Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕхи куыд уарзыс, иннӕты дӕр афтӕ уарзыс?

Дӕхи куыд уарзыс, иннӕты дӕр афтӕ уарзыс?

«Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (МАТФ. 22:39).

ЗАРДЖЫТӔ: 73, 36

1, 2. Уарзондзинад тынг ахсджиаг кӕй у, уый Библийӕ куыд зыны?

УАРЗОНДЗИНАД у Йегъовӕ Хуыцауы сӕйраг миниуӕг (1 Иоан. 4:16). Йегъовӕ ӕппӕты фыццаг сфӕлдыста Йесойы. Уый миллиардгай азты дӕргъы йӕ Фыдимӕ уӕлӕрвты уыди ӕмӕ базыдта, Йегъовӕ куыд уарзӕгой Хуыцау у, уый (Кол. 1:15). Ӕмӕ Йесо дӕр уыцы уарзондзинад ӕвдыста, уӕлӕрвты куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ зӕххыл куы цард, уӕд дӕр. Уымӕ гӕсгӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕн сӕ хицаудзинад алкӕддӕр уарзондзинадыл арӕзт кӕй уыдзӕн.

2 Иухатт иу нӕлгоймаг Йесойы бафарста, сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын уый загъта: «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст. Дыккаг фӕдзӕхст дӕр уый хуызӕн у: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“» (Матф. 22:37–39).

3. Йесо кӕй кой кодта, уыцы «иннӕтӕ» чи сты?

3 Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иннӕты уарзын кӕй хъӕуы, уымӕй сӕйрагдӕр у, Хуыцауы кӕй хъуамӕ уарзӕм, ӕрмӕстдӕр уый. Уӕдӕ бӕрӕг у, уыцы хъуыддаг тынг ахсджиаг кӕй у. Фӕлӕ цымӕ «иннӕтӕ» чи сты? Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдоны кой куы кӕнӕм, уӕд – сӕйраджыдӕр сӕ цардӕмбӕлттӕ. Стӕй ма «иннӕтӕм» хауынц, ӕмбырды нын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдон дӕр. Уымӕй уӕлдай ма «иннӕтӕ» сты, уацамынды кӕуыл ӕмбӕлӕм, уыцы адӕм дӕр. Ацы статьяйы базондзыстӕм, цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, иннӕты кӕй уарзӕм, уый.

ДӔ ЦАРДӔМБАЛЫ УАРЗ

4. Кӕд адӕм ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ бинонтӕ амондджын уой?

4 Йегъовӕ сфӕлдыста Адам ӕмӕ Евӕйы ӕмӕ сӕ баиу кодта. Афтӕмӕй фӕзындысты фыццаг бинонтӕ. Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй иумӕ амондджын уыдаиккой ӕмӕ зӕхх сӕ сывӕллӕттӕй байдзаг кодтаиккой (Райд. 1:27, 28). Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ уӕд сӕ бинонты фарн фехӕлд ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр сӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастой (Ром. 5:12). Фӕлӕ кӕд хабар афтӕ рауад, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ абон бинонтӕ амондджын уой. Бинонты цардӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уыцы Хуыцау Йегъовӕ лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн Библийы дӕтты ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16, 17.)

5. Бинонты ’хсӕн уарзондзинад цас ахсджиаг у?

5 Библийӕ бӕрӕг у, адӕм кӕрӕдзиимӕ амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй кӕй цӕрдзысты, се ’хсӕн уарзондзинад куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ уый хауы бинонты цардмӕ дӕр. Ӕцӕг уарзондзинад цы у, уый тыххӕй апостол Павел загъта: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ. Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны, йӕхицӕй не ’ппӕлы, йӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссы, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ нӕ кӕны, йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны, уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы. Ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы. Раст цы нӕу, ууыл нӕ цин кӕны, фӕлӕ цин кӕны рӕстдзинадыл. Алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы. Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн» (1 Кор. 13:4–8). Павелы ныхӕстыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нӕ бинонтӕ амондджын уыдзысты.

Библи нын ӕмбарын кӕны, бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, уый (кӕс 6, 7 абзацтӕ)

6, 7. а) Хистӕр чи кӕмӕн у, уый тыххӕй 1 Коринфӕгтӕм 11:3 цы фыст ис? б) Чырыстон нӕлгоймаг йӕ бинойнагӕн куыд хъуамӕ уа?

6 Бинонты хистӕр чи уыдзӕн, уый аскъуыддзаг кодта Йегъовӕ. Павел бамбарын кодта: «Фӕнды [мӕ], цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Кор. 11:3). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй бинонты хистӕр тызмӕг кӕнӕ ӕгъатыр ма уа, фӕлӕ уарзӕгой. Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр хӕларзӕрдӕ ӕмӕ удуӕлдай Хицау у. Ӕмӕ Йесо дӕр йӕ уарзӕгой Хуыцауы хицаудзинадӕн стыр аргъ кӕны. Уый загъта: «Ӕз мӕ Фыды... уарзын» (Иоан. 14:31). Йесо ахӕм ныхӕстӕ никуы загътаид, Йегъовӕ йӕ куы ’фхӕрдтаид, уӕд.

7 Кӕд нӕлгоймаг сылгоймагӕн йӕ хицау у, уӕддӕр ын Библи зӕгъы, кад ын кӕй хъуамӕ кӕна (1 Пет. 3:7). Ӕмӕ лӕг йӕ бинойнагӕн кад кӕндзӕн, цӕуыл тыхсы, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй куы нӕ кӕса ӕмӕ йын йӕ хъуыдыйӕн куы аргъ кӕна, уӕд. Библи зӕгъы: «Лӕгтӕ, уӕ устыты алкӕддӕр уарзут, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ» (Еф. 5:25). Ӕцӕгдӕр, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй йӕ цард дӕр нӕ бавгъау кодта. Бинонты хистӕр дӕр Йесойау уарзӕгой куы уа, уӕд ӕй йӕ бинойнаг дӕр уарздзӕн, аргъ ын кӕндзӕн ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕм зӕрдиагдӕрӕй хъусдзӕн. (Бакӕс Титмӕ 2:3–5.)

ДӔ ХОТӔ ӔМӔ ДЕ ’ФСЫМӔРТЫ УАРЗ

8. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

8 Абон Йегъовӕйӕн ӕгас зӕххыл дӕр лӕггад кӕны милуангай адӕм. Цымӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Библи зӕгъы: «Алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн» (Гал. 6:10; бакӕс Ромӕгтӕм 12:10). Апостол Петр ныффыста: «Рӕстдзинады коммӕ кӕй бакастыстут, уый фӕрцы сымах уӕ удтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй уарзат. Гъемӕ уӕдӕ кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд». Петр ма йе ’мчырыстӕттӕн загъта: «Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза» (1 Пет. 1:22; 4:8).

9, 10. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн иудзинад цӕй фӕрцы ис?

9 Нӕ ӕппӕтдунеон организацийӕн абарӕн дӕр ницӕимӕ ис. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты зӕрдӕбынӕй уарзӕм. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы – дун-дунейы ӕппӕты стырдӕр тыхы фӕрцы. Хуыцауы сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нын ӕгас зӕххыл дӕр цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонимӕ иу бинонтау уӕм ӕмӕ не ’хсӕн иудзинад уа. (Бакӕс 1 Иоанны 4:20, 21.)

10 Чырыстӕттӕ кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой, уый тыххӕй Павел ныффыста: «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат. Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай уӕд уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:12–14). Ӕцӕгдӕр, кӕд алыхуызон адӕмтӕй стӕм ӕмӕ алы уавӕрты схъомыл стӕм, уӕддӕр не ’хсӕн ис, кӕрӕдзийыл нӕ чи бӕтты, ахӕм уарзондзинад. Ӕмӕ уый тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм!

11. Хуыцауы организаци бӕрӕг цӕмӕй дары?

11 Йегъовӕйы адӕм кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, раст диныл хӕст кӕй сты. Чырысти загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:34, 35). Апостол Иоанн та ныффыста: «Хуыцауы сывӕллӕтты ӕмӕ Хӕйрӕджы сывӕллӕтты афтӕ ис базонӕн: раст хъуыддӕгтӕ чи нӕ кӕны, уый Хуыцауӕй нӕу. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, йе ’фсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕй дӕр. Уӕ зӕрдыл дарут, райдианы кӕй фехъуыстат, уыцы хабар: мах хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзӕм» (1 Иоан. 3:10, 11). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты. Хуыцау ӕгас зӕххыл дӕр йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар уыцы адӕмы фӕрцы хъусын кӕны (Матф. 24:14).

«ТЫНГ БИРӔ АДӔМ» ӔМБЫРДГОНД ЦӔУЫНЦ

12, 13. «Тынг бирӕ адӕм» абон цы кусынц ӕмӕ сӕм тагъд рӕстӕджы цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

12 Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр сты «тынг бирӕ адӕмӕй», сты дунейы алы рӕттӕй ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы Паддзахады фарс лӕууынц. Уыдон сты, «стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм». Уыдон Чырыстийы нывондыл баууӕндыдысты, ӕмӕ афтӕмӕй «сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй». Уыцы «тынг бирӕ адӕм» Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты уарзынц, ӕмӕ Йегъовӕйӕн «ӕхсӕвӕй-бонӕй» лӕггад кӕнынц (Рарг. 7:9, 14, 15).

13 Тагъд Йегъовӕ ацы фыддуне «стыр бӕллӕхы» фесафдзӕн (Матф. 24:21; бакӕс Йеремийы 25:32, 33). Фӕлӕ йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй уарзы, уый тыххӕй сӕ бахъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сӕ ног дунемӕ бакӕндзӕн. Иу-2 000 азы размӕ зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сын «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст». Ды дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, фыддзинад, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕт кӕм нал уыдзӕн, уыцы Дзӕнӕтмӕ? (Рарг. 21:4).

14. «Тынг бирӕ адӕм» абон цас сты?

14 1914 азы, фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕд, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цалдӕр мин йеддӕмӕ нӕ уыдысты. Кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр, иннӕты кӕй уарзтой ӕмӕ сын сыгъдӕг тых кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы уыцы сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой. Цымӕ сын цы бантыст? Абон ӕмбырдгонд цӕуынц, ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы тынг бирӕ адӕм. Ӕмӕ ныр ӕгас дунейы дӕр 115 400 ӕмбырдӕй фылдӕры ис 8 000 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр, ӕмӕ сӕ нымӕцыл ӕдзухдӕр ӕфты. Зӕгъӕм, 2014 лӕггады азы донаргъуыд райста 275 500 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы къуыри дӕр донаргъуыд иста иу-5 300 адӕймаджы!

15. Хъусын кӕнын хъуыддаг размӕ куыд цӕуы, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

15 Хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ куыд цӕуы, уый диссаг у. Абон нӕ публикацитӕ сты 700 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕгас дунейы дӕр куыд парахат у, афтӕ парахат иу журнал дӕр нӕу. Алы мӕй дӕр дзы 247 ӕвзагыл мыхуыргонд цӕуы 52 000 000 экземплярӕй фылдӕр. Адӕмимӕ Библи сӕйраджыдӕр цы публикацийы фӕрцы ахуыр кӕнӕм, уый та тӕлмацгонд ӕрцыд 250 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ ӕмӕ дзы абоны бонмӕ мыхуыры рацыд 200 000 000 экземпляры.

16. Йегъовӕйы организаци цӕй фӕрцы рӕзы?

16 Нӕ организаци рӕзы, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ Библи йӕ Ныхасыл кӕй нымайӕм, уый фӕрцы (1 Фес. 2:13). Ӕмӕ нӕ кӕд «ацы цардӕвӕрды хуыцау», Хӕйрӕг, йе сӕфт уыны ӕмӕ нӕ ныхмӕ цӕуы, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны (2 Кор. 4:4).

ИННӔТЫ КӔЙ УАРЗЫС, УЫЙ АЛКӔДДӔР БӔРӔГ УӔД

17, 18. Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм?

17 Кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыдон нӕм алыхуызон цӕстӕй ракӕсынц. Иуӕй-иутӕ нӕм байхъусынц, иннӕтӕ та, цы хабар сын хъусын кӕнӕм, уымӕй се сӕфт уынынц. Цымӕ Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм? Адӕм хорз хабармӕ цыфӕнды цӕстӕй ма кӕсой, уӕддӕр хъуамӕ хъусӕм Библийы фыст уынаффӕмӕ: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Кол. 4:6). Нӕ уырнындзинады сӕрыл куы фӕдзурӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй адӕмӕн «дзуапп дӕттӕм сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй», уымӕн ӕмӕ сӕ уарзӕм (1 Пет. 3:15).

18 Адӕм нӕм куы рамӕсты вӕййынц ӕмӕ нӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд дӕр-иу сӕм уарзондзинад равдисӕм, ӕмӕ афтӕмӕй Йесойы бафӕзмӕм. Йесойӕн «алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ... куы кодтой, уӕд сӕ уый не ’фхӕрдта. Хъизӕмӕрттӕ куы ’взӕрста, уӕд не ’ртхъирӕн кодта, хъизӕмӕрттӕ йын чи ӕвзарын кодта, уыдонмӕ». Йесо йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардта (1 Пет. 2:23). Уӕдӕ алкӕддӕр сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ хъусӕм Петры уынаффӕмӕ: «Ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидут ӕмӕ уын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ма ӕфхӕрут, фӕлӕ семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнут» (1 Пет. 3:8, 9).

19. Не знӕгтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

19 Сӕрныллӕгдзинад нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Йесо цы ахсджиаг уагӕвӕрд бацамыдта, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Йесо загъта: «Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Иннӕты уарз, фӕлӕ де знагӕй де сӕфт уын“. Ӕз та уын зӕгъын: уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй. Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр, ӕмӕ къӕвда дӕр ратты рӕстгӕнджытӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕн дӕр» (Матф. 5:43–45). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ не знӕгты дӕр уарзӕм, цыфӕнды ӕвзӕр нын куы уой, уӕддӕр.

20. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ног дунейы алчидӕр Хуыцауы ӕмӕ иннӕты кӕй уарздзӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

20 Нӕ царды алы фӕзилӕны дӕр хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр кӕй уарзӕм. Ӕмӕ кӕд адӕм нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц ӕмӕ, цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсынц, уӕддӕр сӕ не ’ххуыс куы фӕхъӕуы, уӕд сӕ фарсмӕ балӕууӕм. Апостол Павел ныффыста: «Макӕмӕй мацы хӕс дарут. Ис уыл ӕрмӕстдӕр иу хӕс – кӕрӕдзи уарзын, уымӕн ӕмӕ, иннӕйы чи уарзы, уый закъон сӕххӕст кодта. Мӕнӕ ацы фӕдзӕхстытӕн, зӕгъгӕ, „ма хӕт“, „ма амар“, „ма адав“, „ма бабӕлл, ӕндӕр искӕй цы у, уымӕ“, стӕй иннӕ фӕдзӕхстытӕн дӕр сӕ хъуыды ацы ныхӕсты ис: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“. Чи уарзы, уый иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад нӕ аразы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, чи уарзы, уый закъон сӕххӕст кодта» (Ром. 13:8–10). Йӕ хицау Хӕйрӕг кӕмӕн у, уыцы змӕст ӕмӕ ӕгъатыр дунейы цӕргӕйӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иннӕты ӕцӕг уарзтӕй уарзынц (1 Иоан. 5:19). Йегъовӕ Хӕйрӕджы, дӕлимонты ӕмӕ ацы фыддуне куы фесафа, уӕд ӕгас зӕхх дӕр уарзондзинадӕй байдзаг уыдзӕн. Цӕй стыр арфӕдзинад уыдзӕн, зӕххы цӕрджытӕй алчидӕр Йегъовӕйы ӕмӕ иннӕты куы уарза!