Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Ӕрыгонӕй цы уынаффӕ рахаста, ууыл никуы фӕфӕсмон кодта

Ӕрыгонӕй цы уынаффӕ рахаста, ууыл никуы фӕфӕсмон кодта

МӔ ФЫДӔН йӕ мадыфсымӕр Николай Дубовинский йӕ царды фӕстаг азты ныффыста йӕ царды хабӕрттӕ. Николай Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы фӕлӕггад кодта, ӕмӕ уыцы рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн Советон Цӕдисы архайыны бар куы нӕ уыд, уӕд. Уыцы азты дӕргъы йыл ӕрцыд, цины хос ын чи уыд, ахӕм хабӕрттӕ дӕр ӕмӕ йын маст чи бавзарын кодта, ахӕм хабӕрттӕ дӕр. Кӕд-иу фыдӕвзарӕнты бахауд ӕмӕ-иу алыхуызон зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уӕддӕр уыди хъӕлдзӕг адӕймаг ӕмӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта. Николай-иу арӕх дзырдта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕрыгӕттӕ йӕ царды хабӕртты тыххӕй базоной. Гъемӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй уын дзы иуӕй-иутӕ бакӕсон. Николай райгуырд 1926 азы Украинӕйы, Черновицкий облӕсты, хъӕу Подвиривкӕйы, ӕмӕ схъомыл хуымӕтӕг зӕхкусӕг бинонты ’хсӕн.

НИКОЛАЙ РАДЗЫРДТА, РӔСТДЗИНАД КУЫД БАЗЫДТА, УЫЙ ТЫХХӔЙ

Николай райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «1941 азы иу бон мӕ хистӕр ӕфсымӕр Иван хӕдзармӕ ӕрбахаста чингуытӕ „Арфа Божия“ ӕмӕ „Божий план веков“, стӕй журнал „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ кӕцыдӕр номыртӕ ӕмӕ ма цалдӕр буклеты. Ӕз сӕ иууылдӕр бакастӕн. Ацы дунейы бӕллӕхты Хуыцау нӕ, фӕлӕ Хӕйрӕг кӕй у аххосджын, уый куы базыдтон, уӕд тынг бадис кодтон. Уыцы публикацитимӕ иумӕ кастӕн Евангелитӕ дӕр ӕмӕ бамбӕрстон, рӕстдзинад кӕй ссардтон. Ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы базыдтон, уый иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй дзырдтон. Уыцы публикацитӕ иртасгӕйӕ рӕстдзинад хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбӕрстон, ӕмӕ мӕ тынг бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг суыдаин.

Ӕз ӕмбӕрстон, цӕуыл ӕууӕндын, уый тыххӕй зындзинӕдтӕ дӕр кӕй ӕвзардзынӕн. Хӕсты рӕстӕг уыди, фӕлӕ мӕн марын никӕй фӕндыд. Цӕмӕй мӕхи фидӕны зындзинӕдтӕм бацӕттӕ кодтаин, уый тыххӕй архайдтон Библийӕ иуӕй-иу стихтӕ бахъуыды кӕныныл, зӕгъӕм, Матфейы 10:28 ӕмӕ 26:52. Мӕхицӕн фидарӕй загътон: мӕлӕтӕй мын тӕссаг куы уа, уӕд дӕр Йегъовӕйыл мӕ зӕрдӕ никуы сивдзынӕн!

1944 азы мыл 18 азы сӕххӕст, ӕмӕ мӕм ӕфсадмӕ фӕдзырдтой. Уӕд, кӕм нӕ ӕмбырд кодтой, уым фыццаг хатт фембӕлдтӕн ме ’муырнджытимӕ – ӕрыгон ӕфсымӕртӕй ӕфсадмӕ цӕуыны кары чи уыд, уыдонимӕ. Мах ӕфсӕддон хицӕуттӕн фидарӕй загътам, хӕстмӕ кӕй нӕ ацӕудзыстӕм. Уыдон тынг смӕсты сты, ӕмӕ нӕм бартхъирӕн кодтой, зӕгъгӕ уӕ сыдӕй мардзыстӕм, акъоппытӕ къахынмӕ уӕ атӕрдзыстӕм, науӕд та уӕ фехсдзыстӕм ӕмӕ фӕци. Фӕлӕ сын мах хъӕбатырӕй загътам: «Мах уӕ къухы стӕм. Фӕлӕ нын цыфӕнды ма бакӕнат, уӕддӕр Хуыцауы закъоны сӕрты нӕ ахиздзыстӕм. Хуыцау та зӕгъы: „Ма амар“» (Рац. 20:13).

Хабар афтӕ рауад, ӕмӕ мӕн ӕмӕ ма дыууӕ ӕфсымӕры Беларусьмӕ арвыстой быдырты кусынмӕ ӕмӕ пырх хӕдзӕрттӕ цалцӕг кӕнынмӕ. Хъуыды ма кӕнын, Минскмӕ хӕстӕг хъӕутӕн хӕст цы зиан ӕрхаста, уый. Фӕндаджы был цы бӕлӕстӕ зад, уыдон уыдысты сыгъд. Къанӕутты ӕмӕ хъӕды алы рӕтты уыдысты ӕнӕныгӕд мӕрдтӕ, стӕй ма бӕхты мӕрдтӕ, хурмӕ ныддӕнгӕл сты, афтӕмӕй. Федтон, дзӕгъӕлӕй кӕй ныууагътой, ахӕм уӕзласӕн машинӕтӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтӕ, суанг ма дзы хӕдтӕхӕджы сӕстытӕ дӕр уыди. Мӕхи цӕстӕй федтон, адӕм Хуыцауы закъон куы фехалынц, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны.

1945 азы хӕст фӕци, фӕлӕ нӕ уӕддӕр дӕс азмӕ ахӕстоны сбадын кодтой, хӕстмӕ кӕй нӕ ацыдыстӕм, уый тыххӕй. Фыццаг ӕртӕ азы нӕ бон иумӕ ӕмбырд кӕнын дӕр нӕ уыд ӕмӕ нӕм литературӕ дӕр никӕцӕй ӕфтыд. Нӕ бон уыди хотӕй кӕмӕдӕрты писмотӕ ’рвитын, ӕмӕ-иу нӕм уыдон дӕр ныффыстой. Фӕлӕ стӕй уыдоны дӕр ӕрцахстой, фӕйнӕ 25 азы сын радтой ӕмӕ сӕ арвыстой, тыхкуыст кӕнын кӕм кодтой, ахӕм лагермӕ.

1950 азы нӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр ссӕрибар кодтой, ӕмӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхтӕн. Цалынмӕ ахӕстоны уыдтӕн, уӕдмӕ мӕ мад ӕмӕ мӕ кӕстӕр хо Марийӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систы! Мӕ хистӕр ӕфсымӕртӕ уӕд Ӕвдисӕнтӕ нӕма уыдысты, фӕлӕ уыдон дӕр Библи ахуыр кодтой. Зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтон, уый тыххӕй мӕ КГБ-йы кусджытӕ ӕрцахсынмӕ хъавыдысты, цӕмӕй та мӕ ахӕстоны бакодтаиккой. Уыцы рӕстӕг мын бӕрнон ӕфсымӕртӕ загътой, цӕмӕй литературӕ мыхуыр кӕнынӕн ӕххуыс кодтаин, уыцы куыст та кодтой зӕххы бын, бункеры. Уӕд мыл цыди 24 азы».

ЛИТЕРАТУРӔ ЦӔТТӔ КӔНЫНЫ КУЫСТ

«Не ’фсымӕртӕ афтӕ дзырдтой: „Паддзахады хъуыддаг зӕххыл размӕ куы нӕ уадзой, уӕддӕр зӕххы бын йӕ куыст кӕндзӕн“ (Ӕмб. 28:28). Уыцы рӕстӕг нӕ литературӕйӕн йӕ фылдӕр сусӕгӕй зӕххы бын мыхуыр кодтам. Мӕ фыццаг „кусӕн кабинет“ уыди, мӕ хистӕр ӕфсымӕр Дмитрийы кӕрты цы бункер уыд, уым. Иуӕй-иу хатт-иу бункерӕй ӕддӕмӕ дыууӕ къуырийы дӕр нӕ рахызтӕн. Бункеры-иу уӕлдӕф куы нал уыд, уӕд-иу керасин лампӕ нал сыгъд, ӕмӕ-иу уӕд схуыссыдтӕн ӕмӕ-иу ӕнхъӕлмӕ кастӕн, бункер уӕлдӕфӕй кӕд байдзаг уыдзӕн, уӕдмӕ.

Николай литературӕ кӕм мыхуыр кодта, уыцы бункеры ныв

Цы ’фсымӕримӕ куыстон, уый мӕ иубон бафарста: „Николай, донаргъуыд дӕ?“ Кӕд Йегъовӕйӕн 11 азы лӕггад кодтон, уӕддӕр донаргъуыд нӕма уыдтӕн. Ӕфсымӕр мемӕ аныхас кодта ӕмӕ уыцы ӕхсӕв цады донаргъуыд райстон, уӕд мыл цыди 26 азы. Ӕртӕ азы фӕстӕ мын фылдӕр хӕстӕ бабар кодтой – бӕстӕйы комитеты лӕггад кӕнын райдыдтон. Уыцы рӕстӕг-иу бӕрнон ӕфсымӕртӕй кӕй ӕрцахстой, уыдоны бӕсты-иу ӕндӕрты снысан кодтой, ӕмӕ уый фӕрцы Паддзахады хъуыддаг размӕ цыди».

ЗӔХХЫ БЫН КУСЫН ӔНЦОН НӔ УЫД

«Зӕххы бын литературӕ мыхуыр кӕнын ахӕстоны бадынӕй бирӕ зындӕр уыд! Цӕмӕй мӕ КГБ ма ’рцахстаид, уый тыххӕй авд азы дӕргъы ӕмбырдтӕм нӕ цыдтӕн ӕмӕ хъуамӕ мӕ уырнындзинад мӕхӕдӕг фидар кодтаин. Мӕ бинонты-иу федтон, стӕм хатт-иу сӕм бӕрӕггӕнӕг куы бацыдтӕн, ӕрмӕстдӕр уӕд. Фӕлӕ мын уыдон мӕ уавӕр ӕмбӕрстой, ӕмӕ мӕ уый фидар кодта. Ӕппынӕдзухдӕр, куы мӕ ӕрцахсой, ууыл кӕй хъуыды кодтон ӕмӕ мӕ ӕмбӕхсын кӕй хъуыди, уый тыххӕй мӕм хъарутӕ нал уыд. Фӕлӕ хъуамӕ алцӕмӕ дӕр цӕттӕ уыдаиккам. Зӕгъӕм, иу изӕр дыууӕ милиционеры ӕрбацыдысты, цы хӕдзары уыдтӕн, уырдӕм. Ӕз фӕстӕты рудзынгӕй агӕпп кодтон ӕмӕ хъӕдырдӕм алыгътӕн. Быдырмӕ куы ралыгътӕн, уӕд мӕ хъустыл цавӕрдӕр ӕнахуыр ӕхситт ауад. Уый фӕстӕ ӕхстытӕ айхъуыстон, ӕмӕ бамбӕрстон, уый нӕмгуыты ӕхситт кӕй уыди! Чи мӕ сырдта, уыдонӕй иу бӕхыл абадт ӕмӕ мӕ фӕстейӕ ӕхста, цалынмӕ йӕ нӕмгуытӕ нӕ фесты, уӕдмӕ. Иу нӕмыг мӕ къухыл сӕмбӕлд. Фондз километры мӕ куы фӕсырдтой, уӕд хъӕды бамбӕхстӕн. Фӕстӕдӕр, тӕрхон мын куы кодтой, уӕд, базыдтон, 32 хатты мӕ кӕй ӕхстой!

Зӕххы бын бирӕ рӕстӕг кӕй ӕрвыстон, уый тыххӕй тынг фӕлурс уыдтӕн, ӕмӕ ӕнцон базонӕн уыд, цы куыст кӕнын, уый. Уымӕ гӕсгӕ-иу мын фадат куы фӕци, уӕд-иу хурмӕ рацыдтӕн. Зӕххы бын кӕй цардтӕн, уый ме ’нӕниздзинадыл дӕр фӕзынд. Иухатт та суанг, ӕфсымӕртӕн цы ахсджиаг фембӕлд уыд, уырдӕм ацӕуын мӕ бон нӕ баци, уымӕн ӕмӕ мӕ фындзӕй ӕмӕ мӕ дзыхӕй туг цӕуын райдыдта».

НИКОЛАЙЫ ӔРЦАХСТОЙ

Мордовийы лагеры, 1963 аз

«1957 азы 26 январы мӕ ӕрцахстой. Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ мын Украинӕйы Сӕйраг тӕрхондоны стӕрхон кодтой. Тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ мӕ хъуамӕ фехстаиккой, фӕлӕ стӕй, закъон кӕй фӕивта ӕмӕ ахст адӕмӕн мӕлӕты тӕрхон хӕссӕн кӕй нал уыд, уымӕ гӕсгӕ мын радтой 25 азы. Астӕй нӕ арвыстой, 500 Ӕвдисӕны кӕм уыд, уыцы лагермӕ Мордовимӕ. Уым-иу сусӕгӕй гыццыл къордтӕй ӕрӕмбырд стӕм ӕмӕ-иу ахуыр кодтам журнал „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“. Иухатт нын ахӕстоны кусджытӕ нӕ журналтӕ байстой, ӕмӕ дзы кӕцыдӕртӕ хъахъхъӕнджытӕй иу куы бакаст, уӕд загъта: „Ацы журналтӕ дарддӕр дӕр куы кӕсат, уӕд уӕ никуы ничи басӕтдзӕн!“ Мах ӕдзухдӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куыстам ӕмӕ-иу арӕх, цы нын бахӕс кодтой, уымӕй фылдӕр бакодтам. Фӕлӕ лагеры хицау уӕддӕр хъаст кодта: „Мах уӕ куыст нӕ хъӕуы, фӕлӕ цӕмӕй нӕ бӕстӕйыл иузӕрдион уат“».

«Мах ӕдзухдӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куыстам ӕмӕ-иу арӕх, цы нын бахӕс кодтой, уымӕй фылдӕр бакодтам»

ЙӔ ИУЗӔРДИОНДЗИНАД НӔ ФӔЦУДЫДТА

Паддзахады зал, горӕт Великие Луки

1967 азы Николайы лагерӕй куы ссӕрибар кодтой, уый фӕстӕ Эстонийы ӕмӕ Санкт-Петербурджы (Уӕрӕсе) ӕмбырдтӕ саразынӕн ӕххуыс кодта. Николайӕн 1957 азы цы тӕрхон рахастой, уый тыххӕй 1991 азы загътой, зӕгъгӕ, раст нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕ цы фыдракӕндты аххосджын кодтой, уыдонӕн фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг, Ӕвдисӕнтӕй хицауады къухӕй ӕфхӕрд чи баййӕфта, уыдонӕй бирӕты тыххӕй хицауад загъта, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд кӕй ӕрцыдысты. 1996 азы Николай цӕрынмӕ алыгъд горӕтмӕ Великие Луки (Псковы облӕст), Санкт-Петербургӕй иу-500 километры дарддӕр. Уым иу гыццыл хӕдзар балхӕдта ӕмӕ 2003 азы йӕ зӕххыл Паддзахады зал сарӕзта. Абон уыцы ран ис дыууӕ стыр ӕмбырды.

Ӕз мӕ сӕрыхицауимӕ лӕггад кӕнын Уӕрӕсейы филиалы. 2011 азы мартъийы, йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр мӕйы размӕ нӕм Николай фӕстаг хатт ӕрцыд. Нӕ зӕрдӕмӕ арф бахъардтой, уӕд цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. Йӕ цӕстытӕ цины рухс кодтой, афтӕмӕй загъта: «Цы уынын, уымӕ гӕсгӕ мӕ бон фидарӕй зӕгъын у, ӕвдӕм бон кӕй ралӕууыд ӕмӕ Иерихоны алыварс зилын кӕй райдыдтам» (Йес. Н. 6:15). Николайыл цыди 85 азы. Ӕмӕ кӕд йӕ цард ӕнцонтӕй нӕ уыд, уӕддӕр ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Куыд амондджын дӕн, ӕрыгонӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй сфӕнд кодтон! Уыцы уынаффӕйыл никуы фӕфӕсмон кодтон!»