Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы фӕстаг бонты дӕхи хиз ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй

Ацы фӕстаг бонты дӕхи хиз ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй

«Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 КОР. 15:33).

ЗАРДЖЫТӔ: 73, 119

1. Абон мах цавӕр рӕстӕджы цӕрӕм?

МАХ цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы». 1914 азы райдыдтой «фӕстаг бонтӕ», ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дунейы уавӕртӕ афтӕ ӕвзӕр сты, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй (2 Тим. 3:1–5). Ӕмӕ мах зонӕм, дунейы уавӕр дарддӕр фыддӕр кӕй кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ... кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр» (2 Тим. 3:13).

2. Бирӕтӕ сӕхи куыд фӕирхӕфсынц? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

2 Абон адӕмӕй бирӕтӕ сӕхи аирхӕфсыны тыххӕй фӕкӕсынц, тыхми, ӕнӕгъдаудзинад кӕнӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕм вӕййы, ахӕм цӕмӕдӕрты йе та сӕхӕдӕг дӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ фӕкӕнынц. Интернеты, телепередачӕты, киноты, чингуыты ӕмӕ журналты арӕх тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад афтӕ февдисынц, цыма дзы ӕвзӕрӕй ницы ис. Раздӕр худинагыл нымад цы уыди, уыдӕттӕн ныр кӕцыдӕр бӕстӕты закъонмӕ гӕсгӕ бар ис. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ дӕр ахӕм хабӕрттӕм хорз цӕстӕй кӕсы. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:28–32.)

3. Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдоны тыххӕй бирӕтӕ цы хъуыды кӕнынц?

3 Фыццаг ӕнусы дӕр адӕм уарзтой, тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад кӕм уыд, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ. Фӕлӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи ахӕм цӕмӕйдӕрты хызтой, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цардысты. Уый тыххӕй сыл адӕм «дис кодтой» – худтысты сыл ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой (1 Пет. 4:4). Абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдон ӕнахуыр адӕм сты. Ӕмӕ нӕ Библи дӕр фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, Чырыстийы фӕдыл чи цӕуы, «уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты» (2 Тим. 3:12).

«ӔВЗӔР ӔМБӔЛТТӔ ХОРЗ ӔГЪДӔУТТӔ ХАЛГӔ КӔНЫНЦ»

4. Ацы дуне цӕуылнӕ хъуамӕ уарзӕм?

4 Кӕд нӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ ма уарзӕм «дуне, нӕдӕр, дунейы цы ис, уый». (Бакӕс 1 Иоанны 2:15, 16.) Хӕйрӕг у «ацы цардӕвӕрды хуыцау», ӕмӕ ӕгас дуне дӕр йӕ къухы ис. Цӕмӕй адӕмы сайа, уый тыххӕй пайда кӕны динтӕ, политикӕ ӕмӕ коммерцийӕ, стӕй телеуынынад, радио, Интернет ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фӕрӕзтӕй (2 Кор. 4:4; 1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл ацы дунейы зондахаст бандава, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй. Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Ма рӕдийут. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Кор. 15:33).

5, 6. Нӕхи цавӕр адӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?

5 Цӕмӕй нӕ хорз ӕгъдӕуттӕ ма фесафӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, ахӕм адӕмӕй. Уыдонмӕ хауынц, йӕхи Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи хоны, фӕлӕ йӕ коммӕ чи нӕ кӕсы, уыцы адӕм дӕр. Ахӕм адӕмӕй исчи уӕззау тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд нын йемӕ иумӕйагӕй ницыуал уыдзӕн (Ром. 16:17, 18).

6 Адӕймаджы фӕфӕнды, цӕмӕй йе ’мбӕлтты зӕрдӕ балхӕна ӕмӕ йын аргъ кӕной. Ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ чи нӕ кӕсы, ахӕм адӕмимӕ нӕ рӕстӕг куы ’рвитӕм, уӕд тӕссаг уыдзӕн, мах дӕр, уыдон цы хъуыддӕгтӕ кӕнынц, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнын куы райдайӕм, уымӕй. Зӕгъӕм, ӕнӕгъдау цард чи кӕны, нӕ рӕстӕг ахӕм адӕмимӕ куы ’рвитӕм, уӕд мах дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыдоны хуызӕн суӕм. Ахӕм хабар ӕрцыд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй иуӕй-иутыл, ӕмӕ сӕ чи не ’рфӕсмон кодта, уыдоны ӕмбырдӕй ацух кодтой (1 Кор. 5:11–13). Ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы нӕ раздӕхой, уӕд сыл, Петр кӕй кой кодта, уыдоны хабар акӕндзӕн. (Бакӕс 2 Петры 2:20–22.)

7. Не ’мбӕлттӕ чи хъуамӕ уой?

7 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрын. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдон хъуамӕ не ’ввахс ӕмбӕлттӕ уой. Уӕдӕ раст нӕ уыдзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, ахӕм адӕймагимӕ куы ’мбӕла, уӕд. Хуыцауы чи нӕ уарзы, уыдонӕн сӕ хорзӕх ссарыны бӕсты бирӕ ахсджиагдӕр у Хуыцауы хорзӕх ссарын. Хъуамӕ не ’ввахс ӕмбӕлттӕ уой, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕм. Чырысти загъта: «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у мӕнӕн ме ’фсымӕр дӕр, мӕ хо дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр» (Мар. 3:35).

8. Израилӕгтӕ ӕвзӕр адӕмимӕ кӕй лымӕн кодтой, уый тыххӕй сыл цы ’рцыд?

8 Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ бӕллӕхмӕ кӕй ӕркӕнынц, уый бӕрӕг у рагон Израилы хабарӕй. Йегъовӕ сын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым цард ӕндӕр адӕмтӕ, ӕмӕ цалынмӕ израилӕгтӕ уыцы зӕхмӕ нӕ бацыдысты, уӕдмӕ сӕ бафӕдзӕхста: «Ма-иу ӕрхау дӕ зонгуытыл сӕ хуыцӕутты раз ӕмӕ сын ма кув. Ӕмӕ уыдон цы мӕнгхуыцӕуттӕ аразынц, ахӕмӕй мацы араз, фӕлӕ сын сӕ ныппырх кӕн ӕмӕ сын сӕ кувӕн дуртӕ ныссӕтт. Уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут» (Рац. 23:24, 25). Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы ныхӕстӕм нӕ байхъуыстой ӕмӕ иузӕрдион нӕ разындысты (Пс. 106:35–39). Цымӕ сыл ӕппынфӕстаг цы ’рцыд? Йегъовӕ израилӕгты йӕ адӕмыл нал нымадта ӕмӕ уыдоны бӕсты йӕхицӕн равзӕрста ног адӕм – чырыстон ӕмбырд (Матф. 23:38; Хъуыд. 2:1–4).

ДӔ ЗОНД ЦӔМӔЙ ДЗАГ КӔНЫС, УЫМӔ ДӔ ХЪУС ДАР

9. Абон телеуынынады кӕнӕ Интернеты цы ’вдисынц, стӕй чингуытӕ ӕмӕ газетты цы фыссынц, уый тӕссаг цӕмӕн у?

9 Абон телеуынынады кӕнӕ Интернеты цы ’вдисынц, стӕй чингуытӕ ӕмӕ газетты цы фыссынц, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаджы уырнындзинадӕн стыр зиан ӕрхӕсса. Уыдӕттӕ уый тыххӕй арӕзт не ’рцӕуынц, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл тынгдӕр ӕууӕндын райдайой, фӕлӕ цӕмӕй Хӕйрӕджы фыддунейыл ӕууӕндой. Уӕдӕ хъуамӕ тынг лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй, «зӕххон монцтӕ» цы цырен кӕны, ахӕмӕй мацӕмӕ кӕсӕм ӕмӕ мацӕмӕ хъусӕм (Тит. 2:12).

10. Ацы дунейы цы зианхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ис, уыдоныл цы ’рцӕудзӕн?

10 Тагъд рӕстӕджы Хӕйрӕджы дуне ӕмӕ дзы цы зианхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ис, уыдон сӕфт ӕрцӕудзысты. Библийы кӕсӕм: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоан. 2:17). Псаломзарӕггӕнӕг дӕр йӕ зарӕджы ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты». Цымӕ ахӕм цард цас ахӕсдзӕн? «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:9, 11, 29).

11. Хуыцау нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм?

11 Хӕйрӕджы дунейӕ уӕлдай нын Йегъовӕйы организаци ӕххуыс кӕны, цӕмӕй абон афтӕ цӕрӕм, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны аккаг уӕм. Чырысти Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоан. 17:3). Йегъовӕ нын йӕ организацийы фӕрцы ӕххуыс кӕны, цавӕр Хуыцау у, уый базонынӕн. Зӕгъӕм, ис нын бирӕ брошюрӕтӕ, чингуытӕ, видеотӕ ӕмӕ сайт, ӕмӕ нын ӕппӕт уыдӕттӕ стыр ӕххуыс сты, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕгас зӕххыл дӕр ис 110 000 ӕмбырдӕй фылдӕр. Уыцы ӕмбырдты, стӕй конгрессты цы базонӕм, уый фӕрцы тынгдӕр ӕууӕндӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл (Дзут. 10:24, 25).

ДӔ ЦАРД БАИУ КӔН, «ЧЫРЫСТИЙЫ ФӔДЫЛДЗӔУӔГ» ЧИ У, ӔРМӔСТДӔР АХӔМ АДӔЙМАГИМӔ

12. Смой кӕнын кӕнӕ ус ракурын кӕй фӕнды, уыдонӕн Библи цавӕр уынаффӕ дӕтты?

12 Чырыстӕттӕй бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ уӕлдай лӕмбынӕг кӕсой, сӕ рӕстӕг кӕимӕ фервитынц, уымӕ. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут, уый уӕззау ӕфсондз у. Цы иу кӕны рӕстдзинад фыддзинадимӕ? Науӕд рухсӕн талынгимӕ иумӕйагӕй цы ис?» (2 Кор. 6:14). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй смой кӕнын кӕнӕ ус ракурын кӕй фӕнды, уыдонӕн Библи зӕгъы, цӕмӕй сӕхицӕн цардӕмбалӕн равзарой, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕст ахӕм адӕймаджы, ома, йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, донаргъуыд чи райста ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, ахӕм адӕймаджы (1 Кор. 7:39). Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕймагимӕ дӕ цард куы баиу кӕнай, уӕд дын уыдзӕн, Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынӕн дын чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм цардӕмбал.

13. Бинонтӕ скӕныны тыххӕй Хуыцау израилӕгты цӕмӕй бафӕдзӕхста?

13 Йегъовӕ зоны, йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый, ӕмӕ бинонтӕ скӕныны тыххӕй цы уынаффӕ радта, уый дӕр нӕ пайдайӕн у. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы уынаффӕ ног цыдӕр нӕу. Зӕгъӕм, нӕ бон у нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Йегъовӕйӕн чи нӕ куывта, уыцы адӕмты тыххӕй израилӕгтӕн цы загъд уыд, уый. Моисейы уылты сӕ Йегъовӕ бафӕдзӕхста: «Хӕстӕгӕн... [сӕ] ма агурут. Сӕ лӕппутӕн сын чызг ма дӕттут, ӕмӕ сын сӕ чызджыты дӕр уӕ лӕппутӕн ма курут. Уыдон уын уӕ лӕппуты ӕмӕ уӕ чызджыты Хуыцауӕй аздахдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдайдзысты. Ӕмӕ уӕм уӕд Йегъовӕйы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕ уайтагъд фесафдзӕн» (Дык. з. 7:3, 4).

14, 15. Соломон Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй йыл цы ’рцыд?

14 Соломон Израилы паддзах куы сси, уӕд Йегъовӕйӕ зонд ракуырдта, ӕмӕ йын уый дӕр йӕ куывд фехъуыста. Соломонӕн йӕ кой дӕрдтыл айхъуыст, уымӕн ӕмӕ уыди зондджын разамонӕг ӕмӕ йӕ бӕстӕйы адӕм тынг хорз цардысты. Зӕгъӕм, Савӕйы ус-паддзах Соломонмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕй Соломоны зонд ахӕм дисы бафтыдта, ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зонд ӕмӕ дӕ хъӕздыгдзинады тыххӕй цы фехъуыстон, уыдон ӕппындӕр ницы сты, цы федтон, уыимӕ абаргӕйӕ» (1 Пад. 10:7). Фӕлӕ ма Соломоны хабарӕй бӕрӕг у: адӕймаг Хуыцауы фӕдзӕхст куы ницӕмӕ ’рдара ӕмӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕймагимӕ йӕ цард куы баиу кӕна, уӕд ӕй уый хорзӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн (Еккл. 4:13).

15 Кӕд Хуыцау Соломонӕн раарфӕ кодта, уӕддӕр ын уый йӕ фӕдзӕхстмӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ, сӕ алыварс чи цард ӕмӕ Йегъовӕйӕн чи нӕ куывта, уыцы адӕмтӕй йӕхицӕн устытӕ ’ркодта. Соломон «бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты», ӕмӕ йын ӕдӕппӕтӕй уыди 700 усы ӕмӕ 300 номылусы. Цымӕ йӕ уый цӕмӕ ’ркодта? «Зӕрондырдӕм ын йӕ устытӕ йӕ зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтой... Соломон райдыдта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый аразын» (1 Пад. 11:1–6). Соломон йӕхицӕн ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ кӕй равзӕрста, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн раст нал куывта. Уӕдӕ йӕ цард, Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, ахӕм адӕймагимӕ баиу кӕныныл чи хъуыды кӕны, уыцы чырыстӕттӕн Соломоны хабар зондзонӕн куыннӕ у!

16. Йӕ цардӕмбал ӕнӕуырнӕг кӕмӕн у, уыдонӕн Библи цавӕр уынаффӕ дӕтты?

16 Фӕлӕ, зӕгъӕм, адӕймаг ус ракуырдта кӕнӕ чындзы ацыд, Йегъовӕйӕн куы нӕма лӕггад кодта, уӕд. Ахӕм чырыстӕттӕ та куыд хъуамӕ архайой? Библийы фыст ис: «Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы фӕрцы суой коммӕгӕс» (1 Пет. 3:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы ныхӕстӕ хауынц, йӕ бинойнаг Йегъовӕйӕн кӕмӕн нӕ лӕггад кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕм дӕр. Уӕдӕ Хуыцауы Ныхас бӕлвырдӕй дзуры: дӕ цардӕмбалӕн хорз бинойнаг кӕнӕ хорз сӕрыхицау у ӕмӕ, Хуыцау бинонты цардӕн цы уагӕвӕрдтӕ скодта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕр. Ӕмӕ дӕ цардӕмбал, хуыздӕрырдӕм кӕй ивыс, уый куы уына, уӕд, чи зоны, уый дӕр бафӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ахӕм хабар бирӕ бинонтыл ӕрцыд.

ДЕ ’МБӔЛТТӔ УӔНТ, ЙЕГЪОВӔЙЫ ЧИ УАРЗЫ, УЫДОН

17, 18. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, стӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ, сӕ рӕстӕджы цы бӕллӕх ӕрцыд, уымӕй цӕй фӕрцы аирвӕзтысты?

17 Кӕд ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ адӕймагыл афтӕ бандавынц, ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстыты сӕрты ахизы, уӕд ын хорз ӕмбӕлттӕ та ӕххуыс кӕндзысты Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Нойы. Йӕ рӕстӕджы «зӕххыл адӕм бынысӕфт... фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр... уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл» (Райд. 6:5). Гъемӕ Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, уыцы фыддуне кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ Нойы тыххӕй Библийы фыст ис: «Ной уыди рӕстгӕнӕг. Йӕ рӕстӕджы цы адӕм цард, уыдоны хуызӕн нӕ уыд, ницӕмӕй йӕм уыди фау ӕрхӕссӕн. Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Райд. 6:7–9).

18 Ной йӕ рӕстӕг ӕнӕхуыцау адӕмимӕ не ’рвыста. Йӕ бинонтимӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзтой, Хуыцау сын цы куыст бахӕс кодта, уымӕ – нау аразынмӕ. Уымӕй уӕлдай ма Ной уыди «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» дӕр (2 Пет. 2:5). Ной, йӕ бинойнаг, йе ’ртӕ фырты ӕмӕ сӕ устытӕ сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвыстой ӕмӕ архайдтой Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Уый фӕрцы Доны хъаймӕты аирвӕзтысты, ӕмӕ абон адӕм иууылдӕр сты сӕ байзӕддӕгтӕ. Уӕдӕ, Йегъовӕйы коммӕ кӕй кастысты ӕмӕ сӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй кӕй хызтой, уый тыххӕй сӕ бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм. Фыццаг ӕнусы дӕр иузӕрдион чырыстӕттӕ сӕхи хызтой ӕнӕхуыцау адӕмӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр, Хуыцауы коммӕ кӕй кастысты, уый фӕрцы аирвӕзтысты, нӕ эрӕйы 70 азы Иерусалим пырхгонд куы ’рцыди, уӕд (Лук. 21:20–22).

Нӕ рӕстӕг не ’мчырыстӕттимӕ куы фервитӕм, уӕд нӕ бон вӕййы нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, ног дунейы куыд цӕрдзыстӕм, уый (кӕс 19 абзац)

19. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайӕм?

19 Абон мах дӕр хъуамӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонты, стӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕтты фӕзмӕм, ӕмӕ ацы ӕнӕхуыцау дунейӕ дард лӕууӕм. Ӕгас зӕххыл дӕр нын ис милуангай иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, ӕмӕ хъуамӕ нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ уыдоны ’хсӕн агурӕм. Хуыцауы зондӕй чи архайы, ахӕм ӕмбӕлтты фӕрцы ацы уӕззау рӕстӕджыты «уырнындзинады фидар лӕудзыстӕм» (1 Кор. 16:13; Ӕмб. 13:20). Ӕмӕ уӕд, ацы фыддунейӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд аирвӕздзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйы ног дунейы цӕрдзыстӕм. Ахъуыды-ма кӕн, уый цӕй диссаджы арфӕдзинад у! Уыцы хабӕрттӕм та ныр бирӕ нал хъӕуы. Ӕцӕгдӕр, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ацы фӕстаг бонты нӕхи ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй хизӕм!