Уӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной (2 хай)
«Йесо... зондджынӕй-зондджындӕр кодта ӕмӕ рӕзыд Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй» (ЛУК. 2:52).
ЗАРДЖЫТӔ: 41, 89
1, 2. а) Рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыцы ныййарджытӕ цӕуыл фӕмӕт кӕнынц? б) Рӕзгӕ кары чи ис, уыцы сывӕллӕттӕн цавӕр фадӕттӕ ис?
НЫЙЙАРДЖЫТӔН сӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ вӕййы, сӕ сывӕллон донаргъуыд куы райсы, уӕд *. Береникӕйӕн ис цыппар сывӕллоны ӕмӕ сӕ цыппар дӕр донаргъуыд райстой, 14 азы сыл куы нӕма цыди, уӕд. Береникӕ загъта: «Уымӕй тынгдӕр ницӕуыл цин кодтам. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ сывӕллӕтты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй бафӕндыд, уый тыххӕй сӕ тынг райгонд уыдыстӕм. Фӕлӕ ма зыдтам, нӕ сывӕллӕттӕ куыд стырдӕр кӕной, афтӕ фылдӕр зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты, уый дӕр». Кӕд сымахӕн дӕр уӕ сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары сты кӕнӕ сӕ уымӕ бирӕ нал хъӕуы, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хойы хорз ӕмбарут.
2 Сывӕллӕтты психологи чи иртасы, иу ахӕм профессор куыд загъта, афтӕмӕй сывӕллӕттӕн дӕр ӕмӕ ныййарджытӕн дӕр ӕппӕты зындӕр вӕййы, сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары куы вӕййынц, уӕд. Фӕлӕ, дам, ныййарджытӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ хъӕддаг кӕнӕ бынтон ӕвӕлтӕрд сты. Уыцы профессор загъта, уыцы кары сывӕллӕттӕм бирӕ ног хъуыдытӕ кӕй фӕзыны, Лукайы 2:52.) Сӕ бон ма у хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын ӕмӕ архайын, цӕмӕй сӕ къухы бафтой. Стӕй ма сӕхи бон у аскъуыддзаг кӕнын, сӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кӕндзысты ӕмӕ йӕ Ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты. Фӕлӕ сымахӕн, ныййарджытӕн, уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой? Уыцы хъуыддаджы уын баххуыс кӕндзӕн Йесойы цӕвиттон. Йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кӕнгӕйӕ Йесо уыди уарзӕгой, сӕрныллӕг ӕмӕ арфуынӕг.
бирӕ цыдӕртӕ саразын сӕ кӕй фӕфӕнды, стӕй алцыдӕр сӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй фӕисынц ӕмӕ сӕ се ’мбӕлттимӕ рӕстӕг ӕрвитын кӕй фӕфӕнды. Уӕдӕ цалынмӕ уӕ сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары сты, уӕдмӕ дӕр сӕ бон у, ӕмӕ Йесойау се ’рыгонӕй Йегъовӕйы ӕввахс ӕмбӕлттӕ суой. (БакӕсУӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ УАРЗУТ
3. Йесо йӕ апостолты йӕ хӕлӕрттыл кӕй нымадта, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
3 Йесо йӕ апостолтӕн ӕрмӕст хицау нӕ уыд, фӕлӕ ма сӕ хӕлар дӕр. (Бакӕс Иоанны 15:15.) Раджы заманты-иу хицау йӕ цагъартӕн йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ нӕ дзырдта. Фӕлӕ Йесо йӕ апостолты йӕ цагъартыл нӕ нымадта – бирӕ сӕ уарзта ӕмӕ йӕ рӕстӕг семӕ ӕрвыста. Ӕхсызгон-иу ын уыди, йӕ зӕрдӕйы цы уыд ӕмӕ цӕуыл хъуыды кодта, уыдӕттӕ сын дзурын ӕмӕ-иу сӕм йӕхӕдӕг дӕр лӕмбынӕг хъуыста (Мар. 6:30–32). Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ ӕргом кӕй ныхас кодтой, уый фӕрцы хорз ӕмбӕлттӕ систы ӕмӕ апостолтӕ цӕттӕ уыдысты, фидӕны Хуыцауы хъуыддаджы цы куыст хъуамӕ кодтаиккой, уымӕ.
4. Уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты ӕмбӕлттӕ суат? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
4 Дыууӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм нӕлгоймаг, Майкл, загъта: «Махӕн, ныййарджытӕн, нӕ бон нӕу, ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты ӕмгӕрттӕ суӕм, фӕлӕ нӕ бон у, ӕмӕ се ’мбӕлттӕ суӕм». Ӕмбӕлттӕ та сӕ рӕстӕг иумӕ фервитынц. Уӕдӕ Хуыцаумӕ скувут ӕмӕ ахъуыды кӕнут, мыййаг, уӕ бон у куыстыл ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтыл къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитат. Ӕмбӕлттӕн ма сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуынц уыцы иу хъуыддӕгтӕ. Уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый базонут, музыкӕ уа, спорт уа ӕви исты кино, ӕмӕ дзы, чи зоны, уӕ зӕрдӕмӕ исты фӕцӕуа ӕмӕ уӕ бон уа ууыл семӕ аныхас кӕнын. Италийы чи цӕры, иу ахӕм хо, Иларийӕ, загъта: «Мӕ ныййарджыты фӕндыд, цавӕр музыкӕмӕ хъусын, уый зонын, ӕмӕ-иу ӕм уыдон дӕр байхъуыстой. Мӕ фыд уыди мӕ хуыздӕр ӕмбал. Мӕ бон уыд, алкӕимӕ кӕуыл нӕ аныхас кӕндзынӕ, йемӕ ахӕм хъуыддӕгтыл дӕр ныхас кӕнын». Уӕ сывӕллӕтты ӕмбӕлттӕ куы уат, уӕд сын ӕххуыс кӕндзыстут, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ дӕр суой (Пс. 25:14). Ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ се ’мбӕлттӕ куы уат, уӕд хистӕр ӕмӕ кӕстӕр нал зондзысты. Уӕ сывӕллӕттӕ уындзысты, кӕй сӕ уарзут ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнут, ӕмӕ сын уӕд ӕнцон уыдзӕн уемӕ цӕуылфӕнды дӕр ныхас кӕнын.
5. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд баххуыс кодта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цы циндзинад хӕссы, уый бамбарынӕн?
5 Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕной ӕмӕ ӕдзухдӕр хорз хабар куы хъусын кӕной, уӕд тынг амондджын кӕй уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтаиккой ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн (Матф. 28:19, 20).
6, 7. Уӕ сывӕллӕтты ӕдзухдӕр Хуыцауы хъуыддӕгты архайын кӕй ахуыр кӕнут, уый уӕ уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?
6 Сымах фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уой. Йегъовӕйы та фӕнды, цӕмӕй сӕ ахуыр кӕнат ӕмӕ сын зонд амонат, ӕмӕ уын уый бар дӕр радта (Еф. 6:4). Уӕдӕ хъуамӕ уӕ сывӕллӕтты ӕдзухдӕр ахуыр кӕнат. Ахъуыды-ма кӕнут: уӕ сывӕллӕтты скъоламӕ уымӕн ӕрвитут, ӕмӕ зонут, ахуыр кӕнын ахсджиаг кӕй у, стӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй сын ног цыдӕртӕ базонын ӕхсызгон уа. Раст афтӕ ахсджиаг у, ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм кӕй цӕуынц, стӕй бинонты ахуыры кӕй вӕййынц, уый дӕр. Уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ цӕуыл ахуыр кӕны, ууыл баст у сӕ цард. Уӕдӕ сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй рӕстдзинад бауарзой ӕмӕ бамбарой, уыцы ахуырады фӕрцы зондджын кӕй уыдзысты (Ӕмб. 24:14). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ сымах дӕр уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕдзух уацамынды цӕуой ӕмӕ хъусын кӕнын сӕ зӕрдӕмӕ цӕуа.
7 Сывӕллӕттӕ ӕдзухдӕр Хуыцауы хъуыддӕгты куы архайой, зӕгъӕм, Библи куы ахуыр кӕной, ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды куы цӕуой, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн? Хуссар Африкӕйы чи цӕры, иу ахӕм хо, Эрин, загъта: «Сывӕллӕттӕ куы уыдыстӕм, уӕд-иу арӕх, Библи ахуыр кӕнын кӕй хъӕуы, стӕй ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй хъуыр-хъуыр кодтам. Иуӕй-иу хатт-иу барӕй афтӕ кодтам, цӕмӕй нын бинонты ахуыр ма уыдаид. Фӕлӕ нӕ ныййарджытӕ нӕ зондыл никуы ацыдысты». Эрин йӕ ныййарджытӕй стыр бузныг у, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы бамбӕрста, уыцы хъуыддӕгтӕ куыд ахсджиаг сты, уый. Ныр истӕй тыххӕй ӕмбырдмӕ кӕнӕ уацамынды ацӕуын йӕ бон куы нӕ вӕййы, уӕд, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, фӕархайы, цӕмӕй та уыцы хъуыддӕгты раздӕрау архайа.
СӔРНЫЛЛӔГ УТ
8. а) Йесо сӕрныллӕг кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг уыди? б) Йесойы цӕвиттон йӕ ахуыргӕнинӕгтыл куыд фӕзынд?
8 Кӕд Йесо ӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр уыди сӕрныллӕг ӕмӕ-иу ӕргом дзырдта, ӕнӕ Йегъовӕйӕ йӕхи бон алцы кӕй нӕу. (Бакӕс Иоанны 5:19.) Цымӕ йын уый тыххӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ къаддӕр аргъ кодтой? Нӕ. Йесо йӕ ныфс Йегъовӕйыл цас тынгдӕр дардта, уыйас ыл уыдон дӕр тынгдӕр ӕууӕндыдысты. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг уыдон дӕр сӕрныллӕгдзинадыл сахуыр сты (Хъуыд. 3:12, 13, 16).
9. Уӕ рӕдыдтытыл куы сӕттат ӕмӕ хатыр куы курат, уӕд уый уӕ сывӕллӕттӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн?
9 Йесойӕ уӕлдай, мах стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ рӕдийаг. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм. Ныййарджытӕ, хъуамӕ ӕмбарат, уӕ бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ-иу хъуамӕ уӕ рӕдыдтытыл басӕттат (1 Иоан. 1:8). Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ сывӕллонӕн дӕр йӕ рӕдыдтытыл сӕттын ӕнцондӕр уыдзӕн ӕмӕ уын йӕ цӕсты стырдӕр кад уыдзӕн. Уӕхӕдӕг тынгдӕр цавӕр хицауӕн фӕаргъ кӕнут? Йӕ рӕдыдыл чи басӕтты ӕви, хатыр курын чи нӕ зоны, ахӕмӕн? Ӕртӕ сывӕллоны чи схъомыл кодта, иу ахӕм хо, Розмари, загъта, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ-иу йӕ лӕг дӕр сӕ сывӕллӕтты раз сӕ рӕдыдыл кӕй басастысты. Розмари загъта: «Уый фӕрцы нын нӕ сывӕллӕттӕ дӕр дзырдтой, цы сӕ тыхсын кодта, уый тыххӕй. Мах ӕмбӕрстам, нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ амыдтам, сӕ зындзинӕдтӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр разамынд кӕм ссардзысты, уый. Ӕххуыс-иу сӕ куы хъуыди, уӕд-иу сын сӕ хъус нӕ публикацитӕй искӕцымӕ ӕрдардтам, стӕй-иу иумӕ дӕр скуывтам».
10. Йесо-иу сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста, йӕ ахуыргӕнинӕгты цы саразын хъӕуы, уый-иу сын куы дзырдта, уӕд?
10 Йесойӕн уый бар уыди, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтаид, цы хъуамӕ арӕзтаиккой, уый. Фӕлӕ сӕрныллӕг кӕй уыди, уый тыххӕй-иу сын арӕх, уыцы хъуыддаг цӕмӕн хъуамӕ саразой, уый дӕр бамбарын кодта. Зӕгъӕм, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕрмӕст афтӕ нӕ загъта, фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, зӕгъгӕ, фӕлӕ ма загъта: «Ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни». Йесо сын афтӕ куы загъта, макӕй кой кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд ма сын бамбарын кодта: «Сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕй цы дзурат, уый дзурдзысты сымахӕй дӕр» (Матф. 6:31–7:2).
11. Цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахастат, уый-иу уӕ сывӕллонӕн куы бамбарын кӕнат, уӕд ын куыд баххуыс кӕндзыстут?
11 Гӕнӕн куы вӕййы, уӕд-иу уӕ сывӕллонӕн бамбарын кӕнут, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахастат, уый. Ӕмӕ йӕ куы бамбара, уӕд ӕй, чи зоны, тынгдӕр бафӕнда уыцы уынаффӕмӕ байхъусын. Цыппар сывӕллоны чи схъомыл кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр, Бэрри, загъта: «Цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахастай, уый дӕ сывӕллӕттӕн куы ӕмбарын кӕнай, уӕд дыл ӕууӕнддзысты». Стӕй ма сывӕллон уындзӕн, уынаффӕтӕ йын уый тыххӕй кӕй нӕ дӕттут, ӕмӕ Ром. 12:1). Бэрри ма загъта: «Сывӕллон хъуамӕ йӕ зӕрдӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ ма архайа, фӕлӕ ахуыр кӕна уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ зондӕй архайын» (Пс. 119:34). Уӕдӕ сӕрныллӕг ут ӕмӕ уӕ сывӕллонӕн ӕмбарын кӕнут, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахастат, уый. Афтӕмӕй уый дӕр уынаффӕтӕ хӕссын сахуыр уыдзӕн ӕмӕ зондзӕн, кӕй йын аргъ кӕнут ӕмӕ йӕ гыццыл сывӕллоныл кӕй нал нымайут.
уын уый бар ис, фӕлӕ йӕ хорзыл кӕй тыхсут, уый тыххӕй. Стӕй уӕ зӕрдыл дарут, гыццыл сывӕллон кӕй нал у. Уый ахуыр кӕны «арф хъуыды кӕнын» ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр уынаффӕтӕ хӕсса (АРФУЫНӔГ УТ
12. Йесо арфуынӕг кӕй уыди, уый фӕрцы Петрӕн куыд баххуыс кодта?
12 Йесо уыди арфуынӕг ӕмӕ-иу ӕмбӕрста, йӕ ахуыргӕнинӕгты цавӕр ӕххуыс хъуыди, уый. Зӕгъӕм, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы загъта, кӕй йӕ амардзысты, уӕд ын Петр афтӕ, дӕхицӕн, дам, фӕтӕригъӕд кӕн. Йесо зыдта, Петр ӕй кӕй уарзы, фӕлӕ ӕмбӕрста, раст кӕй нӕ хъуыды кӕны. Цымӕ Йесо Петрӕн дӕр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр куыд баххуыс кодта? Фыццаг уал Петрӕн бауайдзӕф кодта. Уый фӕстӕ бамбарын кодта, зын рӕстӕг ӕрмӕст йӕхиуыл чи хъуыды кӕны, уыдоныл цы ’рцӕуы, уый. Стӕй ма загъта, удуӕлдайӕ чи фӕархайы, уыдонмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй дӕр (Матф. 16:21–27). Петр Йесойы ныхӕстӕй ахсджиаг хъуыддагыл сахуыр (1 Пет. 2:20, 21).
13, 14. а) Цӕмӕй бӕрӕг вӕййы, сывӕллонӕн йӕ уырнындзинад бафидар кӕнын кӕй хъӕуы? б) Уӕ бон куыд у бамбарын, уӕ лӕппу кӕнӕ уӕ чызгӕн баххуыс кӕнын кӕм хъӕуы, уый?
13 Йегъовӕмӕ кувут, цӕмӕй арфуынӕг уат ӕмӕ-иу бамбарат, уӕ сывӕллоны цавӕр ӕххуыс хъӕуы, уый (Пс. 32:8). Чи зоны, уынут, уӕ сывӕллон раздӕрау кӕй нал цин кӕны кӕнӕ ӕфсымӕрты фыдкой кӕнын кӕй райдыдта, йе та уын алцы ӕргом кӕй нал дзуры. Уӕд-иу уайтагъд афтӕ хъуыды кӕнын ма райдайут, ӕмӕ сусӕгӕй цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразы *. Фӕлӕ уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй дӕр ма кӕсут кӕнӕ афтӕ ма хъуыды кӕнут, зӕгъгӕ йын кӕд ницы уаид. Чи зоны йын йӕ уырнындзинад бафидар кӕнын хъӕуы.
14 Уӕ сывӕллонӕн куыд баххуыс кӕнат, уый бамбарыны тыххӕй йӕм фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй фарстатӕ дӕттут. Уыцы хъуыддаг абарӕн ис, цъайӕ дон куыд исай, уыимӕ. Тагъд куы кӕнай, уӕд дзы, дӕу цас фӕнды, уыйбӕрц дон нӕ сисдзынӕ. Раст афтӕ, сывӕллонмӕ фарстатӕ дӕтгӕйӕ фӕразон куы нӕ уат кӕнӕ йӕ тыхӕй куы дзурын кӕнат, уӕд нӕ бамбардзыстут, Ӕмбисӕндтӕ 20:5.) Иларийӕ хъуыды кӕны, сывӕллон ма куы уыди, уӕд ӕй йӕ къласӕгтимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын кӕй фӕндыд, кӕд ӕй ӕмбӕрста, уый хорз кӕй нӕу, уӕд дӕр. Йӕ ныййарджытӕ бафиппайдтой, цӕуылдӕр кӕй тыхсы, уый. Иларийӕ загъта: «Иу изӕр мын загътой, цыдӕр дӕ уагыл нӕ дӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ бафарстой, цы мӕ тыхсын кӕны, уымӕй. Ӕз ныккуыдтон, алцыдӕр сын радзырдтон ӕмӕ сӕ ӕххуыс ракуырдтон. Уыдон мӕ ӕрбахъӕбыс кодтой, загътой мын, кӕй мӕ ӕмбарынц ӕмӕ мын кӕй баххуыс кӕндзысты». Иларийӕйы ныййарджытӕ ӕвӕстиатӕй бацархайдтой ӕмӕ йын ӕмбырды хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн баххуыс кодтой.
ӕцӕгӕй йӕ зӕрдӕйы ӕмӕ йӕ зонды цы ис, уый. (Бакӕс15. Йесо арфуынӕг кӕй уыди, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй уыд бӕрӕг?
15 Йесо арфуынӕг кӕй уыди, уый ма рабӕрӕг, йӕ ахуыргӕнинӕгты хорз миниуджытӕ кӕй фиппайдта, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, Нафанаил куы фехъуыста, Йесо Назаретӕй кӕй у, уӕд загъта: «Назаретӕй хорзӕй исты рацӕуа?» (Иоан. 1:46). Уыцы рӕстӕг ды дӕр уым куы уыдаис, уӕд Нафанаилӕй цы ахъуыды кодтаис? Иннӕтыл фаутӕ кӕй ӕвӕры? Адӕмы кӕй хъулон кӕны? Ӕви йын уырнындзинад кӕй нӕ фаг кӕны? Йесо афтӕ нӕ ахъуыды кодта. Уый уыди арфуынӕг ӕмӕ зыдта, Нафанаил сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг кӕй у, ӕмӕ загъта: «Ай у ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый» (Иоан. 1:47). Йесо уыдта, адӕмы зӕрдӕты цы ис, уый ӕмӕ уыцы курдиатӕй пайда кодта, цӕмӕй сын сӕ хорз миниуджытӕ фиппайдтаид.
16. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ива?
16 Кӕд сымах Йесойау адӕмы зӕрдӕтӕ нӕ уынут, уӕддӕр уӕ бон у, ӕмӕ арфуынӕг уат. Йегъовӕ уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты хорз миниуджытӕ уынат. Уӕ сывӕллон уӕ куы фӕфыдӕнхъӕл кӕна, суанг-иу уӕд дӕр афтӕ макуы зӕгъут, ницӕйаг у кӕнӕ нын масты хос йеддӕмӕ ницы у, зӕгъгӕ. Афтӕ дзы хъуыды дӕр макуы акӕнут. Уый бӕсты йын дзурут, йӕ хорз миниуджытӕ йын кӕй уынут ӕмӕ кӕй зонут, раст цы у, уый аразын ӕй кӕй фӕнды. Цы хъуыддаджы фӕхуыздӕр вӕййы, уый-иу бафиппайут ӕмӕ-иу дзы ӕппӕлгӕ дӕр ракӕнут. Гӕнӕн куы уа, уӕд-иу ын йӕ бӕрны фылдӕр хъуыддӕгтӕ бакӕнут, ӕмӕ йын афтӕмӕй ӕххуыс кӕнут йӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ сфидар кӕнынӕн. Йесо дӕр афтӕ кодта. Нафанаилыл (хуыдтой ма йӕ Варфоломей дӕр) фыццаг хатт куы фембӕлд, уымӕй йӕ афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ апостолӕй равзӕрста. Ӕмӕ Нафанаил дӕр уыцы хӕс зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кодта (Лук. 6:13, 14; Хъуыд. 1:13, 14). Уӕдӕ уӕ сывӕллонӕй ӕппӕлут ӕмӕ дзы ныфс уадзут, цӕмӕй йӕм ахӕм хъуыды макуы фӕзына, зӕгъгӕ мӕ ницы рауайдзӕн. Баххуыс ын кӕнут, цӕмӕй бамбара, йӕ бон кӕй у уӕ зӕрдӕ дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр рухс кӕнын, стӕй йӕм цы курдиӕттӕ ис, уыдоны руаджы Йегъовӕйӕн кад кӕнын.
УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ РАСТ КУЫ ХЪОМЫЛ КӔНАТ, УӔД УЫН УЫЙ СТЫР ЦИНЫ ХОС УЫДЗӔН
17, 18. Уӕ сывӕллӕтты раст куы хъомыл кӕнат, уӕд уый хорзӕй цы ӕрхӕсдзӕн?
17 Уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ, чи зоны, иуӕй-иу хатт сымах дӕр фӕмӕт кӕнут, апостол Павел цӕуыл мӕт кодта, ууыл. Павел тынг тыхсти, рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн кӕмӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ йын сывӕллӕтты хуызӕн чи сси, уыдоныл. Тынг сӕ уарзта ӕмӕ дзы чидӕртӕ Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕной, ууыл ын ахъуыды кӕнын дӕр зын уыди (2 Кор. 2:4; 1 Кор. 4:15). Ӕртӕ сывӕллоны чи схъомыл кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр, Виктор, загъта: «Нӕ сывӕллӕттӕ рӕзгӕ кары куы уыдысты, уӕд нын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстӕм, уыдон ницы сты, уыцы рӕстӕг хорзӕй цы уыди, уыимӕ абаргӕйӕ. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы нӕ сывӕллӕттӕн хорз ӕмбӕлттӕ систӕм».
18 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты тынг кӕй уарзут, уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архайут, цӕмӕй сӕ раст хъомыл кӕнат. Уӕ къухтӕ макуы ’руадзут. Ахъуыды-ма кӕнут, куыд цин кӕндзыстут, уӕ сывӕллӕттӕ сӕ цард Хуыцауӕн куы снывонд кӕной ӕмӕ йын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕной, уӕд! (3 Иоан. 4).