Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мацы дӕ хъыгдарӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

Мацы дӕ хъыгдарӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

«Марийӕ Йесойы... ныхасмӕ хъуыста. Марфӕ та цӕттӕ кӕныныл фӕци» (ЛУК. 10:39, 40).

ЗАРДЖЫТӔ: 94, 134

1, 2. Йесо Марфӕйы цӕй тыххӕй уарзта? Марфӕ ӕнӕххӕст кӕй уыди, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

ЛАЗӔРЫ хо Марфӕйыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ цӕстытыл цавӕр адӕймаг ауайы? Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Марфӕ уыди Йесойӕн йӕ хорз ӕмбал, ӕмӕ дзы фыст ис, Йесо йӕ бирӕ кӕй уарзта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо кӕй уарзта ӕмӕ кӕмӕн аргъ кодта, уыдоны ’хсӕн ма уыди ӕндӕр сылгоймӕгтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Лазӕрӕн йӕ иннӕ хо Марийӕ дӕр уыди Йесойы ӕввахс ӕмбал, стӕй Йесо йӕ мад Марийӕйы дӕр тынг уарзта (Иоан. 11:5; 19:25–27). Фӕлӕ цымӕ Марфӕйы цӕй тыххӕй уарзта?

2 Марфӕ уыди хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау адӕймаг, стӕй ма уыди тынг кусаг дӕр. Фӕлӕ йӕ Йесо сӕйраджыдӕр уымӕн уарзта, ӕмӕ уыди фидар уырнындзинады хицау. Марфӕ ӕууӕндыд, Йесо цыдӕриддӕр амыдта, ууыл ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у (Иоан. 11:21–27). Фӕлӕ Марфӕ дӕр уыди ӕнӕххӕст адӕймаг, ӕмӕ махау уый дӕр рӕдыди. Зӕгъӕм, иухатт сӕм Йесо уазӕгуаты куы уыди, уӕд Марфӕ йӕ хо Марийӕмӕ смӕсты ӕмӕ Йесойӕн загъта, цӕмӕй йын бауайдзӕф кодтаид. Марфӕ загъта: «Хицау, мӕ хо ӕппӕт кӕнинӕгтӕ дӕр мӕнӕн кӕй ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фӕкӕса». (Бакӕс Лукайы 10:38–42.) Цымӕ Марфӕ афтӕ цӕмӕн загъта? Ӕмӕ йын Йесо цы дзуапп радта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

МАРФӔ «ЦӔТТӔ КӔНЫНЫЛ ФӔЦИ»

3, 4. Йесо Марийӕйӕ цӕй тыххӕй раппӕлыд ӕмӕ Марфӕ уыцы хабарӕй цӕуыл сахуыр? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Йесо Марфӕ ӕмӕ Марийӕйӕ тынг бузныг уыди, сӕхимӕ йӕ кӕй фӕхуыдтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ фӕндыд уыцы фадатӕй спайда кӕнын ӕмӕ сын рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр радзурын. Марийӕ уайтагъд «Йесойы къӕхты раз сбадти ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ хъуыста». Фӕндыд ӕй, цӕмӕй Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгӕй фылдӕр цӕуылдӕрты сахуыр уыдаид. Марфӕйӕн дӕр йӕ бон уыди афтӕ бакӕнын, ӕмӕ дзы Йесо уый тыххӕй ӕнӕмӕнг раппӕлыдаид.

4 Фӕлӕ Марфӕ хӕринаг цӕттӕ кӕныныл ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хабӕрттыл фӕци, цӕмӕй Йесойӕн хуыздӕр балӕггад кодтаид. Марийӕ йын кӕй не ’ххуыс кӕны, уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ Йесойӕн рахъаст кодта. Йесо уыдта, Марфӕ ӕгӕр кӕй тыхсы ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Марфӕ, Марфӕ, цас цӕуылдӕрты мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс». Стӕй ма йын загъта, иу цыдӕр куы ӕрцӕттӕ кӕна, уӕддӕр фаг кӕй уыдзӕн. Уый фӕстӕ Йесо Марийӕйӕ раппӕлыд, лӕмбынӕг ӕм кӕй хъуыста, уый тыххӕй ӕмӕ загъта: «Марийӕ та хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн». Марийӕ уыцы изӕр цы бахордта, уый, ӕвӕццӕгӕн, фӕстӕдӕр нал ӕрхъуыды кодтаид, фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, кӕй никуы дзы ферох, уӕд сын Йесо цытӕ бацамыдта, стӕй дзы куыд раппӕлыд, уый. Уыцы хабарӕй 60 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд апостол Иоанн ныффыста: «Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы [ӕмӕ] Марфӕйӕн йӕ хойы» (Иоан. 11:5). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Марфӕ Йесойы уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта.

5. Рагзамантимӕ абаргӕйӕ нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы зӕгъӕн ис ӕмӕ уый фӕдыл цавӕр фарста ӕвзӕры?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рагзамантимӕ абаргӕйӕ нӕ рӕстӕджы, адӕймаджы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын чи къуылымпы кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ фылдӕр сты. 1958 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фӕдзӕхстой, цӕмӕй сӕ ног технологитӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ма хъыгдарой. Суанг уыцы рӕстӕг дӕр афтӕ зынди, цыма алы бон дӕр ног цыдӕр фӕзыны. Адӕм рӕсугъд журналтыл, радиойыл, кинонывтыл ӕмӕ телеуынынадыл фесты. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» куыд фыст уыди, афтӕмӕй ацы дунейы кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕна, афтӕ, адӕймагӕн «къуылымпыйы хос чи уа, ахӕм хъуыддӕгтӕ дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзысты». Ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгтӕ абон куыд бирӕ сты, афтӕ никуыма. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр Марийӕйы хуызӕн уӕм ӕмӕ не ’ргом ӕнӕхъӕнӕй дӕр арӕзт уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ?

АЦЫ ДУНЕЙӔ ӔХХӔСТӔЙ МА ПАЙДА КӔНӔМ

6. Йегъовӕйы адӕм ног технологитӕй куыд пайда кӕнынц?

6 Йегъовӕйы адӕм, ацы дунейы цы ног технологитӕ фӕзыны, уыдонӕй пайда кӕнынц, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной. Зӕгъӕм, Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг ӕмӕ уый размӕ дӕр адӕмӕн ӕвдыстой «Сфӕлдыстады фотодрамӕ». Уыцы фотодрамӕ конд уыди слайдтӕ ӕмӕ цыбыр хуызджын кинокадртӕй, стӕй ма дзы уыди музыкӕ дӕр. Кӕронӕй дзы ӕвдыст цыди, Йесо Чырысти зӕххӕн мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд адӕм куыд фӕрнӕйдзаг цард кӕндзысты, уый. Фотодрамӕйы руаджы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон уыди бирӕ бӕстӕты милуангай адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнын. Фӕстӕдӕр Йегъовӕйы адӕм райдыдтой радиойӕ пайда кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы дӕр сӕ бон уыд Паддзахады хабар ӕгас зӕххыл дӕр милуангай адӕмӕн фехъусын кӕнын. Абон мах пайда кӕнӕм компьютертӕй ӕмӕ Интернетӕй, ӕмӕ уый руаджы нӕ бон у адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнын, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр.

Ахсджиаг чи нӕу, уыцы хабӕрттӕ дын дӕ лӕггад ма къуылымпы кӕнӕнт (кӕс 7 абзац)

7. а) Ацы дунейӕ ӕххӕстӕй пайда кӕнын тӕссаг цӕмӕн у? б) Нӕ хъус уӕлдай тынгдӕр цӕмӕ хъуамӕ дарӕм? (Кӕс фиппаинаг.)

7 Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ацы дунейӕ ӕххӕстӕй ма пайда кӕнӕм. Ӕмӕ уымӕ хауы, ацы дунейы цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдоныл цас рӕстӕг хардз кӕнӕм, уый дӕр. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:29–31.) Уыцы ирхӕфсӕнтӕ се ’ппӕт ӕвзӕр не сты, фӕлӕ нын, гӕнӕн ис, ӕгӕр бирӕ рӕстӕг исой. Чи зоны, нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы чингуытӕ кӕсын, алыхуызон цымыдисаг бынӕттӕм цӕуын, дуканитыл разил-базил кӕнын, телевизормӕ кӕсын, йе та, техникӕйӕ кӕнӕ ӕндӕр зынаргъ дзаумӕттӕй ногӕй цы фӕзынд, уый агурын. Бирӕтӕ уарзынц кӕрӕдзимӕ Интернеты уылты фыссын кӕнӕ та ӕдзух сӕ хъус фӕдарынц ног хабӕрттӕм кӕнӕ та цавӕрдӕр спорты чи кӕй рамбылдта, уымӕ. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ уыцы хъуыддӕгтыл афтӕ свӕййынц, ӕмӕ ӕнӕ уыдонӕй нал фӕфӕразынц * (Еккл. 3:1, 6). Афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы хардз кӕнӕм, уӕд тӕссаг уыдзӕн, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уымӕн, ома нӕ лӕггадӕн, раздӕрау куы нал аргъ кӕнӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15–17.)

8. Ацы дунейы хъуыддӕгтӕ ма уарзӕм, уый ахсджиаг цӕмӕн у?

8 Хӕйрӕг, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразы, цӕмӕй нын не ’ргом ацы дунейы хъуыддӕгтӕм аздаха ӕмӕ нын нӕ лӕггад ныкъкъуылымпы кӕна. Афтӕ кодта фыццаг ӕнусы, ӕмӕ абон та ууыл ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайы (2 Тим. 4:10). Уӕдӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ хъус дарӕм, ацы дунейы цы ис, уыдӕттӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕ. Ӕмӕ нӕ исты фӕивын куы хъӕуа, уӕд-иу ӕй фӕивӕм. Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгтӕ ма уарзӕм, фӕлӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы, ӕмӕ нын уыцы уарзондзинад хъуамӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕна. Афтӕмӕй нын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ дзы никуы адард уыдзыстӕм (1 Иоан. 2:15–17).

ДЕ ’РГОМ ЗДӔХТ УӔД, ӔППӔТЫ АХСДЖИАГДӔР ЦЫ У, УЫМӔ

9. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕмӕ разӕнгард кодта ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы йӕхӕдӕг фӕзминаг цӕмӕй уыди?

9 Йесо Марфӕйӕн фӕлмӕнӕй цы бамбарын кодта, уый ӕмбарын кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр. Йесо сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй се ’ргом здӕхт уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. (Бакӕс Матфейы 6:22, 33.) Ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы йӕхӕдӕг дӕр уыд фӕзминаг. Йесо йӕхицӕн мулк не ’мбырд кодта, нӕдӕр ын хӕдзар уыди, нӕдӕр – зӕххытӕ (Лук. 9:58; 19:33–35).

10. Йесо нын фӕзминаг цӕмӕй у?

10 Йесо уый бар ницӕмӕн радта, цӕмӕй йӕ хъусын кӕнын хъыгдардтаид. Зӕгъӕм, хъусын кӕнын куы райдыдта, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр горӕт Капернаумы цӕрджыты фӕндыд, цӕмӕй сӕм фылдӕр баззадаид. Цымӕ Йесо куыд бакодта? Уый сын загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:42–44). Чырысти-иу тынг дард рӕттӕм дӕр бахӕццӕ, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кодтаид. Фӕлӕ кӕд ӕххӕст адӕймаг уыди, уӕддӕр-иу фӕллайгӕ дӕр бакодта ӕмӕ-иу ӕй хъуыди баулӕфын, уымӕн ӕмӕ бирӕ фыдӕбон кодта (Лук. 8:23; Иоан. 4:6).

11. Йесо иу нӕлгоймагӕн цы загъта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бамбарын кодта?

11 Фӕстӕдӕр, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн иу ахсджиаг хъуыддаг куы ’мбарын кодта, уӕд ӕм иу нӕлгоймаг бацыд, ӕмӕ загъта: «Ахуыргӕнӕг, ме ’фсымӕрӕн-ма зӕгъ, ӕмӕ нын цы бынтӕ баззад, уыдон мемӕ адих кӕна». Йесо уыцы адӕймаджы хъуыддаг скъуыддзаг кӕнынмӕ нӕ фӕци, фӕлӕ йын загъта: «Хорз лӕг, мӕн сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ бынтӕ уарӕгӕй чи сӕвӕрдта?» Ӕмӕ та йе ’ргом йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм аздӕхта, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, ацы дунейы хъуыддӕгтыл ӕгӕр куы мӕт кӕной, уӕд сӕ уый Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй хъыгдардзӕн (Лук. 12:13–15).

12, 13. а) Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ чи ’рцыд, уыцы грекъӕгты дисы цы бафтыдта? б) Филипп Йесойӕн куы загъта, грекъӕгты йемӕ фембӕлын кӕй фӕнды, уӕд Йесо куыд бакодта?

12 Йесойӕн йӕ зӕххон царды фӕстаг бонтӕ уыдысты тынг уӕззау (Матф. 26:38; Иоан. 12:27). Зыдта, стыр хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты. Стӕй ма зыдта, нырма йӕ бирӕ цыдӕртӕ бакӕнын кӕй хъӕуы. Ӕркӕсӕм-ма, н. э. 33 азы 9 нисаны, хуыцаубоны, цы ’рцыд, уымӕ. Йесо Иерусалиммӕ къӕлӕуыл бацыд ӕмӕ йӕ адӕм кадджын кодтой: «Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уыцы Паддзах» (Лук. 19:38). Иннӕ бон Йесо кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ ратардта, Хуыцауы хӕдзары адӕмы чи стыгъта, уыцы уӕйгӕнджыты (Лук. 19:45, 46).

13 Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ чи ’рцыд, уыцы адӕмы ’хсӕн уыди грекъӕгтӕ дӕр. Уыдон федтой, Йесо цы сарӕзта, уый ӕмӕ Филиппӕн загътой, кӕй сӕ фӕнды йемӕ фембӕлын. Фӕлӕ Йесо не сразы, уымӕн ӕмӕ зыдта, разӕй йӕм бирӕ ахсджиагдӕр хабӕрттӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уый йӕхицӕн адӕмы раз ном скӕныныл нӕ архайдта, зӕгъгӕ мӕ фарс рахӕцдзысты ӕмӕ мӕ ме знӕгтӕй бахъахъхъӕндзысты. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, тагъд ӕй кӕй амардзысты, стӕй, йӕ фӕдыл чи цӕуа, уыдон рӕстдзинады тыххӕй сӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой. Загъта сын: «Йӕ уд чи уарзы, уый йӕ сафгӕ кӕны, йӕ удӕй ацы дунейы йе сӕфт чи уыны, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн ӕнусон цардӕн». Фӕлӕ ма сын Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, «Мӕнӕн чи лӕггад кӕна, уымӕн мӕ Фыд скад кӕндзӕн». Ӕмӕ Филипп дӕр, Йесо цы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ загъта, уыдон уыцы грекъӕгтӕн куыннӕ радзырдтаид (Иоан. 12:20–26).

14. Кӕд Йесойӕн йе ’ргом иууылдӕр хорз хабар хъусын кӕнынмӕ здӕхт уыди, уӕддӕр ма ноджыдӕр цы арӕзта?

14 Кӕд Йесойӕн йе ’ргом иууылдӕр хорз хабар хъусын кӕнынмӕ здӕхт уыди, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ӕндӕр ницы арӕзта. Зӕгъӕм, ӕппынкъаддӕр иу хатт уыди чындзӕхсӕвы, ӕмӕ ма дзы диссаг дӕр сарӕзта – дон тынг хорз сӕн фестын кодта (Иоан. 2:2, 6–10). Стӕй ма-иу йе ’мбӕлттӕм ӕмӕ, хорз хабар кӕй цымыдис кодта, ӕндӕр ахӕм адӕммӕ дӕр уазӕгуаты бацыд (Лук. 5:29; Иоан. 12:2). Уымӕй уӕлдай ма Йесо ӕмбӕрста, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй-иу баулӕфа, ахъуыды кӕна ӕмӕ Хуыцаумӕ скува, ӕмӕ-иу алкӕддӕр уыцы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг ссардта (Матф. 14:23; Мар. 1:35; 6:31, 32).

«НӔХИЦӔЙ АППАРӔМ, ЦЫДӔРИДДӔР НЫЛ УӔЗ КӔНЫ, УЫЙ»

15. Апостол Павел чырыстӕттӕн цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ уыцы хъуыддаджы йӕхӕдӕг фӕзминаг цӕмӕй уыд?

15 Апостол Павел чырыстӕтты абарста, дугъы дардмӕ чи фезгъоры, уыдонимӕ ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй уыцы дугъы кӕронмӕ бахӕццӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:1.) Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы Павел йӕхӕдӕг дӕр уыди фӕзминаг. Уымӕн фадат уыди, цӕмӕй дзуттаг дины разамонӕг суыдаид ӕмӕ афтӕмӕй йӕхицӕн ном скодтаид ӕмӕ схъӕздыг уыдаид. Фӕлӕ Павел уыцы фадатӕй не спайда кодта, цӕмӕй йе ’ргом иууылдӕр, «ахсджиагдӕр цы у, уымӕ» сарӕзтаид. Павел хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй архайдта ӕмӕ, кӕм нӕ балӕууыд, ахӕм бынат нал баззад, зӕгъӕм, Сирийы, Къаннӕг Азийы, Македонийы ӕмӕ Иудейӕйы. Павелӕн йӕ хъуыдытӕ уыдысты, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл, ома, уӕлӕрвты ӕнусон цард кӕй райсдзӕн, ууыл. Ӕмӕ уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Ӕз ферох кодтон, фӕстейӕ цы баззад, уый ӕмӕ мӕ хъарутӕ радтон, разӕй цы ис, уымӕ. Ӕз ӕппӕт хъарутӕй тырнын мӕ нысанмӕ» (Фил. 1:10; 3:8, 13, 14). Павелӕн бинонтӕ нӕ уыд, ӕмӕ уый фӕрцы «ӕдзухдӕр Хицауӕн лӕггад кодта... [ницы йӕ] хъыгдардта, афтӕмӕй» (1 Кор. 7:32–35).

16, 17. Бинонтӕ нын ис ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 Павелау абон дӕр иуӕй-иу чырыстӕттӕ бинонтӕ не скӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы сӕ бон фылдӕр аразын уа (Матф. 19:11, 12). Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн бинонджынтӕй къаддӕр хӕстӕ вӕййы. Фӕлӕ нын бинонтӕ ис ӕви нӕ, уӕддӕр не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у «нӕхицӕй аппарын, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый», ома нӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цы къуылымпы кӕны, уыдӕттӕ аиуварс кӕнын. Уый тыххӕй нӕ, чи зоны, хъӕуа, бирӕ рӕстӕг нын кӕуыл ацӕуы, уыцы хъуыддӕгтыл къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнын ӕмӕ нӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразӕм.

17 Ӕркӕсӕм Марк ӕмӕ Клэры цӕвиттонмӕ. Ацы бинонтӕ сты Уэльсӕй. Сӕ дыууӕ дӕр скъолайы фӕстӕ райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ сӕ цард куы баиу кодтой, уӕд дӕр дарддӕр пионертӕй лӕггад кодтой. Фӕлӕ сӕ фӕндыди фылдӕр аразын. Марк загъта: «Уӕдмӕ дӕр ӕнӕхъӕн бон нӕ куыстам, фӕлӕ нӕ бон баци нӕ цард ноджыдӕр фӕхуымӕтӕг кӕнын – не стыр хӕдзар ауӕй кодтам, нӕ куыст ныууагътам ӕмӕ райдыдтам, ӕндӕр бӕстӕты арӕзтадон куыстыты чи фӕархайы, уыцы аразджыты къорды лӕггад кӕнын». Фӕстаг 20 азы Марк ӕмӕ Клэр Африкӕйы бӕстӕтӕй бирӕты баххуыс кодтой Паддзахады залтӕ саразынӕн. Хатт-иу сӕм ӕхца тынг гыццыл уыди, фӕлӕ сыл Йегъовӕ алкӕддӕр тыхсти. Клэр загъта: «Алы бон дӕр Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын ахӕм стыр цины хос у, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Нӕхицӕн тынг бирӕ ӕмбӕлттӕ ссардтам, стӕй цух дӕр никуы ницӕмӕй уыдыстӕм. Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы афтӕ амондджын стӕм, ӕмӕ уыимӕ абаргӕйӕ, нӕхи цӕмӕй фӕцух кодтам, уыдӕттӕ ницы сты». Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ ацы ныхӕстимӕ сразы уыдзысты *.

18. Хорз цӕуыл уаид ахъуыды кӕнын?

18 Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Мыййаг, ахсджиаг чи нӕу, ахӕм хабӕртты тыххӕй Хуыцауы хъуыддаджы раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ нал архайыс? Кӕд афтӕ у, уӕд дӕ бон цы у саразын? Чи зоны дӕ фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы, Библи куыд фӕкӕсыс ӕмӕ йӕ куыд фӕахуыр кӕныс, уыцы хъуыддаг. Ӕмӕ уый дӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн, ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 7 абз. Кӕс ацы брошюрӕйы статья «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды».

^ 17 абз. Ноджыдӕр ма кӕс Хейден ӕмӕ Мелоди Сандерсоны биографи 2006 азы 1 мартъийы «Сторожевая башня»-йы, статья «Знали и поступали так, как правильно». Уыцы бинонтӕ ныууагътой, Австралийы сын цы бизнес уыди, уый ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдтой. Индийы миссионертӕй куы лӕггад кодтой, уӕд иуафон ӕнӕ ’хцайӕ баззадысты. Сӕ биографийӕ базондзынӕ, уый фӕстӕ сыл цы ’рцыд, уый тыххӕй.