Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

100 азы Хуыцауы Паддзахады дӕлбар!

100 азы Хуыцауы Паддзахады дӕлбар!

«Фарны Хуыцау... [уӕ] схайджын кӕнӕд алы хорздзинадӕй, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнат» (ДЗУТ. 13:20, 21).

ЗАРДЖЫТӔ: 136, 14

1. Йесойӕн хъусын кӕнын куыд ахсджиаг уыд, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

ЙЕСО уарзта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын. Библийӕ бӕрӕг у, йӕ лӕггады арӕхдӕр уыцы Паддзахады тыххӕй кӕй дзырдта – йӕ кой скодта 100 хаттӕй фылдӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йесойӕн Хуыцауы Паддзахад тынг ахсджиаг уыди. (Бакӕс Матфейы 12:34.)

2. Йесо Матфейы 28:19, 20 фыст ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ӕм цас адӕм хъуыста? Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? (Кӕс фиппаинаг.)

2 Йесо куы райгас, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фембӕлд 500 адӕймагӕй фылдӕримӕ (1 Кор. 15:6). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар уыди, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «ӕппӕт адӕмтӕн» хъусын кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд. Уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыди! * Йесо сын загъта, хъусын кӕныны хъуыддаг бирӕ рӕстӕг кӕй ахӕсдзӕн, суанг «ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ». Уӕдӕ хорз хабар куы фӕхъусын кӕныс, уӕд феххуыс кӕныс, цӕмӕй уыцы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕной (Матф. 28:19, 20).

3. Хорз хабар хъусын кӕнынӕн нын стыр ӕххуыс цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фесты?

3 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн хъусын кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд загъта: «Ӕз... уемӕ уыдзынӕн» (Матф. 28:20). Афтӕмӕй сын зӕрдӕ бавӕрдта, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ сын ӕгас зӕххыл хъусын кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ дӕр немӕ ис. Уый нӕ «хайджын кӕны алы хорздзинадӕй», цӕмӕй нӕ бон уа хъусын кӕнын (Дзут. 13:20, 21). Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм уыцы хорздзинӕдтӕй ӕртӕйыл: 1) хъусын кӕнгӕйӕ нын стыр ӕххуыс чи фӕци, уыцы кусӕнгӕрзтыл, 2) кӕмӕй пайда кӕнӕм, уыцы мадзӕлттыл ӕмӕ 3) хъусынгӕнджыты кӕй ахуыр кӕнынц, ууыл. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, фӕстаг 100 азы дӕргъы цы кусӕнгӕрзтӕй пайда кодтам, уыдонӕй иуӕй-иутӕм.

ПАДДЗАХ ЙӔ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТЫ ЦӔТТӔ КӔНЫ ХЪУСЫН КӔНЫНМӔ

4. Хъусын кӕнгӕйӕ алыхуызон кусӕнгӕрзтӕй цӕмӕн пайда кодтам?

4 Йесо Паддзахады хабар абарста, алыхуызон зӕххы тыд чи ’рцыд, ахӕм мыггагимӕ (Матф. 13:18, 19). Цӕмӕй зӕхх тауынмӕ цӕттӕ уа, уый тыххӕй зӕхкусӕг фӕпайда кӕны алыхуызон кусӕнгӕрзтӕй. Ӕмӕ нын нӕ Паддзах дӕр радта, адӕмӕн хорз хабар сӕ зӕрдӕтӕм айсынӕн кӕй фӕрцы ӕххуыс кӕнӕм, ахӕм кусӕнгӕрзтӕ. Уыцы кусӕнгӕрзтӕй кӕцыдӕртӕй пайда кодтам цыбыр рӕстӕг, кӕцыдӕртӕй та ныронг дӕр пайда кӕнӕм. Фӕлӕ нын се ’ппӕт дӕр стыр ӕххуыс фесты, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм.

5. Уацамынды карточкӕтӕ цӕмӕн хъуыдысты ӕмӕ сӕ куыд пайда кодтам?

5 1933 азы хъусынгӕнджытӕ райдыдтой пайда кӕнын уацамынды карточкӕтӕй. Уый фӕрцы бирӕтӕн ӕнцондӕр уыди адӕмимӕ ныхас кӕнын райдайын. Уыцы карточкӕтӕ уыдысты гыццыл ӕмӕ сыл цыбыртӕй фыст уыд Библийӕ цавӕрдӕр хъуыды. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу рацыд ног карточкӕ, ӕмӕ-иу дзы фыст уыди Библийӕ ӕндӕр хъуыды. Ӕфсымӕр Эрленмейер фыццаг хатт ахӕм карточкӕйӕ спайда кодта, иу-дӕс азы йыл куы цыди, уӕд. Уый радзырдта: «Нӕ ныхас-иу афтӕ райдыдтам: „Дӕ хорзӕхӕй, ацы карточкӕйы цы фыст ис, уый-ма бакӕс.“ Адӕймаг-иу ӕй куы бакаст, уӕд-иу ын литературӕ раттам, ӕмӕ-иу дарддӕр ацыдыстӕм».

6. Уацамынды карточкӕтӕ хъусынгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодтой?

6 Уацамынды карточкӕтӕ хъусынгӕнджытӕн хорз ӕххуыс уыдысты. Зӕгъӕм, иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ уыдысты ӕфсӕрмыгӕнаг, ӕмӕ сӕ кӕд хъусын кӕнын тынг фӕндыди, уӕддӕр, цы загътаиккой, уый нӕ зыдтой. Иннӕ хъусынгӕнджытӕ та уыдысты ӕгӕр уӕндон. Цыдӕриддӕр зыдтой, уый-иу адӕймагӕн цалдӕр минутмӕ радзырдтой, фӕлӕ-иу хатгай ӕгӕр ӕргомдзырд уыдысты. Уацамынды карточкӕтӕ та хъусынгӕнджыты бӕсты «дзырдтой» бӕлвырд ӕмӕ хуымӕтӕг ныхӕстӕй.

7. Уацамынды карточкӕтӕй пайда кӕнгӕйӕ хъусынгӕнджытӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты?

7 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдысты. Нӕ хо Грейс Истеп радзырдта: «Хатгай-иу нын адӕймаг загъта: „Ӕмӕ дзы цы фыст ис? Уӕхи бон мын ӕй нӕу радзурын?“». Кӕмӕндӕрты та сӕ бон нӕ уыди, карточкӕйы цы фыст уыд, уый бакӕсын. Чидӕртӕ та-иу карточкӕ райстой, лӕвар мын ӕй кӕнынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу дуар ахгӕдтой. Нӕ ныхмӕ чи уыд, уыдонӕй та-иу чидӕртӕ карточкӕ аскъуыдтӕ кодтой. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уацамынды карточкӕтӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтой хъусын кӕнынӕн, ӕмӕ-иу адӕм бамбӕрстой, Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ кӕй сты.

8. Радзур, хъусынгӕнджытӕ патефонтӕй куыд пайда кодтой, уый тыххӕй. (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

8 1930-ӕм азты ӕмӕ 1940-ӕм азты райдианы кӕмӕй пайда кодтам, ӕндӕр ахӕм кусӕнгарз ма уыди патефон. Иуӕй-иу Ӕвдисӕнтӕ йӕ хуыдтой «Аарон», уымӕн ӕмӕ сӕ бӕсты дзырдта. (Бакӕс Рацыд 4:14–16.) Адӕймаджы-иу байхъусын куы фӕндыд, уӕд-иу хъусынгӕнӕг патефоны сӕвӕрдта, Библийыл арӕзт раныхас фыст кӕуыл уыд, ахӕм пластинкӕ (уыцы раныхӕстӕ цыдысты цыппар минут ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц). Уый фӕстӕ-иу адӕймагӕн исты литературӕ ныууагътой. Хатгай-иу раныхасмӕ байхъусынмӕ ӕрӕмбырд сты ӕнӕхъӕн бинонтӕ дӕр! 1934 азы Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнад йӕхӕдӕг райдыдта патефонтӕ уадзын, цӕмӕй дзы хъусынгӕнджытӕ уацамынды пайда кодтаиккой. Ӕдӕппӕтӕй ӕфсымӕртӕ ныффыстой 92 алыхуызон раныхасы.

9. Хъусынгӕнджытӕ патефонтӕй кӕй пайда кодтой, уый сын куыд ӕххуыс кодта?

9 Иухатт иу нӕлгоймаг, Хиллари Гозлин, уыцы раныхӕстӕй иумӕ куы байхъуыста, уӕд хъусынгӕнӕгӕй иу къуыримӕ патефон ракуырдта, цӕмӕй йӕ сыхӕгтӕ дӕр хорз хабар фехъуыстаиккой. Уый фӕрцы цалдӕр адӕймаджы фылдӕр базонын бафӕндыд ӕмӕ донаргъуыд дӕр райстой. Фӕстӕдӕр Хилларийы дыууӕ чызджы Галаады скъола фесты ӕмӕ миссионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. Уацамынды карточкӕтау патефонтӕ дӕр бирӕтӕн баххуыс кодтой хъусын кӕнын райдайынӕн. Фӕстӕдӕр Паддзах Йесо Чырысти йӕ адӕмы хъусын кӕныныл ахуыр кӕнын райдыдта Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы фӕрцы.

АЛЫ МАДЗАЛӔЙ ДӔР ПАЙДА КӔНӔМ, ЦӔМӔЙ ХОРЗ ХАБАР ФЫЛДӔР АДӔМ ФЕХЪУСОЙ

10, 11. Хорз хабар хъусын кӕнынӕн газеттӕ ӕмӕ радио куыд ӕххуыс кодтой ӕмӕ уыцы мадзӕлттӕ хорз цӕмӕн уыдысты?

10 Паддзах Йесойы разамындӕй Хуыцауы адӕм пайда кодтой алыхуызон мадзӕлттӕй, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кодтаиккой. Уыцы мадзӕлттӕ сын стыр ӕххуыс уыдысты, уӕлдайдӕр та, «кусджытӕ» гыццыл куы уыди, уӕд. (Бакӕс Матфейы 9:37.) Зӕгъӕм, 20-ӕм ӕнусы райдианы хорз хабар хъуыстгонд цыди газетты фӕрцы. Алы къуыри дӕр-иу ӕфсымӕр Чарлз Тейз Расселл ног хабӕртты агентствомӕ арвыста Библийыл арӕзт раныхас. Стӕй-иу уыдон уыцы раныхас арвыстой Канадӕйы, Европӕйы ӕмӕ Иугонд Штатты газетты редакцитӕм. 1913 азмӕ ӕфсымӕр Расселлы раныхӕстӕ ныммыхуыр кодтой 2 000 алыхуызон газеты ӕмӕ сӕ бакаст 15 000 000 адӕймаджы бӕрц!

11 Хорз хабар хъусын кӕнынӕн ма стыр ӕххуыс уыди радио. 1922 азы 16 апрелы ӕфсымӕр Рутерфордӕн радиойы цы раныхас уыди, уымӕ байхъуыста 50 000 адӕймаджы бӕрц. Уый уыди, радиойӕ кӕй радзырдта, уыцы раныхӕстӕн сӕ фыццӕгтӕй. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ нын фӕзынд нӕхи радиостанци – Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы радиостанци (WBBR). Фыццаг программӕ уыди 1924 азы 24 февралы. 1924 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Мах уырны, хорз хабар нырмӕ цы мадзӕлтты фӕрцы хъусын кодтам, уыдонӕй радио ӕппӕты асламдӕр ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр мадзал кӕй у». Газеттау радио дӕр стыр ӕххуыс фӕци, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд цыдаид, цалдӕр хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ кӕм нӕ уыд, уыцы рӕтты дӕр.

Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ фӕхъусын кӕнынц, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты ӕмӕ сын се ’ргом нӕ сайтмӕ фездахынц (кӕс 12, 13 абзацтӕ)

12. а) Хъусын кӕныны мадзӕлттӕй дӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр кӕцы цӕуы? б) Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнынмӕ нӕ ныфс куы нӕ хӕссӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн?

12 Хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнынӕн хорз мадзал у, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын дӕр: автобусты остановкӕты ӕмӕ ӕфсӕнвӕндаг станцӕты, машинӕты лӕууӕндӕтты, стыр дуканиты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм рӕтты. Мыййаг, ахӕм рӕтты хъусын кӕнынмӕ дӕ ныфс нӕ фӕхӕссыс? Уӕд Хуыцаумӕ скув ӕмӕ ахъуыды кӕн цӕуӕг цӕстдарӕг Анжело Манерӕйы ныхӕстыл: «Алы ног мадзал дӕр нымадтам, нӕ бон Йегъовӕйы кадджын кӕнын кӕй фӕрцы у, ахӕм фадатыл, ӕнувыд ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисыны фадатыл. Мах алкӕддӕр цӕттӕ уыдыстӕм, цы мадзӕлттӕ нын амоны, уыдонӕй пайда кӕнынмӕ». Зынгомау нӕм чи фӕкӕсы, суанг ахӕм мадзӕлттӕй дӕр кӕй фӕпайда кӕнӕм, уый фӕрцы сахуыр вӕййӕм нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарын ӕмӕ хуыздӕр хъусынгӕнджытӕ свӕййӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 12:9, 10.)

13. Уацамынды нӕ сайтӕй пайда кӕнын хорз мадзал цӕмӕн у ӕмӕ дзы ды куы пайда кодтай, уӕд дыл цавӕр цымыдисаг цаутӕ ӕрцыд?

13 Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ адӕмӕн фӕдзурынц нӕ сайты тыххӕй, зӕгъгӕ дзы уӕ бон у бакӕсын кӕнӕ рафыссын Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ 700 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Алы бон дӕр нӕ сайтмӕ бацӕуы 1 600 000 адӕймагӕй фылдӕр. Раздӕр-иу, дард рӕтты чи цард, уыцы адӕм хорз хабар фехъуыстой радиойы фӕрцы, ныр та – нӕ сайты фӕрцы.

ХУЫЦАУЫ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТЫ СКЪОЛАТӔ

14. Хъусынгӕнджытӕн цавӕр хъуыддаджы хъуыди баххуыс кӕнын ӕмӕ хорз ахуыргӕнджытӕ цавӕр скъолайы фӕрцы систы?

14 Цы кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ цы мадзӕлттыл аныхас кодтам, уыдон хъусынгӕнджытӕн стыр ӕххуыс фесты. Фӕлӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты хъуыди ахуыр кӕнын. Зӕгъӕм, хатгай-иу адӕймаг разы нӕ уыд, патефонӕй-иу цы фехъуыста, уыимӕ. Хатт та-иу хорз хабар адӕймаджы бацымыдис кодта ӕмӕ-иу ӕй фылдӕр базонын бафӕндыд. Хъусынгӕнджыты хъуыди сахуыр кӕнын, цӕмӕй сӕ бон уыдаид, ныхмӕ чи дзура, уыдонимӕ уӕзданӕй ныхас кӕнын ӕмӕ хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ суыдаиккой. Ӕфсымӕр Нейтан Норр бамбӕрста, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕ ахуыр кӕной, адӕмимӕ ныхас кӕнын куыд хъӕуы, ууыл. Фидарӕй зӕгъӕн ис, уый Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамынд кӕй уыди. Гъемӕ 1943 азы ӕмбырдты фӕзынд Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола. Уыцы скъола хъусынгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй хорз ахуыргӕнджытӕ суыдаиккой.

15. а) Радзур, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы чи ахуыр кодта, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй. б) 32-ӕм псаломы 8-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты, уый дӕхицӕй куыд базыдтай?

15 Ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ ахуыр нӕ уыдысты бирӕ адӕмы раз дзурын. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Хулио Рамуйӕн йӕ зӕрдыл лӕууы, 1944 азы Скъолайы йӕ фыццаг раныхас куыд радзырдта, уый. Раныхас уыди, Библийы цы Доикы кой цӕуы, уый тыххӕй. Библийы Доикы кой фондз хатты йеддӕмӕ нӕй, ӕмӕ Хулиойы йӕ раныхас ӕрмӕстдӕр уыцы стихтыл саразын бахъуыд. Хулио загъта: «Мӕ уӕрджытӕ бадон сты, мӕ къухтыл ризӕг схӕцыд, ме ’фсӕр зыр-зыр кӕнын райдыдта». Йӕ ныхӕстӕм ма бафтыдта: «Мӕ раныхас ӕртӕ минутмӕ фӕдӕн. Уӕд сценӕйыл фыццаг хатт уыдтӕн. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ къухтӕ не ’руагътон ӕмӕ ууыл не ’рлӕууыдтӕн». Кӕд уый ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр-иу Скъолайы раныхӕстӕ дзырдтой суанг сывӕллӕттӕ дӕр. Ӕфсымӕр Анжело Манерӕ хъуыды кӕны, иу лӕппу фыццаг хатт раныхас куыд дзырдта, уый: «Афтӕ тынг тыхсти, ӕмӕ йӕ раныхас дзурын куы райдыдта, уӕд ныккуыдта. Фӕлӕ уӕддӕр не ’рлӕууыд, ӕмӕ йӕ раныхас кӕронмӕ кӕугӕйӕ радзырдта». Чи зоны, ӕмбырдты дзуаппытӕ нӕ фӕдӕттыс кӕнӕ дын хӕслӕвӕрдтӕ нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ кӕнӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ бон нӕ бауыдзӕн. Кӕд дӕ хабар афтӕ у, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕйӕ тас фӕсура. Йегъовӕ дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы райдианы чи ахуыр кодта, уыдонӕн куыд баххуыс кодта, афтӕ. (Бакӕс Псалом 32:8.)

16. Галаады скъола цӕй тыххӕй арӕзт ӕрцыд ӕмӕ 2011 азы цы фӕивта?

16 Хуыцауы организаци ма бирӕты сахуыр кодта Галаады скъолайы фӕрцы дӕр. Уыцы скъолайы нысӕнттӕй иу у, цӕмӕй дзы чи ахуыр кӕны, уыдон хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайой. Галаады скъола фӕзынд 1943 азы, уӕдӕй нырмӕ дзы сахуыр кодта 8 500 адӕймаджы ӕмӕ сӕ миссионертӕй арвыстой 170 бӕстӕмӕ. 2011 азӕй фӕстӕмӕ уыцы скъоламӕ хонынц ӕрмӕстдӕр сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты – сӕрмагонд пионерты, цӕуӕг цӕстдарджыты, вефилӕгты ӕмӕ, Галаады скъолайы чи нӕма ахуыр кодта, ахӕм миссионерты.

17. Галаады скъола цавӕр пайда хӕссы?

17 Цымӕ Галаады скъола цавӕр пайда ӕрхаста? Ӕркӕсӕм-ма Японийы хабармӕ. 1949 азы августы дзы дӕс хъусынгӕнӕджы дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ уыцы азы кӕронмӕ уырдӕм снысан кодтой 13 миссионеры. Ӕмӕ абон Японийы ис иу-216 000 хъусынгӕнӕджы ӕмӕ уыдонӕй 42 проценты бӕрц лӕггад кӕнынц пионертӕй!

18. Цавӕр скъолатӕ ма нын ис?

18 Ис ма нын бирӕ ӕндӕр скъолатӕ дӕр, зӕгъӕм, Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола, Пионерты скъола, Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола, Скъола районон цӕстдарджытӕн ӕмӕ сӕ устытӕн, стӕй Скъола филиалты комитетты уӕнгтӕн ӕмӕ сӕ устытӕн. Уыцы скъолатӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй сӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар уыдаид ӕмӕ сӕ лӕггады ӕнтыстджындӕр уыдаиккой. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахады Паддзах дарддӕр дӕр йӕ адӕмы ахуыр кӕны.

19. Чарлз Тейз Расселл хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй цы загъта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ ӕцӕг куыд разындысты?

19 Хуыцауы Паддзахад хицауиуӕг кӕны 100 азӕй фылдӕр. Нӕ Паддзах Йесо Чырысти хъусын кӕныны хъуыддагӕн дарддӕр дӕр разамынд дӕтты. 1916 азы ӕфсымӕр Расселл фидарӕй загъта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕгас дунейыл дӕр. Расселл загъта: «Ацы куыст размӕ тынг тагъд цӕуы ӕмӕ дарддӕр дӕр размӕ цӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуамӕ хъуыстгонд ӕрцӕуа алы ран дӕр» («Faith on the March», А. Х. Макмиллан, 69 ф., англ.). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад! Куыд бузныг стӕм фарны Хуыцау Йегъовӕйӕ, «алы хорздзинадӕй» нӕ кӕй хайджын кӕны, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм!

^ 2 абз. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы адӕмӕн сӕ фылдӕр фӕстӕдӕр систы чырыстӕттӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ апостол Павел схуыдта «фондзсӕдӕ ӕфсымӕры». Стӕй ма загъта: «Уыдонӕн сӕ фылдӕр ныр дӕр ма ӕгас сты, чидӕртӕ та дзы амард». Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй Павел ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ зонгӕ уыдысты, Йесойы фӕдзӕхст чи фехъуыста, уыдонӕй бирӕтимӕ.