Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы куывды ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕр (2 хай)

Чырыстийы куывды ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕр (2 хай)

«Уӕ уӕларвон Фыд... фӕзоны, цы хъуаг стут, уый» (МАТФ. 6:8).

1–3. Иу хо куыд бамбӕрста, Йегъовӕ кӕй фӕзоны, цы ’ххуыс нӕ фӕхъӕуы, уый?

ЛАНӔ лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй, ӕмӕ йӕ никуы ферох уыдзӕн, 2012 азы сӕрды Германийы куы уыди, уӕд ыл цы ’рцыди, уый. Уӕд Ланӕ бамбӕрста, Йегъовӕ йын йӕ дыууӕ куывдӕн дзуапп кӕй радта. Цалынмӕ аэропортмӕ поездыл цыди, уӕдмӕ куывта, цӕмӕй йын искӕмӕн хорз хабар радзурыны фадат фӕзына. Аэропортмӕ куы ’рцыд, уӕд базыдта, йӕ рейс ын иннӕ бонмӕ кӕй аивтой. Ланӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракуырдта, уымӕн ӕмӕ йын, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууыдаид, уый нӕ уыд ӕмӕ йе ’хцатӕн дӕр сӕ фылдӕр бахардз сты.

2 Куыддӕр Ланӕ куывд фӕци, афтӕ йӕм чидӕр сдзырдта: «Ланӕ, салам! Ам та цы кусыс?» Уый уыди, раздӕр скъолайы кӕимӕ ахуыр кодта, иу ахӕм ӕрыгон лӕппу. Йемӕ уыдысты йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад, Хуссар Африкӕмӕ йӕ фӕндараст кодтой. Ланӕ сын йӕ хабар куы радзырдта, уӕд ӕй йе ’мкъласаджы мад ӕмӕ мадымад сӕхимӕ фӕхуыдтой. Уый фӕстӕ йӕм йӕ дины тыххӕй ӕмӕ, пионерӕй кӕй лӕггад кӕны, уый тыххӕй бирӕ фарстатӕ фӕлӕвӕрдтой.

3 Дыккаг бон дӕр та аходӕны фӕстӕ Ланӕимӕ Библийы тыххӕй бирӕ фӕныхӕстӕ кодтой. Ланӕ ма сын загъта, зӕгъгӕ уӕ кӕд фӕнды, уӕд уӕм бынӕттон Ӕвдисӕнтӕй исчи ӕрбацӕудзӕн. Нӕ хо йӕ хӕдзарыл дзӕбӕхӕй сӕмбӕлд ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕны пионерӕй. Уый нӕ дызӕрдыг кӕны, уӕд ын, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» кӕй баххуыс кодта (Пс. 65:2).

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 Ӕнӕнхъӕлӕджы исты зындзинадыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракурын зын нӕ вӕййы. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ ӕхсызгон вӕййынц (Пс. 34:15; Ӕмб. 15:8). Фӕлӕ Йесо кӕй бацамыдта, уыцы куывды ныхӕстӕй бӕрӕг у, ноджы ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй ис, ӕмӕ уыдоны тыххӕй дӕр кӕй хъуамӕ кувӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, уыцы куывды Йесо фӕстагмӕ цы цыппар хъуыддаджы кой ракодта, уыдонмӕ ӕмӕ базондзыстӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм. (Бакӕс Матфейы 6:11–13.)

«РАТТ НЫН КЪӔБӔР АБОНЫ ФАГ»

5, 6. Алцыдӕр нын парахатӕй куы уа, уӕддӕр афтӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм, «ратт нын къӕбӕр», зӕгъгӕ?

5 Йесо кувын куы ахуыр кодта, уӕд афтӕ нӕ загъта, «ратт мын къӕбӕр», зӕгъгӕ, фӕлӕ загъта: «Ратт нын къӕбӕр». Африкӕйы районон цӕстдарӕгӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Виктор, загъта: «Арӕх Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй бузныг фӕзӕгъын, иннӕ хатт цы бахӕрдзыстӕм кӕнӕ фатеры мызд цӕмӕй бафиддзыстӕм, ууыл нӕ мӕ бинойнагимӕ тыхсын кӕй нӕ фӕхъӕуы. Не ’фсымӕртӕ ныл алы бон дӕр батыхсынц. Фӕлӕ Хуыцауӕй фӕкурын, цӕмӕй, махыл чи тыхсы, уыдонӕн цардамӕлттӕ кӕнынӕн ӕххуыс кӕна».

6 Чи зоны, махӕн хӕринаг парахатӕй ис, фӕлӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ мӕгуыр сты, чидӕртӕ та сӕ ӕрдзон бӕллӕхы бахауынц. Мах хъуамӕ уыдоны тыххӕй ӕрмӕст кувгӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ ма хъуамӕ нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон у, цы нӕм ис, уымӕй сын хай кӕнын. Стӕй ма нӕ бон у ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн ӕдзухдӕр мысайнӕгтӕ дӕттын. Мах зонӕм, нӕ мысайнӕгтӕ ӕфсымӕртӕн стыр ӕххуыс кӕй уыдзысты (1 Иоан. 3:17).

7. Йесо афтӕ куы загъта, «райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут», зӕгъгӕ, уӕд цавӕр цӕвиттон ӕрхаста?

7 Чырысти йӕ куывды афтӕ куы загъта, «ратт нын къӕбӕр абоны фаг», зӕгъгӕ, уӕд кодта, царды нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый кой. Адӕмӕн сӕ хъус ӕрдардта, Йегъовӕ быдырон дидинджытӕ куыд рӕсугъд скодта, уымӕ ӕмӕ стӕй загъта: «Уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй ныууадздзӕн? Кӕм ис уӕ уырнындзинад? Уӕдӕ мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ... нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм». Ӕмӕ та стӕй загъта: «Райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут» (Матф. 6:30–34). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын хъуамӕ мулк ӕмӕ ӕхца царды сӕйраг ма суой. Фӕлӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый нын куы уа, уӕд уый хъуамӕ фагыл нымайӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон у Хуыцауӕй курын, цӕмӕй нын уа, кӕм цӕрӕм, уый ӕмӕ, нӕ бинонты кӕй фӕрцы фӕдарӕм, ахӕм куыст. Ноджыдӕр ма дзы нӕ бон у курын зонд дӕр, цӕмӕй не ’нӕниздзинадимӕ баст фарстаты фӕдыл раст уынаффӕтӕ хӕссӕм. Фӕлӕ ис, уыдӕттӕй бирӕ ахсджиагдӕр чи у ӕмӕ кӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм, ахӕм хъуыддаг.

8. Чырысти йӕ куывды хӕринаджы кой кӕй ракодта, уый нын нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ лӕууын кӕна? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

8 Чырысти йӕ куывды хӕринаджы кой кӕй ракодта, уый нын хъуамӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕна, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕр нӕ кӕй хъӕуы, уый. Йесо загъта: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матф. 4:4). Уӕдӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр кувӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг афоныл дӕтта.

«НЫХХАТЫР НЫН КӔН НӔ ТӔРИГЪӔДТӔ»

9. Нӕ тӕригъӕдтӕ хӕсты хуызӕн цӕмӕн сты?

9 Чырысти загъта: «Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ [кӕнӕ «нӕ хӕстӕ»]» (Матф. 6:12, фип.; Лук. 11:4). Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ нӕ тӕригъӕдтӕ хӕсты хуызӕн сты. 1951 азы журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Хуыцауы закъӕтты сӕрты куы ахизӕм ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ разы хӕсджын свӕййӕм. [...] Нӕ тӕригъӕдты тыххӕй Хуыцауӕн уый бар ис, ӕмӕ нын нӕ цард дӕр байса. [...] Йӕ бон у, ӕмӕ нӕ хӕлар мауал уа, ӕмӕ нӕ афтӕмӕй ӕнӕхай фӕкӕна, цы фарнӕй нӕ схайджын кодта, уымӕй. [...] Мах хӕсджын стӕм, цӕмӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ уый, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй ӕвдисӕм; тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд та йын уыцы хӕс нӕ бафидӕм, уымӕн ӕмӕ, тӕригъӕд чи аразы, уый Хуыцауы нӕ уарзы» (1 Иоан. 5:3).

10. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ цӕй фӕрцы хатыр кӕны ӕмӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у?

10 Алы бон дӕр кӕй рӕдийӕм, уый тыххӕй нын ӕдзухдӕр хъӕуы хатыр кӕнын. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, нӕ тӕригъӕдтӕ нын кӕй фӕрцы ис ныххатыр кӕнӕн, уыцы аргъ кӕй бафыста – Чырыстийы нывондӕн ӕрхаста. Ӕмӕ кӕд Чырысти иу-2 000 азы размӕ амарди, уӕддӕр нын йӕ нывонд абон дӕр хӕссы пайда. Уыцы диссаджы лӕвары тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕйӕн бузныг дзурӕм. Ӕнӕххӕст адӕмӕй иуӕн дӕр йӕ бон никуы бауыдаид, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй фӕрцы ссӕрибар уыдаиккам, ахӕм аргъ бафидын. (Бакӕс Псалом 49:7–9; 1 Петры 1:18, 19.) Йесойы куывды ныхӕстӕ, «ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ», зӕгъгӕ, махӕн нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Хуыцау Чырыстийы ӕрмӕст мах тыххӕй кӕй нӕ радта, фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй дӕр. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уыдоныл дӕр ӕмӕ сын йемӕ цы хӕлардзинад ис, ууыл дӕр хъуыды кӕнӕм. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй исчи нӕ ныхмӕ тӕригъӕд куы сараза, уӕд ын хъуамӕ йӕ рӕдыд уайтагъд ныххатыр кӕнӕм. Арӕхдӕр уый вӕййы гыццыл рӕдыд, ӕмӕ-иу сын куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ уарзӕм, уый. Стӕй ма бӕрӕг уыдзӕн, кӕй аргъ кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, уымӕн (Кол. 3:13).

Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дын Йегъовӕ хатыр кӕна, уӕд хъуамӕ дӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн хатыр кӕнай (кӕс 11 абзац)

11. Иннӕтӕн цӕмӕн хъуамӕ хатыр кӕнӕм?

11 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын иуӕй-иу хатт зын вӕййы, чи нӕ фӕхъыг кодта, уыдонӕн хатыр кӕнын (Лев. 19:18). Кӕй нӕ фӕхъыг кодтой, уый тыххӕй ӕмбырды иннӕтӕн куы дзурӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр нӕ фарс рахӕцой, ӕмӕ уӕд ӕмбырды иудзинадӕн фехӕлынӕй тӕссаг уыдзӕн. Уыцы хъуыддагӕн кӕрон куы не скӕнӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн ӕмӕ Чырыстийы нывондӕн нӕ аргъ кӕнӕм (Матф. 18:35). Иннӕтӕн куы нӕ хатыр кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕн дӕр йӕ бон нӕ уыдзӕн махӕн нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын. (Бакӕс Матфейы 6:14, 15.) Стӕй нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ хатыр кӕна, уӕд хъуамӕ уӕззау тӕригъӕдтӕ ма аразӕм (1 Иоан. 3:4, 6).

«МА НӔ БАППАР ФӔЛВАРӔНЫ»

12, 13. а) Йесо донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ йыл цы ’рцыд? б) Фӕлварӕны фидар куы нӕ фӕлӕууӕм, уӕд ӕндӕр искӕй цӕуылнӕ хъуамӕ аххосджын кӕнӕм? в) Йесо мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй цы сбӕлвырд кодта?

12 Чырысти йӕ куывды загъта, «ма нӕ баппар фӕлварӕны», зӕгъгӕ. Ӕмӕ нын йӕ ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ йыл цы ’рцыд, уый. Хуыцауы сыгъдӕг тых Йесойы акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй йӕ «уым Хӕйрӕг фӕлвӕрдтаид» (Матф. 4:1; 6:13). Цымӕ нӕм уый диссаг хъуамӕ кӕса? Нӕ. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Хуыцауы Фырт зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд, уый. Йесо хъуамӕ дзуапп радтаид, Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд цы фарстатӕ фӕзынд, уыдонӕн: Йегъовӕ адӕмы цавӕрдӕр хъӕндзинадимӕ сфӕлдыста? Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕххӕст адӕймаг, Хӕйрӕг ӕй куы фӕлвара, уӕд дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайа? Адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн разамынд куы дӕттой, уӕд хуыздӕр нӕ уыдзӕн? (Райд. 3:4, 5). Уыцы фарстатӕн дзуапп раттынӕн хъӕуы бирӕ рӕстӕг, фӕлӕ уый фӕрцы, уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл чидӕриддӕр ис, уыдон бамбардзысты, Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй.

13 Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фыддзинадӕй никӕй фӕлвары. Адӕмы Хӕйрӕг фӕлвары (Матф. 4:3). Ӕмӕ уый тыххӕй алыхуызон мадзӕлттӕй фӕпайда кӕны. Фӕлӕ фӕлварӕны куыд бакӕндзыстӕм, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у – алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, фӕлварӕны ныхмӕ фӕлӕудзӕн ӕви нӕ. (Бакӕс Иаковы 1:13–15.) Зӕгъӕм, Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд-иу ын Йесо уайтагъд Хуыцауы Ныхасӕй дзуапп радта. Чырысти Хуыцауыл иузӕрдион уыд. Фӕлӕ йӕ Хӕйрӕг ууыл нӕ ныууагъта – ӕнхъӕлмӕ касти, «ӕндӕр хорз фадат ын кӕд фӕуыдзӕн, уӕдмӕ» (Лук. 4:13). Хӕйрӕг цыфӕнды ма арӕзтаид, уӕддӕр Йесо алкӕддӕр Хуыцауы йӕ Хицауыл нымадта ӕмӕ йӕ коммӕ касти. Афтӕмӕй Чырысти сбӕлвырд кодта, ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у цыфӕнды зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Фӕлӕ Хӕйрӕг фӕлвары Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты, цӕмӕй сӕ фӕрӕдийын кӕна, ӕмӕ дзы ды дӕр рох нӕ дӕ.

14. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй фӕлварӕны рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм?

14 Йегъовӕйы хицаудзинады тыххӕй цы фарста сӕвзӕрд, уымӕн ныр дӕр ма хъӕуы дзуапп раттын. Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн нырма уый бар дӕтты, цӕмӕй нӕ фӕлвара, фӕлӕ нӕ йӕхӕдӕг фӕлварӕны никуы баппары. Хуыцау нӕ дызӕрдыг кӕны, нӕ бон ыл иузӕрдионӕй баззайын кӕй у, ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ дӕр алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы. Фӕлӕ, раст цы у, уый нын тыхӕй никуы фӕаразын кӕны,– рох дзы нӕу, сӕрибардзинадӕй нӕ кӕй схайджын кодта. Уымӕ гӕсгӕ нын уый бар фӕдӕтты, цӕмӕй-иу нӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнӕм, иузӕрдион ыл уыдзыстӕм ӕви нӕ. Цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ аразӕм дыууӕ хъуыддаджы: архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм, стӕй йӕм ӕдзухдӕр кувӕм. Фӕлӕ нын цымӕ Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты?

Дӕ уырнындзинад фидар кӕн ӕмӕ Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕн (кӕс 15 абзац)

15, 16. а) Цавӕр фӕлварӕнты ныхмӕ нӕ фӕхъӕуы фидар фӕлӕууын? б) Фӕлварӕныл сӕмбӕлгӕйӕ фидар куы нӕ фӕлӕууӕм, уӕд аххосджын чи уыдзӕн?

15 Йегъовӕ нӕ хайджын кӕны йӕ сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм. Йӕ Ныхасы фӕрцы ӕмӕ нӕ ӕмбырдты фӕрцы та фӕдзӕхсы, нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, фӕдзӕхсы нӕ, цӕмӕй, афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг, ӕгӕр бирӕ ӕхца ӕмӕ ӕгӕр бирӕ тыхтӕ ма хардз кӕнӕм. Эспен ӕмӕ Янне цӕрынц Европӕйы хъӕздыг бӕстӕтӕй иуы. Бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтой ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй, сӕ бӕстӕйы хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ран. Фӕлӕ сын сывӕллон куы райгуырд, уӕд сӕ бон нал уыди пионертӕй лӕггад кӕнын. Ныр сын ис дыууӕ сывӕллоны. Эспен загъта: «Ныр Хуыцауы хъуыддӕгты раздӕрау нал архайӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ арӕх фӕкувӕм, цӕмӕй нын уый фӕлварӕн ма суа. Ӕххуыс дзы фӕкурӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ бон уа нӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ йын зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын».

16 Фидар фӕлӕууын кӕй ныхмӕ фӕхъӕуы, уыцы фӕлварӕнтӕй ма иу у порнографи. Уыцы фӕлварӕныл сӕмбӕлгӕйӕ фидар чи нӕ фӕлӕууыд, уыдонӕн сӕ бон нӕу Хӕйрӕджы аххосджын кӕнын. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕгӕн ӕмӕ ацы дунейӕн сӕ бон нӕу, ӕмӕ нын цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг тыхӕй саразын кӕной. Чидӕртӕ порнографимӕ кӕсын райдыдтой, ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ кӕй нӕ тох кодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕн сӕ бон баци уыцы фӕлварӕны ныхмӕ фидар фӕлӕууын, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон бауыдзӕн (1 Кор. 10:12, 13).

«ФЫДБЫЛЫЗӔЙ [НӔ] ФЕРВӔЗЫН КӔН»

17. а) Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ «Фыдбылызӕй... фервӕзын кӕна»? б) Тагъд рӕстӕджы нын стыр цины хос цы уыдзӕн?

17 Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ «Фыдбылызӕй... фервӕзын кӕна»? Хъуамӕ Хӕйрӕджы дунейӕ ма уӕм ӕмӕ ма уарзӕм нӕдӕр «дуне, нӕдӕр, дунейы цы ис, уый» (Иоан. 15:19; 1 Иоан. 2:15–17). Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй та алы бон дӕр хъӕуы нӕ тых, нӕ бонӕй тох кӕнын. Фӕлӕ тагъд рӕстӕджы Йегъовӕ Хӕйрӕджы ӕмӕ ацы фыддуне фесафдзӕн, ӕмӕ уӕд сулӕфдзыстӕм! Уӕдмӕ та хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыд, уӕдӕй нырмӕ тынг мӕсты кӕй у, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад. Гъемӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразы, цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ ӕдзухдӕр хъӕуы Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕгӕй хъахъхъӕна (Рарг. 12:12, 17).

18. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунеимӕ ма фесӕфӕм?

18 Фӕнды дӕ, цӕмӕй, Хӕйрӕг кӕм нал уыдзӕн, уыцы дунейы цӕрай? Кӕд о, уӕд дарддӕр дӕр кув, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, Хуыцауӕн йӕ ном срухс уа ӕмӕ йӕ фӕндон зӕххыл дӕр уа. Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар – уый дын дӕтдзӕн, цӕрынӕн ӕмӕ дӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый. Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй Чырыстийы куывды ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрай.