«Ахӕм адӕймӕгтӕн аргъ кӕнут»
РАЗАМОНӔГ СОВЕТ 1992 азӕй фӕстӕмӕ фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгты снысан кӕны, цӕмӕй, Разамонӕг советы цы комитеттӕ ис, уыдонӕн ӕххуыс кӕной *. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты «ӕндӕр фыстӕй» ӕмӕ Разамонӕг советӕн стыр ӕххуыс сты (Иоан. 10:16). Цы комитеттӕм сӕ снысан кодтой, уыдонӕн къуыри иу хатт вӕййы фембӕлд, ӕмӕ уыцы фембӕлды уыдон дӕр вӕййынц. Сӕ хӕс вӕййы, сӕ комитеты цы информаци фӕхъӕуы, уый бацӕттӕ кӕнын. Стӕй ма, исты фарста куы сӕвзӕры, уӕд ӕй куыд аскъуыддзаг кӕнӕн ис, уый фӕдыл сӕ хъуыдытӕ фӕзӕгъынц. Фӕлӕ фарста алыг кӕнынц, Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ. Уый фӕстӕ Разамонӕг советы ӕххуысгӕнджытӕ сӕ хъус фӕдарынц, цӕмӕй, цы уынаффӕ ӕрцыд хаст, уый ӕххӕст цӕуа. Уыцы ӕфсымӕртӕн цыфӕнды хъуыддаг ма бахӕс кӕной, уӕддӕр ӕй зӕрдиагӕй бакӕнынц. Стӕй ма, Разамонӕг советы чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ фӕцӕуынц сӕрмагонд ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон конгресстӕм дӕр. Уымӕй уӕлдай ма сын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ бахӕс кӕнынц сӕйраг хайады номӕй искӕцы филиал бабӕрӕг кӕнын дӕр.
1992 азӕй фӕстӕмӕ Разамонӕг советы ӕххуысгӕнӕгӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта: «Мӕ бар мын кӕй бакодтой, уыцы куыст хорз куы бакӕнын, уӕд Разамонӕг советӕн фылдӕр рӕстӕг вӕййы, цӕмӕй йӕ сӕйраг хӕстӕ ӕххӕст кӕна». Ӕххуысгӕнӕгӕй 20 азы чи лӕггад кӕны, ӕндӕр ахӕм ӕфсымӕр та загъта: «Ахӕм стыр кад мӕм ӕрхаудзӕн, ууыл хъуыды дӕр никуы акодтаин».
Разамонӕг совет, чи йын ӕххуыс кӕны, уыцы иузӕрдион ӕфсымӕрты бар бирӕ хъуыддӕгтӕ бакодта ӕмӕ сын сӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр «ахӕм адӕймӕгтӕн аргъ кӕнӕм» (Фил. 2:29).
^ 2 абз. Разамонӕг советы цы ӕхсӕз комитеты ис, уыдонӕн сӕ хӕстӕм цы хауы, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», 147 фарс.