Уӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной (1 хай)
«Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг... нын бацамонӕд, цы сывӕллон райгуыра, уымӕн нын цы кӕнгӕ у, уый» (ТӔРХ. 13:8).
ЗАРДЖЫТӔ: 88, 120
1. Маной куы базыдта, фырт ын кӕй райгуырдзӕн, уӕд куыд бакодта?
МАНОЙ ӕмӕ йӕ бинойнаг зыдтой, цот сын кӕй никуы уыдзӕн. Фӕлӕ иубон Йегъовӕйы зӕд Манойы усӕн загъта, лӕппу йын кӕй райгуырдзӕн. Уый диссаджы хабар куыннӕ уыди! Манойӕн йӕ бинойнаг уыцы хабар куы радзырдта, уӕд йӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Фӕлӕ ма уыимӕ Маной ӕмбӕрста, ныр ыл Йегъовӕйы раз стыр хӕс кӕй ис. Уыцы рӕстӕг Израилы цӕрӕг адӕмӕй бирӕтӕ алыхуызон ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыдысты. Цымӕ ахӕм уавӕрты сӕ бон куыд уыдаид сӕ сывӕллоны афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы уарза ӕмӕ йын лӕггад кӕна? Маной Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй та сӕм йӕ зӕды рарвыстаид: «Курӕг [дӕ] дӕн, иу хатт ма нӕм ӕрцӕуӕд ӕмӕ нын бацамонӕд, цы сывӕллон райгуыра, уымӕн нын цы кӕнгӕ у, уый» (Тӕрх. 13:1–8).
2. Сывӕллоны хъомыл кӕнынмӕ цы хауы? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Уӕ сӕйрагдӕр ахуыргӕнинӕгтӕ»).
2 Кӕд уын сывӕллӕттӕ ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хорз ӕмбарут, Маной Хуыцауӕй уыцы ӕххуыс цӕмӕн ракуырдта. Сымахӕн дӕр уӕ хӕс у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой * (Ӕмб. 1:8). Иумӕ Библи куы фӕахуыр кӕнут, уӕд сын Йегъовӕйы ӕмӕ Библи хуыздӕр базонынӕн феххуыс кӕнут. Фӕлӕ семӕ алы къуыри дӕр Библи ахуыр кӕнат, уый фаг нӕу. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:6–9.) Цы ма уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ афтӕ хъомыл кӕнат, ӕмӕ Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ йын лӕггад кӕной? Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм Йесойы цӕвиттонмӕ. Кӕд Йесойӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд, уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд ахуыр кодта, уымӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты уарзта ӕмӕ уыд сӕрныллӕг. Стӕй ма уыди арфуынӕг, ома, сӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый ӕмбӕрста ӕмӕ сын куыд баххуыс кӕнӕн ис, уый дӕр зыдта. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын.
УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ УАРЗУТ
3. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕцӕй зыдтой, сӕ ахуыргӕнӕг сӕ кӕй уарзы, уый?
3 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн арӕх дзырдта, кӕй сӕ уарзы, уый тыххӕй. (Бакӕс Иоанны 15:9.) Стӕй семӕ рӕстӕг дӕр бирӕ ӕрвыста (Мар. 6:31, 32; Иоан. 2:2; 21:12, 13). Йесо сын ӕрмӕст ахуыргӕнӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма сӕ хӕлар дӕр. Уымӕ гӕсгӕ уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, кӕй сӕ уарзы, ууыл. Цымӕ ныййарджытӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц?
4. Уӕ сывӕллӕтты кӕй уарзут, уый сын уӕ бон куыд у равдисын? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
4 Уӕ сывӕллӕттӕн дзурут, кӕй сӕ уарзут, ӕмӕ сын хъуыддагӕй ӕвдисут, тынг зынаргъ уын кӕй сты (Ӕмб. 4:3; Тит. 2:4). Австралийӕ иу ӕфсымӕр, Сэмюэл, загъта: «Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд мын мӕ фыд алы изӕр дӕр касти библион радзырдтӕ. Мӕ фарстатӕн-иу мын дзуапп радта, ахъӕбыс-иу мын кодта ӕмӕ-иу мын фынӕйы размӕ апъа кодта. Фӕстӕдӕр базыдтон, мӕ фыд цы бинонты ’хсӕн схъомыл, уым пъатӕ-хъӕбыстӕ кӕнын ахуыр кӕй нӕ уыдысты, ӕмӕ мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыд! Фӕлӕ мӕ фыд архайдта, цӕмӕй мӕ йӕ уарзтӕй рӕвдыдтаид. Уый фӕрцы тынг ӕнгом уыдыстӕм ӕмӕ уыдтӕн амондджын, стӕй йӕ алкӕддӕр зыдтон, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр мӕ фыд мӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн». Ныййарджытӕ, архайут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ дӕр рӕвдыдцух ма уой – арӕх сын дзурут, кӕй сӕ уарзут. Уӕ пъатӕ ӕмӕ сын уӕ хъӕбыстӕ ма ’вгъау кӕнут. Семӕ ныхас кӕнут, иумӕ хӕрут, стӕй-иу семӕ исты хъӕзтытӕй дӕр ахъазут.
5, 6. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ цы арӕзта? б) Уӕ сывӕллӕттӕн зонд куыд хъуамӕ амонат?
5 Йесо загъта: «Ӕз, кӕй уарзын, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уайдзӕф бакӕнын ӕмӕ сын зонд бацамонын *» (Рарг. 3:19). Зӕгъӕм, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ-иу арӕх быцӕу кӕнын райдыдтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл. Йесо уыцы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй никуы ракаст – ногӕй ӕмӕ та-иу сын ногӕй фӕразонӕй сӕ рӕдыд бацамыдта. Фӕлӕ Йесо алкӕддӕр уыди хӕларзӕрдӕ, ӕмӕ-иу сын уынаффӕ радта, хуыздӕр-иу куы уыди, уӕд ӕмӕ-иу хуыздӕр кӕм уыди, уым (Мар. 9:33–37).
6 Кӕд уӕ сывӕллӕтты уарзут, уӕд сын хъуамӕ зонд дӕр амонат. Иуӕй-иу хатт фаг вӕййы сывӕллонӕн ныхасӕй бамбарын кӕнын, цавӕрдӕр хъуыддаг хорз кӕнӕ ӕвзӕр цӕмӕн у, уый. Фӕлӕ, зӕгъӕм, уӕддӕр уӕ коммӕ нӕ кӕсынц, уӕд та? (Ӕмб. 22:15). Йесо уын фӕзминаг уӕд. Дарддӕр сын фӕразонӕй уынаффӕтӕ дӕттут, ахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ ӕмбарын кӕнут. Зонд-иу сын бацамонут фӕлмӕнӕй, хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уӕд ӕмӕ хуыздӕр кӕм уыдзӕн, уым. Хуссар Африкӕйӕ иу хо, Элейн, радзырдта, йӕ ныййарджытӕ йын зонд куыд амыдтой, уый тыххӕй. Йӕхи куыд хъуамӕ дардтаид, уый-иу ын бӕлвырд бамбарын кодтой. Ӕмӕ-иу ӕй куы бафӕдзӕхстой, сӕ коммӕ куы нӕ бакӕса, уӕд ӕй кӕй бафхӕрдзысты, уӕд-иу кӕнгӕ дӕр афтӕ бакодтой. Элейн ма загъта: «Фӕлӕ мын зонд мӕстыйӕ никуы амыдтой, стӕй-иу мын алкӕддӕр бамбарын кодтой, цӕй тыххӕй мӕ бафхӕрдтой, уый». Йӕ ныййарджытӕ йӕ афтӕ кӕй хъомыл кодтой, уый фӕрцы зыдта, кӕй йӕ уарзынц, уый.
СӔРНЫЛЛӔГ УТ
7, 8. а) Йесо сӕрныллӕг кӕй уыди, уый йӕ куывдтытӕй куыд зынди? б) Уӕ куывдтыты фӕрцы уӕ сывӕллӕттӕ сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын куыд ахуыр кӕндзысты?
7 Йесойы куы хъуамӕ ’рцахстаиккой, уый размӕ йӕ Фыдӕн лӕгъстӕ кодта: «Аввӕ *, мӕ Фыд, дӕуӕн дӕ бон алцыдӕр у – курын дӕ, ацы къус мын ма бануазын кӕн. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Мар. 14:36). Ахъуыды-ма кӕнут, цӕй тыххӕй куывта, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой кӕнӕ фӕстӕдӕр уый тыххӕй куы базыдтой, уӕд цӕуыл ахъуыды кодтаиккой. Ӕххӕст уӕвгӕйӕ дӕр Йесо сӕрныллӕгӕй йӕ Фыдӕй ӕххуыс куырдта. Ӕмӕ сын уый ууыл дзурӕг уыд, уыдон дӕр сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ дарой.
8 Уӕ сывӕллӕттӕ та уӕ куывдтытӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцаумӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕкувут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты кувын ахуыр кӕнат. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй кӕй кувут, уый уынгӕйӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр ахуыр кӕндзысты сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын. Бразилийы чи цӕры, иу ахӕм хо, Анӕ, загъта: «Зындзинӕдты рӕстӕг, зӕгъӕм, мӕ мадымад ӕмӕ мӕ мадыфыд рынчын куы уыдысты, уӕд-иу мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйӕ куырдтой, цӕмӕй сын уыцы зындзинад сфӕразынӕн хъарутӕ ратта ӕмӕ сын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕна. Тынг уӕззау фӕлварӕныл-иу куы сӕмбӕлдысты, уӕд дӕр-иу алцыдӕр бакодтой Йегъовӕйы бар. Уый фӕрцы ӕз дӕр сахуыр дӕн мӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын». Хуыцаумӕ кувгӕйӕ ӕххуыс ӕрмӕст уӕ сывӕллӕттӕн ма курут, фӕлӕ уӕхицӕн дӕр, зӕгъӕм, Йегъовӕйӕ хъӕбатырдзинад курут, цӕмӕй уӕ сыхагӕн хорз хабар радзурат кӕнӕ уӕ куысты хицауӕй уӕхи конгресмӕ ракурат. Афтӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ уындзысты, уӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дарут, ӕмӕ уыдон дӕр ууыл ахуыр кӕндзысты.
9. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ удуӕлдайдзинадыл куыд ахуыр кодта? б) Сӕрныллӕг ӕмӕ удуӕлдай куы уат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ цӕуыл ахуыр кӕндзысты?
Лукайы 22:27.) Йӕ апостолтӕ уыдтой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй ӕмӕ иннӕтӕн баххуыс кӕныны тыххӕй Йесо цӕттӕ кӕй уыд йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй уыдон дӕр ахуыр кодтой удуӕлдайдзинадыл. Сымахӕн дӕр уӕ бон у уӕ сывӕллӕтты уӕхи цӕвиттонӕй ахуыр кӕнын. Дыууӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм хо, Дебби, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ цардӕмбал хистӕр нӕлгоймаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ-иу ын бирӕ рӕстӕг ацыд ӕмбырды иннӕтӕн баххуыс кӕныныл, фӕлӕ ӕз ууыл никуы мӕсты кодтон. Ӕз ӕй зыдтон, мах, йӕ бинонты, йӕ сӕр куы бахъӕуа, уӕд нын рӕстӕг ӕнӕмӕнг кӕй ссардзӕн» (1 Тим. 3:4, 5). Цымӕ Дебби ӕмӕ йӕ цардӕмбал Пранасы цӕвиттон сӕ сывӕллӕттыл куыд фӕзынд? Пранас загъта: «Нӕ сывӕллӕттӕ алкӕддӕр цӕттӕ уыдысты конгрессты балӕггад кӕнынмӕ. Тынг амондджын уыдысты, хорз ӕмбӕлттӕ сын фӕзынд, стӕй ӕмбӕрстой, сӕ хотӕ ӕмӕ сӕ се ’фсымӕртӕ бирӕ кӕй уарзынц». Ныртӕккӕ уыцы бинонтӕ се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц. Сымах дӕр сӕрныллӕг ӕмӕ удуӕлдай куы уат, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ дӕр иннӕтӕн ӕнӕзивӕгӕй лӕггад кӕнын ахуыр кӕндзысты.
9 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты сӕрныллӕгдзинадыл ахуыр кодта ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр. (БакӕсАРФУЫНӔГ УТ
10. Йесо арфуынӕг кӕй уыди, уый куыд рабӕрӕг, адӕм йӕ фенынмӕ куы ’рцыдысты, уӕд?
10 Йесо уыд арфуынӕг. Уый, адӕймаг цы аразы, ӕрмӕст уымӕ нӕ касти, фӕлӕ ма, афтӕ цӕмӕн кӕны, уый дӕр ӕмбӕрста. Йесо уыдта зӕрдӕтӕ. Зӕгъӕм, иухатт Галилейӕйы куы уыд, уӕд адӕм Капернауммӕ йӕ агурӕг ӕрцыдысты (Иоан. 6:22–24). Йесо ӕмбӕрста, сӕйраджыдӕр ӕм хӕринаджы тыххӕй кӕй ӕрцыдысты, цы амыдта, уый та сӕ афтӕ тынг кӕй нӕ цымыдис кодта (Иоан. 2:25). Сӕ зӕрдӕтӕ сын уыдта, ӕмӕ сын фӕразонӕй бамбарын кодта, сӕ зондахасты сӕ фӕивын цы хъӕуы, уый. (Бакӕс Иоанны 6:25–27.)
11. а) Уӕ сывӕллӕттӕ хъусын кӕнын уарзынц ӕви нӕ, уый уӕ бон куыд у бамбарын? б) Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хъусын кӕнын бауарзой?
11 Ныййарджытӕ, кӕд сымах зӕрдӕтӕ нӕ уынут, уӕддӕр уӕ бон у, ӕмӕ арфуынӕг уат. Зӕгъӕм, уӕ бон у, уӕ сывӕллӕттӕ хъусын кӕнынмӕ цы зӕрдӕ дарынц, уый бамбарын. Ахъуыды кӕнут: «Сӕ зӕрдӕмӕ хъусын кӕнын
цӕуы ӕви уацамынды рӕстӕг аулӕфын ӕмӕ исты ахӕрын?» Уӕ сывӕллӕттӕ хъусын кӕнын кӕй нӕ уарзынц, уый куы бамбарат, уӕд бацархайут, цӕмӕй уыцы хъуыддаг сӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдайа. Уацамынды-иу сын исты хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕнут, цӕмӕй йӕ уыной, хорз ӕххуысгӕнджытӕ уын кӕй сты.12. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕмӕй бафӕдзӕхста? б) Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгты уымӕй бафӕдзӕхсын цӕмӕн хъуыд?
12 Йесо арфуынӕг кӕй уыд, уый ма цӕмӕй бӕрӕг уыди? Тӕригъӕдмӕ цы ’ркӕны, уый кӕй ӕмбӕрста, уымӕй. Зӕгъӕм, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зыдтой, ӕнӕгъдаудзинад уӕззау тӕригъӕд кӕй у. Фӕлӕ сӕ Йесо фӕдзӕхста, ӕнӕгъдаудзинадмӕ чи ’ркӕны, уыцы хъуыддӕгтӕй дӕр. Уый сын загъта: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг. Уӕдӕ дӕ кӕд дӕ рахиз цӕст рӕдийын кӕны, уӕд ӕй скъах ӕмӕ йӕ аппар» (Матф. 5:27–29). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цардысты Ромы империйы дӕлбар. Уыцы империйы цӕрӕг адӕм та уарзтой, алыхуызон ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕм ӕвдыстой ӕмӕ чъизи дзыхӕй кӕм дзырдтой, ахӕм спектакльтӕм кӕсын. Йесо арфуынӕг кӕй уыд ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи хызтаиккой, Хуыцауы раз сӕ сыгъдӕгӕй баззайын цы бахъыгдардтаид, уыдӕттӕй.
13, 14. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕтты ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕй бахизын?
13 Ныййарджытӕ, сымах дӕр арфуынӕг куы уат, уӕд уӕ бон уыдзӕн уӕ сывӕллӕтты, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕй бахизын. Хъыгагӕн, абон суанг гыццыл сывӕллӕттӕн дӕр тӕссаг у, искуы порнографи ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ куы феной, уымӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ уӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕнат, ӕнӕгъдаудзинад кӕм ис, ахӕм цӕмӕдӕрты кӕсын кӕй не ’мбӕлы. Фӕлӕ ма уый йеддӕмӕ уӕ сывӕллӕтты ӕнӕгъдаудзинадӕй бахъахъхъӕнынӕн ис ӕндӕр мадзӕлттӕ дӕр. Ахъуыды кӕнут: «Нӕ сывӕллӕттӕ зонынц, порнографимӕ кӕсын тӕссаг цӕмӕн у, уый? Сывӕллӕтты порнографимӕ кӕсын цӕй тыххӕй бафӕнды? Искуы сӕ, мыййаг, ахӕм цӕмӕдӕр бакӕсын куы бафӕнда, уӕд мын уый тыххӕй радзурын бауӕнддзысты?» Сывӕллон бынтон гыццыл куы уа, суанг ын уӕд дӕр ис зӕгъӕн: «Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы вӕййы, уый тыххӕй Интернеты исты куы фенай ӕмӕ дӕ уымӕ бакӕсын куы бафӕнда, уӕд-иу мын ӕй зӕгъ. Тӕрсгӕ кӕнӕ-иу ӕфсӕрмы ма кӕн. Мӕн фӕнды, цӕмӕй дын баххуыс кӕнон».
14 Арфуынӕг куы уат, уӕд лӕмбынӕг хъуыды кӕндзыстут, уӕхицӕн цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарут, ууыл дӕр. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр Пранас загъта: «Уӕ бон у, ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты бирӕ фӕдзурат, фӕлӕ уӕ сывӕллӕттӕ уӕддӕр сымахмӕ кӕсдзысты ӕмӕ, сымах цы аразут, уый араздзысты». Цы музыкӕмӕ хъусут, цы чингуытӕ кӕсут ӕмӕ цы кинотӕм фӕкӕсут, уыдоны кӕд ӕвзӕрӕй ницы ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уӕ сывӕллӕттӕ дӕр сӕхицӕн хорз ирхӕфсӕнтӕ ӕвзардзысты (Ром. 2:21–24).
ЙЕГЪОВӔ УЫН ӔХХУЫС КӔНДЗӔН
15, 16. а) Йегъовӕ уын уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнат? б) Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?
15 Маной Йегъовӕмӕ куы скуывта, цӕмӕй йын йӕ лӕппуйы раст хъомыл кӕнынӕн баххуыс кодтаид, уӕд цы ’рцыд? «Ӕцӕг Хуыцау фехъуыста Манойы» (Тӕрх. 13:9). Ныййарджытӕ, Йегъовӕ уын уӕ куывдтытӕ дӕр хъусы ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн баххуыс кӕндзӕн. Баххуыс уын кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ бӕрӕг уа, кӕй сӕ уарзут, стӕй сӕрныллӕг ӕмӕ арфуынӕг кӕй стут, уый.
16 Йегъовӕ ныййарджытӕн ӕххуыс кӕны сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн, бынтон гыццыл сын куы уой, уӕд дӕр ӕмӕ куы фестырдӕр уой, уӕд дӕр. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, хистӕр кары чи ис, уыцы сывӕллӕттыл ӕмӕ базондзыстӕм, Йесойау уарзӕгой, сӕрныллӕг ӕмӕ арфуынӕг куы уат, уӕд сӕ уӕ бон куыд уыдзӕн афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной.
^ 2 абз. Ацы статьяйы дзырд цӕуы, 12 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм сывӕллӕттыл.
^ 5 абз. Библийы дзырдбаст «зонд бацамонын» нысан кӕны уынаффӕ раттын, сахуыр кӕнын, рӕдыд бацамонын ӕмӕ ма хатгай бафхӕрын дӕр. Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд амоной фӕлмӕнӕй, мӕсты сӕм куы нӕ уой, уӕд.
^ 7 абз. Иу энциклопедийы фыст ис: «Йесойы заман сывӕллӕттӕ сӕ фыдмӕ дзырдтой, аввӕ, зӕгъгӕ. Уыцы дзырд ӕвдисы фӕлмӕн уарзт дӕр, стӕй дзы ис кад кӕныны хъуыды дӕр» (The International Standard Bible Encyclopedia).