«Кӕд Кингслийӕн йӕ бон у, уӕд мӕнӕн дӕр мӕ бон бауыдзӕн!»
КИНГСЛИЙӔН ӕфсымӕр йе уӕхск ӕрцавта, ӕмӕ уӕд уый дӕр Библи кӕсын райдыдта. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы уый уыди йӕ фыццаг хӕслӕвӕрд. Кингсли алы ныхас дӕр дзырдта, иу дамгъӕ дӕр-иу дзы нӕ ауагъта, афтӕмӕй. Фӕлӕ йӕ Библимӕ ӕппындӕр нӕ каст! Цымӕ цӕуылнӕ?
Кингсли цӕстӕй нӕ уыдта. Уымӕй уӕлдай ма хъусӕй дӕр ӕвзӕр хъуыста, стӕй ӕнӕ инвалиды коляскӕйӕ йӕ бон цӕуын нӕ уыд. Цымӕ Йегъовӕйы тыххӕй куыд базыдта ӕмӕ йӕ бон куыд баци Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы архайын? Цӕй ӕмӕ уын ӕй радзурон.
Кингсли царди Шри-Ланкайы, ӕмӕ йемӕ куы базонгӕ дӕн, уӕд мӕ дисы бафтыдта, Библийы рӕстдзинад базонын ӕй куыд тынг фӕндыд, уый. Библи уӕдмӕ дӕр цалдӕр ӕфсымӕримӕ ахуыр кодта, ӕмӕ йӕм Брайлы шрифтыл цы чиныг уыди, «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад» *, зӕгъгӕ, уый йын фыркастӕй ныббызгъуыртӕ. Ӕз ын загътон, цӕмӕй та ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдайа, ӕмӕ уый дӕр сразы. Фӕлӕ нын уый ӕнцон нӕ уыди дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй.
Фыццаг уый, ӕмӕ Кингсли царди зӕрӕдтӕ ӕмӕ инвалидты хӕдзары ӕмӕ ма йемӕ царди цалдӕр адӕймаджы. Хъӕлӕба-иу дзы кӕй уыд, стӕй Кингсли дӕр хъусӕй ӕвзӕр кӕй хъуыста, уый тыххӕй-иу мӕ тынг хъӕрӕй дзурын хъуыди. Иудзырдӕй, уыцы хӕдзары-иу алчидӕр хъуыста, Библи куыд ахуыр кӕнӕм, уый!
Дыккаг та уый, ӕмӕ Кингслийӕн иу хаттӕн йӕ бон иу гыццыл йеддӕмӕ нӕ уыди бакӕсын ӕмӕ бахъуыды кӕнын. Цӕмӕй нӕ ахуыр хуыздӕр цыдаид, уый тыххӕй-иу йӕхи хорз бацӕттӕ кодта. Ӕрмӕг-иу рагацау цалдӕр хатты бакаст, стӕй-иу Брайлы шрифтыл фыст Библийы стихтӕ федта ӕмӕ-иу фарстатӕн йӕхинымӕр дзуапп радта. Афтӕ кӕй цӕттӕ кодта, уый фӕрцы йын бирӕ ӕнтыст. Ахуыры рӕстӕг-иу пъолыл гыццыл гауызыл бадт, йӕ къӕхтӕ-иу йӕ быны бакодта, афтӕмӕй. Цы базыдта, уый-иу куы ’мбарын кодта, уӕд-иу хъӕрӕй дзырдта ӕмӕ-иу тынг цин кодта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ къуыри дыууӕ хатты ахуыр кӕнын райдыдтам, ӕмӕ-иу нын алы ахуыр дӕр дыууӕ сахаты ахаста!
РАЙДЫДТА ӔМБЫРДТӔМ ЦӔУЫН
Кингслийы тынг фӕндыди Паддзахады залмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын, фӕлӕ уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд. Цӕмӕй-иу йӕ коляскӕйӕ рахызтаид ӕмӕ машинӕйы сбадтаид, стӕй та-иу фӕстӕмӕ коляскӕйы сбадтаид ӕмӕ залмӕ бацыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди искӕй ӕххуыс. Фӕлӕ йын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ радыгай ӕххуыс кодтой, ӕмӕ уый сӕхицӕн стыр кадыл нымадтой. Ӕмбырды рӕстӕг-иу Кингсли ныхасгӕнӕгмӕ ӕввахс сбадт, лӕмбынӕг-иу хъуыста, ӕмӕ ма-иу дзуапп дӕр лӕвӕрдта!
Иуцасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд Кингсли йӕхи Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы ныффыста. Скъолайы Библи фыццаг хатт куы хъуамӕ кастаид, уымӕ ма дыууӕ къуырийы куы хъуыди, уӕд ӕй бафарстон, хӕдзары йӕ кӕсын афӕлвӕрдта ӕви нӕ. Кингсли мын фидарӕй загъта: «Куыннӕ, ме ’фсымӕр, 30 хатты йӕ кастӕн!» Ӕз дзы раппӕлыдтӕн ӕмӕ йын загътон, зӕгъын-ма йӕ мӕнӕн дӕр бакӕс. Кингсли йӕ Библи байгом кодта, йе ’нгуылдзтӕ Брайлы текстыл сӕвӕрдта ӕмӕ кӕсын райдыдта. Фӕлӕ ӕз бафиппайдтон, ӕндӕр хӕттыты-иу кӕсгӕ-кӕсын йе ’нгуылдзтӕ рӕнхъытыл куыд цыдысты, афтӕ кӕй нӕ цӕуынц – текст ӕнӕкӕсгӕйӕ сахуыр кодта!
Мӕ цӕссыг мӕ рустыл калд – цы уыдтон, уый мӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта. Кингслийы бафарстон, зӕгъын ӕй ӕрмӕстдӕр 30 хатты куы бакастӕ, уӕд ӕй куыд бахъуыды кодтай. Уӕд мын уый загъта: «Нӕ, алы бон дӕр ӕй кастӕн 30 хатты!» Кингсли-иу алы бон дӕр йӕ гауызыл ӕрбадт ӕмӕ-иу Библийы скъуыддзаг ногӕй ӕмӕ ногӕй каст, цалынмӕ йӕ нӕ бахъуыды кодта, уӕдмӕ. Ӕмӕ йӕ афтӕ касти иу мӕйӕ фылдӕр.
Ралӕууыд, хӕслӕвӕрд ын кӕд хъуамӕ уыдаид, уыцы бон. Кингсли каст куы фӕци, уӕд ӕнӕхъӕн ӕмбырд зӕрдиаг ӕмдзӕгъд кӕнын райдыдта. Уыцы ног ахуыргӕнинаг куыд зынгзӕрдӕйӕ архайы, уый уынгӕйӕ бирӕтӕн сӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты. Сценӕйыл-иу тынг чи стыхст ӕмӕ уый тыххӕй Скъолайы чи нал архайдта, иу ахӕм хо загъта, цӕмӕй та йӕ ногӕй Скъолайы ныффыссой. Цымӕ цӕмӕн? Уыцы хо загъта: «Кӕд Кингслийӕн йӕ бон у, уӕд мӕнӕн дӕр мӕ бон бауыдзӕн!»
2008 азы 6 сентябры, Библи ӕртӕ азы куы фӕахуыр кодта, уый фӕстӕ, Кингсли донаргъуыд райста ӕмӕ суанг йӕ мӕлӕты онг Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд. Кингсли амард 2014 азы 13 майы, фӕлӕ йӕ фидарӕй уырныдта, ног дунейы ӕнӕниз ӕмӕ хъаруджын кӕй уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕндзӕн (Ис. 35:5, 6). (Радзырдта йӕ Пол Макманус.)
^ 4 абз. Мыхуыры рацыд 1995 азы. Ныр мыхуыры нал цӕуы.