Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийау фӕлтӕрдджын суай, уымӕ тырныс?

Чырыстийау фӕлтӕрдджын суай, уымӕ тырныс?

«Алцӕмӕй дӕр Чырыстийау... сырӕзӕм» (ЕФ. 4:13).

ЗАРДЖЫТӔ: 69, 70

1, 2. Алы чырыстонӕн дӕр йӕ нысан цы у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

СЫЛГОЙМАГ базары йӕ бинонтӕн дыргътӕ куы фелхӕны, уӕд сӕ цӕмӕ гӕсгӕ февзары? Стырдӕр кӕнӕ сӕ асламдӕр чи у, алы хатт уымӕ нӕ фӕкӕсы. Уый февзары, хорз тӕф чи кӕны, адджын чи у ӕмӕ йӕ бинонтӕн пайда чи фӕуыдзӕн, ахӕм дыргътӕ. Иудзырдӕй, фӕагуры рӕгъӕд дыргътӕ.

2 Фӕлтӕрдджын чырыстӕтты абарӕн ис рӕгъӕд дыргътимӕ. Адӕймаг Йегъовӕйы тыххӕй куы базоны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уый фӕстӕ дӕр йӕ уырнындзинад фӕрӕзы. Ӕмӕ йӕ нысан вӕййы, цӕмӕй суа фӕлтӕрдджын чырыстон, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ахӕм лӕггадгӕнджытӕ хъӕуы. Уыцы фӕлтӕрддзинад уымӕ нӕ амоны, ӕмӕ дыл ӕнӕуи азтӕ рацӕуа. Уый амоны, дӕ уырнындзинад кӕй фидардӕр кӕны ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕввахсдӕр кӕныс, уымӕ. Апостол Павел Ефесы цӕрӕг чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй фӕлтӕрддзинадмӕ тырной, «цалынмӕ уырнындзинады ӕмӕ, Хуыцауы Фырт чи у, уый бӕлвырдӕй базоныны хъуыддаджы [се] ’ппӕт дӕр иу зондмӕ не ’рцӕуой, цалынмӕ [сӕ] лӕджы кары нӕ бацӕуой ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Чырыстийау нӕ сырӕзой, уӕдмӕ» (Еф. 4:13).

3. Ефесы ӕмбырды цы уавӕр уыди, уый куыд абарӕн ис, абон Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы уавӕр ис, уыимӕ?

3 Ефесы ӕмбырд фӕзынд, Павел сӕм фыстӕг куы ныффыста, уымӕй цасдӕры размӕ, ӕмӕ дзы бирӕтӕ уӕдмӕ дӕр фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ уыдысты. Фӕлӕ дзы кӕйдӕрты фӕлтӕрддзинадмӕ нырма бирӕ хъуыди. Абон дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ ныридӕгӕн фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ сты. Фӕлӕ ӕмбырдты уый алкӕмӕй зӕгъӕн нӕй. Зӕгъӕм, алы аз дӕр донаргъуыд райсынц мингай адӕймӕгтӕ, ӕмӕ уыдоны фӕхъӕуы фӕлтӕрддзинадмӕ тырнын. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? (Кол. 2:6, 7).

ЧЫРЫСТОН ФӔЛТӔРДДЖЫН ЦӔЙ ФӔРЦЫ СВӔЙЙЫ?

4, 5. Фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, фӕлӕ сӕм уӕддӕр иумӕйагӕй цы ис? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

4 Базары дыргътӕ куы февзарыс, уӕд ӕй феныс, рӕгъӕд дыргътӕ дӕр ӕмхуызон кӕй нӕ вӕййынц. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр цӕмӕдӕр гӕсгӕ вӕййы рӕгъӕд схонӕн, ӕмӕ уымӕй вӕййынц иухуызон. Раст афтӕ у фӕлтӕрдджын чырыстӕтты хабар дӕр – уыдон дӕр алцӕмӕй иухуызон не сты. Уыцы чырыстӕттӕ сты алыхуызон бӕстӕтӕй, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, сты алыхуызон кары ӕмӕ се ’нӕниздзинад дӕр иухуызон нӕу. Стӕй ма, сӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уымӕй дӕр хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр се ’ппӕтмӕ дӕр ис, фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ схонӕн сӕ кӕй фӕрцы ис, уыцы миниуджытӕ. Цымӕ цавӕр миниуджытӕ сты?

5 Фӕлтӕрдджын чырыстон Йесойы «къахвӕдтыл цӕуы» ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр фӕзмы (1 Пет. 2:21). Йесо загъта, сӕйрагдӕр кӕй у, цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй уарза, стӕй цӕмӕй адӕмы дӕр уарза, йӕхи куыд уарзы, афтӕ (Матф. 22:37–39). Ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстон архайы уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цӕрыныл – йӕ цардӕй бӕрӕг вӕййы, ӕппӕты ахсджиагдӕр ын кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар уа ӕмӕ адӕмы удуӕлдай уарзтӕй уарза.

Ацӕргӕ чырыстӕттӕ Йесойы сӕрныллӕгдзинад бафӕзмдзысты, ӕрыгон ӕфсымӕртӕн сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн куы ӕххуыс кӕной, уӕд (кӕс 6 абзац)

6, 7. а) Фӕлтӕрдджын чырыстонмӕ цы миниуджытӕ вӕййы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты? б) Алчидӕр нӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?

6 Фӕлӕ уарзондзинад у, фӕлтӕрдджын чырыстонмӕ цы миниуджытӕ вӕййы, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр сӕ иу (Гал. 5:22, 23). Фӕлтӕрдджын чырыстон ма вӕййы фӕлмӕн удыхъӕды хицау, стӕй хиуылхӕцгӕ ӕмӕ фӕразон. Уыцы миниуджыты фӕрцы зын уавӕрты дӕр не смӕсты вӕййы ӕмӕ истӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл вӕййы, уӕд дӕр йӕ ныфс нӕ асӕтты. Фӕлтӕрдджын чырыстон Библи куы фӕахуыр кӕны, уӕд дзы фӕагуры, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарынӕн ын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Афтӕмӕй йе ’фсарм фӕахуыр кӕны, ӕмӕ уый фӕрцы зондджын уынаффӕтӕ фӕхӕссы. Фӕлтӕрдджын чырыстон вӕййы сӕрныллӕг, ӕмӕ фӕзоны, Йегъовӕ цы амоны, уый алкӕддӕр, йӕхӕдӕг куыд хъуыды кӕны, уымӕй хуыздӕр кӕй вӕййы *. Стӕй ма хорз хабар дӕр зынгзӕрдӕйӕ фӕхъусын кӕны ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа.

7 Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ хъуамӕ алчидӕр ахъуыды кӕна: «Цавӕр хъуыддӕгты мӕ хъӕуы мӕхи фӕивын, цӕмӕй Йесойы ноджы хуыздӕр фӕзмон ӕмӕ ноджы фӕлтӕрдджындӕр суон?»

«ХЪӔБӔР ХӔРИНАГ... У ФӔЛТӔРД АДӔЙМӔГТӔН»

8. Йесо Фыстад куыд зыдта, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

8 Йесо Чырысти Фыстад тынг хорз зыдта. Дыууадӕс азы йеддӕмӕ йыл куы нӕ цыди, уӕд дӕр йӕ бон уыди Фыстады тыххӕй кувӕндоны ахуыргӕнджытимӕ ныхас кӕнын. «Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ дисӕн кӕрон нал уыд, куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты, зӕгъгӕ» (Лук. 2:46, 47). Фӕстӕдӕр, хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд, Хуыцауы Ныхасӕй афтӕ арӕхстджынӕй пайда кодта, ӕмӕ-иу йе знӕгтӕн йӕ ныхмӕ сӕ бон ницыуал уыди зӕгъын (Матф. 22:41–46).

9. а) Фӕлтӕрдджын чырыстон Библи куыд фӕахуыр кӕны? б) Библи ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ нысан цы хъуамӕ уа?

9 Кӕд адӕймаджы фӕнды, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суа, уӕд хъуамӕ Хуыцауы Ныхас ӕрмӕст уӕлӕнгӕйтты ма зона, фӕлӕ йӕ Йесойау хорз ӕмбара. Уый тыххӕй та хъуамӕ Библи ӕдзухдӕр лӕмбынӕг ахуыр кӕна, уымӕн ӕмӕ «хъӕбӕр хӕринаг... у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн» (Дзут. 5:14). Фӕлтӕрдджын чырыстоны фӕнды, Библи цы дзуры, уый «бӕлвырдӕй зонын» (Еф. 4:13). Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Библи алы бон дӕр фӕкӕсыс? Алы къуыри дӕр ӕй дӕхӕдӕг, стӕй дӕ бинонтимӕ фӕахуыр кӕныс? Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу архай, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый бамбарыныл. Уый тыххӕй-иу ахъуыды кӕн, цы кӕсыс, уым цавӕр уагӕвӕрдтӕ ис, ууыл. Ӕмӕ-иу стӕй уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архай. Афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ.

10. Фӕлтӕрдджын чырыстон Хуыцауы уынаффӕтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм цы цӕстӕй кӕсы?

10 Фӕлтӕрдджын чырыстон ӕмбары, Библи цы дзуры, уый зонын фаг кӕй нӕу. Хъуамӕ Хуыцауы уынаффӕтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ уарзгӕ дӕр кӕна. Ӕмӕ сӕ кӕй уарзы, уый та бӕрӕг вӕййы, сӕйрагдӕр ын, йӕхи цы фӕнды, уый кӕй нӕ вӕййы, фӕлӕ, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый. Ахӕм адӕймаг йӕ цардыуаг дӕр ӕмӕ йӕ зондахаст дӕр фӕивы. Уый фӕархайы, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр Йесойы фӕзма ӕмӕ афтӕмӕй йӕ «удыхъӕд ногмӕ раива – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ». (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:22–24.) Библи фыст ӕрцыд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй. Уӕдӕ адӕймаг Библи куы фӕахуыр кӕны, уӕд ын сыгъдӕг тых феххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хуыздӕр бамбара, йӕ уагӕвӕрдтӕ йын фылдӕр бауарза ӕмӕ Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уа.

ИУДЗИНАДМӔ ТЫРНУТ

11. Йесо зӕххыл цавӕр адӕмы ’хсӕн цард?

11 Йесо Чырысти уыд ӕххӕст адӕймаг, фӕлӕ царди ӕнӕххӕст адӕмы ’хсӕн. Йӕ ныййарджытӕ, стӕй йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ дӕр ӕнӕххӕст уыдысты. Суанг ма-иу йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ дӕр хатгай иннӕ адӕмау сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон разындысты. Зӕгъӕм, Йесойы мӕлӕты размӕ ’хсӕв «апостолты ’хсӕн рауад карз быцӕу... уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл» (Лук. 22:24). Фӕлӕ кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ кӕй суыдзысты ӕмӕ сӕ фӕрцы, иудзинад кӕм уыдзӕн, ахӕм ӕмбырд кӕй сырӕздзӕн. Уыцы изӕр Йесо йӕ уӕларвон Фыдӕй куырдта, цӕмӕй йӕ апостолты ’хсӕн иудзинад уыдаид, ӕмӕ загъта: «Ды, мӕ Фыд, мемӕ иудзинады куыд дӕ ӕмӕ ӕз та демӕ иудзинады куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр уӕнт немӕ иудзинады... цӕмӕй, ды ӕмӕ ӕз ӕмвӕндӕй куыд архайӕм, афтӕ уыдон дӕр ӕмвӕндӕй архайой» (Иоан. 17:21, 22).

12, 13. а) Чырыстӕттӕн сӕ нысан цы у? б) Иу ӕфсымӕрӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зондахаст фӕива ӕмӕ иудзинадмӕ тырна?

12 Фӕлтӕрдджын чырыстон фӕархайы, цӕмӕй ӕмбырды иудзинад уа. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:1–6, 15, 16.) Махӕн нӕ нысан у, цӕмӕй «кӕрӕдзийыл хӕцӕм», ома иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнӕм. Цӕмӕй нӕм ахӕм иудзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг. Фӕлтӕрдджын чырыстон иннӕты ӕнӕххӕстдзинад куы фӕуыны, уӕддӕр сӕрныллӕгӕй фӕархайы ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕныныл. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй исчи куы фӕрӕдийы, уӕд ӕм цы цӕстӕй ракӕсыс? Исчи дӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд куыд бакӕныс? Йемӕ нал фӕныхас кӕныс ӕви бафидауыныл бацархайыс? Ӕндӕр ныхасӕй, уе ’хсӕн къул амайын райдайыс ӕви хид? Фӕлтӕрдджын чырыстон фӕархайы къултӕ нӕ, фӕлӕ хидтӕ аразыныл.

13 Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Увейы хабармӕ. Раздӕр-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты рӕдыдтыты тыххӕй йӕ ныфс асаст. Фӕлӕ иуафон Библийы ӕмӕ «Фыстады ӕмбарынад»-ы фӕрцы лӕмбынӕг ӕркаст Давиды царды хабӕрттӕм. Давиды хабӕрттӕм та цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Давидӕн Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ бирӕ маст бавзарын кодтой. Зӕгъӕм, паддзах Саул архайдта Давиды амарыныл, адӕмӕй йӕ чидӕртӕ та хъавыдысты дуртӕй марынмӕ. Суанг ма йыл йӕ бинойнаг дӕр худгӕ кодта (1 Сам. 19:9–11; 30:1–6; 2 Сам. 6:14–22). Фӕлӕ иннӕтӕ цыфӕнды ма арӕзтаиккой, уӕддӕр Давид Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ дардта. Стӕй ма уыди фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг. Ӕмӕ Уве куыд зӕгъы, афтӕмӕй уый дӕр уыцы миниуӕгыл кусын хъуыди. Библийӕ цы базыдта, уый фӕрцы бамбӕрста, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ хоты ӕнӕххӕстдзинадмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕса. Уве зӕгъы: «Ныр сын сӕ рӕдыдтытӕ нал нымайын, фӕлӕ архайын ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕныныл». Дӕуӕн дӕр дӕ нысан уый у?

ӔМБӔЛТТӔ АГУР, ХУЫЦАУЫ ФӔНДОН ЧИ ӔХХӔСТ КӔНЫ, УЫДОНЫ ’ХСӔН

14. Йесойы ӕмбӕлттӕ чи уыдысты?

14 Йесо адӕммӕ хӕлар зӕрдӕ дардта. Нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр, хистӕртӕн дӕр ӕмӕ кӕстӕртӕн дӕр, ӕмӕ ма суанг гыццыл сывӕллӕттӕн дӕр,– алкӕмӕн дӕр йемӕ ӕнцон уыд. Фӕлӕ, йе ’ввахс ӕмбал чи уыдзӕн, уымӕ Йесо куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ касти. Йӕ апостолтӕн загъта: «Цы уын фӕдзӕхсын, уый кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд стут мӕ хӕлӕрттӕ» (Иоан. 15:14). Йесойы ӕмбӕлттӕ уыдысты, ӕнувыд ыл чи уыд ӕмӕ йӕ фӕдыл чи цыди, стӕй Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, уыдон. Дӕуӕн дӕр де ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзынц? Цымӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

15. Ӕрыгӕттӕн се ’мбӕлттӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ куы уой, уӕд сын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн?

15 Дыргътӕн сӕ фылдӕр хуры хъарм тынтӕм хуыздӕр срӕгъӕд вӕййынц. Раст афтӕ дӕуӕн дӕр, хотӕ ӕмӕ дӕ ’фсымӕртӕ сӕ уарзондзинадӕй, сӕ зӕрдӕйы хъармӕй кӕй тавынц, уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон суай. Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕныс, дарддӕр дӕ цард куыд саразай, ууыл. Зондыл дзурӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн дзӕвгар рӕстӕг чи лӕггад кӕны ӕмӕ ӕмбырды иудзинадӕн чи ахъаз кӕны, дӕхицӕн ӕмбӕлттӕ уыдоны ’хсӕн куы агурай. Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ царды бирӕ федтой, стӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Ӕмӕ дын уыдон царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг равзарынӕн баххуыс кӕндзысты. Дӕ рӕстӕг ахӕм чырыстӕттимӕ куы ’рвитай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ фӕлтӕрддзинадмӕ тырнын. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:14.)

16. Иу хойӕн, ӕрыгон куы уыди, уӕд ӕмбырды фӕлтӕрдджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд баххуыс кодтой?

16 Нӕ хо Хельгӕ хъуыды кӕны, скъолайы фӕстаг аз куы ахуыр кодта, уӕд йе ’мкъласонтӕ арӕх кӕй ныхас кодтой, скъолайы фӕстӕ цы кусдзысты, ууыл. Бирӕты сӕ фӕндыд университетмӕ бацӕуын, цӕмӕй уый фӕстӕ хорз куыст ссардтаиккой. Фӕлӕ Хельгӕ уыцы фарстайы тыххӕй аныхас кодта, ӕмбырды йын цы фӕлтӕрдджын ӕмбӕлттӕ уыди, уыдонимӕ, ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Сӕ фылдӕр уыдысты мӕнӕй хистӕр, ӕмӕ мын тынг баххуыс кодтой. Уыдон мӕ баразӕнгард кодтой, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаин. Ӕмӕ уый фӕстӕ фондз азы фӕлӕггад кодтон пионерӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕ рацыд, ӕмӕ тынг амондджын дӕн, ме ’рыгон бонты мӕ хъарутӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ кӕй сарӕзтон. Ӕз ӕппындӕр ницӕуыл фӕсмон кӕнын».

17, 18. Йегъовӕйӕн, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ кӕд лӕггад кӕндзыстӕм?

17 Царды алы хъуыддаджы дӕр Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд фӕлтӕрдджындӕр кӕндзыстӕм. Стӕй Йегъовӕмӕ дӕр ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йын ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм. Чырыстон фӕлтӕрдджын куы уа, уӕд йӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйӕн, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ лӕггад кӕнын. Йесо дӕр йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта: «Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной» (Матф. 5:16).

18 Куыд базыдтам, афтӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс сты. Чырыстон фӕлтӕрдджын кӕй у, уый ма бӕрӕг вӕййы, йе ’фсарм ын цы фӕдзуры, уымӕй, стӕй йӕм фӕхъусы ӕви нӕ, уымӕй дӕр. Цымӕ нын не ’фсарм раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн? Ӕмӕ нӕ бон куыд у, не ’мчырыстӕттӕн се ’фсарм цы дзуры, уымӕн аргъ кӕнын? Ацы фарстатыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 6 абз. Зӕгъӕм, ацӕргӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕрӕн, чи зоны, зӕгъой, цӕмӕй йӕ хӕстӕй кӕцыдӕртӕ ныууадза ӕмӕ сӕ уый бӕсты чи ӕххӕст кӕндзӕн, уыцы ӕрыгон ӕфсымӕрӕн ӕххуыс кӕна.