Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ царды Хуыцауы къух уыныс?

Дӕ царды Хуыцауы къух уыныс?

«Йегъовӕйы къух раргом уыдзӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕн» (ИС. 66:14).

ЗАРДЖЫТӔ: 65, 26

1, 2. Иуӕй-иутӕ Хуыцауы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц?

АБОН бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн цӕрынц, Хуыцау та – йӕхӕдӕг йӕхицӕн. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ, адӕмыл цытӕ цӕуы, уый Хуыцауы ӕппындӕр не ’ндавы. Зӕгъӕм, 2013 азы ноябры Филиппинты астӕуккаг хайыл тыхдымгӕ «Хайян» куы рацыд ӕмӕ бӕстӕ куы ныппырх кодта, уӕд иу стыр горӕты мэр загъта: «Ӕвӕццӕгӕн, уыцы рӕстӕг Хуыцау ӕндӕр кӕмдӕр уыди».

2 Чидӕртӕ та афтӕ цӕрынц, цыма сӕ Хуыцау нӕ уыны (Ис. 26:10, 11; 3 Иоан. 11). Апостол Павелы рӕстӕджы дӕр уыди ахӕм адӕм. Уыдоны тыххӕй Павел загъта: «Хуыцау чи у, уый сӕ бӕлвырдӕй базонын... нӕ бафӕндыд». Уыцы адӕм уыдысты «хӕрам ӕмӕ ӕнӕхуыцау, зыд» ӕмӕ «фыдзӕрдӕ» (Ром. 1:28, 29).

3. а) Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм? б) Библийы Хуыцауы «къух» арӕх цӕмӕ фӕамоны?

3 Махӕн та куыд у нӕ хабар? Цы адӕмы кой ракодтам, уыдонӕй уӕлдай мах зонӕм, Йегъовӕ нын нӕ алы къахдзӕф дӕр кӕй уыны. Фӕлӕ ныл кӕй тыхсы, уый дӕр нӕ, цымӕ, афтӕ фидарӕй уырны? Йе ’ххуысы къух ын уынӕм? Библийы Хуыцауы «къух» арӕх фӕамоны, Хуыцау йӕ тыхӕй кӕй спайда кӕны, уымӕ. Зӕгъӕм, йӕ тыхы фӕрцы Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн баххуыс кӕны ӕмӕ йе знӕгты ныппырх кӕны. (Бакӕс Дыккаг закъон 26:8.) Йесо та загъта, адӕмӕй чидӕртӕ Хуыцауы кӕй фендзысты (Матф. 5:8). Цымӕ мах дӕр уыдонмӕ хауӕм? Нӕ бон куыд у Хуыцауы фенын? Цӕй ӕмӕ Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ базонӕм, сӕ царды Хуыцауы къух чи нӕ уыдта, уыдоны тыххӕй ӕмӕ йӕ чи уыдта, уыдоны тыххӕй дӕр. Уый фӕстӕ та базондзыстӕм, уырнындзинад нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы къух уынӕм.

УЫДОН ХУЫЦАУЫ КЪУХ НӔ УЫДТОЙ

4. Израилы знӕгтӕ Хуыцауы къух цӕуылнӕ уыдтой?

4 Раджы заман бирӕтӕн уыди фадат, цӕмӕй, Хуыцау Израилы адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый федтаиккой ӕмӕ уый тыххӕй фехъуыстаиккой. Йегъовӕ бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, цӕмӕй йӕ адӕмы Египетӕй ракодтаид. Уый фӕстӕ та сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй, Зӕрдӕвӕрд зӕххы цы паддзӕхтӕ уыд, уыдоныл иу иннӕйы фӕдыл уӕлахиз кодтаиккой (Йес. Н. 9:3, 9, 10). Иорданы ныгуылӕн фарс чи цард, уыцы паддзӕхтӕ уыдӕтты тыххӕй фехъуыстой, фӕлӕ уӕддӕр «ӕрӕмбырд сты ӕмӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй иумӕ схӕцой Йесо ӕмӕ Израилы ныхмӕ» (Йес. Н. 9:1, 2). Ӕмӕ семӕ куы схӕцыдысты, уӕд дӕр сын фадат уыди, цӕмӕй Хуыцауы къух федтаиккой. Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ «хур лӕууыд йӕ бынаты, ӕмӕ мӕй дӕр не змӕлыд, цалынмӕ адӕм се знӕгтӕй сӕ маст нӕ райстой, уӕдмӕ» (Йес. Н. 10:13). Фӕлӕ Йегъовӕ Израилы знӕгты «сӕхи бар ауагъта, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой ӕмӕ Израилимӕ схӕцыдысты» (Йес. Н. 11:20). Израилӕгты сӕрыл Йегъовӕ кӕй хӕцы, ууыл се знӕгты басӕттын нӕ фӕндыд, ӕмӕ уый тыххӕй бабын сты.

5. Фыдзӕрдӕ паддзах Ахав цӕуыл нӕ басаст?

5 Фӕстӕдӕр фыдзӕрдӕ паддзах Ахавӕн дӕр бирӕ фадӕттӕ уыди Хуыцауы къух фенынӕн. Илийа йын загъта: «Зӕххыл нӕдӕр ӕртӕх уыдзӕн, нӕдӕр къӕвда ӕруардзӕн, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ» (1 Пад. 17:1). Ахӕм хабарӕн гӕнӕн уыди ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы, фӕлӕ Ахав ууыл нӕ баууӕндыд. Фӕстӕдӕр, Илийа Йегъовӕмӕ куы скуывта, уӕд, уӕларвӕй арт ӕрцыд, ӕмӕ уый Ахав дӕр федта. Уый фӕстӕ та Илийа Ахавӕн загъта, Йегъовӕ хус рӕстӕгӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ тӕрккъӕвда кӕй ныккалдзӕн, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ ’рцыд (1 Пад. 18:22–45). Ахав ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ федта, фӕлӕ уӕддӕр нӕ басаст, уыдӕттӕ Йегъовӕйы стыр хъаруйы фӕрцы арӕзт кӕй ӕрцыдысты, ууыл. Цымӕ ацы цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ уынӕм, Йегъовӕ куыд архайы, уый.

УЫДОН УЫДТОЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ КЪУХ

6, 7. Гаваоны цӕрджытӕ ӕмӕ Раав цы ӕмбӕрстой?

6 Гаваоны цӕрджытӕ тынг хицӕн кодтой, сӕ алыварс чи цард, уыцы адӕмтӕй – уыдон Хуыцауы къух уыдтой. Ӕмӕ израилӕгтимӕ схӕцыны бӕсты семӕ фидыды бадзырд скодтой. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, сӕхӕдӕг куыд загътой, афтӕмӕй, фехъуыстой Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, цы диссӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй (Йес. Н. 9:3, 9, 10). Уыдон зондджын разындысты ӕмӕ бамбӕрстой, Израилы адӕмы сӕрыл ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ кӕй тох кодта, уый.

7 Раав дӕр уыдта Йегъовӕйы къух. Уыцы сылгоймаг израилаг нӕ уыди, фӕлӕ фехъуыста, Йегъовӕ йӕ адӕмы Египетӕй куыд ссӕрибар кодта, уый. Дыууӕ израилаг сгарӕджы йӕм куы ’рбацыд, уӕд сын загъта: «Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ ацы зӕхх сымахӕн ратдзӕн». Раавы уырныдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр фервӕзын кӕна. Ӕмӕ кӕд зыдта, йӕхи тӕссаг уавӕры кӕй ӕппары, уӕддӕр хъуыддагӕй равдыста, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕнды, уый (Йес. Н. 2:9–13; 4:23, 24).

8. Израилӕгтӕй иуӕй-иутӕ куыд бамбӕрстой, цы хабӕрттӕ уыдтой, уыдон Хуыцауӕй кӕй уыдысты?

8 Илийайы куывды фӕстӕ уӕларвӕй арт куыд ӕрцыд, уый фенгӕйӕ израилӕгтӕй иуӕй-иутӕ, фыдзӕрдӕ паддзах Ахавӕй уӕлдай, бамбӕрстой, уый Хуыцауӕй кӕй у, ӕмӕ загътой: «Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау!» (1 Пад. 18:39). Уыдонӕн алцыдӕр уыд бӕлвырд-бӕрӕг!

9. Нӕ бон куыд у Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ къух уынын?

9 Цы цӕвиттонтӕм ӕркастыстӕм, уыдоны фӕрцы,– хорз цӕвиттонты фӕрцы дӕр ӕмӕ ӕвзӕр цӕвиттонты фӕрцы дӕр,– нӕ бон у бамбарын, цы нысан кӕны Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ къух уынын. Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ын нӕ «зӕрдӕйы цӕстыты» фӕрцы йӕ къух фӕуынӕм (Еф. 1:18). Хуыцау йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый чи уыдта, ахӕм адӕм раджы заманты дӕр бирӕ уыди ӕмӕ ныр дӕр ис. Ӕмӕ мах дӕр фӕнды уыдоны фӕзмын. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн абон дӕр кӕй ӕххуыс кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

ХУЫЦАУЫ КЪУХ АБОН ЦАВӔР ХЪУЫДДӔГТЫ ЗЫНЫ

10. Йегъовӕ абон дӕр адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

10 Йегъовӕ абон дӕр адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Тынг арӕх фехъусӕм ахӕм хабӕрттӕ, ӕмӕ чидӕр Хуыцаумӕ куывта ӕмӕ йын Хуыцау йӕ куывдтытӕ фехъуыста (Пс. 53:2). Зӕгъӕм, иу ӕфсымӕр, Аллан, Филиппинты иу гыццыл сакъадахыл куы хъусын кодта, уӕд иу сылгоймагыл фембӕлд ӕмӕ, йемӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд сылгоймаг ныккуыдта. Аллан загъта: «Тӕккӕ уыцы райсом Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй йӕм йӕ лӕггадгӕнджыты ӕрбарвыстаид. Ӕрыгон чызг куы уыд, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кодта, фӕлӕ чындзы куы ацыд ӕмӕ уыцы сакъадахыл куы ’рцард, уӕд ын йӕ ахуыр адарддӕр кӕнын нал бантыст. Хуыцау ын йӕ куывдӕн дзуапп афтӕ тагъд кӕй радта, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕ суынгӕг». Афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ уыцы сылгоймаг йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта.

Йегъовӕ абон йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый уыныс? (кӕс 11–13 абзацтӕ)

11, 12. а) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны? б) Радзур, Хуыцау иу хойӕн куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй.

11 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ сӕхи царды федтой йе ’ххуысы къух – сӕ тамако ныууагътой, наркотиктӕ нал кӕнынц ӕмӕ порнографимӕ нал кӕсынц. Иуӕй-иутӕ сӕ, цалынмӕ Йегъовӕйы нӕ зыдтой, уӕдмӕ дӕр бирӕ хӕттыты архайдтой уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзыныл, фӕлӕ сын сӕхи хъарутӕй ницы уади. Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы ракуырдтой, уӕд сын уый та радта, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару», ӕмӕ ӕппынфӕстаг сӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл фӕуӕлахиз сты (2 Кор. 4:7; Пс. 37:23, 24).

12 Бирӕтӕ Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнынц. Уый тыххӕй цавӕрдӕр зындзинӕдтыл дӕр сӕмбӕлынц, зӕгъӕм, фӕхъӕуы сӕ ног уавӕртыл ахуыр кӕнын. Фӕлӕ сын Йегъовӕ уыцы хъуыддаджы дӕр баххуыс кӕны. Афтӕ уыд йӕ хабар нӕ хо Эмийӕн. Эмийы снысан кодтой Сабыр океаны иу гыццыл сакъадахмӕ, цӕмӕй уым Паддзахады зал ӕмӕ миссионерты хӕдзар аразынмӕ фӕкастаид. Нӕ хо радзырдта: «Иу гыццыл уазӕгдзӕрӕны ӕрцардыстӕм, ӕмӕ-иу кусынмӕ алы бон дӕр цыдыстӕм цъыф фӕндӕгтыл». Уыцы бӕстӕйы адӕм бынтон ӕндӕрхуызон ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты ӕмӕ йӕ ууыл дӕр ахуыр кӕнын хъуыди. Стӕй ма-иу сӕм рухс ӕмӕ дон дӕр арӕх нӕ уыд. Эми ма загъта: «Ноджы зындӕр та мын уый уыд, ӕмӕ иухатт, немӕ чи куыста, уыцы хотӕй иуыл схъӕртӕ кодтон. Мӕхимӕ ницыуал кастӕн, ӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхтӕн, уӕд мӕ талынг уаты Йегъовӕйӕн мӕ зӕрдӕйы мӕстытӕ фӕдзырдтон ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуырдтон». Рухс куы ссыгъд, уӕд Эми «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» бакасти статья Галаады скъолайы тыххӕй. Уыцы статьяйы дзырд цыди, Эми цыдӕриддӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уыдоныл: ӕндӕр ӕгъдӕуттыл ахуыр кӕнын, ног адӕмимӕ кусын, хиуӕтты мысын. Эми загъта: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ уыцы изӕр мемӕ Йегъовӕ ныхас кодта. Уый фӕрцы мӕм хъарутӕ фӕзынд, цӕмӕй дарддӕр дӕр лӕггад кодтаин» (Пс. 44:25, 26; Ис. 41:10, 13).

13. Йегъовӕ нын хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

13 Йегъовӕ ма йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз хабары сӕрыл дзурой ӕмӕ-иу хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕной (Фил. 1:7). Зӕгъӕм, кӕцыдӕр хицауӕдтӕ-иу архайдтой хъусын кӕныны хъуыддаг бауромыныл, фӕлӕ-иу мах тӕрхондонмӕ балӕвӕрдтам. Ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр рамбылдтам ӕппынкъаддӕр 268 хъуыддаджы. Уыдонӕй 24 хъуыддаджы рамбылдтам Европӕйы тӕрхондоны, ӕмӕ уый ӕрмӕстдӕр 2 000 азӕй фӕстӕмӕ. Бӕрӕг у, Йегъовӕйы къух ничи бауромдзӕн! (Ис. 54:17; бакӕс Исайы 59:1).

14. Йегъовӕ йӕ адӕмимӕ кӕй ис, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй бӕрӕг у?

14 Хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны (Матф. 24:14; Хъуыд. 1:8). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, фӕлӕ уӕддӕр се ’хсӕн ис иудзинад. Уымӕн дӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы ис гӕнӕн. Дунейы ахӕм иудзинад ӕндӕр никуы ис! Ӕмӕ уый диссаг куыннӕ у! Суанг ма, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон дӕр фӕзӕгъынц: «Хуыцау ӕцӕгдӕр ис уемӕ» (1 Кор. 14:25). Йегъовӕ йӕ адӕмимӕ кӕй ис, уый бирӕ хъуыддӕгтӕй зыны. (Бакӕс Исайы 66:14.) Фӕлӕ цымӕ дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Йегъовӕйы къух дӕ царды уыныс?

ЙЕГЪОВӔЙЫ КЪУХ ДӔ ЦАРДЫ УЫНЫС?

15. Иуӕй-иу хатт Йегъовӕйы къух цӕуылнӕуал фӕуынӕм?

15 Иуӕй-иу хатт, чи зоны, Йегъовӕйы къух нӕ царды нӕ фӕуынӕм. Цымӕ афтӕ цӕмӕн рауайы? Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ, чи зоны, айрох вӕййы, Йегъовӕ нын уый размӕ дӕр бирӕ хӕттыты кӕй баххуыс кодта. Ахӕм хабар ӕрцыд Илийайыл дӕр. Илийа хъӕбатыр уыд, фӕлӕ йӕ ус-паддзах Йезавел марынмӕ куы хъавыд, уӕд тынг фӕтарст. Уыцы рӕстӕг ӕй айрох, Йегъовӕ йын раздӕр куыд ӕххуыс кодта, уый. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Илийа йӕхицӕн мӕлӕт курын райдыдта (1 Пад. 19:1–4). Цымӕ йӕ цы бафидар кодтаид? Илийайы хъуыди Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын! (1 Пад. 19:14–18).

16. Зындзинӕдты рӕстӕг дӕр нӕ бон куыд у Хуыцауы уынын?

16 Иов дӕр йӕ зындзинӕдтӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницыуал уыдта, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон нӕ уыд йӕ уавӕрмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын (Иов 42:3–6). Иуӕй-иу хатт махӕн дӕр нӕ зындзинӕдты тыххӕй, чи зоны, зын вӕййы Хуыцауы уынын, ома алцӕмӕдӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсын. Цымӕ нын уӕд цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, нӕ зындзинӕдты тыххӕй Фыстад цы дзуры, ууыл. Уый фӕрцы Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм ӕмӕ уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Ӕз дын дӕ кой хъуыстон, фӕлӕ дӕ ныр уынын мӕхи цӕстӕй».

Йегъовӕ дӕ фӕрцы иннӕтӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ уыдон дӕр уыной? (кӕс 17, 18 абзацтӕ)

17, 18. а) Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ царды Йегъовӕйы къух уынӕм? б) Йегъовӕ нын абон дӕр кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

17 Дӕ бон куыд у Йегъовӕйы ӕххуысы къух фенын? Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр хъуыддагмӕ. Чи зоны, ӕмбарыс, рӕстдзинад кӕй базыдтай, уый Йегъовӕйы разамынд кӕй уыд. Йе та дын, чи зоны, афтӕ уыди, ӕмӕ ӕмбырды раныхасмӕ хъусгӕйӕ ахъуыды кодтай: «Ай мӕнӕ мӕн тыххӕй куы у!» Кӕнӕ та федтай, Йегъовӕ дын дӕ куывдӕн дзуапп куыд радта, уый. Науӕд дӕ, чи зоны, фӕндыд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ стӕй федтай, Йегъовӕ дын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафтыдаид. Кӕнӕ, чи зоны, дӕ куыст ныууагътай, уымӕн ӕмӕ-иу дын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн рӕстӕг нал баззад. Ӕмӕ стӕй дӕхи цӕстӕй федтай, Йегъовӕ афтӕ кӕй загъта, «никуы дӕ ныууадздзынӕн», зӕгъгӕ, уыдон афтид ныхӕстӕ кӕй не сты (Дзут. 13:5). Йегъовӕимӕ ӕнгом куы уӕм, уӕд-иу фендзыстӕм, бирӕ хъуыддӕгты нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый.

18 Кенийӕ иу хо, Сарӕ, зӕгъгӕ, зӕгъы: «Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уый рӕстдзинадӕн нӕ аргъ кӕны. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ скуывтон, цӕмӕй бамбӕрстаин, йемӕ ма Библи ахуыр кӕнон ӕви нӕ. Куыддӕр „аммен” загътон, афтӕ мӕм уыцы чызг телефонӕй ӕрбадзырдта ӕмӕ мын загъта, зӕгъгӕ мӕ демӕ ӕмбырдмӕ ацӕуын фӕнды! Мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд!» Хуыцау мах тыххӕй цы аразы, уый фиппайыныл куы архайӕм, уӕд-иу ын йе ‘ххуысы къух ӕнӕмӕнг фендзыстӕм. Азийӕ иу хо, Ронӕ, загъта: «Дӕ царды Йегъовӕйы къух уынай, ууыл дӕр ахуыр кӕнын хъӕуы. Фӕлӕ дын зӕгъгӕ уый бантыст, уӕд ма дис дӕр кӕндзынӕ, Йегъовӕ дыл куыд тынг тыхсы, ууыл!»

19. Ноджыдӕр ма нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Хуыцауы уынӕм?

19 Йесо загъта: «Амондджын сты сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фендзысты» (Матф. 5:8). Цымӕ цы хъӕуы, цӕмӕй «сыгъдӕгзӕрдӕ» уӕм? Хъуамӕ нӕ хъуыдытӕ сыгъдӕг уой ӕмӕ, раст цы нӕу, ахӕмӕй мацы аразӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:2.) Нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм ӕмӕ рӕстӕй куы цӕрӕм, уӕд мах дӕр Хуыцауы уындзыстӕм. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, уырнындзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ царды Йегъовӕйы къух ноджы ирддӕрӕй уынӕм.