Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у уарзӕгой Хуыцау

Йегъовӕ у уарзӕгой Хуыцау

«Хуыцау у уарзондзинад» (1 ИОАН. 4:8, 16).

ЗАРДЖЫТӔ: 18, 91

1. Хуыцауы сӕйраг миниуӕг цы у ӕмӕ йӕм уый зонгӕйӕ цы зӕрдӕ дарыс?

БИБЛИЙЫ фыст ис, «Хуыцау у уарзондзинад», зӕгъгӕ (1 Иоан. 4:8). Цымӕ уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Йегъовӕмӕ цы бирӕ рӕсугъд миниуджытӕ ис, уыдонӕй сӕйраг у уарзондзинад. Йегъовӕ ӕрмӕст уарзгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма йӕхӕдӕг у уарзондзинад. Куыд ӕхсызгон нын у, Дун-дунейы ӕмӕ дзы удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уымӕн йе Сфӕлдисӕг уарзӕгой Хуыцау кӕй у! Цыфӕнды ма араза, алцӕмӕн дӕр йӕ рахӕцӕн у уарзондзинад.

2. Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый руаджы фидарӕй цы зонӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

2 Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдоны фӕлмӕн уарзтӕй уарзы. Ӕмӕ уый руаджы фидарӕй зонӕм, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ, йӕ коммӕ чидӕриддӕр кӕса, уыдон амондджынӕй кӕй цӕрдзысты. Зӕгъӕм, йӕ уарзондзинад ӕй баразӕнгард кодта, цӕмӕй «снысан кодтаид, йе ’взӕрст лӕджы [Йесо Чырыстийы] къухӕй дунейӕн раст тӕрхон кӕд кӕндзӕн, уыцы бон» (Хъуыд. 17:31). Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы тӕрхоны бон ӕнӕмӕнг кӕй ралӕудзӕн. Коммӕгӕс адӕмӕн уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ӕнустӕм диссаджы рӕсугъд цард кӕндзысты.

ЦАРД ЦЫ РАВДЫСТА

3. Хуыцау адӕмы куы нӕ уарзид, уӕд сӕм цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсид?

3 Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, цавӕр фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсид, Хуыцау адӕмы куы нӕ уарзид, уӕд. Адӕм дарддӕр дӕр кӕрӕдзийыл хицауиуӕг кӕниккой ӕмӕ сӕ дарддӕр дӕр йӕ зондыл аразид, уарзондзинадӕн йӕ кой дӕр кӕмӕ нӕй ӕмӕ иннӕтӕй йе сӕфт чи уыны, уыцы хуыцау, Хӕйрӕг (2 Кор. 4:4; 1 Иоан. 5:19; бакӕс Раргомад 12:9, 12). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нӕ куы нӕ уарзид, уӕд нӕ фидӕн уаид кӕуинаг!

4. Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн ӕмӕ адӕмӕн уый бар цӕмӕн радта, цӕмӕй йӕ хицаудзинады ныхмӕ рацыдаиккой?

4 Хӕйрӕг Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ куы рацыд, уӕд ма фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы дӕр Хуыцауы ныхмӕ рацӕуын кодта. Уый сдзырддаг кодта, Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы хицау уа. Хӕйрӕджы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕхӕдӕг хуыздӕр хицау уыдзӕн (Райд. 3:1–5). Йегъовӕ стыр зонды хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕгӕн цасдӕр рӕстӕг радта, цӕмӕй сбӕлвырд уыдаид, раст у ӕви нӕ. Ӕмӕ рӕстӕг равдыста, нӕдӕр адӕмӕн ӕмӕ нӕдӕр Хӕйрӕгӕн сӕ бон кӕй нӕу, цӕмӕй хорз хицӕуттӕ уой.

5. Цард бӕлвырдӕй цы равдыста?

5 Фӕстаг 100 азы хӕстыты фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Ӕмӕ уавӕр хуыздӕр нӕ кӕны. «Фӕстаг бонты» тыххӕй Библийы фыст ис: «Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ та кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр» (2 Тим 3:1, 13). Ноджыдӕр ма дзы фыст ис: «О Йегъовӕ, ӕз ӕй зонын: зӕххон адӕймагӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ нӕу. Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йер. 10:23). Рӕстӕг равдыста, ацы ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты. Йегъовӕ адӕмы афтӕ не сфӕлдыста, стӕй сын уый бар дӕр нӕ ратта, цӕмӕй ӕнӕ йӕ разамындӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицӕуттӕ уой.

6. Хуыцау фыддзинад цӕмӕн бауагъта?

6 Йегъовӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ фыддзинад кӕй бауагъта, уый руаджы ма сбӕлвырд, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы хицаудзинады дӕлбар кӕй уыдзӕн алкӕмӕн дӕр хорз. Фидӕны Хуыцау фесафдзӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Уый фӕстӕ ма искуы исчи Йегъовӕйы хицаудзинад куы сдзырддаг кӕна, уӕд ӕй рӕстӕг дӕттын нал хъӕудзӕн, цӕмӕй та уыцы фарста сбӕлвырд уа, уымӕн ӕмӕ цард равдыста, адӕмы хицаудзинад зиан йеддӕмӕ кӕй ницы хӕссы. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн йӕ бон уыдзӕн уыцы змӕнтджыты уайтагъд фесафын, цӕмӕй фыддзинад мауал апарахат уа.

ЙЕГЪОВӔ НӔ КӔЙ УАРЗЫ, УЫЙ ЦӔМӔЙ У БӔРӔГ?

7, 8. Йегъовӕйы уарзондзинад цӕмӕй у бӕрӕг?

7 Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уый бирӕ хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Дун-дуне куыд стыр ӕмӕ куыд рӕсугъд у, ууыл! Дун-дунейы ис миллиардгай галактикӕтӕ, ӕмӕ алы галактикӕйы та ис миллиардгай стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ. Нӕ галактикӕйы, Ӕрфӕны фӕды, цы стъалытӕ ис, уыдонӕй иу у Хур. Хур куы нӕ уаид, уӕд Зӕххыл цард дӕр нӕ уаид. Уыдӕттӕ иууылдӕр ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Сфӕлдисӕг ис. Стӕй ма, куыд конд сты, уымӕй бӕрӕг сты Сфӕлдисӕгӕн йӕ миниуджытӕ дӕр, зӕгъӕм, йӕ тых, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уарзондзинад. Ӕцӕгдӕр, «цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ – йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый – дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты» (Ром. 1:20).

8 Йегъовӕ зӕхх афтӕ скодта, цӕмӕй йыл нӕ бон уа цӕрын. Зӕххыл алцыдӕр конд у адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты пайдайӕн. Хуыцау адӕмӕн скодта, сӕ уды дзӕбӕхӕн кӕм цардаиккой, ахӕм рӕсугъд бынат. Стӕй ма сӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сын уыди ӕххӕст зонд ӕмӕ ӕххӕст буар, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон уыд ӕнустӕм цӕрын. (Бакӕс Раргомад 4:11.) Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау абон дӕр адӕмыл тыхсы. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Алкӕмӕн дӕр хӕринаг... дӕтты. Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт» (Пс. 136:25).

9. Кӕд Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау у, уӕддӕр йе сӕфт цӕмӕй уыны?

9 Кӕд Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау у, уӕддӕр фыддзинадӕй йе сӕфт уыны. Зӕгъӕм, 5-ӕм псаломы 4-ӕм стихӕй 6-ӕм стихмӕ Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Ды, фыддзинад чи уарзы, ахӕм Хуыцау нӕ дӕ. [...] Ды де сӕфт уыныс, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕй». Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауӕн ӕнад у, «ӕнаххос туг чи ныккалы ӕмӕ фӕлитой чи у, уый».

ФЫДДЗИНАДӔН ЙӔ КӔРОН ӔВВАХС У

10, 11. а) Фыдгӕнджытыл цы ’рцӕудзӕн? б) Йегъовӕ коммӕгӕс адӕмы куыд схорзӕхджын кӕндзӕн?

10 Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у ӕмӕ фыддзинадӕй йе сӕфт кӕй уыны, уымӕ гӕсгӕ йӕ рӕстӕджы ӕгас дун-дунейы дӕр фыддзинадӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн. Хуыцау нын йӕ Ныхасы зӕрдӕ ӕвӕры: «Фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты, йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдон та зӕхх бынӕн райсдзысты. Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн. [...] Йегъовӕйы знӕгтӕ уыдзысты рӕсугъд цъӕх быдырты хуызӕн. Уыдонӕн ӕрцӕудзӕн сӕ кӕрон. Фесӕфдзысты, сӕ фӕздӕг ма кӕлдзӕн» (Пс. 37:9, 10, 20).

11 Хуыцауы Ныхас ма нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:29). Иузӕрдион адӕм «фарнӕй бафсӕддзысты» (Пс. 37:11). Афтӕ уымӕн уыдзӕн, ӕмӕ нӕ уарзӕгой Хуыцау цы фӕаразы, уый алы хатт дӕр вӕййы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты пайдайӕн. Библи нын дзуры: «Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Рарг. 21:4). Цӕй диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцауы уарзондзинадӕн чи аргъ кӕны, уыцы коммӕгӕс адӕммӕ!

12. «Ӕнӕфау адӕймаг» кӕй ис схонӕн?

12 Библийы фыст ис: «Дӕ хъус дар ӕнӕфау адӕймагмӕ ӕмӕ, рӕстзӕрдӕ чи у, уымӕ лӕмбынӕг кӕс, уымӕн ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн йӕ фидӕн уыдзӕн фӕрнӕйдзаг. Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон та бындзагъд фӕуыдзысты, фыдгӕнджытӕн сӕ фидӕн фесӕфдзӕн» (Пс. 37:37, 38). «Ӕнӕфау адӕймаг» у, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты чи базыдта ӕмӕ Хуыцауы фӕндон зӕрдиагӕй чи ӕххӕст кӕны, уый. (Бакӕс Иоанны 17:3.) Ахӕм адӕймаджы фидарӕй уырны, 1 Иоанны 2:17 цы фыст ис, уый: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм». Ацы дунейы кӕрон ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ йӕ фӕндагыл цӕуӕм (Пс. 37:34).

ХУЫЦАУЫ УАРЗОНДЗИНАД ӔППӔТЫ ТЫНГДӔР ЦӔМӔЙ РАБӔРӔГ

13. Хуыцауы уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕй рабӕрӕг?

13 Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон у Хуыцауы коммӕ кӕсын. Стӕй ма нӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ дӕр суӕм. Уымӕн гӕнӕн ис, йӕ уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕй рабӕрӕг, уый фӕрцы – Чырыстийы нывонды фӕрцы. Уыцы нывонды фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уой. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:12; 6:23.) Чырысти Йегъовӕйӕн уӕлӕрвты бирӕ ӕнусты дӕргъы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта, уый фӕрцы Йегъовӕ фидарӕй зыдта, зӕххыл дӕр ыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн. Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын тынг зын уыди, зӕххыл ын йӕ Фыртӕн цытӕ ӕвзарын кодтой, уымӕ кӕсын. Фӕлӕ Йесо алкӕддӕр уыди Йегъовӕйы хицаудзинады фарс ӕмӕ равдыста, ӕххӕст адӕймагӕн цыфӕнды зын уавӕрты дӕр йӕ бон кӕй у Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын.

Нӕ уарзӕгой Хуыцау йӕ Фырты зӕхмӕ рарвыста (кӕс 13 абзац)

14, 15. Чырыстийы нывонды руаджы адӕмӕн цавӕр фадат фӕзынд?

14 Йесо стыр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, фӕлӕ уӕддӕр суанг мӕлӕты онг дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. Уый алкӕддӕр лӕууыд Хуыцауы хицаудзинады фарс. Куыд бузныг хъуамӕ уӕм, Йесо мах тыххӕй уыцы стыр аргъ кӕй бафыста, цӕмӕй нын Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрыны фадат уа! Апостол Павел дзырдта, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уыцы нывонды руаджы цы уарзондзинад равдыстой, уый тыххӕй. Павел загъта: «Тӕригъӕдджын ма куы уыдыстӕм, уӕд Чырысти ӕмгъуыды бон амард ӕнӕхуыцау адӕмы тыххӕй. Ӕнӕуи зын зӕгъӕн у, ӕмӕ рӕстгӕнӕджы тыххӕй дӕр исчи амӕла, кӕд хӕрзгӕнӕджы тыххӕй уа исчи мӕлӕтмӕ цӕттӕ, ӕндӕр. Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый та ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй» (Ром. 5:6–8). Апостол Иоанн та ныффыста: «Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм. Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы, фӕлӕ уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕ Хуыцау бауарзта ӕмӕ йӕ Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывондӕн ӕрхастаид» (1 Иоан. 4:9, 10).

15 Йегъовӕ адӕмы куыд уарзы, уый тыххӕй Йесо загъта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16). Йегъовӕ адӕмы афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ сын хорздзинад не ’вгъау кӕны, цыфӕнды зынаргъ ын ма слӕууа, уӕддӕр. Ӕмӕ йӕ уарзондзинад у ӕнустӕм. Павел ныффыста: «Ӕз ӕй фидарӕй зонын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр хицауӕдтӕ, нӕдӕр, ныртӕккӕ цы ис ӕмӕ нӕдӕр, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ, нӕдӕр барджынтӕ, нӕдӕр, уӕлейӕ цы ис, уый, нӕдӕр, бынӕй цы ис, уый, ӕмӕ ма Хуыцау ноджыдӕр цы сфӕлдыста, уыдонӕй дӕр нӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй» (Ром. 8:38, 39).

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД БАРТӔ ЙӔ КЪУХМӔ РАЙСТА

16. Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ дзы Йегъовӕ паддзахы бартӕ кӕмӕн радта?

16 Хуыцауы уарзондзинад ма бӕрӕг у, йӕ Паддзахад кӕй сфидар кодта, уымӕй дӕр. Куыд? Йегъовӕ уыцы Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта, адӕмы тынг чи уарзы ӕмӕ хорз хицау чи у, уый – Йесо Чырыстийы (Ӕмб. 8:31). Хуыцау равзӕрста 144 000 адӕймаджы, цӕмӕй уӕлӕрвты Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уой. Куы райгас вӕййынц, уӕд сӕ нӕ ферох вӕййы, адӕймаг уай, уый цы у, ӕмӕ сын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн адӕмӕн ӕххуыс кӕнын (Рарг. 14:1). Цалынмӕ Йесо зӕххыл уыди, уӕдмӕ адӕмӕн дзырдта сӕйраджыдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр афтӕ кувын ахуыр кодта: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:9, 10). Мах зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы куывды ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕ куы ’рхӕсса, уыцы рӕстӕгмӕ!

17. Йесойы хицаудзинад адӕмы хицаудзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

17 Йесойы хицаудзинад адӕмы хицаудзинадӕй тынг хицӕн кӕны. Адӕмы хицаудзинады аххосӕй хӕстыты фӕмард милуангай адӕм. Фӕлӕ ныл нӕ Хицау, Йесо, ӕцӕгдӕр тыхсы. Уый фӕзмы Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕ, уӕлдайдӕр та уарзондзинад (Рарг. 7:10, 16, 17). Йесо загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:28–30). Ацы ныхӕстӕ нын Йесойы уарзондзинадыл дзурӕг куыннӕ сты!

18. а) Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уый фӕстӕ цавӕр куыст райдыдта? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Библи нын куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахад 1914 азы уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ райста. Уый фӕстӕ Хуыцау райдыдта ӕмбырд кӕнын, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдоны ӕмӕ фӕстӕдӕр та «тынг бирӕ адӕмы», ома ацы дунейы кӕрон чи аирвӕздзӕн ӕмӕ ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыдоны (Рарг. 7:9, 13, 14). Цымӕ уыцы «тынг бирӕ адӕм» абон цас сты? Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.