Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл хъуыды кӕн

Уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл хъуыды кӕн

«Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддӕгтӕм сараз, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 ТИМ. 4:15).

ЗАРДЖЫТӔ: 57, 52

1, 2. Адӕймаджы сӕры магъз диссаг цӕмӕй у?

АДӔЙМАДЖЫ сӕры магъз у диссаг, абарӕн дӕр ӕй ницӕимӕ ис. Зӕгъӕм, уый фӕрцы нӕ бон у ӕвзаг сахуыр кӕнын. Ӕмӕ уый руаджы та нӕ бон у кӕсын, фыссын, дзурын ӕмӕ иннӕты ныхас ӕмбарын. Уый фӕрцы ма нӕ бон у Йегъовӕмӕ дӕр кувын ӕмӕ йын кады зарджытӕ зарын. Ӕппӕт уыдӕттӕй хицӕн кӕнӕм цӕрӕгойтӕй. Ахуыргӕндтӕн сӕ бон кӕронмӕ бамбарын нӕу, адӕймаджы сӕры магъзӕн йӕ бон куыд у уыцы диссаджы хъуыддӕгтӕ кӕнын.

2 Нӕ бон дзурын кӕй у, уый у Йегъовӕйы лӕвар (Пс. 139:14; Рарг. 4:11). Фӕлӕ ма нын Хуыцау ноджыдӕр скодта, цӕрӕгойтӕй кӕй фӕрцы хицӕн кӕнӕм, ӕндӕр ахӕм лӕвар дӕр. Адӕймаг конд у «Хуыцаумӕ гӕсгӕ», ӕмӕ йын ис уыцы сӕрибардзинад, цӕмӕй уынаффӕтӕ йӕхӕдӕг хӕсса. Уӕдӕ йӕ бон у ахӕм уынаффӕ дӕр рахӕссын, цӕмӕй йӕ дзыхыныхасы фӕрцы Йегъовӕйы кадджын кӕна (Райд. 1:27).

3. Цӕмӕй зондджын суӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ цы балӕвар кодта?

3 Йегъовӕ нын балӕвар кодта Библи, ӕмӕ нын уыцы чиныджы ӕмбарын кӕны, нӕ бон ӕй кадджын кӕнын куыд у, уый. Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай ис 2 800 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайдзыстӕм (Пс. 40:5; 92:5; 139:17). Уый фӕрцы та суыдзыстӕм зондджын ӕмӕ схайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:14–17.)

4. Хъуыды кӕнын цы нысан кӕны ӕмӕ ацы статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм?

4 Хъуыды кӕнын нысан кӕны дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр иу цӕмӕдӕр саразын, фӕнды хорз уа, фӕнды – ӕвзӕр (Пс. 77:12; Ӕмб. 24:1, 2). Ӕппӕты стырдӕр пайда нын ӕрхӕсдзӕн, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы базонӕм, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм (Иоан. 17:3). Ацы статьяйы дзуапп базондзыстӕм ахӕм фарстатӕн: нӕ бон куыд у афтӕ кӕсын, цӕмӕй нын хъуыды кӕнын ӕнцондӕр уа? Нӕ бон цӕуыл у хъуыды кӕнын? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕдзухдӕр хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын уый ӕхсызгон уа?

БИБЛИ АФТӔ АХУЫР КӔН, ЦӔМӔЙ ДЫН УЫЦЫ ХЪУЫДДАГ ПАЙДА ХӔССА

5, 6. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цы кӕсыс, уый бахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ хуыздӕр бамбарынӕн?

5 Нӕ сӕры магъз ахӕм диссаджы конд у, ӕмӕ йӕ куыст кӕны, мах ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнӕм, афтӕмӕй. Бирӕ хъуыддӕгтӕ нӕ бон у, хъуыды дӕр сыл ма кӕнӕм, афтӕмӕй кӕнын, зӕгъӕм, улӕфын йе та фистӕгӕй кӕнӕ велосипедыл цӕуын. Хъыгагӕн, иуӕй-иу хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ кӕсгӕ-кӕсын дӕр нӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ ма, чи зоны, ӕндӕр цӕуылдӕрты хъуыды кӕнын дӕр райдайӕм. Цы хъӕуы, цӕмӕй-иу нын афтӕ ма рауайа? Ахсджиаг у, цӕмӕй-иу нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр саразӕм, цы кӕсӕм, уымӕ ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, цы кӕсӕм, уый цӕуыл дзурӕг у, ууыл. Абзац кӕнӕ-иу дӕлсӕргонд кӕронмӕ куы бакӕсай, уӕд-иу ӕрлӕуу ӕмӕ дзы цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕн, цӕмӕй зонай, алцыдӕр дзы раст кӕй бамбӕрстай.

6 Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй адӕймагӕн, цы кӕсы, уый бахъуыды кӕнын ӕнцондӕр вӕййы, хъӕрӕй куы фӕкӕсы, уӕд. Не Сфӕлдисӕг дӕр уый зоны, ӕмӕ Йесо Навинӕн дӕр уымӕн загъта, Закъоны чиныг «дӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кӕс», зӕгъгӕ. (Бакӕс Йесо Навины 1:8.) Библи хъӕрӕй куы кӕсай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр, цы кӕсыс, уымӕ саразын ӕмӕ йӕ бахъуыды кӕнын дӕр.

7. Хуыцауы Ныхасыл хъуыды кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг кӕд у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

7 Цӕмӕй дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр, цы ахуыр кӕныс, уымӕ саразай ӕмӕ йыл арф ахъуыды кӕнай, уый тыххӕй бирӕ хъарутӕ ӕрӕвӕрын фӕхъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ-иу арф ахъуыды кӕнынӕн равзар, фӕллад куы нӕ уай, ахӕм рӕстӕг ӕмӕ дӕ кӕм ничи ӕмӕ ницы хъыгдардзӕн, ахӕм бынат. Псаломзарӕггӕнӕг Давид-иу Хуыцауыл хъуыды кодта, ӕхсӕв-иу ӕй хуыссӕг куы нӕ ахста, уӕд (Пс. 63:6). Йесо ӕххӕст адӕймаг уыди, фӕлӕ-иу уый дӕр ахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ скувынӕн равзӕрста сабыр бынат (Лук. 6:12).

ЦӔУЫЛ ИС ХЪУЫДЫ КӔНӔН

8. а) Хуыцауы Ныхасӕй уӕлдай ма нӕ бон цӕуыл у хъуыды кӕнын? б) Йегъовӕйы тыххӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд уый уымӕ цы цӕстӕй фӕкӕсы?

8 Библийы цы бакӕсыс, уымӕй уӕлдай ма ӕндӕр цӕуылдӕрты дӕр ис хъуыды кӕнӕн. Зӕгъӕм, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдӕттӕм куы кӕсай, уӕд-иу ӕрлӕуу ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы тыххӕй дзы цы ис базонӕн, ууыл. Дзырд дӕр ыл нӕй, уый фӕрцы дӕ бафӕнддзӕн Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын бузныг зӕгъын. Кӕд искӕимӕ уай, уӕд та дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафӕнддзӕн, цы хъуыдытӕ дӕм фӕзынд, уыдоны тыххӕй уымӕн дӕр зӕгъын (Пс. 104:24; Хъуыд. 14:17). Йегъовӕйы тыххӕй куы фӕхъуыды кӕнӕм, куы йӕм фӕкувӕм, иннӕтимӕ уый тыххӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд нӕ уый фӕуыны ӕмӕ йын ӕхсызгон вӕййы. Библийы фӕстаг бонты тыххӕй фыст ис: «Уыцы рӕстӕг, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон кӕрӕдзиимӕ ныхас кодтой, алчи – йе ’мбалимӕ, Йегъовӕ та сӕм лӕмбынӕг хъуыста. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдоны тыххӕй йӕ разы фыст цыд зӕрдылдарӕн чиныг» (Мал. 3:16).

Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн куыд баххуыс кӕнай, ууыл фӕхъуыды кӕныс? (кӕс 9 абзац)

9. а) Павел Тимофейӕн цӕуыл загъта хъуыды кӕнын? б) Хъусын кӕнынмӕ куы цӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?

9 Апостол Павел Тимофейӕн загъта, цӕмӕй хъуыды кӕна, йӕ дзыхыныхас, йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдау, стӕй куыд ӕмӕ цы амоны, уый иннӕтыл куыд ӕндавы, ууыл. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:12–16.) Дӕуӕн дӕр дӕ бон у уыдӕттыл хъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, искӕимӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дӕ бон у уыцы адӕймагыл ахъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ хъуыддагмӕ чи баразӕнгард кӕндзӕн, ахӕм фарста кӕнӕ цӕвиттон бацӕттӕ кӕнын. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕндзӕн, стӕй уый фӕрцы адӕмимӕ дӕр Библи хуыздӕр ӕмӕ зӕрдиагдӕрӕй ахуыр кӕндзынӕ. Хъусын кӕнынмӕ ацӕуыны размӕ дӕр дӕ бон у дӕ «зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнын», ома ахъуыды кӕнын. (Бакӕс Ездрӕйы 7:10.) Зӕгъӕм, дӕ бон у Хъуыддӕгты чиныгӕй искӕцы сӕр бакӕсын, цӕмӕй дӕ «зӕрдӕйы зынг» тынгдӕр ссудза. Стӕй ма дӕ бон у ахъуыды кӕнын, уыцы бон Библийӕ цы стихтӕй спайда кӕнинаг дӕ ӕмӕ дӕ цы публикацитӕ раттын фӕнды, уыдоныл дӕр (2 Тим. 1:6). Ахъуыды-иу кӕн, дӕ участокы цавӕр адӕм цӕры ӕмӕ сӕ цавӕр фарстатӕ бацымыдис кӕндзысты, ууыл. Дӕхи афтӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд ӕнтыстджынӕй хъусын кӕндзынӕ ӕмӕ «[дӕ] ныхӕсты зындзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхы хъару» (1 Кор. 2:4).

10. Ноджыдӕр ма нӕ бон цӕуыл у хъуыды кӕнын?

10 Дӕ бон ма ноджыдӕр цӕуыл у хъуыды кӕнын? Кӕд ӕмбырды ӕмӕ конгрессты раныхӕстӕ цыбыртӕй фӕфыссыс, уӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уыцы фыстытӕм ӕркӕс ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн: «Хуыцауы Ныхасӕй ӕмӕ йӕ организацийӕ цы базыдтон?» Алы мӕй дӕр цы брошюрӕтӕ райсӕм, стӕй конгресмӕ цы публикацитӕ рауадзынц, уыдоны дӕр вӕййы бирӕ ног хъуыдытӕ, ӕмӕ уыдоныл дӕр нӕ бон у хъуыды кӕнын. «Ӕрвылазон чиныджы»-иу исты хабар куы бакӕсай, уӕд-иу ӕрлӕуу ӕмӕ-иу ыл ахъуыды кӕн – афтӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ тынгдӕр бацагайдзӕн. Цы публикаци кӕсай, уым дӕ, чи зоны, бафӕнда сӕйраг хъуыдытӕ бахахх кӕнын кӕнӕ та йын йӕ фӕрстыл исты афыссын. Уый дын хорз ӕххуыс фӕуыдзӕн, адӕймагмӕ ногӕй бацӕуынмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд. Кӕд ӕфсымӕр дӕ, уӕд ма дын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, ӕмбырды искӕй бабӕрӕг кӕнынмӕ куы хъавай кӕнӕ раныхас куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дӕр. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ-иу кӕсгӕ-кӕсын куы ’рлӕууай ӕмӕ-иу куы ахъуыды кӕнай, уӕд-иу дын, цы бакӕсай, уый дӕ зӕрдӕмӕ арфдӕр бахъардзӕн, стӕй-иу дын фадат уыдзӕн, цы хорз хъуыдытӕ базыдтай, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн бузныг зӕгъын.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫЛ АЛЫ БОН ДӔР ХЪУЫДЫ КӔН

11. Сӕйраджыдӕр цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс фиппаинаг.)

11 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цы публикацитыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, уыдонӕй сӕйрагдӕр у Библи. Фӕлӕ дын, зӕгъӕм, иубон дӕ Библи байстой, уӕд та куыд? * Цы бахъуыды кодтай, уыдӕттыл хъуыды кӕныны фадат дын никуы ничи байсдзӕн. Ӕмӕ бахъуыды кӕнын та дӕ бон у, зӕгъӕм, тынг кӕй уарзыс, уыцы стихтӕ кӕнӕ Паддзахады зарджыты ныхӕстӕ (Хъуыд. 16:25). Стӕй дын Хуыцауы сыгъдӕг тых дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цытӕ зыдтай, уыдӕттӕ ӕрхъуыды кӕнынӕн (Иоан. 14:26).

12. Дӕ бон куыд у Библи кӕсын?

12 Дӕ бон куыд у Библи кӕсын? Зӕгъӕм, къуырийы мидӕг цалдӕр боны дӕ бон у кӕсын, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы программӕмӕ гӕсгӕ Библийӕ цы сӕртӕ фӕкӕсӕм, уыдон. Иннӕ бонты та дӕ бон у Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны Евангелитӕ кӕсын, ӕмӕ, Йесо цы арӕзта ӕмӕ цы дзырдта, ууыл хъуыды кӕнын (Ром. 10:17; Дзут. 12:2; 1 Пет. 2:21). Стӕй ма нын ис, Йесойы зӕххон царды хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл ӕвзӕрст кӕм цӕуынц, ахӕм чиныг дӕр. Ӕмӕ дын уыцы чиныг Евангелитӕ кӕсгӕйӕ стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн (Иоан. 14:6).

ХЪУЫДЫ КӔНЫН ТЫНГ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

13, 14. Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй хъуыды кӕнын тынг ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ нӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн?

13 Адӕймаг Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй куы хъуыды кӕна, уӕд фӕлтӕрдджын чырыстон суыдзӕн ӕмӕ йын уыдзӕн фидар уырнындзинад (Дзут. 5:14; 6:1). Хуыцауы тыххӕй ахъуыды кӕнынӕн-иу гыццыл рӕстӕг йеддӕмӕ куы нӕ рахицӕн кӕна, уӕд та дзы сабыргай адард уыдзӕн кӕнӕ ма йӕ суанг рӕстдзинады фӕндагӕй дӕр иуварс ахӕсдзӕн (Дзут. 2:1; 3:12). Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у: «хорз ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ» кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтӕ куы нӕ уӕм, уӕд Хуыцауы Ныхас нӕ «зӕрдӕты арф нывӕрын» нӕ бон нӕ бауыдзӕн, ӕмӕ «ацы царды сагъӕстыл, хъӕздыгдзинадыл ӕмӕ ирхӕфсӕнтыл суыдзыстӕм» (Лук. 8:14, 15).

14 Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы Ныхасыл арф хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм. Уӕд нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын (2 Кор. 3:18). Ӕнусты дӕргъы нӕ бон уыдзӕн нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй фылдӕрӕй-фылдӕр зонын ӕмӕ йӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр фӕзмын. Уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! (Еккл. 3:11).

15, 16. а) Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн? б) Иуӕй-иу хатт нын арф хъуыды кӕнын зын цӕмӕн вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр ууыл цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

15 Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй куы хъуыды кӕнӕм, уӕд рӕстдзинад тынг уарздзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы зынг судздзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы та нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн, стӕй кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыцы адӕмӕн дӕр удӕнцойы хос уыдзыстӕм. Хуыцау нын цы стыр лӕвар ракодта, ома Йесойы мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, ууыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд алкӕддӕр аргъ кӕндзыстӕм, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн (Ром. 3:24; Иак. 4:8). Хуссар Африкӕйӕ иу ӕфсымӕр, Марк, зӕгъгӕ, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕртӕ азы ахӕстоны фӕбадт, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Арф хъуыды кӕнын абарӕн ис дард балцы цӕуынимӕ. Уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтыл цас фылдӕр хъуыды кӕнай, уыйас Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ базондзынӕ. Истӕй тыххӕй мӕ ныфс гыццыл куы асӕтты кӕнӕ, дарддӕр цы уыдзӕн, ууыл мӕт кӕнын куы райдайын, уӕд Библи райсын, иу скъуыддзаг дзы бакӕсын ӕмӕ йыл арф ахъуыды кӕнын. Ӕмӕ уӕд мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы».

16 Абон цард афтӕ у, ӕмӕ адӕймаджы Библийыл ахъуыды кӕнын бирӕ цыдӕртӕ къуылымпы кӕны. Африкӕйӕ иу ӕфсымӕр, Патрик, загъта: «Почтӕйы асыкк алы бон дӕр алыхуызон хъӕугӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕугӕ писмотӕй куыд байдзаг вӕййы ӕмӕ сӕ ӕвзарын куыд фӕхъӕуы, раст афтӕ у мӕ сӕры магъз дӕр. Мӕ сӕры цы хъуыдытӕ вӕййы, уыдон куы басгарын, уӕд дзы арӕх ссарын „тыхст хъуыдытӕ“. Ӕмӕ мӕ уӕд фӕхъӕуы уыцы хъуыдыты тыххӕй Йегъовӕмӕ скувын, цӕмӕй стӕй мӕ бон уа сӕрибарӕй хъуыды кӕнын. Кӕд мын ууыл иу гыццыл рӕстӕг ацӕуы, уӕддӕр уый фӕрцы Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын. Афтӕ кӕй фӕкӕнын, уый фӕрцы мӕ зонд цӕттӕ вӕййы, цӕмӕй рӕстдзинад хуыздӕр бамбарон» (Пс. 94:19). Ӕцӕгдӕр, Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм (Хъуыд. 17:11).

РӔСТӔГ КУЫД ССАРЫС?

17. Ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг куыд ссарыс?

17 Иуӕй-иутӕ райсомӕй раджы сыстынц, цӕмӕй Библи бакӕсой, ахъуыды йыл кӕной ӕмӕ Хуыцаумӕ скувой. Чидӕртӕ та уый фӕкӕнынц сихорафон. Чи зоны, ды та зӕгъай, Библи кӕсынӕн дын ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг кӕй у изӕры кӕнӕ фынӕйы размӕ. Кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Библи райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕры фынӕйы размӕ дӕр кӕсын (Йес. Н. 1:8). Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй дӕ «рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнай» – афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл дын цы рӕстӕг ацӕуы, уыцы рӕстӕгӕй-иу рахицӕн кӕн, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсай (Еф. 5:15, 16).

18. Хуыцауы Ныхасыл чи хъуыды кӕны ӕмӕ йӕ цард уымӕ гӕсгӕ чи аразы, уыдоны тыххӕй Библи цы зӕгъы?

18 Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, Йегъовӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕй арфӕ кӕндзӕн, йӕ Ныхасыл ын чи хъуыды кӕны, стӕй дзы цы базоны, уый ӕххӕст кӕныныл зӕрдиагӕй чи архайы, уыдонӕн. (Бакӕс Псалом 1:1–3.) Йесо загъта, зӕгъгӕ, амондджын сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон (Лук. 11:28). Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ, Хуыцауы Ныхасыл алы бон дӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн афтӕ цӕрын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ ахӕм арфӕ ракӕндзӕн, ӕмӕ абон дӕр амондджын уыдзыстӕм ӕмӕ фидӕны дӕр – ног дунейы ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд! (Иак. 1:25; Рарг. 1:3).

^ 11 абз. Кӕс 2006 азы 1 декабры «Сторожевая башня»-йы статья «Мы боролись за то, чтобы оставаться духовно сильными».