Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
«Мах та уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта» (1 ИОАН. 4:19).
ЗАРДЖЫТӔ: 56, 138
1, 2. Апостол Иоанны ныхӕстӕм гӕсгӕ, Йегъовӕйы цӕй фӕрцы уарзӕм?
ФЫД йӕ сывӕллӕтты истӕуыл куы фӕахуыр кӕны, уӕд йӕ къухы фылдӕр бафты, уыцы хъуыддаджы сын йӕхӕдӕг фӕзминаг куы вӕййы, уӕд. Апостол Иоанн куыд ныффыста, афтӕмӕй «мах... уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта» (1 Иоан. 4:19). Ӕцӕгдӕр, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ нӕ куыд уарзы, уый зонгӕйӕ йӕ мах дӕр уарзӕм.
2 Цымӕ нӕ Йегъовӕ «фыццаг» кӕй бауарзта, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Апостол Павел загъта: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ром. 5:8). Нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕ йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй равдыста, ӕцӕг уарзондзинад цы у, уый. Ӕцӕг уарзтӕй чи фӕуарзы, уый цӕттӕ вӕййы йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ дӕр. Хуыцау мах тыххӕй кӕй радта, уыцы зынаргъ нывонды руаджы йӕм нӕ бон у ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнын ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг дӕр кӕй уарзӕм, уый ӕвдисын (1 Иоан. 4:10).
3, 4. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй хъуамӕ уа бӕрӕг?
3 Уарзондзинад у Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг. Уӕдӕ зынбамбарӕн нӕу, Йесойы куы бафарстой, ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ цӕмӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Мар. 12:30). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ «ӕппӕт зӕрдӕйӕ» уарзӕм. Искӕй кӕнӕ исты уымӕй фылдӕр куы уарзӕм, уӕд ын уый хъыг уыдзӕн. Фӕлӕ нын уыцы уарзондзинад ӕрмӕст зӕрдӕйы хъуамӕ ма уа. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ «ӕппӕт зондӕй» ӕмӕ «ӕппӕт хъаруйӕ» дӕр уарзӕм. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ уарзондзинад хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ хъуыдытӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. (Бакӕс Михейы 6:8.)
Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (4 Уӕдӕ хъуамӕ Йегъовӕйы ӕгӕрон уарзтӕй уарзӕм, ома йын нӕхи дӕр ӕмӕ нӕм цы ис, уый дӕр ма ’вгъау кӕнӕм. Йегъовӕ нын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕгдӕр ӕй кӕй уарзӕм. Айразмӕйы статьяйы дзырд цыди, Йегъовӕ йӕ сывӕллӕтты тынг кӕй уарзы, уый цавӕр цыппар хъуыддагӕй зыны, ууыл. Ныр та аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕйы тынгдӕр цӕй фӕрцы уарздзыстӕм ӕмӕ уыцы уарзондзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй уыдзӕн бӕрӕг, ууыл.
БӔРӔГ УӔД, ЙЕГЪОВӔЙӔ БУЗНЫГ КӔЙ ДӔ
5. Йегъовӕ мах тыххӕй цы аразы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ фӕразӕнгард кӕны?
5 Исчи дын лӕвар куы скӕны, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, равдисыс, бузныг дзы кӕй дӕ. Ӕмӕ уыцы лӕварӕн куы аргъ кӕнай, уӕд дзы пайда дӕр кӕндзынӕ. Иаков ныффыста: «Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр у уӕлейӕ, уымӕн ӕмӕ цӕуы, уӕларвон рухсгӕнӕнтӕ чи скодта ӕмӕ, аууон куыд ивы, афтӕ чи нӕ ивы, уыцы Фыдӕй» (Иак. 1:17). Йегъовӕ нын алцыдӕр дӕтты, цӕмӕй цӕрӕм ӕмӕ амондджын уӕм, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм. Уый та нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕ мах дӕр уарзӕм.
6. Израилӕгтӕ цы хъуамӕ арӕзтаиккой, цӕмӕй сын Йегъовӕ арфӕ кодтаид?
6 Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ зыдтой. Ӕнусты дӕргъы сын йӕ закъӕтты фӕрцы разамынд лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ цух ницӕмӕй уагъта (Дык. з. 4:7, 8). Израилӕгтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ куы цардаиккой, уӕд бӕрӕг уыдаид, бузныг дзы кӕй сты. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн-иу нывондӕн хъуамӕ ӕрбахастаиккой, сӕ зӕххӕй-иу «фыццаг цы тыллӕг систой, уымӕн йӕ хуыздӕр хай» (Рац. 23:19). Израилӕгтӕ зыдтой, Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсой ӕмӕ сӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый йын куы дӕттой, уӕд сын дарддӕр дӕр кӕй арфӕ кӕндзӕн. (Бакӕс Дыккаг закъон 8:7–11.)
7. «Хуыздӕрӕй нӕм цы ис», уый фӕрцы нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм?
7 Мах дӕр, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, «хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый» йын куы дӕттӕм ӕмӕ йын афтӕмӕй куы кад кӕнӕм (Ӕмб. 3:9). Цымӕ уый нӕ бон куыд у аразын? Зӕгъӕм, нӕ мысайнӕгты фӕрцы нӕ бон у не ’мбырды хъуыддӕгтӕн ӕмӕ, ӕгас зӕххыл цы куыст цӕуы, уымӕн ӕххуыс кӕнын. Бирӕ нӕм уа ӕви гыццыл, уӕддӕр афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый (2 Кор. 8:12). Фӕлӕ ма нӕ уарзондзинад равдисынӕн ис ӕндӕр мадзӕлттӕ дӕр.
8, 9. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
8 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста, цӕмӕй фыццаджыдӕр агурой Хуыцауы Паддзахад, хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕсыл та ӕгӕр ма тыхсой. Нӕ уӕларвон Фыд зоны, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, уымӕй нӕ цух кӕй никуы ныууадздзӕн (Матф. 6:31–33). Ӕмӕ кӕд Йегъовӕйы уарзӕм, уӕд уыцы зӕрдӕвӕрдыл дӕр ӕууӕнддзыстӕм, уымӕн ӕмӕ адӕймаг кӕй фӕуарзы, ууыл ӕууӕндгӕ дӕр фӕкӕны (Пс. 143:8). Уӕдӕ нӕ бон у нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттын: «Царды цӕмӕ тырнын, стӕй мӕ рӕстӕг ӕмӕ мӕ хъарутӕ цӕуыл хардз кӕнын, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр кӕй уарзын? Мӕ царды алы бонӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕххуысыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнын?»
9 Ӕркӕсӕм-ма иу ӕфсымӕры цӕвиттонмӕ, Майк, зӕгъгӕ. Уый дӕр йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардта. Нырма ӕрыгон куы уыди, уӕд ӕй тынг фӕндыд ӕндӕр бӕстӕмӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын. Ӕмӕ бинонтӕ куы скодта ӕмӕ сын дыууӕ сывӕллоны куы райгуырд, уӕд дӕр ӕй йӕ бӕллиц нӕ ферох. Майк ӕмӕ йӕ бинонтӕ арӕх кастысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ иуафон аскъуыддзаг кодтой, сӕ цард кӕй фӕхуымӕтӕгдӕр кӕндзысты. Сӕ хӕдзар ауӕй кодтой ӕмӕ квартирӕмӕ ралыгъдысты. Майк къаддӕр кусын райдыдта ӕмӕ базыдта, Интернеты уылты йӕ бон куыд уыдзӕн ӕндӕр бӕстӕйӕ йӕ куыстмӕ йӕ хъус дарын. Ӕппынфӕстаг Майк ӕмӕ йӕ бинонтӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацыдысты ӕмӕ дзы дыууӕ азы зӕрдӕрухсӕй балӕггад кодтой. Майк загъта: «Мах нӕхицӕй базыдтам, Матфейы 6:33 стихы фыст ныхӕстӕ раст кӕй сты!»
ЙЕГЪОВӔ ДЫН ЦЫ АМОНЫ, УУЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН
10. Хорз цӕмӕн уыдзӕн, паддзах Давидау мах дӕр, Йегъовӕйы тыххӕй цы зонӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм?
10 Иу-3 000 азы размӕ паддзах Давид ныффыста: «Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад, йӕ къухты фыдӕбоны тыххӕй дзуры арв». Ӕмӕ ма загъта: «Йегъовӕйы закъон у ӕнаипп – уды цард бауадзы. Йегъовӕйы амындтыл ис ӕууӕндӕн – зондджын кӕнынц ӕвӕлтӕрды». Йегъовӕйӕн йӕ раст закъӕттыл ӕмӕ йын йӕ диссаджы сконд дунейыл хъуыды кӕнгӕйӕ йӕм Давид ӕввахсдӕр кодта. Давиды фӕндыд, цӕмӕй, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уый хъуыддагӕй равдыстаид, ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дын мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕхсызгон уӕнт, о Йегъовӕ, мӕ Къӕдзӕх ӕмӕ мӕ Ӕлхӕнӕг» (Пс. 19:1, 7, 14).
11. Йегъовӕ нын цы зонындзинӕдтӕ дӕтты, уыдонӕй нӕ бон куыд у пайда кӕнын, цӕмӕй бӕрӕг уа, кӕй йӕ уарзӕм, уый? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
11 Абон нын Йегъовӕ бирӕ цыдӕртӕ раргом кодта йе сконд дунейы тыххӕй ӕмӕ йӕм цы фӕнд ис, уый тыххӕй. Ацы дуне адӕймаджы разӕнгард кӕны уӕлдӕр ахуыр райсынмӕ. Фӕлӕ уыцы ахуыры аххосӕй бирӕтӕн сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ вӕййы ӕмӕ Хуыцауы раздӕрау нал фӕуарзынц. Йегъовӕ та нын ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ нӕ дӕтты, фӕлӕ ма нын ӕххуыс дӕр кӕны, цӕмӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ суӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй нӕ бон уа, цы зонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын, уымӕн ӕмӕ уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр пайда хӕсдзӕн (Ӕмб. 4:5–7). Зӕгъӕм, фӕнды йӕ, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонынӕн ӕмӕ фервӕзынӕн» (1 Тим. 2:4). Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕм цы диссаджы фӕнд ис, уый тыххӕй куы дзурӕм, уӕд. (Бакӕс Псалом 66:16, 17.)
12. Иу ӕрыгон хо Йегъовӕйы лӕвары тыххӕй цы загъта?
12 Ӕрыгӕттӕн дӕр сӕ бон у, Йегъовӕ сын цы дӕтты ӕмӕ сын цы амоны, ууыл хъуыды кӕнын. Нӕ хо Шеннон хорз хъуыды кӕны, йӕхиуыл 11 азы, йӕ хойыл та 10 азы куы цыди, уӕд цы облӕстон конгресс уыд, уый. Уыцы конгресс хуынди «Хуыцауыл иузӕрдион уӕм». Программӕйы рӕстӕг ӕрыгӕттӕн загътой, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр иу секторы сбадой. Ӕмӕ Шеннон ӕмӕ йӕ хо дӕр уым сбадтысты. Шеннон куыд дзуры, афтӕмӕй фыццаг тыхсти. Фӕлӕ сын стӕй, ӕрыгӕттӕн кӕй рауагътой, уыцы чиныгӕй фӕйнӕ байуӕрстой, ӕмӕ Шеннон тынг бацин кодта. Цымӕ ахӕм диссаджы лӕвар куы райста, уӕд цы ахъуыды кодта? Шеннон загъта:
«Гъеуӕд ӕй бамбӕрстон, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ мӕ тынг, тынг кӕй уарзы. Куыд амондджын стӕм, нӕ кадджын Хуыцау Йегъовӕ нын рӕдауӕй ахӕм диссаджы лӕвӕрттӕ кӕй кӕны!»ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗОНДАМЫНД-ИУ ДӔ ЗӔРДӔМӔ АЙС
13, 14. Йегъовӕ нын зонд куы амона, уӕд-иу уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм ӕмӕ цӕмӕн?
13 Библи нын дзуры: «Йегъовӕ, кӕй уарзы, уайдзӕф дӕр уымӕн бакӕны, фыд йӕ уарзон фыртӕн куыд бауайдзӕф кӕны, афтӕ» (Ӕмб. 3:12). Цымӕ нын Йегъовӕ зонд куы амона, уӕд-иу уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ ракӕсӕм? Апостол Павел ныффыста: «Адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд ын ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг ӕм фӕкӕсы». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павелы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ зондамындмӕ хъусын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ дарддӕр загъта: «Уый фӕстӕ, уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг – раст хъуыддӕгтӕ» (Дзут. 12:11). Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕймагӕн уынаффӕ куы раттой, уӕд афтӕ никуы хъуыды кӕндзӕн, уый мӕнмӕ нӕ хауы, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын цы загътой, уый йӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуа, уӕд дӕр мӕсты нӕ кӕндзӕн. Кӕмӕндӕрты уый, чи зоны, зын вӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕйы куы уарзӕм, уӕд нын зондамындмӕ байхъусын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн.
14 Малахийы заман дзуттӕгтӕй бирӕтӕ Йегъовӕмӕ нӕ хъуыстой. Цы нывӕндтӕ хастой, уыдон Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цыдысты, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыд. Гъемӕ сын Йегъовӕ дӕр уый тыххӕй карзӕй бауайдзӕф кодта, фӕлӕ йӕм хъусӕг нӕ уыд. (Бакӕс Малахийы 1:12, 13.) Ӕмӕ сын уӕд Хуыцау загъта: «Ме ’лгъыст [уӕ] баййафдзӕн. Уӕ арфӕдзинӕдтӕ уын ӕлгъыстмӕ фӕивдзынӕн» (Мал. 2:1, 2). Уӕдӕ бӕрӕг у: Йегъовӕйы уынаффӕтӕм куы нӕ хъусӕм, куыдфӕндыйы цӕстӕй сӕм куы кӕсӕм, уӕд нын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уымӕй ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм.
15. Нӕхи цавӕр зондахастӕй хъуамӕ хизӕм?
15 Абон адӕм сты сӕрбӕрзонд ӕмӕ ӕрмӕст сӕхиуыл хъуыды кӕнынц. Бирӕтӕ нӕ уарзынц, исчи сын куы бауайдзӕф кӕны кӕнӕ сын уынаффӕ куы ратты. Ӕмӕ сӕ кӕд исчи уынаффӕмӕ байхъусы, уӕддӕр ӕвӕндонӕй. Фӕлӕ мах хъуамӕ уыдоны Ром. 12:2). Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты афоныл фӕдӕтты алыхуызон уынаффӕтӕ, зӕгъӕм, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг кӕрӕдзиимӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ куыд хъуамӕ ӕвзарӕм ӕмӕ нӕ фӕллад куыд хъуамӕ уадзӕм, уый фӕдыл. Йегъовӕйы уынаффӕтӕм зӕрдиагӕй куы хъусӕм, уӕд равдисдзыстӕм, йӕ разамынды тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзӕм (Иоан. 14:31; Ром. 6:17).
хуызӕн ма уӕм. Библи нын дзуры, «ацы дуне мауал фӕзмут», зӕгъгӕ. Уӕдӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕмӕ йын ӕхсызгон цы у, уый аразӕм (ЙЕГЪОВӔ ДӔ КӔЙ ХЪАХЪХЪӔНДЗӔН, УУЫЛ ДӔ ЗӔРДӔ ДАР
16, 17. а) Уынаффӕ рахӕссыны размӕ уал-иу, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый цӕмӕн хъуамӕ базонӕм? б) Израилӕгтӕ сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй нӕ дардтой, уый куыд рабӕрӕг?
16 Гыццыл сывӕллон истӕмӕй куы фӕтӕрсы, уӕд, хъуыды дӕр нӕ акӕны, афтӕ йӕ ныййарджытӕм балидзы, цӕмӕй йӕ бахъахъхъӕной. Ӕмӕ куы сыстыр вӕййы ӕмӕ куы фембаргӕдӕр вӕййы, уӕд дӕр хатгай йӕ ныййарджытӕй ӕххуыс бацагуры, уымӕн ӕмӕ фембары, хорз уынаффӕ йын кӕй ратдзысты. Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ дӕр махӕн бар дӕтты, цӕмӕй уынаффӕтӕ нӕхӕдӕг хӕссӕм. Фӕлӕ йыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй дзы уӕддӕр ӕххуыс фӕагурӕм ӕмӕ-иу уынаффӕ рахӕссыны размӕ базонӕм, уыцы хъуыддаджы фӕдыл Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый. Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй хай кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ бон уа, раст цы у, уый аразын (Фил. 2:13).
17 Иухатт Самуилы рӕстӕджы израилӕгтӕ филистимӕгтимӕ схӕцыдысты, фӕлӕ сӕ уыдон ныддӕрӕн кодтой. Уӕд израилӕгтӕ Йегъовӕйы бафӕрсыны бӕсты сӕхи зондӕй аскъуыддзаг кодтой, дарддӕр куыд кӕндзысты, уый. Уыдон загътой: «Цом, ӕмӕ Силомӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын рахӕссӕм, цӕмӕй не ’хсӕн уа ӕмӕ нӕ не знӕгты къухӕй ирвӕзын кӕна». Цымӕ дарддӕр хабар куыд рауад? «Израилы адӕмӕй тынг бирӕ фӕхъуыди – ӕртын мин фистӕг хӕстоны. Хуыцауы бадзырды чырын дӕр байстой» (1 Сам. 4:2–4, 10, 11). Израилӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ бадзырды чырын се ’хсӕн куы уа, уӕд сын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ хъахъхъӕндзӕн. Фӕлӕ ӕххуыс Йегъовӕйӕн йӕхицӕй нӕ ракуырдтой, стӕй, уый цы хъуыды кӕны, уый бамбарыныл дӕр нӕ бацархайдтой. Уыдон бакодтой, сӕхимӕ растдӕр куыд касти, афтӕ, ӕмӕ сын уый стыр зиан ӕрхаста. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 14:12.)
18. Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй Библи цы дзуры?
18 Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы тынг уарзта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардта. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс. Ӕз ӕй нырма кадджын кӕндзынӕн – ме стыр ирвӕзынгӕнӕджы. О мӕ Хуыцау, мӕ уд ӕрдуйӕ нарӕгдӕр сси. Уый тыххӕй дӕ ӕрымысын» (Пс. 42:5, 6). Ды дӕр Йегъовӕмӕ ахӕм зӕрдӕ дарыс? Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ уарзыс ӕмӕ йыл ӕууӕндыс? Кӕд «о» зӕгъдзынӕ, уӕддӕр дӕ бон у бацархайын, цӕмӕй йыл дӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарай. Библи нын дзуры: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмб. 3:5, 6).
19. Цы араздзынӕ, цӕмӕй бӕрӕг уа, Йегъовӕйы кӕй уарзыс?
19 Йегъовӕ нӕ фыццаг кӕй бауарзта, уымӕй нын равдыста, куыд ӕй хъуамӕ уарзӕм, уый. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр хъуыды кӕнӕм, Хуыцау мах тыххӕй цас сарӕзта ӕмӕ нӕ куыд тынг уарзы, ууыл. Ӕмӕ алкӕддӕр бӕрӕг уӕд, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ йӕ ӕппӕт хъаруйӕ кӕй уарзӕм, уый (Мар. 12:30).