Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уый адӕмы уарзта

Уый адӕмы уарзта

«Ме стыр цин уыдысты зӕххон адӕм» (ӔМБ. 8:31).

1, 2. Йесо адӕмы тынг кӕй уарзы, уый куыд равдыста?

ХУЫЦАУЫ Фыртӕй хуыздӕр ничи равдыста Йегъовӕйы ӕгӕрон зонд. Йесо йӕ Фыды фарсмӕ уыд «дӕсны кусӕг». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, йӕ Фыд «арв куы цӕттӕ кодта» ӕмӕ «зӕххӕн бындур куы ӕвӕрдта», уӕд Йесо куыд цин кодтаид. Фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй Йесо ӕппӕты тынгдӕр цин кодта «зӕххон адӕмыл» (Ӕмб. 8:22–31). Ӕцӕгдӕр, Йесо адӕмы уарзы, Хуыцау сӕ куы сфӕлдыста, суанг уӕдӕй фӕстӕмӕ.

2 Фӕстӕдӕр Йесо уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ’рцыд ӕмӕ сси адӕймаг, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕ Фыды кӕй уарзы ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй у, стӕй ма равдыста, адӕмы дӕр тынг кӕй уарзы, уый. Йесо афтӕ бакодта, цӕмӕй йӕ цард «бирӕты балхӕныны тыххӕй» радтаид (Фил. 2:5–8; Матф. 20:28). Уымӕй стырдӕр уарзондзинад ма цы хъуамӕ уа! Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ын Хуыцау радта диссӕгтӕ аразыны тых. Ӕмӕ, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны фӕрцы дӕр рабӕрӕг, адӕмы куыд тынг уарзы, уый. Стӕй ма уый фӕрцы базонӕн ис, тагъд рӕстӕджы ӕгас зӕххыл цӕрӕг адӕмы цы диссаджы хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уый дӕр.

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Йесо зӕхмӕ кӕй ӕрцыд, уый фӕрцы ма йӕ бон уыди «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнын дӕр (Лук. 4:43). Чырысти зыдта, уыцы Паддзахад йӕ Фыды ном кӕй срухс кӕндзӕн ӕмӕ адӕмы се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд-иу бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдыста, адӕмыл куыд тынг тыхсы, уый. Цымӕ, Йесо зӕххыл цы арӕзта, уый зонын махӕн ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ нӕ уый фӕрцы фидӕнӕй ис фидар ныфс. Ӕркӕсӕм, Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй цыппармӕ.

«ФӔНДЫ МӔ. СДЗӔБӔХ У»

4. Радзур, Йесо хъотырӕй рынчын лӕгыл куыд фембӕлд, уый тыххӕй.

4 Йесо Галилейӕйы бӕстӕйы куы хъусын кодта, уӕд дзы иу горӕты фембӕлд хъотырӕй рынчын лӕгыл (Мар. 1:39, 40). Уыцы ӕвзӕр низ ыл афтӕ стых, ӕмӕ дохтыр Лука ныффыста, «йӕ буар хъотыры хъӕдгӕмттӕй... нал зынд», зӕгъгӕ (Лук. 5:12). Рынчын лӕг «Йесойы куы ауыдта, уӕд йӕ разы дӕлгоммӕ ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: „Мӕ буц Хицау, ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ“». Уыцы нӕлгоймаг зыдта, Йесомӕ ахӕм тых кӕй ис, ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕна. Фӕлӕ, Йесойы йе сдзӕбӕх кӕнын фӕндыд ӕви нӕ, ууыл дызӕрдыг кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕхицӕй зыдта, фарисейтӕ хъотырджын адӕмыл ӕлгъ кӕй кодтой. Цымӕ Йесо та куыд хъуыды кодта? Йӕ буар низ кӕмӕн бахордта ӕмӕ чи ныффыдынд, уыцы лӕгмӕ цы цӕстӕй ракаст? Ды та йӕм цы цӕстӕй ракастаис?

5. Йесойы хъотырджын лӕджы сдзӕбӕх кӕнын цӕмӕн фӕндыд?

5 Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъотырджын лӕг, сыгъдӕг нӕ дӕн, зӕгъгӕ, нӕ хъӕр кодта, кӕд Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ афтӕ хъуамӕ кодтаид, уӕддӕр (Лев. 13:43–46). Фӕлӕ йӕм Йесо уый тыххӕй не смӕсты. Уыцы адӕймагыл йӕ зӕрдӕ фӕрыст ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Йесо уыцы сахат цы ахъуыды кодта, уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм, фӕлӕ зонӕм, йӕ зӕрдӕйы цы уыди, уый. Рынчын лӕгӕн тынг фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ сарӕзта, иу адӕймаг дӕр цы нӕ сарӕзтаид, уый – йӕ къух ӕм бадардта ӕмӕ йыл андзӕвыд. Стӕй йын фидарӕй, фӕлӕ уыимӕ фӕлмӕнӕй загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ «лӕгӕн йӕ хъотыр уайтагъд ӕрбайсӕфт» (Лук. 5:13). Бӕрӕг у, Йегъовӕ Йесойӕн уыцы тых ӕрмӕст уый тыххӕй кӕй нӕ радта, цӕмӕй диссаг сарӕзтаид, фӕлӕ ма цӕмӕй Йесо равдыстаид, адӕмы куыд тынг уарзы, уый дӕр (Лук. 5:17).

6. Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон цымыдисаг цӕмӕй сты ӕмӕ нын цӕуыл дзурӕг сты?

6 Хуыцауы тыхы фӕрцы Йесо сарӕзта бирӕ алыхуызон ӕмӕ стыр диссӕгтӕ. Ӕмӕ ӕрмӕст хъотырджынты нӕ дзӕбӕх кодта, фӕлӕ ма, ӕндӕр низтӕй рынчын чи уыд, уыдоны дӕр. Библийы фыст ис: «Адӕм уый куы федтой, ӕмӕ ӕгомыгтӕ дзурынц, къуылыхтӕ цӕуынц ӕмӕ куырмытӕ цӕстӕй уынынц, уӕд дис кодтой» (Матф. 15:31). Абон дохтыртӕ иуӕй-иу хатт рынчынӕн йӕ хъыгдард хуылфыдзаумӕттӕ баивынц, ӕндӕр адӕймагӕй кӕй сисынц, ахӕм хуылфыдзаумӕттӕй. Фӕлӕ-иу Йесо рынчынӕн йӕхи уӕнгтӕ сдзӕбӕх кодта! Стӕй-иу сӕ ӕвиппайды сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ-иу хатгай рынчын йӕ разы дӕр нӕ уыд, фӕлӕ дард кӕмдӕр (Иоан. 4:46–54). Цымӕ уыцы диссаджы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты? Уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ уӕларвон Паддзах Йесо Чырыстимӕ ис уыцы тых, стӕй йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны, цӕмӕй рынчын адӕмы се ’ппӕты дӕр сӕ низтӕй фервӕзын кӕна. Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ фидар ныфс ис, ног дунейы Библийы фыст пехуымпарад кӕй сӕххӕст уыдзӕн: «Уый фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр адӕймагӕн» (Пс. 72:13). Йесо сараздзӕн, тынг цӕмӕ бӕллы, уый – адӕмы се ’ппӕт хъизӕмӕрттӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн.

«СЫСТ, СИС ДӔ ХУЫССӔН ӔМӔ ЦУ»

7, 8. Радзур, цалынмӕ Йесо Вифездӕйы иу рынчын лӕгыл нӕ фембӕлд, уӕдмӕ цы хабӕрттӕ ’рцыд, уый тыххӕй.

7 Йесо хъотырджын лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ Галилейӕйӕ ӕрцыд Иудейӕмӕ, ӕмӕ уым дӕр хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Фидарӕй зӕгъӕн ис, мингай адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ кӕй бацагайдта, цы хабар сын хъусын кодта ӕмӕ сӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй. Йесойы зӕрдиагӕй фӕндыди, мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд чи уыд, уыдоны ӕрсабыр кӕнын ӕмӕ сӕ ныфс бауадзын (Ис. 61:1, 2; Лук. 4:18–21).

8 Нисаны мӕйы Йесо ацыд Иерусалиммӕ, цӕмӕй Куадзӕн сбӕрӕг кодтаид. Горӕт ӕмызмӕлд кодта, уыцы стыр бӕрӕгбонмӕ чи ’рцыд, уыцы адӕмӕй. Кувӕндонӕн йӕ цӕгат хайы уыди найӕн бынат, Вифездӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ уыцы ран Йесо сӕмбӕлд, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕ уыд, иу ахӕм адӕймагыл.

9, 10. а) Адӕм Вифездӕйы найӕн бынатмӕ цӕмӕн цыдысты? б) Йесо уыцы найӕн бынатмӕ цӕмӕн ӕрбацыд ӕмӕ уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

9 Вифездӕмӕ цыди дуне рынчын ӕмӕ ӕнӕбон адӕм. Цымӕ цӕмӕн? Цӕмӕдӕр гӕсгӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, дон фӕйлауын куы райдайы, уыцы рӕстӕг дзы куы ныххизой, уӕд сӕ низӕй диссаджы хуызы сдзӕбӕх уыдзысты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы мӕгуыр адӕм куыд зӕрдӕсаст ӕмӕ куыд тыхст уыдаиккой ӕмӕ сӕ низӕй фервӕзынмӕ куыд тынг бӕллыдаиккой. Фӕлӕ Йесо, ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕниз адӕймаг уӕвгӕйӕ, уырдӕм цӕмӕн ӕрбацыд? Уымӕн ӕмӕ адӕмы уарзта. Ӕмӕ уыцы ран Йесо федта, йӕхӕдӕг зӕххыл цас цард, уымӕй фылдӕр рӕстӕг рынчын чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаджы. (Бакӕс Иоанны 5:5–9.)

10 Йесо йӕ бафарста, фӕнды дӕ, цӕмӕй та дӕ къахыл слӕууай, зӕгъгӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы лӕг ын куыд ӕнкъардӕй загътаид, зӕгъгӕ мӕ бӕргӕ фӕнды, фӕлӕ мын доны ныххизынӕн чи баххуыс кӕна, уый нӕй. Уӕд ын Йесо загъта, цӕмӕй сарӕзтаид, адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ гӕнӕн цӕмӕн нӕ уыд, уый: «Сис дӕ хуыссӕн, ӕмӕ цу». Лӕг дӕр уайтагъд йӕ хуыссӕн фелвӕста ӕмӕ цӕуын райдыдта! Ацы диссагӕй ирдӕй зыны, Чырысти ног дунейы цы сараздзӕн, уый. Стӕй ма дзы нӕ бон у базонын, Йесо адӕмӕн куыд тынг тӕригъӕд кӕны, уый дӕр. Йесо-иу агуырдта, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны. Мах дӕр ӕй хъуамӕ фӕзмӕм ӕмӕ, кӕм фӕхъусын кӕнӕм, уым агурӕм, ацы дунейы ӕвирхъау хабӕртты тыххӕй зӕрдӕсаст чи у, уыцы адӕмы.

«МӔ УӔЛӔДАРӔСЫЛ МЫН ЧИ АНДЗӔВЫД?»

11. Марчы 5:25–34 фыст хабарӕй куыд зыны, Йесо рынчын адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта?

11 Бакӕс Марчы 5:25–34. Иу сылгоймаг 12 азы удхар кодта, худинагыл нымад чи уыд, ахӕм низӕй. Уыцы низы тыххӕй йӕ цард царды хуызӕн нал уыди. Йӕ бон нӕ уыди кувӕндонмӕ бацӕуын дӕр, цӕмӕй Хуыцауӕн бакуывтаид. Сылгоймаг «бирӕ дохтыртӕм фӕцыд, ӕмӕ йын бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой, стӕй йӕм цыдӕриддӕр уыд, уый схардз кодта, фӕлӕ фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕци». Фӕлӕ иу бон уыцы сылгоймаг, куыд сдзӕбӕх уа, уымӕн ӕндӕр цыдӕр ӕрхъуыды кодта. Адӕмы ’хсӕнты Йесомӕ бацыд ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕсыл андзӕвыд (Лев. 15:19, 25). Йесо банкъардта, тых дзы кӕй рацыд, ӕмӕ бафарста, чи мыл андзӕвыд, зӕгъгӕ. Уӕд ӕм сылгоймаг «тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ӕппӕт дӕр радзырдта». Йесо бамбӕрста, уыцы сылгоймаджы Йегъовӕ кӕй сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу. Дӕ удхайраг низӕй макуыуал схъӕрз».

Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны фӕрцы равдыста, зӕрдиагӕй ныл кӕй тыхсы, уый (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

12. а) Цӕуыл аныхас кодтам, уымӕ гӕсгӕ Йесойы тыххӕй дӕ бон цы у зӕгъын? б) Йесо нын фӕзминаг цавӕр хъуыддаджы у?

12 Куыд ӕхсызгон нын у, Йесо адӕмы афтӕ тынг кӕй уарзы, уӕлдайдӕр та, низӕфхӕрд чи у, уыдоны. Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй нӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ ницӕйаг стӕм ӕмӕ нӕ ничи уарзы. Фӕлӕ Йесо, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бӕлвырд равдыста, зӕрдиагӕй ныл кӕй тыхсы. Куыд хорз у, нӕ Паддзах ӕмӕ нӕ Хистӕр сауджын ахӕм уарзӕгой кӕй у! (Дзут. 4:15). Бирӕ рӕстӕг рынчын чи у, ахӕм адӕймаджы бамбарын махӕн, чи зоны, зын уа, уӕлдайдӕр та кӕд нӕхӕдӕг ахӕм уавӕры никуы уыдыстӕм, уӕд. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн Чырыстийыл. Уый рынчынты ӕмбӕрста, кӕд йӕхӕдӕг рынчын никуы уыд, уӕддӕр. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йесойы фӕзмӕм (1 Пет. 3:8).

«ЙЕСОЙӔН ЙӔ ЦӔССЫГТӔ ӔРКАЛДЫСТЫ»

13. Йесо Лазӕры кӕй райгас кодта, уымӕй куыд рабӕрӕг, цавӕр удыхъӕды хицау у, уый?

13 Йесо йӕ зӕрдӕмӕ арф иста иннӕты рыст. Йе ’мбал Лазӕры мӕлӕтыл адӕм куыд хъыг кодтой, уый куы федта, уӕд «йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ нынкъард», кӕд ӕмӕ йӕ зыдта, гыццыл фӕстӕдӕр Лазӕры кӕй райгас кӕндзӕн. (Бакӕс Иоанны 11:33–36.) Йесо не ’фсӕрмы кодта йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ равдисын. Ӕмӕ йӕ чи федта, уыдон бамбӕрстой, Лазӕры ӕмӕ йӕ бинонты куыд тынг уарзта. Хуыцауӕй лӕвӕрд тыхы фӕрцы Йесо йе ’мбалы фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, куыд уарзӕгой ӕмӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг у, уый (Иоан. 11:43, 44).

14, 15. а) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы тынг фӕнды адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнын? б) Йесо «зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты» кой кӕй ракодта, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

14 Библийы Йесойы тыххӕй фыст ис, «Хуыцау цыхуызӕн у, раст ахӕм» кӕй у (Дзут. 1:3). Уӕдӕ, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны фӕрцы Йесо бӕлвырдӕй равдыста, йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ Фыды дӕр тынг кӕй фӕнды, цӕмӕй низтӕ, рыст ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ фӕд дӕр мауал уа. Тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ ӕмӕ Йесо тынг бирӕ адӕмы райгас кӕндзысты. Йесо загъта: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты [комк. «зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты», фип.] чидӕриддӕр ис, уыдон... рацӕудзысты» (Иоан. 5:28, 29).

15 Йесо «зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты» кой кӕй ракодта, уымӕй бӕрӕг у, чи амард, уыдоны Йегъовӕ йӕ зӕрдыл кӕй дары. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, ӕгас Дун-дунейы Сфӕлдисӕг, хъуыды кӕны, нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ адӕмӕй чи фӕзиан, уыдонӕн се сконд дӕр ӕмӕ сӕ миниуджытӕ дӕр (Ис. 40:26). Ӕмӕ сӕ йӕ бон ӕрхъуыды кӕнын кӕй у, уымӕй уӕлдай ма йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны. Лазӕры тыххӕй ӕмӕ ма ноджыдӕр чи райгас, уыдоны тыххӕй Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдон ирдӕй ӕвдисынц, ног дунейы цы уыдзӕн, уый.

ЙЕСО ЦЫ ДИССӔГТӔ АРӔЗТА, УЫДОН НЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ

16. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕм цавӕр кад ӕрхаудзӕн?

16 Кӕронмӕ иузӕрдион куы уӕм, уӕд фендзыстӕм ӕппӕты стырдӕр диссӕгтӕй сӕ иу – стыр бӕллӕхы сӕрты куыд ахиздзыстӕм, уый! Армагеддоны фӕстӕ та ноджы фылдӕр диссӕгтӕ фендзыстӕм. Уыцы рӕстӕг адӕм се ’ппӕт дӕр суыдзысты ӕнӕниз (Ис. 33:24; 35:5, 6; Рарг. 21:4). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, адӕм сӕ кӕсӕнцӕстытӕ, сӕ лӕдзджытӕ, сӕ инвалиды коляскӕтӕ, сӕ хъусӕн аппараттӕ куыд аппардзысты, уый. Йегъовӕ зоны, Армагеддоны сӕрты чи ахиза, уыдоны фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ бирӕ хъарутӕ кӕй хъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ сын бирӕ куыст уыдзӕн – нӕ Зӕххӕй рӕсугъд дзӕнӕт араздзысты! (Пс. 115:16).

17, 18. а) Йесо диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта? б) Ӕппӕт тыхтӕй цӕмӕн хъуамӕ архайай, цӕмӕй ног дунейы уай?

17 Библи «тынг бирӕ адӕм» кӕй хоны, уыдонӕн стыр ныфсы хос сты, Йесо рынчынты куыд дзӕбӕх кодта, уыцы хабӕрттӕ (Рарг. 7:9). Уыцы диссӕгтыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕ ноджы фидардӕрӕй фӕуырны, фидӕны се ’ппӕт низтӕй дӕр кӕй фервӕздзысты. Уыцы хабӕрттӕй ма бӕрӕг у, Хуыцауы Фырт адӕмы куыд тынг уарзы, уый дӕр (Иоан. 10:11; 15:12, 13). Ӕмӕ Йесо куыд тӕригъӕдгӕнаг уыди, уымӕй та бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр куыд бирӕ уарзы, уый (Иоан. 5:19).

18 Абон адӕм иууылдӕр дзыназынц, хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц ӕмӕ мӕлынц (Ром. 8:22). Ӕмӕ не ’ппӕты дӕр тынг хъӕуы Хуыцауы ног дуне. Уым алчидӕр уыдзӕн ӕнӕниз, Хуыцау куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Малахийы 4:2 фыст ныхӕстӕ нын ныфс дӕттынц, низтӕй ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинадӕй куы фервӕзӕм, уӕд фырцинӕй кӕй «гӕппытӕ кӕндзыстӕм». Ӕмӕ кӕд Йегъовӕйӕ бузныг стӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндӕм, уӕд хъуамӕ, цыдӕриддӕр хъӕуы, уый аразӕм, цӕмӕй ног дунейы цӕрӕм. Уӕдӕ Йесо зӕххыл цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ, мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд ӕппӕт адӕмы дӕр ӕнустӕм сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ нын уый зонын стыр цины хос куыннӕ у!