Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕнхъӕлмӕ кӕсут!

Ӕнхъӕлмӕ кӕсут!

«Кӕд бафӕстиат уа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс» (АВ. 2:3).

ЗАРДЖЫТӔ: 128, 45

1, 2. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй се ’ппӕты тыххӕй дӕр цы ис зӕгъӕн?

РАГӔЙ нырмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, пехуымпарӕдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Зӕгъӕм, Йереми ӕнхъӕлмӕ касти, вавилойнӕгтӕ Иудӕ кӕд ныппырх кӕндзысты, уымӕ, ӕмӕ нӕ эрӕйы размӕ 607 азы уыцы хабар ӕцӕгдӕр ӕрцыд (Йер. 25:8–11). Исай йӕ пехуымпарады загъта, уацары кӕй акодтой, уыцы дзуттӕгты Йегъовӕ фӕстӕмӕ Иудӕмӕ кӕй ӕркӕндзӕн, уый тыххӕй: «Амондджын сты, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр» (Ис. 30:18). Михей дӕр ӕнхъӕлмӕ касти, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Уый загъта: «Мӕнӕн... мӕ каст уыдзӕн Йегъовӕмӕ» (Мих. 7:7). Ӕмӕ сӕдӕгай азты дӕргъы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты зӕрдӕвӕрд Мессийӕйы, кӕнӕ Чырыстийы, ӕрцыдмӕ (Лук. 3:15; 1 Пет. 1:10–12) *.

2 Абон мах дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй пехуымпарӕдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ. Тагъд уыцы Паддзахады Паддзах, Йесо Чырысти, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты Хӕйрӕджы дунейӕ фервӕзын кӕндзӕн. Чырысти фыдгӕнджыты фесафдзӕн ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн (1 Иоан. 5:19). Уӕдӕ хъуамӕ алы бон дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ацы дунейы кӕронмӕ ӕмӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй уыцы хабармӕ цӕттӕ уӕм.

3. Кӕд ацы дунейы кӕронмӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, цавӕр фарста фӕзына?

3 Мах зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцауы фӕндон зӕххыл кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уыцы бонмӕ (Матф. 6:10). Фӕлӕ кӕд уымӕ бирӕ азты дӕргъы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд нӕм, чи зоны, ахӕм фарста фӕзына: «Цымӕ ныр дӕр нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, уыцы хабар тагъд кӕй уыдзӕн ӕмӕ йӕм алы бон дӕр кӕй хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»

АЦЫ ДУНЕЙЫ КӔРОНМӔ АЛЫ БОН ДӔР ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСӔМ?

4. «Ма бафынӕй уӕм», уый ахсджиаг цӕмӕн у?

4 Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй ацы дунейы кӕронмӕ алы бон дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм (Матф. 24:42; Лук. 21:34–36). Уымӕй уӕлдай ма нӕ Йегъовӕйы организаци дӕр ӕдзухдӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй «Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ йӕ алкӕддӕр... [нӕ] зӕрдыл дарӕм», стӕй ма нын дзуры, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уой, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, ууыл. (Бакӕс 2 Петры 3:11–13.)

5. Йегъовӕйы бонмӕ ма ноджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

5 Кӕд Йегъовӕйы бонмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕтты хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕд мах та хъуамӕ ноджы тынгдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм уыцы хабармӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, Чырысти цы пехуымпарад загъта, уымӕй бӕрӕг у, 1914 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у ӕмӕ фӕстаг бонты, кӕнӕ «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны», кӕй цӕрӕм, уый. Зӕгъӕм, Йесо куыддӕриддӕр загъта, афтӕ ацы дунейы цард кӕны фыддӕрӕй-фыддӕр ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар та хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр (Матф. 24:3, 7–14). Фӕлӕ, фӕстаг бонтӕ цас рӕстӕг ахӕсдзысты, уый Йесо бӕлвырд нӕ загъта. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алы бон дӕр цӕттӕ уӕм.

6. Кӕцӕй йӕ зонӕм, кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕна, афтӕ ацы дунейы уавӕр дӕр фыддӕр кӕй кӕндзӕн?

6 Чи зоны, ахъуыды кӕнӕм: «Мыййаг, „ацы цардӕвӕрды кӕрон“, дуне ноджы фыддӕр куы фӕуа, уӕд уыдзӕн?» Ӕцӕгдӕр, Библийы фыст ис, «фӕстаг бонты» зӕхх фыддзинадӕй кӕй байдзаг уыдзӕн (2 Тим. 3:1, 13; Матф. 24:21; Рарг. 12:12). Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ дунейы уавӕр дарддӕр дӕр фыддӕр кӕндзӕн.

7. Матфейы 24:37–39 цы ис базонӕн, фӕстаг бонты ацы дунейы цавӕр уавӕр уыдзӕн, уый тыххӕй?

7 Фӕлӕ, дӕумӕ гӕсгӕ, «стыр бӕллӕхы» размӕ дунейы уавӕр цас фыддӕр хъуамӕ фӕуа? Чидӕртӕ, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ алы бӕстӕйы дӕр цӕудзӕн хӕст, алы адӕймаг дӕр хӕринагцух ӕййафдзӕн ӕмӕ алы хӕдзары дӕр уыдзӕн рынчын (Рарг. 7:14). Зӕгъгӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд адӕм се ’ппӕт дӕр, суанг, Библийыл чи не ’ууӕнды, уыдон дӕр бамбардзысты, Библийы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны. Фӕлӕ Йесо загъта, фӕстаг бонты сӕ фылдӕрмӕ «нымады дӕр ницы уыдзӕн», зӕгъгӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕм сӕ царды хабӕрттӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафдзӕн. (Бакӕс Матфейы 24:37–39.) Уӕдӕ хъуамӕ уымӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ «стыр бӕллӕхы» размӕ цард афтӕ уӕззау суыдзӕн, ӕмӕ адӕм бар-ӕнӕбары дӕр бамбардзысты, кӕрон ӕввахс кӕй у (Лук. 17:20; 2 Пет. 3:3, 4).

8. Йесойы фӕдзӕхстмӕ чи хъусы, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ, уыдон фидарӕй цы зонынц?

8 Иннӕрдыгӕй та, Йесойы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый хъуамӕ афтӕ бӕлвырд уыдаид, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстаиккой, цы рӕстӕджы цӕрынц, уый ӕмӕ къӕрцхъус уыдаиккой (Матф. 24:27, 42). Ӕмӕ 1914 азӕй фӕстӕмӕ Йесойы пехуымпарад ӕцӕгдӕр ӕххӕст кӕны. Мах фидарӕй уырны, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» рӕстӕджы кӕй цӕрӕм. Йегъовӕ ныридӕгӕн дӕр аскъуыддзаг кодта, Хӕйрӕджы фыддуне кӕд фесафдзӕн, уый.

9. Ацы дунейы кӕронмӕ алы бон дӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

9 Уӕдӕ ацы дунейы кӕронмӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Уымӕн ӕмӕ нын уый Йесо Чырысти бафӕдзӕхста. Уымӕй уӕлдай ма уынӕм, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы хабӕрттӕ радзырдта, уыдон нӕ рӕстӕджы кӕй ӕххӕст кӕнынц. Кӕрон ӕввахс кӕй у, уый нӕ фидарӕй уырны, алкӕй ныхасыл дӕр кӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Библийы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй. Уӕдӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр къӕрцхъус уӕм ӕмӕ алы бон дӕр ацы дунейы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

ЦАС ХЪУАМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСӔМ?

10, 11. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ цӕмӕн загъта, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ? б) Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты, ӕнхъӕл куыд уыдысты, уымӕй фылдӕр рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы бахъӕуа, уӕд куыд хъуамӕ архайой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

10 Бирӕтӕ нӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ, ацы дунейы кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дӕсгай азты дӕргъы. Фӕлӕ цасфӕнды рӕстӕг ма рацӕуа, уӕддӕр хъуамӕ уыцы хабармӕ алы бон дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Йесо Хӕйрӕджы дуне фесафынмӕ куы ’рцӕуа, уӕд хъуамӕ цӕттӕ разынӕм. Ӕмӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты цӕмӕй бафӕдзӕхста, уый: «Кӕсут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уыцы рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Уый абарӕн ис, ӕндӕр бӕстӕм чи цыди, иу ахӕм лӕг куыд бакодта, уыимӕ: йӕ хӕдзар йӕ цагъарты бар бакодта, алкӕмӕн дӕр дзы радта йӕхи куыст, ӕмӕ дуаргӕсӕн ныффӕдзӕхста, ма бафынӕй у, зӕгъгӕ. Уӕдӕ сымах дӕр ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонут, кӕд ӕрцӕудзӕн хӕдзары хицау: изӕрӕй, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви боныцъӕхтыл,– цӕмӕй, ӕнӕнхъӕлӕджы куы фӕзына, уӕд уӕ фынӕйӕ ма ӕрӕййафа. Сымахӕн цы дзурын, уый та хауы алкӕмӕ дӕр: ма бафынӕй ут!» (Мар. 13:33–37).

11 Йесо 1914 азы паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ уый куы бамбӕрстой, уӕд ма бамбӕрстой уый дӕр, ӕмӕ кӕрон кӕцыфӕнды бон дӕр ӕрцӕудзӕн. Уыдон райдыдтой сӕхи уыцы хабармӕ цӕттӕ кӕнын – хъусын кӕныны хъуыддагмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдтой. Фӕлӕ Йесо загъта, йӕ бон кӕй у, ӕмӕ фӕстӕдӕр ӕрцӕуа – «кӕркуасӕнты ӕви боныцъӕхтыл». Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ куы рауадаид, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд хъуамӕ архайдтаиккой? Йесо загъта: «Ма бафынӕй ут!» Уӕдӕ нӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ кӕрон нырма тагъд нӕ уыдзӕн кӕнӕ йӕ мах не ’рӕййафдзыстӕм.

12. Аввакум Йегъовӕйы цӕмӕй фарста ӕмӕ йын Хуыцау цавӕр дзуапп радта?

12 Пехуымпар Аввакум хъусын кодта, Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты, уый тыххӕй ӕмӕ уыцы хабармӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ касти. Йӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыди, уыдон дӕр уый тыххӕй бирӕ азты дӕргъы хъусын кодтой. Аввакум уыдта, йӕ алыварс фыддзинад ӕмӕ хӕрамдзинад, куыд никуыма, афтӕ кӕй апарахат сты. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта: «О Йегъовӕ, цас ма дӕм дзыназдзынӕн?» Кӕд ын Йегъовӕ нӕ загъта, кӕрон кӕд уыдзӕн, уый, уӕддӕр ын зӕрдӕ бавӕрдта: «Нӕ байрӕджы кӕндзӕн». Ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй уыцы бонмӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕса». (Бакӕс Аввакум 1:1–4; 2:3.)

13. Аввакум йӕхи цавӕр хъуыдытӕй хъуамӕ хызтаид ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн уыд?

13 Ахъуыды-ма кӕн, Аввакум ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй куы бафӕлладаид ӕмӕ куы загътаид: «Иерусалим кӕд ныппырх кӕндзысты, уымӕ ныр цал азы ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Кӕрон нырма тагъд нӕ уыдзӕн. Нал хъусын кӕндзынӕн. Уыцы куыст ӕндӕр исчи кӕнӕд». Цымӕ афтӕтӕ куы хъуыды кодтаид, уӕд йӕ хабар куыд рауадаид? Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдаид. Ӕмӕ кӕроны ӕрцыдмӕ цӕттӕ куы нӕ разындаид, уӕд, чи зоны, йӕхи дӕр бабын кодтаид.

14. Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ къӕрцхъус куы уӕм, уӕд нӕ фӕфӕсмон кӕндзыстӕм?

14 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ног дунейы дӕ. Йегъовӕ фӕстаг бонты тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уый куы сӕххӕст уа, уӕд ыл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, зӕрдӕ ма цӕмӕй бавӕрдта, уый дӕр кӕй сараздзӕн. (Бакӕс Йесо Навин 23:14.) Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдзынӕ, ацы дунейӕн кӕрон йӕ афоныл кӕй скодта ӕмӕ нӕ кӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй къӕрцхъус уыдаиккам (Хъуыд. 1:7; 1 Пет. 4:7).

ЦАЛЫНМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСӔМ, УӔДМӔ ХЪУСЫН КӔНӔМ

Хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕныс? (кӕс 15 абзац)

15, 16. Хъусын кӕнын абон уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у?

15 Йегъовӕйы организаци нын дарддӕр дӕр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, сӕйрагдӕр кӕй у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ нын уый нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ ма цӕмӕй ма рох кӕнӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый дӕр. Мах фидарӕй зонӕм, Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы загъта, уый ныртӕккӕ кӕй ӕххӕст кӕны, ӕмӕ ӕмбарӕм, кӕрон тынг тагъд кӕй уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ фыццаджыдӕр агурӕм Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад – хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм! (Матф. 6:33; Мар. 13:10).

16 Иу хо загъта: «Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы... нӕ бон у адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй, ацы дунейыл чи хъуамӕ ӕрцӕуа, уыцы бӕллӕхы аирвӕзой». Уыцы хо ӕмӕ йӕ цардӕмбал аирвӕзтысты, иу стыр нау, «Вильгельм Густлофф», зӕгъгӕ, куы фӕдӕлдон, уӕд. Уыцы хабар ӕрцыд 1945 азы ӕмӕ нымад у, денджызы цы стыр бӕллӕхтӕ ’рцыд, уыдонӕй сӕ иуыл. Уӕд амард мингай адӕм. Диссаг у, фӕлӕ арӕх адӕймаг, йӕ цардӕн тӕссаг куы вӕййы, суанг уӕд дӕр нӕ фембары, ахсджиагдӕр цы у, уый. Уыцы хо хъуыды кӕны, нау куы дӕлдон кодта, уӕд иу сылгоймаг куыд хъӕр кодта: «Мӕ чемодантӕ! Мӕ чемодантӕ! Мӕ сызгъӕринтӕ! Мӕ сызгъӕринтӕ иууылдӕр каютӕйы баззадысты! Мӕнӕ куыд бабын дӕн!» Фӕлӕ уыцы науыл чи цыди, уыдонӕй чидӕртӕ архайдтой, их доны чи ныххауд, уыцы адӕмы фервӕзын кӕныныл, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ цард тӕссаг уавӕры дӕр ӕппӕрстой. Уыцы удуӕлдай пассажиртау мах дӕр ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй адӕмӕн баххуыс кӕнӕм. Мах алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: цалынмӕ нӕ байрӕджы, уӕдмӕ хъуамӕ адӕмӕн хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын, ацы дунемӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы бӕллӕхы аирвӕзынӕн баххуыс кӕнӕм.

Раст уынаффӕтӕ хӕсс ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы (кӕс 17 абзац)

17. Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, ацы дунейы кӕрон кӕцыфӕнды бон дӕр кӕй ӕрцӕудзӕн, уый?

17 Мах ирдӕй уынӕм, Библийы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны ӕмӕ ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон тынг ӕввахс кӕй у. Ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, «дӕс сыкъайы» ӕмӕ «сырд» сӕхи Стыр Вавилоныл, ома мӕнг динтыл, куы ныццӕвой, уымӕ (Рарг. 17:16). Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уыцы хабармӕ нырма бирӕ хъӕуы. Рох нӕ ма уӕд, мӕнг динтӕ ныппырх кӕныны фӕнд сын сӕ зӕрдӕты Хуыцау кӕй бавӕрдзӕн, ӕмӕ уыцы хабар, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕвиппайды, стӕй кӕцыфӕнды бон дӕр ӕрцӕуа (Рарг. 17:17). Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ кӕрон тынг ӕввахс у. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа, ӕмӕ хызы бахауӕгау ма фӕуат» (Лук. 21:34, 35; Рарг. 16:15). Уӕдӕ къӕрцхъус уӕм, Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцау кӕй «архайы... чи [йӕм] ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны тыххӕй» (Ис. 64:4).

18. Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Цалынмӕ ацы фыддунейы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕдмӕ хъуамӕ архайӕм, Йесойы ахуыргӕнинаг Иудӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ удыхъӕд аразут уӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл ӕмӕ кувут Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ ӕмӕ ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут» (Иуд. 20, 21). Фӕлӕ цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, фидарӕй нӕ кӕй уырны, Хуыцауы ног дуне тагъд кӕй ралӕудзӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕгмӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Ацы фарстайыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 1 абз. Чырыстийы тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй кӕс брошюрӕйы «Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис», 6 фарста.