Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы куывды ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕр (1 хай)

Чырыстийы куывды ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕр (1 хай)

«Срухс уӕд дӕ ном» (МАТФ. 6:9).

1. Матфейы 6:9–13 чи ис фыст, уыцы куывды ныхӕстӕй хъусын кӕнгӕйӕ куыд фӕпайда кӕнӕм?

АДӔМӔЙ бирӕтӕ хорз зонынц, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй бацамыдта, уыцы куывды ныхӕстӕ, фыст сты Матфейы 6:9–13. Ӕмӕ мах дӕр куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд арӕх уыцы куывды ныхӕсты фӕрцы адӕймагӕн бамбарын кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕг хицауад кӕй у ӕмӕ уыцы хицауады фӕрцы ӕгас зӕхх дӕр дзӕнӕт кӕй суыдзӕн. Уыцы куывды ма цы ныхӕстӕ ис, срухс уӕд дӕ ном, зӕгъгӕ, уыдоны фӕрцы та фембарын кӕнӕм, Хуыцауӕн ном кӕй ис ӕмӕ йӕ табуйагыл нымайын кӕй хъӕуы (Матф. 6:9).

2. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесойы кӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй Хуыцаумӕ кувгӕйӕ ӕдзухдӕр уыцы иу ныхӕстӕ кӕнӕм?

2 Цымӕ Йесойы уый фӕндыд, ӕмӕ Хуыцаумӕ кувгӕйӕ ӕдзухдӕр уыцы иу ныхӕстӕ кӕнӕм? Абон бирӕтӕ растдӕр афтӕ фӕкувынц. Фӕлӕ Йесо загъта: «Куы кувай, уӕд-иу... уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй ма дзур» (Матф. 6:7). Фӕстӕдӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, кувын куыд хъӕуы, уый ногӕй куы амыдта, уӕд дӕр та сын загъта, уый размӕ кӕй бацамыдта, уыцы куывды ныхӕстӕ, фӕлӕ гыццыл ӕндӕрхуызон (Лук. 11:1–4). Уӕдӕ Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбарой, Хуыцаумӕ цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй ис кувӕн ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй сӕйрагдӕр кӕцы у, уый.

3. Ацы статьятӕ ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ бон цавӕр фарстатыл у ахъуыды кӕнын?

3 Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы лӕмбынӕг ӕркӕсдзыстӕм, Йесо кӕй бацамыдта, уыцы куывдмӕ. Ӕмӕ хорз уыдзӕн, ахӕм фарстайыл-иу куы ахъуыды кӕнӕм: «Уыцы куывды фӕрцы мӕ бон куыд у мӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнын?» Ноджы ахсджиагдӕр та у ахӕм фарста: «Уыцы куывды ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрын?»

«НӔ УӔЛАРВОН ФЫД»

4. Цӕуыл дзурӕг нын сты ацы ныхӕстӕ, «нӕ уӕларвон Фыд», зӕгъгӕ? Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр Йегъовӕ сӕ Фыд у?

4 Йесо йӕ куывды райдианы загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Нӕ уӕларвон Фыд». Уыцы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, ӕгас зӕххыл нын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Йегъовӕ сӕ Фыд кӕй у (1 Пет. 2:17). Йегъовӕ уӕлӕрвты цӕрынмӕ кӕй равзӕрста, уыдонӕй йӕхицӕн скодта фырттӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ у сӕ Фыд (Ром. 8:15–17). Зӕххыл ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдонӕн дӕр ӕй сӕ бон у сӕ «Фыд» хонын, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у сӕ царддӕттӕг, уарзы сӕ ӕмӕ сын дӕтты, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уый. Уыдон «Хуыцауы сывӕллӕттӕ» суыдзысты, алцӕмӕй ӕххӕст куы суой ӕмӕ фӕстаг фӕлварӕны Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд (Ром. 8:21; Рарг. 20:7, 8).

5, 6. Сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджытӕй ӕппӕты стырдӕр лӕвар цы уыдзӕн? Алы сывӕллон дӕр уыцы лӕвармӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

5 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн куы бамбарын кӕнынц, Йегъовӕ сӕ уӕларвон Фыд кӕй у ӕмӕ сӕ кувын куы сахуыр кӕнынц, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн стыр лӕвар скӕнынц. Хуссар Африкӕйӕ иу районон цӕстдарӕг загъта: «Нӕ чызджытӕ цы бон райгуырдысты, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ-иу алы изӕр дӕр семӕ куывтон, ӕндӕр искуы ма уыдаин, уый йеддӕмӕ. Ныр нӕ чызджытӕ арӕх фӕзӕгъынц, уыцы куывдтыты ныхӕстӕ кӕй нӕ хъуыды кӕнынц, фӕлӕ хорз кӕй хъуыды кӕнынц, нӕ уӕларвон Фыдимӕ ныхас кӕнын нын табуйаг хъуыддаг кӕй уыди. Хъуыды ма кӕнынц, куы-иу куывтон, уӕд-иу сӕ зӕрдӕтӕ куыд сабыр уыдысты, уый дӕр. Хуыцаумӕ кувынхъом куы фесты, уӕд-иу сын арӕх дзырдтон, цӕмӕй-иу хъӕрӕй акуывтаиккой. Афтӕмӕй-иу фехъуыстон, сӕ хъуыдытӕ Йегъовӕйӕн куыд ӕргом кӕнынц, уый. Ӕмӕ мын уый та уыди хорз фадат, цӕмӕй-иу сын иу гыццыл сӕ зӕрдӕтӕм ныккастаин. Уый фӕрцы сын мӕ бон уыди фӕлмӕнӕй амонын, цӕмӕй, Йесо йӕ куывды цы ахсджиаг хъуыддӕгты кой кодта, уыдоны тыххӕй дӕр куывтаиккой».

6 Ацы ӕфсымӕр афтӕ кӕй архайдта, уый руаджы абон йӕ чызджытӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион сты. Сӕ дыууӕ дӕр смой кодтой ӕмӕ сӕ цардӕмбӕлттимӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн куы бамбарын кӕной, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ сӕ бон кӕй у, ӕмӕ йе ’ввахс хӕлӕрттӕ суой, уӕд сын уый уыдзӕн ӕппӕты стырдӕр лӕвар. Фӕлӕ алы сывӕллон дӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг архайа, цӕмӕй йын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый фидарӕй-фидардӕр кӕна. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ Хуыцауы ном уарза ӕмӕ уыцы номӕн аргъ кӕна (Пс. 5:11, 12; 91:14).

«СРУХС УӔД ДӔ НОМ»

7. Цавӕр кадӕй хайджын стӕм ӕмӕ ныл уымӕ гӕсгӕ цавӕр хӕс ис?

7 Цӕй стыр кад нын у, Хуыцауы ном кӕй зонӕм ӕмӕ йын йӕ ном чи хӕссы, уыцы адӕм кӕй стӕм (Хъуыд. 15:14; Ис. 43:10). Мах нӕ уӕларвон Фыдмӕ фӕкувӕм, «срухс уӕд дӕ ном», зӕгъгӕ. Стӕй ма дзы фӕкурӕм ӕххуыс, цӕмӕй йын йӕ ном нӕдӕр нӕ ныхӕстӕй, нӕдӕр нӕ хъуыддӕгтӕй макуы фӕхудинаг кӕнӕм. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй чидӕртӕ, иннӕтӕн цы амыдтой, уый сӕхӕдӕг нӕ арӕзтой. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм. Павел сын загъта: «Сымах тыххӕй иннӕ адӕмтӕ Хуыцауы ном фауынц» (Ром. 2:21–24).

8, 9. Йегъовӕ куыд арфӕ кӕны, йӕ ном рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Мах, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ном рухс кӕнӕм. Норвегийӕ иу хойӕн йӕ лӕг куы фӕзиан, уӕд дыууӕаздзыд сывӕллонимӕ баззад. Уыцы хо радзырдта: «Уый уыди тынг уӕззау рӕстӕг. Алы бон дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы сахат дӕр, Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын хъарутӕ лӕвӕрдтаид ӕмӕ ма фӕцудыдтаин. Нӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй исты ӕвзӕр уынаффӕ рахастаин кӕнӕ исты рӕдыд къахдзӕф сарӕзтаин, ӕмӕ уый тыххӕй Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн фидистӕ кодтаид. Мӕн фӕндыд Йегъовӕйы ном рухс кӕнын, стӕй ма мӕ фӕндыди, цӕмӕй мӕ фырт дзӕнӕты йӕ фыды ногӕй федтаид» (Ӕмб. 27:11).

9 Цымӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕ фехъуыста? О, фехъуыста. Хо ӕдзухдӕр ӕмбӕлд йе ’мчырыстӕттимӕ ӕмӕ йын уыдон йӕ ныфс фидар кодтой. Фондз азы фӕстӕ иу хистӕр нӕлгоймагмӕ смой кодта. Ныр йӕ фыртыл цӕуы 20 азы ӕмӕ у донаргъуыд ӕфсымӕр. Хо загъта: «Тынг амондджын дӕн, мӕ сӕрыхицау мын мӕ фырты схъомыл кӕнынӕн кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй».

10. Хуыцау йӕ ном кӕронмӕ кӕд срухс кӕндзӕн?

10 Йегъовӕ йӕ ном кӕронмӕ срухс кӕндзӕн, чи йӕ худинаг кӕны ӕмӕ йӕ йӕ Хицауыл чи нӕ нымайы, уыдоны куы фесафа, уӕд. (Бакӕс Йезекилы 38:22, 23.) Уыцы рӕстӕг адӕм суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕмӕ уӕлӕрвты дӕр алчидӕр лӕггад кӕндзӕн Йегъовӕйӕн ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕг ном рухс кӕндзӕн. Ӕппынфӕстаг нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд «алкӕмӕн дӕр... суыдзӕн йӕ иунӕг Хицау» (1 Кор. 15:28).

«ӔРЦӔУӔД ДӔ ПАДДЗАХАД»

11, 12. 1876 азы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы бамбарын кодта?

11 Чырысти уӕлӕрвтӕм куы хъуамӕ аздӕхтаид, уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Хицау, Израилы паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къахыл ныр не слӕууын кӕндзынӕ?» Йесо сын загъта, нырма уыцы рӕстӕг кӕй нӕу, цӕмӕй, Хуыцауы Паддзахад архайын кӕд райдайдзӕн, уый зоной. Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй се ’ргом аздахой хъусын кӕныны хъуыддагмӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 1:6–8.) Фӕлӕ ма Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ дӕр дзырдта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады ’рцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой. Ӕмӕ апостолты замантӕй абоны онг чырыстӕттӕ Хуыцаумӕ кувынц, цӕмӕй йӕ паддзахад ӕрцӕуа.

12 Чырысти уӕлӕрвты Паддзах куы хъуамӕ суыдаид, уыцы рӕстӕг куы ӕрӕввахс, уӕд Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бамбарын кодта, уыцы хабар кӕцы аз хъуамӕ ӕрцыдаид, уый. 1876 азы Чарлз Тейз Расселл ныффыста статья «Адӕмтӕн сӕ рӕстӕг кӕд фӕуыдзӕн?». Расселл бамбарын кодта, Данелы пехуымпарады «авд рӕстӕджы» ӕмӕ Йесойы пехуымпарады «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» иу цӕмӕдӕр кӕй амонынц. Уыцы статьяйы куыд фыст уыди, афтӕмӕй уыцы рӕстӕджытӕ фӕуд кодтой 1914 азы * (Дан. 4:16; Лук. 21:24).

13. 1914 азы цы ’рцыд ӕмӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй цы у бӕрӕг?

13 1914 азы Европӕйы райдыдта, ӕгас зӕххыл дӕр чи анхъӕвзта, уыцы хӕст. Уый аххосӕй адӕм ӕххормаг ӕййӕфтой. Хӕсты кӕронмӕ ӕввахс та, 1918 азы, сыстад хӕцгӕ низ, «испанкӕ», зӕгъгӕ. Уыцы низӕй фӕцагъды, хӕсты цас амард, уымӕй фылдӕр адӕм. Ӕппӕт уыдӕттӕй ӕххӕст кодтой, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ бӕлвырд кодтой, 1914 азы Чырысти уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси (Матф. 24:3–8; Лук. 21:10, 11). Уыцы аз Йесо «рацыд йе знӕгтыл уӕлахиз кӕнгӕйӕ, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уа» (Рарг. 6:2). Чырысти Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста. Ӕмӕ уый фӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдта ӕндӕр пехуымпарад: «Додой зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Рарг. 12:7–12).

14. а) Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уый тыххӕй ныр дӕр цӕмӕн хъуамӕ кувӕм? б) Абон цавӕр ахсджиаг куыст кӕнӕм?

14 Раргомады 12 сӕры фыст пехуымпарады фӕрцы мах ӕмбарӕм, Чырысти Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕххыл алыхуызон бӕллӕхтӕ цӕмӕн цӕуы, уый. Кӕд Йесо уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ райста, уӕддӕр зӕххыл нырма Хӕйрӕг у хицау. Фӕлӕ тагъд Йесо фыдгӕнджыты зӕххӕй фесафдзӕн ӕмӕ сыл афтӕмӕй «фӕуӕлахиз уыдзӕн». Ӕмӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ мах Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй йӕ Паддзахад ӕрцӕуа, стӕй ма уыцы Паддзахады тыххӕй адӕмӕн хъусын дӕр кӕнӕм. Уыцы куыст кӕй кӕнӕм, уымӕй ӕххӕст кӕны Йесо Чырыстийы пехуымпарад: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14).

«ДӔ ФӔНДОН... УӔД ЗӔХХЫЛ»

15, 16. Хуыцауы фӕндон зӕххыл уа, уый тыххӕй ӕрмӕст кувын фаг у? Бамбарын ӕй кӕн.

15 Иу-6 000 азы размӕ зӕххыл алцыдӕр уыди Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Йегъовӕ афтӕ дӕр уымӕн загъта, алцыдӕр «тынг хорз» у, зӕгъгӕ (Райд. 1:31). Уый фӕстӕ Хӕйрӕг йӕ ныхмӕ рацыд, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы фӕндон не ’ххӕст кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр абон аст милуан адӕймагӕй фылдӕр лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн. Уыдон Хуыцаумӕ кувынц, цӕмӕй йӕ фӕндон зӕххыл уа. Стӕй ма йын йӕ фӕндон ӕххӕст дӕр кӕнынц – Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынц ӕмӕ йын йӕ Паддзахады тыххӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц.

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕной? (кӕс 16 абзац)

16 Донаргъуыд 1948 азы чи райста ӕмӕ Африкӕйы миссионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм 80-аздзыд хо загъта: «Арӕх фӕкувын, цӕмӕй, цалынмӕ нӕ байрӕджы, уӕдмӕ сӕрныллӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр ссарӕм ӕмӕ сын Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕнӕм. Искӕимӕ аныхас кӕнынмӕ куы фӕхъавын, уӕд та Хуыцаумӕ скувын, цӕмӕй мын уыцы адӕймаджы зӕрдӕ бацагайынӕн баххуыс кӕна. Ныридӕгӕн кӕй ссардтам, уыцы сӕрныллӕг адӕмы тыххӕй дӕр Хуыцаумӕ фӕкувын ӕмӕ дзы фӕкурын, цӕмӕй нын амона, хуыздӕр сын куыд баххуыс кӕнӕн ис, уый». Уыцы ацӕргӕ хо Йегъовӕйы базонынӕн бирӕтӕн баххуыс кодта. Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр зоныс, Йегъовӕйы фӕндон зынгзӕрдӕйӕ чи ӕххӕст кӕны, ахӕм ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:17.)

17. Фидӕны Йегъовӕ зӕххыл цы сараздзӕн, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

17 Цалынмӕ Йегъовӕ, зӕххыл ын цы знӕгтӕ ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр не скуынӕг кӕна, уӕдмӕ йӕм мах кувдзыстӕм, цӕмӕй йӕ фӕндон зӕххыл уа. Ӕппынфӕстаг зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ райгас уыдзӕн миллиардгай адӕм. Йесо загъта: «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын [Йесойӕн] фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоан. 5:28, 29). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд цин кӕндзыстӕм, чи нын амард, уыдон та цардмӕ куы раздӕхой, уӕд! Йегъовӕ Хуыцау нын «ныссӕрфдзӕн... [нӕ] цӕссыгтӕ» (Рарг. 21:4). Чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдзысты «фыдгӕнджытӕ», ома, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй рӕстдзинад чи нӕ зыдта, уыдон. Мах сын зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы фӕндоны тыххӕй базоной, ӕмӕ «ӕнустӕм цӕрой» (Хъуыд. 24:15; Иоан. 17:3).

18. Адӕмы ӕппӕты тынгдӕр цы хъӕуы?

18 Хуыцауы Паддзахад куы ’рцӕуа, уӕд Йегъовӕйы ном срухс уыдзӕн ӕмӕ йын Дун-дунейы алчидӕр лӕггад кӕндзӕн. Афтӕмӕй Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн, Чырысти кӕй бацамыдта, уыцы куывды райдианы цы ӕртӕ хъуыддаджы кой ис, уыдон. Адӕмы ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй уыцы ӕртӕ хъуыддаджы сӕххӕст уой. Фӕлӕ ма уыцы куывды Йесо кодта, ӕнӕмӕнг нӕ чи хъӕуы ӕмӕ ахсджиаг чи у, ноджыдӕр цыппар ахӕм хъуыддаджы кой. Уыцы хъуыддӕгтыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 12 абз. Уыцы пехуымпарад 1914 азы кӕй сӕххӕст, уый кӕцӕй зонӕм, уый тыххӕй кӕс брошюрӕтӕ «Хуыцауы Паддзахад. Цы пайда дын ӕрхӕсдзӕн?» (bp151), 10–13 фӕрстӕ, ӕмӕ «Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?» (bp152), 8–11 фӕрстӕ.