Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!

«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!

«Уӕхи сӕмраст кӕнут ӕмӕ... уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (ЛУК. 21:28).

ЗАРДЖЫТӔ: 133, 43

1. Нӕ эрӕйы 66 азы цавӕр хабӕрттӕ ’рцыд? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма, нӕ эрӕйы 66 азы Иерусалимы чи цард, уыцы чырыстӕттӕй сӕ иу дӕ. Уыцы рӕстӕг бирӕ хабӕрттӕ ’рцыд. Ромаг хицау Флор кувӕндоны хӕзнадонӕй рахаста 17 сызгъӕрин таланты. Уый тыххӕй дзуттӕгтӕ мӕстӕй рафыхтысты ӕмӕ, Иерусалимы чи уыд, уыцы ромаг ӕфсӕддонтӕй бирӕты фӕмардтой. Стӕй ма хӕдбардзинад дӕр расидтысты, Ромы паддзахады дӕлбар нал стӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ромӕгтӕ уыцы хъуыддагмӕ ӕнцад нӕ кастысты. Ӕртӕ мӕйы дӕр нӕ рацыд, афтӕ 30 000 ромаг ӕфсӕддоны, Цестий Галл сӕ сӕргъы, афтӕмӕй, Иерусалимыл ӕртыхстысты. Дзуттаг змӕнтджытӕ бамбӕхстысты кувӕндоны мӕсыджы, фӕлӕ ромаг ӕфсад райдыдта кувӕндоны ӕддаг къул пырх кӕнын. Горӕты цӕрджытӕ фыртӕссӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой. Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ уынгӕйӕ ды та куыд кодтаис?

2. Чырыстӕттӕ Иерусалимы алыварс ромаг ӕфсад куы федтаиккой, уӕд куыд хъуамӕ бакодтаиккой ӕмӕ уымӕн гӕнӕн цӕй фӕрцы уыд?

2 Уымӕй бирӕ раздӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты уыцы хабарӕй бафӕдзӕхста ӕмӕ сын загъта: «Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу ӕй зонут, йе сӕфт кӕй ӕрхӕстӕг. Уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Иерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт, йӕ алыварс цы хъӕутӕ ис, уым чи уа, уыдон та горӕтмӕ ма бацӕуӕнт» (Лук. 21:20, 21). Фӕлӕ кӕд Иерусалимы алыварс ромаг ӕфсад уыди, уӕд чырыстӕттӕн сӕ бон куыд хъуамӕ бауыдаид, Чырысти куыд загъта, афтӕ бакӕнын? Хабар афтӕ рауад, ӕмӕ ромаг ӕфсад цӕмӕндӕр ӕнӕнхъӕлӕджы Иерусалимӕй ацыд! Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ уыцы тохӕн йӕ рӕстӕг «фӕцыбыр» (Матф. 24:22). Ромаг ӕфсад куы ацыд, уӕд иузӕрдион чырыстӕттӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ се ’ппӕт дӕр хӕхтӕм алыгъдаиккой *. Фӕстӕдӕр, нӕ эрӕйы 70 азы, ромаг ӕфсад ногӕй Иерусалимыл ӕрхъула кодта. Ацы хатт ромӕгтӕ горӕтӕй дур дурыл нал ныууагътой. Фӕлӕ Йесомӕ чи байхъуыста, уыдонӕй иу дӕр нӕ фесӕфт.

3. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр цавӕр уавӕры уыдзыстӕм ӕмӕ ацы статьяйы цӕмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

3 Йесойы ныхӕстӕ хауынц мах рӕстӕгмӕ дӕр. Тагъд, тынг тагъд, мах дӕр уыдзыстӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цы уавӕры уыдысты, растдӕр ахӕм уавӕры. Фыццаг ӕнусы цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдоны кой кӕнгӕйӕ ма Чырысти бамбарын кодта ӕндӕр хъуыддаг дӕр – фидӕны «стыр бӕллӕх» ӕнӕнхъӕлӕджы куы райдайа, уӕд цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уый (Матф. 24:3, 21, 29). Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд иузӕрдион чырыстӕттӕ куыд аирвӕзтысты, афтӕ, ӕгас дунемӕ цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы бӕллӕхы рӕстӕг дӕр «тынг бирӕ адӕм» аирвӕздзӕн. (Бакӕс Раргомады 7:9, 13, 14.) Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй хорз ӕмбарӕм, Библи фидӕны хабӕртты тыххӕй цы дзуры, уый. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ цард ууыл баст уыдзӕн. Цӕй уӕдӕ аныхас кӕнӕм, уыцы хабӕрттӕ махӕй алкӕмӕ дӕр куыд хауынц, ууыл.

СТЫР БӔЛЛӔХЫ РАЙДИАН

4. Стыр бӕллӕх цӕмӕй райдайдзӕн?

4 Стыр бӕллӕх цӕмӕй райдайдзӕн? Мӕнг динтӕ иууылдӕр сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты, уымӕй. Библи мӕнг динтӕ хоны «Стыр Вавилон, хӕтаг сылгоймӕгты... мад» (Рарг. 17:5–7). Цымӕ йын ахӕм ном цӕмӕн ис? Уымӕн ӕмӕ мӕнг динты разамонджытӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтой. Чырыстийӕн ӕмӕ йӕ Паддзахадӕн не ’ххуыс кӕнынц, фӕлӕ зӕххон хицӕуттӕн. Ӕмӕ сын цӕмӕй фылдӕр бартӕ уа, уый тыххӕй Библийы уагӕвӕрдты сӕрты дӕр ахизынц. Сӕрст чырыстӕтты лӕггадӕй уӕлдай сӕ лӕггад Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг нӕу (2 Кор. 11:2; Иак. 1:27; Рарг. 14:4). Фӕлӕ Стыр Вавилон чи фесафдзӕн? Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, «сырх-сырхид сырдыл» цы «дӕс сыкъайы» ис, уыдон ын «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕндзысты». «Сырх-сырхид сырд» амоны Иугонд Нациты Организацимӕ, «дӕс сыкъайы» та амонынц, уыцы организацийӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы политикон хицӕуттӕм. (Бакӕс Раргомад 17:3, 16–18.)

5, 6. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ, Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд мӕнг динтыл хӕст адӕм се ’ппӕт сӕфт кӕй не ’рцӕудзысты?

5 Цымӕ, Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд мӕнг динтыл хӕст адӕм се ’ппӕт дӕр сӕфт ӕрцӕудзысты? Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ. Йегъовӕ пехуымпар Захарийӕн ныффыссын кодта, уыцы рӕстӕг цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй. Захарийы фыст ныхӕстӕм гӕсгӕ, мӕнг диныл хӕст чи у, уыдонӕй чидӕртӕ дзурдзысты: «„Ӕз пехуымпар нӕ дӕн. Ӕз зӕхкусӕг дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ ме ’рыгонӕй иу лӕг йӕхицӕн балхӕдта“. Уӕд ӕй бафӕрсдзысты: „Уый та дӕ буарыл цӕй цӕфтӕ ис?“ Ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Тынг мӕ чи уарзы, уыдоны хӕдзары мӕ фӕнадтой“» (Зах. 13:4–6). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, суанг дины разамонджытӕй дӕр чидӕртӕ сӕ дин ныууадздзысты ӕмӕ дзурдзысты, ӕз уыцы динмӕ никуы ницы бар дардтон, зӕгъгӕ.

6 Цымӕ Хуыцауы адӕмӕн та уыцы рӕстӕг сӕ хабар куыд уыдзӕн? Йесо загъта: «Уыцы бонтӕ куы нӕ фӕцыбыр уой, уӕд ничи фервӕздзӕн. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты тыххӕй фӕцыбыр уыдзысты уыцы бонтӕ» (Матф. 24:22). Фыццаг ӕнусы Иерусалимы цы бӕллӕх уыд, уымӕн йӕ рӕстӕг «фӕцыбыр», ӕмӕ уый руаджы «ӕвзӕрстытӕн», ома сӕрст чырыстӕттӕн, фӕзынд алидзыны фадат. Раст афтӕ нӕ рӕстӕджы дӕр «ӕвзӕрстыты» тыххӕй стыр бӕллӕхы фыццаг хай «фӕцыбыр уыдзӕн». Хуыцау политикон хицӕуттӕн, «дӕс сыкъайӕн», уый бар нӕ ратдзӕн, цӕмӕй йын йӕ адӕмы фесафой. Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, уый фӕстӕ цыбыр рӕстӕджы дӕргъы уыдзӕн сабыр.

ФӔЛВАРӔНЫ ӔМӔ ТӔРХОНЫ РӔСТӔГ

7, 8. Мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд нӕ бон цы уыдзӕн равдисын ӕмӕ уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕм иннӕ адӕмӕй цӕмӕй хицӕн кӕндзысты?

7 Мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уый фӕстӕ та цы уыдзӕн? Уӕд рабӕрӕг уыдзӕн, махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы ӕцӕгӕй цы ис, уый. Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты зӕххон организацитӕм, Библи «къӕдзӕхтӕ» кӕй хоны, уыдонмӕ (Рарг. 6:15–17). Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕмӕн та се скаст уыдзӕн сӕ Хуыцаумӕ. Фыццаг ӕнусы Ромы ӕфсад Иерусалимӕй куы ацыд, уӕд уыцы тохӕн йӕ рӕстӕг «фӕцыбыр». Фӕлӕ уӕд дзуттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕвиппайды чырыстон диныл нӕ ныххӕцыдысты. Уыцы рӕстӕг чырыстӕттӕн уыди фадат, цӕмӕй Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ Иерусалимӕй алыгъдаиккой. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ фидӕны Стыр Вавилоны ныхмӕ куы рацӕуой ӕмӕ уыцы хабар куы «фӕцыбыр уа», уӕд дӕр адӕм раст динмӕ нӕ агуылф кӕндзысты. Уыцы рӕстӕг ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый равдисын ӕмӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын (Матф. 25:34–40).

8 Мах ӕй бӕлвырд нӕ зонӕм, уыцы фӕлварӕны рӕстӕг нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ цард ӕнцон нӕ уыдзӕн ӕмӕ нӕ хъӕудзӕн нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Цӕмӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ удӕгасӕй баззадаиккой, уый тыххӕй сӕ бахъуыди сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын ӕмӕ зындзинӕдтӕн быхсын (Мар. 13:15–18). Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттӕм: «Цӕттӕ дӕн, ме ’хца ӕмӕ мӕ мулк кӕй фесафдзынӕн, уымӕ? Цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайон, уый тыххӕй, цыдӕриддӕр бахъӕуа, уый сараздзынӕн?» Ахъуыды-ма кӕн, уыцы рӕстӕг мах йеддӕмӕ Хуыцауӕн ничиуал лӕггад кӕндзӕн! Ӕмӕ уымӕй нӕ уавӕр уыдзӕн пехуымпар Данелы уавӕры хуызӕн – уый Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, цыфӕнды ма ’рцыдаид, уӕддӕр (Дан. 6:10, 11).

9, 10. а) Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Хуыцауы адӕм цавӕр хабар хъусын кӕндзысты? б) Хуыцауы адӕмы знӕгтӕ уыцы хабармӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты?

9 Стыр бӕллӕхы рӕстӕг «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕнын нал хъӕудзӕн. Уыцы хабар хъусын кӕныны рӕстӕг аивгъуыйдзӕн. Уый уыдзӕн «кӕроны» рӕстӕг! (Матф. 24:14). Уӕд Хуыцауы адӕм хъӕбатырӕй хъусын кӕндзысты ӕндӕр хабар – адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр чи хаудзӕн, уыцы тӕрхоны хабар. Уыцы хабар, ӕвӕццӕгӕн, уыдзӕн, Хӕйрӕджы дуне тынг тагъд сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Библийы уыцы тӕрхоны хабар барст цӕуы ихимӕ: «Адӕмыл арвӕй ныууарыд тынг стыр их, алы ихы къӕрттӕн дӕр йӕ уӕз уыди дыууын килӕйы бӕрц, ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕлгъыстой уыцы бӕллӕхы тыххӕй, ома ихы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый уыд ӕнахуыр стыр бӕллӕх» (Рарг. 16:21).

10 Не знӕгтӕ дӕр уыцы тӕрхоны хабар хъусдзысты. Йегъовӕ пехуымпар Йезекилӕн ныффыссын кодта, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог, ома адӕмты къорд, уыцы хабармӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, уый тыххӕй: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Уыцы бон афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фӕзындзӕн цыдӕр хъуыдытӕ ӕмӕ скӕндзынӕ фыдвӕнд. Ды зӕгъдзынӕ: „Цӕуон, рацӕуон, йӕ хъӕуты алыварс къултӕ кӕмӕн нӕй, уыцы зӕххы ныхмӕ. Цом, бабырсон, ӕнӕмӕтӕй, ӕдасӕй чи цӕры, уыдонмӕ. Кӕм цӕрынц, уым сын иу ран дӕр къултӕ нӕй, нӕй сын нӕдӕр дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ, нӕдӕр дуӕрттӕ“. Ды рацӕудзынӕ, цӕмӕй бирӕ мулк рахӕссай, бастигъай сӕ, дӕ къух сисай, ногӕй цӕрджытӕ кӕм фӕзынд, уыцы хӕлддзӕгтӕм ӕмӕ, алы адӕмты ’хсӕнӕй кӕй ӕрӕмбырд кодтой, уыцы адӕммӕ, хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ мулк чи ’мбырд кӕны, зӕххы астӕу чи цӕры, уыдонмӕ“» (Йез. 38:10–12). Хуыцауы адӕм, раст цыма «зӕххы астӕу» цӕрынц, уыйау иннӕты ’хсӕн бӕрӕг дардзысты. Ӕмӕ уӕд адӕмтӕн сӕхи уромын сӕ бон нал уыдзӕн. Уыдон бӕлдзысты, цӕмӕй Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытыл ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕны, уыдоныл сӕ маст ныккалой.

11. а) Стыр бӕллӕхы рӕстӕг хабӕрттӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цӕудзысты, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? б) Арвыл цы диссӕгтӕ цӕудзӕн, уыдон уынгӕйӕ адӕм куыд кӕндзысты?

11 Уый фӕстӕ та цы ’рцӕудзӕн? Хабӕрттӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цӕудзысты, уый тыххӕй Библийы бӕлвырдӕй ницы ис фыст, фӕлӕ иуӕй-иу хабӕрттӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы иу рӕстӕг ӕрцӕудзысты. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта: «Адӕм уындзысты ӕнахуыр диссӕгтӕ хур, мӕй ӕмӕ стъалытыл. Зӕххыл та адӕм хъизӕмар кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ абухгӕ денджызы хъӕрӕй сӕ сӕрӕн ницыуал зондзысты. Ӕмӕ адӕм фыртӕссӕй ӕмӕ, зӕххыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ’рцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты. Ӕмӕ уӕд фендзысты Адӕймаджы Фырты мигъыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ» (Лук. 21:25–27; бакӕс Марчы 13:24–26). Цымӕ ацы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ арвыл ӕцӕгдӕр ӕвирхъау диссӕгтӕ цӕудзӕн? Уый йӕ рӕстӕджы рабӕрӕг уыдзӕн. Фӕлӕ мах бӕлвырдӕй зонӕм уый, ӕмӕ Хуыцауы знӕгтӕ уыцы диссӕгтӕ куы феной, уӕд сӕ быны дон бацӕудзӕн ӕмӕ, фыртӕссӕй цы акӕной, уый нал зондзысты.

Мах фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ зонӕм, кӕй фервӕздзыстӕм! (кӕс 12, 13 абзацтӕ)

12, 13. а) Йесо «тых ӕмӕ стыр кадимӕ» куы ӕрцӕйцӕуа, уӕд цы ’рцӕудзӕн? б) Уыцы рӕстӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ куыд бакӕндзысты?

12 Йесо «тых ӕмӕ стыр кадимӕ» куы ӕрцӕйцӕуа, уӕд та цы ’рцӕудзӕн? Чырысти схорзӕхджын кӕндзӕн, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдоны, иннӕты та фесафдзӕн (Матф. 24:46, 47, 50, 51; 25:19, 28–30). Уыцы хабар бӕлвырддӕр бамбарын кӕныны тыххӕй Йесо ӕрхаста ахӕм цӕвиттон: «Адӕймаджы Фырт йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд ӕрбаддзӕн йӕ кадджын паддзахбадӕныл. Ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты, ӕмӕ фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕны, афтӕ уый дӕр ахицӕн кӕндзӕн адӕмы. Ӕмӕ фысты ӕрлӕууын кӕндзӕн йӕ рахиз фарс, сӕгъты та – йӕ галиу фарс» (Матф. 25:31–33). Цымӕ сӕгътӕ ӕмӕ фыстӕм цавӕр тӕрхон ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Йесойы цӕвиттон фӕвӕййы ахӕм ныхӕстӕй: «Уыдон [сӕгътӕ] ӕнустӕм фесӕфдзысты, рӕстгӕнджытӕ та ӕнустӕм цӕрдзысты» (Матф. 25:46).

13 Сӕгътӕ куы бамбарой, мӕлӕты тӕрхон хаст сын кӕй ӕрцыд, уӕд куыд кӕндзысты? Уыдон «ныхъхъарӕг кӕндзысты ӕмӕ сӕ риу ныххойдзысты» (Матф. 24:30). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕны, уыдоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Уыцы чырыстӕттӕ архайдзысты Йесойы ныхасмӕ гӕсгӕ: «Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ цӕуын куы райдайой, уӕд-иу уӕхи сӕмраст кӕнут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (Лук. 21:28).

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ ТӔМӔНТӔ КАЛДЗЫСТЫ

14, 15. Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд зӕдтӕ кӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты? Уыцы хабар куыд ӕрцӕудзӕн?

14 Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд цы ’рцӕудзӕн? Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Адӕймаджы Фырт «йӕ зӕдты арвитдзӕн, ӕмӕ йын йе ’взӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзысты цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ» (Мар. 13:27; Матф. 24:31). Дзырдбаст, «ӕрӕмбырд кӕндзысты», зӕгъгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ фыццаг хатт ӕвзӕрст куы ’рцӕуынц, уымӕ нӕ амоны. Стӕй нӕ амоны, зӕххыл ма цы сӕрст чырыстӕттӕ уа, уыдоныл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уымӕ дӕр (Матф. 13:37, 38). Фӕстаг мыхуыр сыл ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн стыр бӕллӕхы райдианы хӕдразмӕ (Рарг. 7:1–4). Уӕдӕ цымӕ уӕд цӕмӕ амоны? Зӕххыл ма чи уа, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сӕ хӕрзиуӕг кӕй райсдзысты ӕмӕ уӕлӕрвтӕм кӕй ацӕудзысты, уымӕ (1 Фес. 4:15–17; Рарг. 14:1). Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уымӕй иуцасдӕры фӕстӕ (Йез. 38:11). Ӕмӕ уӕд, Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, «рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты сӕ Фыды паддзахады» (Матф. 13:43) *.

15 Чырыстон динтыл хӕст чи у, уыдонӕй бирӕты уырны, уӕлӕрвтӕм сӕ зӕххон буӕртты кӕй атӕхдзысты. Стӕй ма афтӕ дӕр хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Чырысти куы ’рцӕуа, цӕмӕй ӕгас зӕххы паддзах уа, уӕд ӕй адӕм сӕхи цӕстӕй фендзысты. Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, Йесо ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ӕрцӕудзӕн. Матфейы 24:30 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «Адӕймаджы Фырты бӕрӕггӕнӕн фӕзындзӕн арвыл» ӕмӕ ӕрцӕудзӕн «уӕларвон мигътыл». Библийы ма фыст ис: «Туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы паддзахад бынӕн райсын». Уӕдӕ уӕлӕрвтӕм чи ацӕудзӕн, уыдон хъуамӕ «фӕивой ӕвиппайды, цӕстыфӕныкъуылдмӕ, фӕстаг уадындз куы ныууаса, уӕд» *. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:50–53.) Зӕххыл ма цы сӕрст чырыстӕттӕ уа, уыдон уӕлӕрвтӕм ист ӕрцӕудзысты уыцы иу рӕстӕг.

16, 17. Уӕрыччы чындзӕхсӕвы размӕ цы хъуамӕ ӕрцӕуа?

16 144 000 сӕрст чырыстоны уӕлӕрвты куы уой, уӕд бавналӕн уыдзӕн, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ ма бацӕттӕ кӕнын цы хъӕудзӕн, уыдӕттӕм (Рарг. 19:9). Фӕлӕ ма уыцы цины хабары размӕ иу цыдӕр хъуамӕ ӕрцӕуа. Куыд зонӕм, афтӕмӕй, сӕрст чырыстӕттӕй ма чидӕртӕ зӕххыл куы уой, уӕд Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн (Йез. 38:16). Цымӕ Хуыцауы адӕм уыцы рӕстӕг сӕхи куыд дардзысты? Уыдон архайдзысты ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Ацы хатт сымах нӕ хъӕудзӕн хӕцын. Сымах уӕ бынӕтты слӕуут, ӕнцад лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ... Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут» (2 Аз. 20:17). Фӕлӕ уӕлӕрвты уыцы хабармӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракӕсдзысты. Раргомады 17:14 стихы фыст ис, сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр уӕлӕрвты куы уой, уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕмы знӕгтыл цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй: «Стох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, фӕлӕ сыл Уӕрыкк фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах. Йемӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, хуынд чи у, уыдон, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ иузӕрдионтӕ». Афтӕмӕй Йесо ӕмӕ ма йемӕ уӕлӕрвты цы 144 000 сӕрст паддзахы уыдзӕн, уыдон иумӕ Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕндзысты.

17 Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн Армагеддоны, Йегъовӕйы сыгъдӕг ном кӕй фӕрцы скадджын уыдзӕн, уыцы хӕсты (Рарг. 16:16). Сӕгътыл нымад чи ’рцӕуа, уыдон иууылдӕр сӕ мӕлӕт ссардзысты, ӕмӕ зӕххыл фыддзинадӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. «Тынг бирӕ адӕм» та Армагеддоны хӕсты фервӕздзысты. Ӕппынфӕстаг ӕрцӕудзӕн, Раргомады чиныджы кӕрон цы диссаджы хабары кой цӕуы, уый – Уӕрыччы чындзӕхсӕв! (Рарг. 21:1–4) *. Зӕххы цӕрджытӕй Армагеддоны чидӕриддӕр фервӕза, уыдон Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уыдзысты ӕмӕ йын йе стыр уарзт сӕхиуыл бавзардзысты. Уыцы рӕстӕгмӕ куыд тынг бӕллӕм, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй! Ӕмӕ нын Уӕрыччы чындзӕхсӕв цӕй стыр бӕрӕгбон уыдзӕн! (Бакӕс 2 Петры 3:13.)

18. Тагъд рӕстӕджы нӕм цы диссаджы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонгӕйӕ цы хъуамӕ аразӕм?

18 Тагъд рӕстӕджы нӕм цы диссаджы хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонгӕйӕ нӕ алчидӕр цы хъуамӕ араза? Йегъовӕ апостол Петрӕн ныффыссын кодта: «Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд-ма ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат, Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ йӕ алкӕддӕр уӕ зӕрдыл даргӕйӕ. [...] Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй ӕппынфӕстаг йӕ разы ӕрлӕууат ӕнаиппӕй, сыгъдӕгӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕргӕйӕ» (2 Пет. 3:11, 12, 14). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ лӕггад Хуыцауы цӕсты уа сыгъдӕг, ӕмӕ Фарны Паддзах Йесо Чырыстийы фарс лӕууӕм!

^ 15 абз. Уыцы рӕстӕг ма зӕххыл чи уа, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвтӕм сӕ зӕххон буӕртты ист не ’рцӕудзысты (1 Кор. 15:48, 49). Ӕвӕццӕгӕн, сӕ буӕрттӕ фӕцыдӕр уыдзысты, Йесойы буар куыд фӕцыдӕр, афтӕ.

^ 17 абз. 45-ӕм псаломӕй базонӕн ис, хабӕрттӕ кӕрӕдзийы фӕдыл куыд цӕудзысты, уый тыххӕй. Фыццаг уал Паддзах хӕсты стох кӕндзӕн, ӕмӕ йын уый фӕстӕ та уыдзӕн чындзӕхсӕв.