӕрцыд «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ӕй. Ныр ӕй фӕпарахат кӕнынц уацамынды, ӕмӕ, Библи чи никуы каст, уыцы адӕмӕй бирӕтӕ ацы чиныг зӕрдиагӕй айсынц (bw555, 3 фарс).

Фыццаг ӕнусы хорз хабар ӕгас зӕххыл цӕй фӕрцы апарахат?

Ӕгас Ромы паддзахады сабыр рӕстӕг кӕй скодта, стӕй дзы хорз фӕндӕгтӕ кӕй уыд, уый фӕрцы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ бон уыд иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуын ӕмӕ хъусын кӕнын. Стӕй ма Ромы дӕлбар бӕстӕты цӕрӕг адӕм зыдтой грекъаг ӕвзаг, ӕмӕ уый фӕрцы чырыстӕттӕн сӕ бон уыд алыхуызон адӕмыхӕттытӕн хъусын кӕнын, уыимӕ дзы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдонӕн дӕр. Чырыстӕттӕн ма сӕ бон уыд Ромы закъонӕй пайда кӕнын, цӕмӕй хорз хабары сӕрыл тох кодтаиккой (bw555, 20–23 фӕрстӕ).

Чырыстӕттӕ Куадзӕн цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста йӕ мӕлӕты бон бӕрӕг кӕнын, куы райгас, уыцы бон нӕ, фӕлӕ (Лук. 22:19, 20) (bp156, 8 фарс).

Раздӕр-иу нӕ литературӕйы арӕх уыд, Библийӕ кӕцыдӕр хабӕрттӕ фидӕны цӕмӕдӕр кӕй амыдтой, уый кой. Фӕлӕ фӕстаг азты уый кой стӕм хатт вӕййы. Цӕмӕн?

Библи ӕргом кӕны, цы адӕймӕгты кой дзы ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фидӕны ӕндӕр кӕмӕдӕр кӕй амыдтой. Иу ахӕм цӕвиттон ис Галатӕгтӕм 4:21–31. Фӕлӕ Фыстады уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы нӕ уа, уӕд махӕн нӕ бон нӕу зӕгъын, Библийы кӕцыдӕр адӕймаг кӕнӕ цавӕрдӕр хабар фидӕны цӕмӕдӕр кӕй амоны. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Библийы цы адӕмы ӕмӕ цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй нӕ бон у цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын (Ром. 15:4) (bw556, 17, 18 фӕрстӕ).

Египеты бырӕтты ’хсӕн цы рагон папирусы скъуыддзӕгтӕ ссардтой, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уӕлдай цымыдисаг цӕмӕн сты?

20 ӕнусы райдианы Египеты ссардтой, Иоанны Евангелийӕ скъуыддзӕгтӕ фыст кӕуыл уыд, ахӕм папирус. Гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы папирус фыст ӕрцыд, Иоанн йӕ Евангели куы ныффыста, уымӕй цалдӕр дӕсазы фӕстӕ. Ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый, абон Иоанны чиныджы цы фыст ис, уымӕй нӕ хицӕн кӕны. Уый та бӕлвырд кӕны, Библийы цы фыст ис, ууыл ӕууӕндӕн кӕй ис (bp157, 10, 11 фӕрстӕ).

Йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?

Библимӕ гӕсгӕ, йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм адӕймаджы хъӕуы ӕмбырдӕй ацух кӕнын, ӕмӕ уый хӕссы пайда (1 Кор. 5:11–13). Уыцы хъуыддаджы фӕрцы Йегъовӕйы ном кадджын кӕны, чырыстон ӕмбырд у сыгъдӕг ӕмӕ ма уый фӕрцы, тӕригъӕд чи ракодта, уыцы адӕймаг, чи зоны, йӕ рӕдыд бамбара (bw557, 29, 30 фӕрстӕ).