Зыдтай йӕ?
Цымӕ рагон Израилы, Библийы куыд фыст ис, ӕцӕгдӕр афтӕ бирӕ хъӕдтӕ уыд?
БИБЛИЙЫ фыст ис, Зӕрдӕвӕрд зӕххы кӕцыдӕр бынӕттӕ хъӕдтӕй ӕмбӕрзт кӕй уыдысты ӕмӕ дзы «бирӕ» бӕлӕстӕ кӕй уыд (1 Пад. 10:27; Йес. Н. 17:15, 18). Фӕлӕ абон уыцы зӕххытӕн сӕ фылдӕрыл хъӕдтӕн сӕ кой дӕр нӕй, ӕмӕ уый тыххӕй чидӕртӕ, чи зоны, дызӕрдыг кӕнынц, кӕддӕр дзы хъӕдтӕ кӕй уыди, ууыл.
Иу чиныджы фыст ис: «Абон Израилы цас хъӕдтӕ ис, уыимӕ абаргӕйӕ дзы рагзаманты бирӕ фылдӕр хъӕдтӕ уыди» (Life in Biblical Israel). Рагон Израилы хӕхбӕсты фылдӕр зади алеппаг нӕзы бӕлас (Pinus halepensis), калепринаг тулдз (Quercus calliprinos) ӕмӕ терпентин бӕлас (Pistacia palaestina). Шефелӕйы та (ома, Иудейӕйы хӕхты рагъ ӕмӕ Зӕххастӕу денджызы былгӕрӕтты ’хсӕн цы бӕстӕ ис, уым) зади тынг бирӕ сикоморбӕлӕстӕ (Ficus sycomorus).
Библийы цы зайӕгойты кой цӕуы, уый фӕдыл иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ Израилы иуӕй-иу рӕтты бӕлӕстӕ ӕппындӕр нӕ зайы. Цымӕ афтӕ цӕмӕн у? Уыцы чиныджы фыст ис, хабар афтӕ сабыргай кӕй рауад. «Адӕм ӕппынӕдзух хъӕд калдтой,– фыст ис уыцы чиныджы,– фылдӕр хуымзӕххытӕ ӕмӕ сӕ хизӕнтӕ кӕй хъуыди, уый тыххӕй, стӕй ма сӕ хъӕдӕрмӕг ӕмӕ суг кӕй хъуыди, уый тыххӕй дӕр» (Plants of the Bible).