БИОГРАФИ
«Ӕнӕнымӕц сакъадӕхтӕ цин кӕнӕнт»
Уыцы бон мӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох уыдзӕн. Алыхуызон бӕстӕтӕй чи уыд, уыцы ӕфсымӕртимӕ бадтыстӕм, Разамонӕг совет кӕм фӕуынаффӕ кӕны, уыцы кабинеты ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, Фысджыты комитеты чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕм. Не ’ппӕт дӕр тынг тыхстыстӕм. Ӕфсымӕртӕ мӕнӕ-мӕнӕ хъуамӕ ӕрбацыдаиккой ӕмӕ сын мах хъуамӕ равдыстаиккам, цы бацӕттӕ кодтам, уый. Уый размӕ цалдӕр къуырийы дӕргъы ныхас кодтам, тӕлмацгӕнджытӕ сӕ куысты цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоныл, ӕмӕ ныр хъуамӕ загътаиккам, нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы зындзинӕдтӕ куыд аскъуыддзаг кӕнӕн ис, уый. Уыцы хабар уыди 2000 азы 22 майы. Фӕлӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнат, цымӕ уыцы фембӕлд афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыди, зӕгъгӕ. Цалынмӕ уын уый бамбарын кӕнон, уӕдмӕ уал уын мӕ царды хабӕрттӕ радзурон.
ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1955 азы штат Квинсленды (Австрали). Мӕ райгуырдӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ мад, Эстель, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Иннӕ аз донаргъуыд райста, ӕмӕ 13 азы фӕстӕ мӕ фыд Рон дӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыд. Мӕхӕдӕг та донаргъуыд райстон 1968 азы, штат Квинсленды, горӕт Сент-Джорджы.
Гыццылӕй нырмӕ кӕсын тынг уарзын, стӕй мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц алыхуызон ӕвзӕгтӕ. Мӕ ныййарджытимӕ-иу машинӕйыл искуыдӕм балцы куы ацыдыстӕм, уӕд-иу, нӕ алыварс цы рӕсугъд ӕрдз уыди, уымӕ кӕсыны бӕсты чингуытӕ кастӕн, ӕмӕ-иу уый мӕ ныййарджытӕн хъыг куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ кӕсын кӕй уарзтон, уый мын скъолайы тынг баххуыс кодта. Тасманийы сакъадахыл Гленорчийы скъолайы куы ахуыр кодтон, уӕд мӕ мӕ хорз ахуыры тыххӕй цалдӕр хатты хорзӕхджын дӕр скодтой.
Фӕлӕ мӕ фӕстӕдӕр бахъуыд ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Хъуыди мӕ аскъуыддзаг кӕнын, университетмӕ бацӕуон ӕви нӕ. Чингуытӕ кӕсын ӕмӕ ахуыр кӕнын тынг уарзтон. Фӕлӕ мын мӕ мад баххуыс кодта, цӕмӕй уыдӕттӕй тынгдӕр Йегъовӕйы бауарзтаин, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг дӕн (1 Кор. 3:18, 19). Гъемӕ мӕ ныййарджытимӕ бауынаффӕ кодтон, ӕмӕ уыдон дӕр сразы сты, цӕмӕй, аттестат куы райсон, уӕд дарддӕр мауал ахуыр кӕнон. Ӕмӕ 1971 азы январы, 15 азы мыл куы цыди, уӕд, райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын.
Уый фӕстӕ аст азы дӕргъы пионерӕй лӕггад кодтон Тасманийы. Уыцы рӕстӕг мӕ цард баиу кодтон иу рӕсугъд тасмайнаг чызгимӕ, Дженни Алкок, зӕгъгӕ, ӕмӕ цыппар азы сӕрмагонд пионертӕй лӕггад кодтам дард рӕтты, Смиттоны ӕмӕ Куинстауны.
ЛӔГГАД КӔНӔМ САБЫР ОКЕАНЫ САКЪАДӔХТЫЛ
1978 азы Дженниимӕ ацыдыстӕм ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ. Конгресс уыди Папуӕ – Ног Гвинейы, горӕт Порт-Морсбийы. Хорз дзы хъуыды кӕнын иу миссионеры раныхас хири-моту ӕвзагыл. Кӕд уыцы раныхасӕй иу ныхас дӕр нӕ бамбӕрстон, уӕддӕр мӕ бафӕндыд, цӕмӕй ӕз дӕр миссионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаин, ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кодтаин ӕмӕ уыцы ӕвзагыл раныхӕстӕ дзырдтаин. Кӕдӕй-уӕдӕй бамбӕрстон, мӕ бон куыд у, ӕндӕр ӕвзӕгтӕ кӕй уарзын, уымӕй мӕ лӕггады спайда кӕнын.
Нӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, Австралимӕ куы ’рыздӕхтыстӕм ӕмӕ ног хабар куы базыдтам, уӕд: миссионертӕй нӕ снысан кодтой. Хъуамӕ лӕггад кодтаиккам Фунафутийы, Тувалуйы сакъадӕхтӕй сӕ иуыл (Тувалу раздӕр хуынди Эллисы сакъадӕхтӕ). Фунафутимӕ ӕрцыдыстӕм 1979 азы январы. Уӕд ӕгас Тувалуйы дӕр ӕртӕ донаргъуыд хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ нӕ уыд.
Тувалу ӕвзаг ахуыр кӕнын ӕнцон нӕ уыд. Уыцы ӕвзагыл нӕ уыди нӕдӕр дзырдуӕттӕ, нӕдӕр, ӕвзаг кӕм амыдтой, ахӕм курсытӕ. Уыди йыл ӕрмӕстдӕр иу чиныг – «Ног Фӕдзӕхст». Гъемӕ мах дӕр нӕхицӕн загътам, зӕгъгӕ, алы бон дӕр ахуыр кӕндзыстӕм иу-10–20 дзырды. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрстам, цы дзырдтӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ нысаниуӕг раст кӕй не ’мбарӕм. Зӕгъӕм, хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнын кӕй не ’мбӕлы, уый зӕгъыны бӕсты-иу загътам, барӕнтӕй ӕмӕ лӕдзджытӕй пайда кӕнын кӕй не ’мбӕлы! Фӕлӕ нӕ уыцы ӕвзаг сахуыр кӕнын ӕнӕмӕнг хъуыди, уымӕн ӕмӕ бирӕтимӕ райдыдтам Библи ахуыр кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ нӕ тыхтӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагмӕ сарӕзтам. Азтӕ куы рацыд, уӕд нын, райдианты Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй сӕ иу загъта: «Куыд ӕхсызгон нын у, ныр уӕ бон не ’взагыл дзурын кӕй у. Раздӕр уын уӕ ныхӕстӕн ӕппындӕр ницы ’мбӕрстам!»
Ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн нын иу хъуыддаг тынг баххуыс кодта. Фатеры кӕй баххуырстаиккам, ахӕм хӕдзар дзы кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ нӕ суазӕг кодтой бынӕттон Ӕвдисӕнтӕй иу бинонтӕ, цӕргӕ та кодтой сакъадахы сӕйраг хъӕуы. Гъемӕ нӕ ӕрмӕст ӕддейӕ нӕ, фӕлӕ хӕдзары дӕр хъуыди тувалу ӕвзагыл дзурын. Цалдӕр азы дӕргъы англисагау нал дзырдтам, ӕмӕ нын тувалу сси нӕ мадӕлон ӕвзаджы хуызӕн.
1 Кор. 14:9). Мах-иу хъуыды кодтам, зӕгъгӕ, тувалу ӕвзагыл чи дзуры, уыдон 15 000 адӕймаджы дӕр куы не сты, уӕд, цымӕ, уыцы ӕвзагыл нӕ публикацитӕй искуы исты рацӕудзӕн. Йегъовӕ нын уыцы фарстайӕн дзуапп радта, ӕмӕ нын афтӕмӕй бамбарын кодта дыууӕ хъуыддаджы: 1) фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ Ныхас хъуыстгонд ӕрцӕуа «дард сакъадӕхтыл», 2) фӕнды йӕ, цӕмӕй, ацы дуне «хуымӕтӕг адӕмыл» кӕй нымайы, уыдонӕн йӕ ном суа се ’мбӕхсӕн (Йер. 31:10; Соф. 3:12).
Гыццыл йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ бирӕты бафӕндыд рӕстдзинад базонын. Фӕлӕ адӕмимӕ Библи цавӕр публикацийы фӕрцы хъуамӕ ахуыр кодтаиккам? Нӕ литературӕйӕ уыцы ӕвзагыл ӕппындӕр ницы уыд. Стӕй сӕхӕдӕг дӕр Библи куыд хъуамӕ ахуыр кодтаиккой? Ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдыдтаиккой, уӕд-иу дзы цавӕр зарджытӕ хъуамӕ зарыдаиккой, цавӕр ӕрмӕг-иу дзы хъуамӕ ахуыр кодтаиккой ӕмӕ ӕмбырдмӕ дӕр куыд хъуамӕ цӕттӕ кодтаиккой? Ӕмӕ афтӕмӕй донаргъуыд райсын дӕр сӕ бон куыд хъуамӕ бауыдаид? Уыцы сӕрныллӕг адӕмӕн хъуамӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг уыдаид сӕхи ӕвзагыл (ТӔЛМАЦ КӔНӔМ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАРГӔНӔН ЛИТЕРАТУРӔ
1980 азы нӕ филиал снысан кодта тӕлмацгӕнджытӕй, фӕлӕ махмӕ афтӕ касти, ӕмӕ уыцы куыст кӕнынмӕ ӕппындӕр нӕ арӕхсӕм (1 Кор. 1:28, 29). Фыццаг уал хицауадӕй иу зӕронд къопитӕгӕнӕн аппарат балхӕдтам, ӕмӕ йыл мыхуыр кодтам, не ’мбырдты кӕй ахуыр кодтам, уыцы ӕрмӕг. Стӕй ма тувалу ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтам чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад», ӕмӕ уый дӕр уыцы аппаратыл ныммыхуыр кодтам. Ныр дӕр ма хъуыды кӕнын, адӕймагӕн йӕ улӕфӕнтӕ кӕмӕй ӕхгӕдтой, уыцы чернилӕйы тӕф, стӕй, уыцы тӕвды куыд фыдӕбон кодтам, цӕмӕй уыйбӕрц литературӕ къухӕй мыхуыр кодтаиккам. Уыцы рӕстӕг ма нӕм рухс дӕр нӕ уыд!
Тувалу ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕвзагыл дзырдуӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм чингуытӕ тынг гыццыл уыди. Фӕлӕ-иу нын иуӕй-иу хатт баххуыс кодтой, уый ӕнхъӕл дӕр кӕмӕй нӕ уыдыстӕм, уыдон. Иу райсом
хъусын кӕнгӕйӕ иу хӕдзармӕ бадзырдтон, фӕлӕ мӕ ферох, рӕстдзинады ныхмӕ чи у, ахӕм адӕймаг дзы кӕй цӕры. Хӕдзары хицау уыди, ахуыргӕнӕгӕй чи куыста, иу ахӕм ацӕргӕ нӕлгоймаг, ӕмӕ мӕ куы ауыдта, уӕд мын афтӕ, ма мӕм цӕут уын нӕ загътон, зӕгъгӕ. Стӕй мын загъта: «Хъуамӕ уын иу цыдӕр зӕгъон. Уӕ тӕлмацты цы мивдисӕджы формӕйӕ пайда кӕнут, уымӕй не ’взаджы стӕм хатт фӕпайда кӕнӕм». Ӕз дӕр ма ноджыдӕр кӕйдӕрты бафарстон, ӕмӕ уыцы лӕг раст разынд. Гъемӕ мах дӕр уыцы хабар сраст кодтам. Диссаг у! Йегъовӕ нын баххуыс кодта, рӕстдзинады ныхмӕ чи уыд, фӕлӕ нын, куыд разынди, афтӕмӕй нӕ литературӕ чи каст, уыцы адӕймаджы уылты!Тувалу ӕвзагыл парахат кӕнынӕн цы публикацитӕ рацыд, уыдонӕй ӕппӕты фыццаг уыди хуынды гӕххӕтт Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Уый фӕстӕ рауагътам буклет «Паддзахады хабар» № 30, ӕмӕ тувалу ӕвзагыл дӕр рацыд, англисагау ӕй куы рауагътой, уыцы рӕстӕг. Куыд ӕхсызгон нын уыди адӕмӕн сӕхи ӕвзагыл фыст публикацитӕ дӕттын! Рӕстӕг куы рацыд, уӕд тувалу ӕвзагыл фӕзынд иуӕй-иу брошюрӕтӕ ӕмӕ ма суанг кӕцыдӕр чингуытӕ дӕр. 1983 азы Австралийы филиал тувалу ӕвзагыл райдыдта «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уадзын. Журнал цыди ӕртӕ мӕй иу хатт ӕмӕ-иу дзы уыди 24 фарсы. Цымӕ нӕ чингуытӕ ӕмӕ нӕ журналтӕ адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Тувалуйы цӕрджытӕ кӕсын бирӕ кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ нын нӕ литературӕ тынг бауарзтой. Ног публикаци-иу куы рацыд, уӕд-иу хицауады радиостанци уый тыххӕй ног хабӕртты фехъусын кодта, хатт та-иу ӕй сӕйраг ног хабар дӕр схуыдта! *
Тӕлмац кӕныны куыст куыд цыди? Фыццаг уал-иу, цы ратӕлмац кодтам, уый гӕххӕттыл ныффыстам. Стӕй-иу ӕй мыхуыргӕнӕн машинкӕйыл ныммыхуыр кодтам, уымӕй дӕр иу хатт нӕ, фӕлӕ бирӕ хӕттыты, цалынмӕ-иу текст Австралийы филиалмӕ арвитынмӕ цӕттӕ нӕ уыдаид, уӕдмӕ. Филиалы та-иу уыцы тексттӕй алкӕцы дӕр дыууӕ хойы хицӕнтӕй бахастой компьютермӕ, кӕд тувалу ӕвзаг нӕ зыдтой, уӕддӕр. Текст-иу компьютермӕ дыууӕ хатты хаст кӕй ӕрцыд ӕмӕ-иу ӕй стӕй компьютеры кӕрӕдзиимӕ кӕй абарстой, уый руаджы-иу дзы рӕдыдтытӕ тынг гыццыл уыд. Уый фӕстӕ-иу публикацийӕн скодтой фотонабор, ома-иу текст ӕмӕ нывтӕ баиу кодтой, ӕмӕ-иу ӕй стӕй авиапочтӕйӕ фӕстӕмӕ ӕрбарвыстой, цӕмӕй-иу ӕм ӕркастаиккам. Стӕй-иу ӕй мах фӕстӕмӕ филиалмӕ арвыстам, цӕмӕй йӕ ныммыхуыр кодтаиккой.
Фӕлӕ алцыдӕр куыд тынг фӕивта! Ныр тӕлмацгӕнджыты къордтӕ текст фӕмыхуыр кӕнынц ӕмӕ дзы раст кӕнинаг цы вӕййы, уый сраст кӕнынц компьютеры. Арӕхдӕр афтӕ вӕййы, ӕмӕ текстӕн сӕхӕдӕг скӕнынц фотонабор ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Интернетӕй арвитынц, кӕм ӕй мыхуыр кӕндзысты, уыцы филиалмӕ. Ныр почтӕмӕ дугъ кӕнын никӕйуал хъӕуы, цӕмӕй ӕрмӕг филиалмӕ арвита.
НОГ ХӔСТӔ
Дженниимӕ лӕггад кодтам Сабыр океаны ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр сакъадӕхтыл ӕмӕ ӕххӕст кодтам алыхуызон хӕстӕ. 1985 азы нӕ Тувалуйӕ арвыстой Самоайы филиалмӕ. Уым ӕххуыс кодтам, самоайнаг, тонгӕ ӕмӕ токелау ӕвзӕгтӕм чи тӕлмац кодта, уыдонӕн, фӕлӕ ма уыцы иу рӕстӕг нӕхӕдӕг тувалу ӕвзагмӕ дӕр тӕлмац кодтам *. Уый фӕстӕ нӕ 1996 азы снысан кодтой Фиджийы филиалмӕ, ӕмӕ уым та ӕххуыс кодтам, фиджи, кирибати, науру, ротумӕ ӕмӕ тувалу ӕвзӕгтӕм чи тӕлмац кодта, уыцы къордтӕн.
Алкӕддӕр мӕ дисы ӕфтыдта, нӕ литературӕ чи тӕлмац кӕны, уыдоны зынгзӕрдӕдзинад. Тӕлмац кӕныны куыст ӕнцон нӕу, ӕмӕ дзы адӕймаг фӕллайгӕ дӕр бакӕны. Фӕлӕ уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты Йегъовӕйау тынг фӕнды, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» (Рарг. 14:6). Зӕгъӕм, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» тонгӕ ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын куы хъуамӕ райдыдтаиккам, уӕд Тонгӕйы хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр фембӕлдтӕн ӕмӕ сӕ бафарстон, тӕлмацгӕнӕджы куыстыл сахуыр кӕнӕн кӕй ис, зӕгъгӕ. Иу хистӕр нӕлгоймагӕн дзы уыди хорз куыст, куыста механикӕй, фӕлӕ загъта, йӕ бон кӕй у иннӕ райсом йӕ куыст ныууадзын ӕмӕ тӕлмац кӕнынмӕ бавналын. Уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕфсымӕрӕн уыди бинонтӕ ӕмӕ сӕ дарддӕр цӕмӕй дардзӕн, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта. Фӕлӕ Йегъовӕ ууыл дӕр ӕмӕ йӕ бинонтыл дӕр батыхст, ӕмӕ уыцы ӕфсымӕр тӕлмацгӕнӕгӕй бирӕ азтӕ фӕлӕггад кодта.
Уыцы тӕлмацгӕнджытау Разамонӕг совет дӕр тӕлмац кӕныны хъуыддаг тынг ахсджиагыл нымайы, ӕмӕ архайы, цӕмӕй нӕ публикацитӕ уой, бирӕ адӕм кӕуыл нӕ дзуры, уыцы ӕвзӕгтыл дӕр. Зӕгъӕм, иуафон ахӕм фарста сӕвзӕрд, зӕгъгӕ, нӕ литературӕ тувалу ӕвзагмӕ кӕй тӕлмац кӕнӕм, уый йӕ фыдӕбоны аргъ у ӕви нӕ. Уӕд мӕ тынг бафидар кодта, Разамонӕг советӕй цы писмо райстам, уый. Фыст дзы уыд: «Тувалу ӕвзагмӕ мауал тӕлмац кӕнат, уымӕн ӕппындӕр ницы аххосаг уынӕм. Кӕд ӕндӕр ӕвзӕгтимӕ абаргӕйӕ тувалу ӕвзагыл бирӕ адӕм нӕ дзуры, уӕддӕр хъуамӕ хорз хабар сӕ мадӕлон ӕвзагыл фехъусой».
2003 азы нӕ Дженниимӕ Фиджийы тӕлмацгӕнджыты хайадӕй арвыстой тӕлмацгӕнджытӕн ӕххуысгӕнӕг хайадмӕ Паттерсонмӕ (штат Нью-Йорк). Уырнгӕ дӕр нӕ нӕ кодта! Цы къорды райдыдтам кусын, уый йӕ хъус дары, цӕмӕй нӕ публикацитӕ фылдӕр ӕвзӕгтӕм тӕлмацгонд цӕуой, стӕй цӕмӕй алы ӕвзагыл дӕр фылдӕр публикацитӕ уа. Уый фӕстӕ нӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ дыууӕ азы дӕргъы алыхуызон бӕстӕтӕ бӕрӕг кодтам, цӕмӕй тӕлмацгӕнджыты ахуыр кодтаиккам.
ТЫНГ АХСДЖИАГ УЫНАФФӔТӔ
Ныр та мӕ фӕнды, цӕмӕй уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнон, райдианы цы фембӕлды кой кодтон, уый. 2000 азмӕ Разамонӕг совет бамбӕрста, ӕгас зӕххыл дӕр нын цы тӕлмацгӕнджыты къордтӕ ис, уыдонӕн баххуыс кӕнын кӕй хъӕуы. Уӕдмӕ тӕлмацгӕнджытӕн сӕ фылдӕры уыцы куыстыл нӕ ахуыр кодтой. Цы бацӕттӕ кодтам, уый Фысджыты комитетӕн куы равдыстам, уӕд Разамонӕг совет сразы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр нӕ тӕлмацгӕнджытӕн курсытӕ ауадзой. Уыцы курсыты фӕрцы англисаг ӕвзаг хуыздӕр базыдтаиккой, стӕй сахуыр уыдаиккой тӕлмац кӕныны мадзӕлттӕй пайда кӕнын ӕмӕ, иугӕйттӕй нӕ, фӕлӕ къордтӕй кусын.
Цымӕ уыцы курсытӕ тӕлмац кӕныны куыстыл куыд фӕзындысты? Иу уый, ӕмӕ тӕлмацы хъӕд фӕхуыздӕр. Стӕй ма дзӕвгар фӕфылдӕр, нӕ публикацитӕ цы ӕвзӕгтыл цӕуынц, уыдоны нымӕц дӕр. 1979 азы, миссионертӕй нӕ куы снысан кодтой, уӕд, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цыди ӕрмӕстдӕр 82 ӕвзагыл. Ӕмӕ-иу уыцы ӕвзӕгтӕн сӕ фылдӕрыл мыхуыры рацыд, англисагау-иу куы рацыд, уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ. Ныр та «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыргонд цӕуы 240 ӕвзагӕй фылдӕрыл, ӕмӕ уыцы ӕвзӕгтӕн сӕ фылдӕрыл рацӕуы, англисагау куы рацӕуы, уӕд. Уырнындзинад фидаргӕнӕн литературӕ ныр ис
700 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Афтӕ кӕй уыдзӕн, ууыл раздӕр хъуыды дӕр нӕ акодтаиккам!2004 азы Разамонӕг совет рахаста ноджыдӕр иу ахсджиаг уынаффӕ – Библи тӕлмац кӕныны куыст фӕтагъддӕр кӕнын. Уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ Библи бахастой, сӕйраджыдӕр тӕлмацгӕнинаг чи у, уыцы публикациты хыгъдмӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы ныр бирӕ фылдӕр адӕмӕн сӕ бон у «Ног дунейы тӕлмац» сӕхи ӕвзагыл кӕсын. 2014 азмӕ «Ног дунейы тӕлмац» ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай рацыд 128 ӕвзагыл, уыимӕ, Сабыр океаны хуссар хайы сакъадӕхтыл кӕуыл дзурынц, уыцы ӕвзӕгтӕй дӕр цалдӕрыл.
Мӕ царды цы ахсджиагдӕр хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй сӕ иу уыди, 2011 азы мӕ Тувалуйы облӕстон конгресмӕ кӕй арвыстой, уый. Цалдӕр мӕйы дӕргъы уыцы бӕстӕйы уыди тынг хус рӕстӕг, ӕмӕ хъуыды кодтам, конгресс нӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цы изӕр ӕрцыдтӕн, уыцы изӕр дын тӕрккъӕвда куы ныууарид! Ӕмӕ конгресс дӕр йӕ афоныл ацыд. Уыцы конгрессы мӕм ӕрхауд, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр кад – фехъусын кодтон, тувалу ӕвзагыл кӕй рацыд «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац». Ацы диссаджы лӕвар цы ӕвзӕгтыл рацыд, уыдонӕй ӕппӕты гыццылдӕр ӕвзаг у тувалу. Конгрессы кӕрон та ногӕй къӕвда ныккалдта. Гъемӕ иууылдӕр бафсӕстысты царддӕттӕг донӕй дӕр ӕмӕ ӕнӕуи донӕй дӕр!
Фӕлӕ, хъыгагӕн, Дженни, ме ’нувыд бинойнаг, уыцы диссаджы хабармӕ нӕ фӕцард. Дженниимӕ фӕцардыстӕм 35 азӕй фылдӕр. Дӕс азы фӕтох кодта уӕззау низимӕ – йӕ риуы уыди рак, ӕмӕ 2009 азы фӕзиан. Куы райгас уа ӕмӕ, Библи тувалу ӕвзагыл кӕй рацыд, уый куы базона, уӕд тынг фӕцин кӕндзӕн.
Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ раарфӕ кодта, ӕмӕ мын ногӕй хорз цардӕмбал балӕвар кодта. Мӕ бинойнаг хуыйны Лорэйни Сикиву. Лорэйни Дженниимӕ лӕггад кодта Фиджийы филиалы. Лорэйни дӕр уыди тӕлмацгӕнӕг, тӕлмац кодта фиджи ӕвзагмӕ. Гъемӕ мын ныр дӕр ис ӕнувыд бинойнаг. Ӕхсызгон нын у иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕн дӕр нӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц алыхуызон ӕвзӕгтӕ.
Мӕ царды хабӕрттӕ куы ’рымысын, уӕд бамбарын, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕ алыхуызон адӕмыхӕттытыл кӕй тыхсы, уый, фӕнды гыццыл уой, фӕнды – стыр (Пс. 49:1–3). Адӕм сӕ мадӕлон ӕвзагыл, сӕ зӕрдӕ сын чи агайы, уыцы ӕвзагыл, литературӕ фыццаг хатт куы райсынц кӕнӕ йыл Йегъовӕйы кадӕн зарджытӕ куы фӕзарынц, уӕд сӕ цӕсгӕмттӕ фырцинӕй ныррухс вӕййынц. Ӕмӕ уый уынгӕйӕ ноджы хуыздӕр бамбарын, куыд уарзӕгой Хуыцау нын ис (Хъуыд. 2:8, 11). Ныр дӕр ма мӕ хъустыл ауайынц, Тувалуйы чи цард, иу ахӕм ацӕргӕ ӕфсымӕры, Сауло Тиосийы, ныхӕстӕ. Паддзахады зарӕг йӕ мадӕлон ӕвзагыл фыццаг хатт куы азарыд, уӕд мын афтӕ: «Разамонӕг советӕн-иу зӕгъ, ацы зарджытӕ тувалу ӕвзагыл куыд рӕсугъд рауадысты, афтӕ рӕсугъд англисагау дӕр кӕй не сты».
2005 азы сентябры та мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советы лӕггад кӕнын райдыдтон. Кӕд тӕлмацгӕнӕгӕй нал кусын, уӕддӕр Йегъовӕйӕ бузныг дӕн, уый фадат мын кӕй дӕтты, цӕмӕй, ӕгас зӕххыл дӕр цы тӕлмац кӕныны куыст цӕуы, уымӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕнон. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр тыхсы йӕ адӕмӕй алкӕй уырнындзинадыл дӕр, суанг, Сабыр океаны дард сакъадӕхтыл чи цӕры, уыдоны уырнындзинадыл дӕр. Ӕмӕ уыцы хъуыдыйӕ адӕймаджы зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы! Псаломзарӕггӕнӕг раст загъта: «Йегъовӕ сси паддзах! Зӕхх фырцинӕй райӕд. Ӕнӕнымӕц сакъадӕхтӕ «Хъахъхъӕнӕн цин кӕнӕнт» (Пс. 97:1).