Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды»

«Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды»

«Ӕнӕзонд у, газеттӕ чи нӕ кӕсы, уый. Фӕлӕ ноджы ӕнӕзонддӕр у, цавӕрдӕр хабарыл, газеты фыст кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй чи баууӕнды» (Август фон Шлёцер, немыцаг историк ӕмӕ журналист, 1735–1809).

ГАЗЕТТЫ цы фыст уыд, ууыл 200 азы размӕ кӕм нӕ уыд ӕууӕндӕн, уым нӕ рӕстӕджы тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Дзырд дӕр ыл нӕй, абон Интернеты цы февдисынц ӕмӕ дзы цы фӕфыссынц, уымӕй алцӕуыл ӕууӕндӕн нӕй. Интернеты цы нӕ ссардзынӕ, ахӕм нӕй ӕмӕ дзы нырыккон технологиты фӕрцы адӕймаг алцыдӕр ӕнцонтӕй ссары. Уыцы информацийӕ бирӕ цӕуылдӕрты ис ӕууӕндӕн, сты пайда ӕмӕ ницы зиан хӕссынц. Фӕлӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ та сты мӕнг, ӕнӕпайда ӕмӕ ма тӕссаг дӕр сты. Уымӕ гӕсгӕ, цы кӕсӕм, уый ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм. Интернетӕй пайда кӕнын чи райдайы, уыдон, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕной, ӕмӕ кӕд цавӕрдӕр ног хабар Интернеты фыст ис кӕнӕ та сӕм ӕй се ’мбӕлттӕй исчи ӕрбарвыста, уӕд ӕцӕг хабар у. Кӕцыдӕр хабӕрттӕ тынг ӕнахуыр куы уой, уӕддӕр сыл, гӕнӕн ис, ӕмӕ баууӕндой. Фӕлӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмб. 14:15).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «ӕмбаргӕ» уӕм ӕмӕ нӕ бон уа, Интернеты цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый раиртасын? Фыццаг уал ахъуыды кӕн: «Уыцы хабар, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм сайты ис? Ӕви, кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон йӕхи хъуыдытӕ ныффыссын кӕм у, ахӕм сайты ис? Уӕвгӕ, уыцы хабар чи ныффыста, уый бӕрӕг у? Мыййаг, ацы хабары тыххӕй ӕууӕнчы аккаг сайты ныффыстой, мӕнг у, зӕгъгӕ?» * Уӕдӕ «къӕрцхъус» уӕм (1 Пет. 5:8). Кӕд нӕм цавӕрдӕр хабар ӕууӕнчы аккаг нӕ фӕкӕса, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгдӕр афтӕ у. Стӕй ма, иннӕты фыдкой кӕм кӕнынц, ахӕм хабӕрттӕ куы кӕсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, уыцы хабар пайда кӕмӕн уыдзӕн ӕмӕ кӕйдӕр цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй апарахат уа.

ПИСМО АРВИТЫНЫ РАЗМӔ ДЗӔБӔХ АХЪУЫДЫ КӔНЫС?

Иуӕй-иутӕ ног хабӕрттӕ фервитынц сӕ зонгӕтӕй алкӕмӕ дӕр, уыцы хабӕрттӕ раст сты ӕви нӕ, уый не сбӕрӕг кӕнынц, афтӕмӕй. Кӕнӕ сӕ куы фервитынц, уӕд хъуыды дӕр нӕ акӕнынц, уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Бирӕтӕ афтӕ уымӕн фӕкӕнынц, цӕмӕй адӕмы ӕргом сӕхимӕ раздахой ӕмӕ ног хабӕрттӕ фыццаг уыдонӕй фехъусой (2 Сам. 13:28–33). Фӕлӕ ӕмбаргӕ адӕймаг ахъуыды кӕндзӕн, зӕгъгӕ йӕ куы арвитон, уӕд уый никӕмӕн ницы зиан ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, уыцы хабар, чи зоны, искӕцы адӕймаджы кӕнӕ организацийы ном счъизи кӕна.

Цавӕрдӕр ног хабӕрттӕ сбӕлвырд кӕнынӕн бафыдӕбон кӕнын фӕхъӕуы. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ сӕ кӕмӕ ӕрвитын, уыдон сӕхӕдӕг сбӕлвырд кӕнӕд, ӕцӕг сты ӕви нӕ. Фӕлӕ сӕ уымӕн цас рӕстӕг бахъӕудзӕн? Рӕстӕг та тынг зынаргъ у (Еф. 5:15, 16). Уӕдӕ афтӕ хъуыды кӕныны бӕсты, зӕгъгӕ йыл кӕд дызӕрдыг кӕнын, уӕддӕр ӕй арвитон. Хуыздӕр уыдзӕн ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ йыл кӕд дызӕрдыг кӕнын – уӕд ӕй не ’рвитын!

Ахъуыды-иу кӕн: «Писмо арвитыны размӕ алы хатт дӕр дзӕбӕх ахъуыды кӕнын? Афтӕ никуы уыд, ӕмӕ кӕмӕдӕрты мӕнг хабӕрттӕ кӕй арвыстон, уый тыххӕй мӕ хатыр курын бахъуыд? Мыййаг мын афтӕ ничи загъта, зӕгъгӕ мӕм ахӕм цыдӕртӕ мауал ӕрвит?» Дӕ зӕрдыл дар, кӕд де ’мбӕлттӕн электрон почтӕ ис, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕхи бон дӕр у Интернеты исты бацагурын. Чи зоны сӕ нӕ фӕнды, алыхуызон худӕг хабӕрттӕ, видеороликтӕ кӕнӕ нывтӕ кӕм ис, бирӕ ахӕм писмотӕ исын. Стӕй ма зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, Библийыл арӕзт раныхӕстӕн сӕ записьтӕ кӕнӕ, раныхӕстӕм нӕхӕдӕг цы конспекттӕ ныффыстам, уыдон ӕрвитын *. Ӕмӕ дӕ ма рох кӕнӕд: адӕймаг исты фарстатӕ кӕнӕ Библийы стихтӕ йӕхӕдӕг куы иртаса йе та ӕмбырдмӕ дзуаппытӕ йӕхӕдӕг куы цӕттӕ кӕна, уӕд ын уый, ды йӕм цы ’рвитай, уымӕй фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн.

Ацы цымыдисаг хабар... иннӕтӕм хъӕуы ӕрвитын ӕви нӕ?

Куыд хъуамӕ бакӕнай, Интернеты, Йегъовӕйы организацийыл цъыф кӕм калынц, ахӕм хабӕрттыл куы сӕмбӕлай, уӕд? Ма сӕ кӕс ӕмӕ сыл ма ӕууӕнд! Зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, иннӕтӕм дӕр сӕ куы арвитай ӕмӕ сӕ уый фӕдыл сӕ хъуыдыйӕ куы фӕрсай, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй уыцы зианхӕссӕг информаци ноджы тынгдӕр апарахат уыдзӕн. Интернеты цы бакастӕ, уый дӕ кӕд мӕты бафтыдта, уӕд хъуамӕ Йегъовӕйӕ зонд курай ӕмӕ уый тыххӕй фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртимӕ аныхас кӕнай (Иак. 1:5, 6; Иуд. 22, 23). Адӕм Чырыстийӕ дӕр мӕнг ныхӕстӕ кодтой, ӕмӕ уый йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста, уыдоны дӕр се знӕгтӕ кӕй ӕфхӕрдзысты ӕмӕ сыл «алы ӕвзӕртӕ... [кӕй] мысдзысты» (Матф. 5:11; 11:19; Иоан. 10:19–21). Уӕдӕ хъуамӕ лӕмбынӕг «хъуыды кӕнӕм» ӕмӕ «арфуынӕг» уӕм, цӕмӕй нӕ бон уа, «хӕлд ныхӕстӕ чи кӕны» ӕмӕ «алы хъуыддаджы дӕр хин ӕмӕ кӕлӕн чи у», уый раиртасын (Ӕмб. 2:10–16).

ИННӔТӔН АРГЪ КӔН

Не ’фсымӕрты тыххӕй искӕмӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ куы базонӕм, уӕд дӕр-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цалынмӕ сӕ искӕмӕ арвитӕм, уӕдмӕ. Кӕд иуӕй-иу хабӕрттӕ ӕцӕг вӕййынц, уӕддӕр сӕ парахат кӕнын арӕх нӕдӕр раст вӕййы, нӕдӕр уарзондзинадыл дзурӕг (Матф. 7:12). Зӕгъӕм, уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн ӕмӕ фидар дӕр никӕй бакӕндзӕн, искӕй тыххӕй цавӕрдӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ, ӕцӕг куы уой, уӕддӕр, куы парахат кӕнӕм (2 Фес. 3:11; 1 Тим. 5:13). Иуӕй-иу хабӕрттӕн та дзурӕн нӕ вӕййы. Чи зоны, уыцы хабӕртты тыххӕй фӕстӕдӕр, растдӕр куыд у, афтӕ фехъусын кӕной. Уӕдӕ хъуамӕ иннӕтӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ ма рох кӕнӕм, уый бар сын кӕй ис, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной, цавӕрдӕр хабӕрттӕ кӕд ӕмӕ куыд фехъусын кӕндзысты, уый. Сӕ хабӕрттӕ сын афонӕй раздӕр куы апарахат кӕнӕм, уӕд сын, чи зоны, стыр зиан дӕр ӕрхӕссӕм.

Абон хабӕрттӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ апарахат вӕййынц, раст уой ӕви мӕнг, пайда уой ӕви нӕ, мацы зиан хӕссой ӕви тӕссаг уой, уӕддӕр. Цавӕрдӕр хабар иу адӕймагмӕ дӕр куы арвитай, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ уыцы адӕймаг цалдӕр секундмӕ алы бӕстӕты цӕрӕг адӕммӕ арвита. Уӕдӕ нӕ цавӕрдӕр хабар уайтагъд нӕ зонгӕтӕй алкӕмӕ дӕр арвитын тынг куы фӕнда, уӕддӕр-иу хъуамӕ тагъд ма кӕнӕм. Кӕд уарзондзинад «алцӕуыл дӕр ӕууӕнды», уӕддӕр хъуамӕ «ӕвӕлтӕрд» ма уӕм ӕмӕ алы ног ӕмӕ цымыдисаг хабарыл ма ӕууӕндӕм (1 Кор. 13:7). Мах Йегъовӕйы организаци ӕмӕ не ’фсымӕрты тынг уарзӕм, ӕмӕ сӕ исчи мӕнг ныхӕстӕ куы фӕкӕны, уӕд сыл нӕ феууӕндӕм. Рох нӕ ма уӕд: мӕнг ныхӕстӕ кӕнын чи райдайы ӕмӕ сӕ чи фӕпарахат кӕны, уыдон Сайтан Хӕйрӕджы зӕрдӕ фӕрухс кӕнынц, ӕмӕ уый та у «мӕнгдзинады фыд» (Иоан. 8:44). Адӕймаг алы бон дӕр дуне информаци базоны, ӕмӕ хъуамӕ ӕмбаргӕ уа ӕмӕ алкӕддӕр лӕмбынӕг хъуыды кӕна, уыцы информацийӕ куыд пайда кӕны, ууыл. Библийы фыст ис: «Ӕвӕлтӕрдтӕн сӕ хай уыдзӕн ӕнӕзонддзинад, ӕмбаргӕ адӕймӕгтӕн та зонындзинӕдтӕ уыдзысты рӕсугъд худау» (Ӕмб. 14:18).

^ 4 абз. Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ цавӕрдӕр хабар мӕнг кӕй у, уый раргом вӕййы, фӕлӕ ма уый фӕстӕ дӕр, чи зоны, уыцы хабар парахат кӕной, цыдӕртӕ дзы гыццыл фӕивой, афтӕмӕй, цӕмӕй та йыл адӕм баууӕндой.

^ 8 абз. Кӕс 2010 азы апрелы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», «Фарстаты асыкк».