Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы рӕдаудзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый хъуыддагӕй ӕвдис

Йегъовӕйы рӕдаудзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый хъуыддагӕй ӕвдис

ЙЕГЪОВӔ у рӕдау Хуыцау (Иак. 1:17). Йе сконд дунейы алцыдӕр – стъалытӕй йедзаг арвӕй райдай ӕмӕ цъӕх гауызӕй ӕмбӕрзт зӕххӕй фӕу – «зары» йӕ рӕдаудзинады тыххӕй (Пс. 65:12, 13; 147:7, 8; 148:3, 4).

Псаломзарӕггӕнӕг йе Сфӕлдисӕгӕй афтӕ бузныг уыд, ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы райгуырд, Йегъовӕйы йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй кӕм скадджын кодта, уыцы зарӕг. 104-ӕм псалом куы бакӕсай, уӕд ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ уыцы зарӕджы ныхӕстимӕ. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Ӕз Йегъовӕйӕн зардзынӕн цӕрӕнбонты. Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ зардзынӕн мӕ Хуыцауӕн» (Пс. 104:33). Дӕумӕ дӕр дӕ зӕрдӕ уый нӕ дзуры?

РӔДАУДЗИНАДЫ ДИССАДЖЫ ЦӔВИТТОН

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уыйау рӕдау уӕм. Ӕмӕ рӕдау цӕмӕн хъуамӕ уӕм, уый нын ӕмбарын дӕр кӕны. Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, апостол Павелӕн цы ныффыссын кодта, уымӕ: «Ныртӕккӕ хъӕздыг чи у, уыдонӕн амон, цӕмӕй сӕхицӕй хъал ма уой ӕмӕ сӕ зӕрдӕ, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл ма дарой, фӕлӕ Хуыцауыл, циндзинад нын цыдӕриддӕр хӕссы, уый нын рӕдауӕй чи дӕтты, ууыл. Амон сын, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразой, хъӕздыг уой хорз хъуыддӕгтӕй, уой цӕстуарзон ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕной, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхицӕн ӕмбырд кӕной, чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм хӕзна – фидӕнӕн хорз бындур, цӕмӕй фидар ныххӕцой ӕцӕг цардыл» (1 Тим. 6:17–19).

Павел Коринфы ӕмбырдмӕ йӕ дыккаг фыстӕг куы фыста, уӕд сын бамбарын кодта, мысайнӕгтӕ цы зӕрдӕйӕ хъуамӕ лӕвӕрдтаиккой, уый. Павел загъта: «Алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы» (2 Кор. 9:7). Уый фӕстӕ ма Павел загъта, рӕдаудзинад пайда кӕмӕн ӕмӕ куыд хӕссы, уый тыххӕй: кӕмӕн баххуыс кӕнынц, уыдонӕн сӕ хъуагдзинӕдтӕ баххӕст вӕййынц, рӕдаудзинад чи равдисы, уыдон та Хуыцауы хорзӕхӕй схайджын вӕййынц (2 Кор. 9:11–14).

Павел йӕ фыстӕджы рӕдаудзинады тыххӕй кӕм дзуры, уым фӕстагмӕ загъта, Хуыцауы рӕдаудзинад ӕппӕты тынгдӕр кӕмӕй рабӕрӕг, уыцы хъуыддаджы тыххӕй. Павел ныффыста: «Бузныг Хуыцауӕн, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, йӕ уыцы лӕвары тыххӕй!» (2 Кор. 9:15). Уыцы лӕвар амоны, Хуыцау Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы адӕмы цы хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. Ӕцӕгдӕр, уыцы лӕвар куыд зынаргъ у, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй!

Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт мах тыххӕй цы сарӕзтой ӕмӕ ма цы сараздзысты, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Иу мадзал у, нӕхӕдӕг дӕр рӕдау куы уӕм. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы хъуыддагӕн нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ исбонӕй, нӕ бон цас у, уыйбӕрц куы хай кӕнӕм, ӕмӕ уӕлдай нӕу, бирӕ дӕттӕм ӕви гыццыл (1 Аз. 22:14; 29:3–5; Лук. 21:1–4).