Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сымах хъӕуы фидардзинад»

«Сымах хъӕуы фидардзинад»

АНИТӔ * Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд йӕ лӕг йӕ ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдта. Анитӕ загъта: «Ӕмбырдтӕм цӕуын мӕ нӕ уагъта, стӕй мын загъта, цӕмӕй Хуыцауы ном дзургӕ дӕр ма кӕнон. Куыддӕр-иу мӕ Йегъовӕйы ном фехъуыста, афтӕ-иу мӕстӕй рафыхт».

Анитӕ ма сӕмбӕлд ноджыдӕр иу зындзинадыл – йӕ лӕг ӕй нӕ уагъта, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзырдтаид ӕмӕ сӕ ӕмбырдтӕм кодтаид. Ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты йӕ лӕджы сусӕгӕй ахуыр кодта.

Анитӕйы хабарӕй бӕрӕг у, чырыстонӕн тынг зын кӕй вӕййы, йӕ бинонтӕ йӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы нӕ фӕуадзынц, уӕд. Фӕлварӕн ма йын вӕййы, уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййы, йӕ сывӕллон кӕнӕ йӕ цардӕмбал куы фӕзиан вӕййы йе та йӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйы куы ныууадзы. Цымӕ ахӕм уавӕрты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй цӕй фӕрцы баззайдзыстӕм?

Апостол Павел загъта: «Сымах хъӕуы фидардзинад» (Дзут. 10:36). Уӕдӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай?

ЙЕГЪОВӔЙӔ ӔХХУЫС КУР

Цӕмӕй нӕм зын рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн хъарутӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Аннӕ йӕ сӕрыхицауимӕ фӕцард 30 азы бӕрц, фӕлӕ сыл иу бон бӕллӕх ӕрцыд – йӕ сӕрыхицау ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзиан. Аннӕ загъта: «Куыстӕй нал ӕрбаздӕхт. 52 азы йеддӕмӕ йыл нӕ цыди».

Аннӕйы фӕстӕмӕ кусынмӕ бацӕуын бахъуыд. Ӕмӕ ӕдзухдӕр йӕ куыстыл кӕй хъуыды кодта, уый йын кӕд иу гыццыл баххуыс кодта, уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы рыст не ’рсабыр. Цымӕ Аннӕ цы арӕзта? Уый загъта: «Мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ-иу Йегъовӕйӕн раргом кодтон ӕмӕ-иу ын лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын мӕ маст сфӕразынӕн баххуыс кодтаид». Аннӕ фидарӕй зоны, Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕ кӕй хъуыста, уымӕн ӕмӕ-иу ӕм куы скуывта, уӕд-иу йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Аннӕ загъта: «Ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, Йегъовӕ мын мӕ сӕрыхицауы кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл» (Фил. 4:6, 7).

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ ӕвӕры, сӕ куывдтытӕ сын кӕй хъусдзӕн (Пс. 65:2). Уый сын алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын сӕ бон уа дарддӕр дӕр лӕггад кӕнын. Уӕдӕ дын Йегъовӕ хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй йыл зын рӕстӕг дӕр иузӕрдион уай.

ДӔ ХОТӔ ӔМӔ ДЕ ’ФСЫМӔРТИМӔ ӔНГОМ У

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны ӕмбырдты уылты. Зӕгъӕм, Фессалоникӕйы ӕмбырд карз ӕфхӕрд куы ӕййӕфта, уӕд Павел уыцы чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Ныр куыд кӕнут, афтӕ дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фес. 2:14; 5:11). Фессалоникӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ иумӕ ӕмбырд кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хорз ӕмбӕлттӕ уыдысты. Ӕмӕ афтӕмӕй кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаиккой. Махӕн та нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй, Фессалоникӕйы ӕмбырды чи уыд, уыдонау фидар лӕууӕм?

Ӕмбырды нын хорз ӕмбӕлттӕ куы уа, уӕд кӕрӕдзийы фидар кӕндзыстӕм, уӕлдайдӕр та зын рӕстӕг (Ром. 14:19). Апостол Павел ӕфхӕрд ӕййӕфта ӕмӕ ма ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр ӕвзӕрста, фӕлӕ йын Йегъовӕ хъарутӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй фидар лӕууыдаид. Зӕгъӕм, Йегъовӕ йӕ фидар кодта хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уылты. Йе ’мбӕлтты тыххӕй Павел загъта: «Уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:10, 11). Уыцы ӕфсымӕртӕ Павелы уарзтой, ӕмӕ-иу ын бахъуаджы сахат ныфсы хос уыдысты ӕмӕ-иу ӕй бафидар кодтой. Чи зоны, дӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, дӕуӕн дӕр де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй куыд баххуыс кодтой, уый.

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔЙ-ИУ ӔХХУЫС РАКУР

Ӕмбырды ма нын Хуыцау ӕххуыс кӕны хистӕр нӕлгоймӕгты уылты дӕр. Уыдон дӕ бафидар кӕндзысты ӕмӕ дын Библийӕ хорз уынаффӕ ратдзысты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты, «дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай, тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынаты хуызӕн, ӕнӕдон бӕстӕйы цӕугӕдӕттӕ куыд уой, хурсыгъд бӕстӕйы – стыр къӕдзӕхы аууон, уый хуызӕн» (Ис. 32:2). Куыд ӕхсызгон нын у, уыцы ӕфсымӕртӕ баххуыс кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй сты, уый! Уӕдӕ-иу зын рӕстӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракур, цӕмӕй дын фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕной.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ диссаг нӕ сараздзысты ӕмӕ нӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзын кӕндзысты. Уыдон дӕр мах хуызӕн ӕнӕххӕст сты (Хъуыд. 14:15). Фӕлӕ демӕ куы аныхас кӕной ӕмӕ дӕ зындзинӕдты тыххӕй Йегъовӕмӕ куы скувой, уӕд дын фенцондӕр уыдзӕн (Иак. 5:14, 15). Зӕгъӕм, бирӕ азты дӕргъы уӕззау низӕй чи хъӕрзы, Италийӕ иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Ӕфсымӕртӕ мӕ кӕй уарзынц ӕмӕ мыл кӕй тыхсынц, стӕй мӕ арӕх кӕй абӕрӕг кӕнынц, уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фидар лӕууон». Кӕд ды дӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уӕд зон, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс бацагурай.

ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН ДЫН СӔЙРАГДӔР УӔД

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын сӕйрагдӕр куы уа, уӕд уындзыстӕм, куыд нын ӕххуыс кӕны, уый. Афтӕ уыд йӕ хабар Джонӕн дӕр. 39 азы йыл куы цыди, уӕд ӕм ссардтой, стӕм хатт чи ӕмбӕлы, ахӕм рак. Джон загъта: «Афтӕ мӕм касти, цыма мыл сайдӕй рацыдысты, уымӕн ӕмӕ нырма ӕрыгон уыдтӕн». Уыцы рӕстӕг йӕ лӕппуйыл ӕртӕ азы йеддӕмӕ нӕ цыди. «Мӕ бинойнаг ӕрмӕст нӕ сывӕллонмӕ нӕ каст, фӕлӕ мӕнмӕ дӕр, стӕй ма-иу мемӕ дохтыртӕм дӕр рацу-бацу кодта»,– загъта Джон. Химиотерапийы фӕстӕ-иу тынг ныллӕмӕгъ ӕмӕ-иу йӕ зӕрдӕ хӕццӕ кодта. Фӕлӕ йӕ зындзинӕдтӕ ууыл нӕ фесты. Джоны фыд мӕлӕтдзаг рынчын фӕци ӕмӕ уымӕ дӕр кӕсын бахъуыд.

Уыцы зын уавӕры Джон ӕмӕ йӕ бинонтӕн цы баххуыс кодта? Кӕд-иу Джон арӕх тынг лӕмӕгъ уыди, уӕддӕр архайдта, цӕмӕй йӕ бинонтӕн сӕйрагдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын уыдаид. Джон загъта: «Алы ӕмбырдмӕ дӕр цыдыстӕм, алы къуыри дӕр-иу хъусын кодтам ӕмӕ-иу нын бинонты ахуыр дӕр ӕдзухдӕр уыди, тынг зын-иу мын куы уыд, суанг уӕд дӕр». Джон ӕмбӕрста, цыфӕнды зындзинад дӕр сфӕразӕн кӕй ис, Йегъовӕмӕ куы ӕввахсдӕр кӕнай, уӕд. Ӕмӕ кӕд, йӕ низы тыххӕй куы базыдта, уӕд фыццаг тынг мӕт кодта, уӕддӕр бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Джон зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн. Уӕдӕ кӕд ды дӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уӕд дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн. Джон загъта: «Йегъовӕ дын хъарутӕ ратдзӕн, мӕнӕн куыд радта, афтӕ».

Зындзинӕдты рӕстӕг-иу дӕ зӕрдыл дар Павелы ныхӕстӕ: «Сымах хъӕуы фидардзинад». Уӕдӕ дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар ӕмӕ йӕм ӕдзухдӕр кув, ӕмбырды дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртимӕ ӕнгом у, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй-иу ӕххуыс ракур ӕмӕ дын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын алкӕддӕр сӕйрагдӕр уӕд. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, ныртӕккӕ цы зындзинӕдтӕ ӕвзарыс кӕнӕ фидӕны цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзынӕ, уыдоны рӕстӕг фидар фӕлӕууай.

^ 2 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.