Библи ӕмӕ эволюци – иумӕйагӕй сын исты ис?
ЦЫМӔ Хуыцау адӕймаджы ӕцӕгдӕр эволюцийы фӕрцы скодта? Цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодта, цӕмӕй бактеритӕй кӕсӕгтӕ равзӕрдаид, уый фӕстӕ та хилджытӕ ӕмӕ ӕхсырӕйхӕссӕг цӕрӕгойтӕ, ӕмӕ ӕппынфӕстаг маймулийӕ рауадаид адӕймаг? Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ ӕууӕндынц эволюцийыл дӕр ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, ууыл дӕр. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, дам, Библийы Райдианы чиныджы цы фыст ис, уый бынтон комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Чи зоны, ды дӕр хъуыды кӕныс: адӕймаг цӕрӕгойӕ равзӕрд, зӕгъгӕ, уыцы ахуырадӕн Библиимӕ иумӕйагӕй исты ис?
Адӕймаг куыд фӕзынд, уый нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы зонын, цӕмӕй бамбарӕм, чи стӕм, нӕ фидӕн цы уыдзӕн ӕмӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм, уый. Ӕрмӕстдӕр уӕд бамбардзыстӕм, Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Стӕй, Хуыцау не Сфӕлдисӕг кӕй у, уый нӕ фидарӕй куы нӕ уырна, уӕд ын йӕ зӕрдӕ никуы рухс кӕндзыстӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, адӕймаг куыд фӕзынд, абон цы уавӕры ис ӕмӕ йӕм фидӕны цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уымӕ. Уӕд бамбардзыстӕм, эволюцийӕн Библиимӕ иумӕйагӕй исты ис ӕви нӕ.
Зӕххыл фыццаг уыд иу адӕймаг
Эволюционисттӕ дзурынц, зӕгъгӕ, рӕстӕг куыд цыд, афтӕ цӕрӕгойтӕй рауад адӕм. Зӕххыл райдианы иу адӕймаг кӕй уыд, ууыл разы не сты. Фӕлӕ Библи та зӕгъы, зӕгъгӕ, мах равзӕрдыстӕм иу адӕймагӕй – Адамӕй. Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Адам ӕцӕгдӕр цард. Фыст дзы сты йӕ усы ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕй кӕйдӕрты нӕмттӕ. Дзуры нын, Адам цытӕ куыста, цытӕ дзырдта, кӕд цард ӕмӕ кӕд амард, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ ацы хабӕрттӕ сты, ӕнахуыргонд адӕмӕн кӕй ныффыстой, ахӕм таурӕгътӕ. Ахуыргонд дины разамонджытӕн афтӕ загъта: «Ау, нӕ кастыстут, райдианы сӕ чи сфӕлдыста, уый сӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста?» (Матфейы 19:3–5). Уый фӕстӕ Йесо загъта, Адам ӕмӕ Евӕйы тыххӕй Райдианы 2:24 чи ис фыст, уыцы ныхӕстӕ.
Библийы фысджытӕй сӕ иу, историк Лука, цы ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, Адам дӕр Йесойау ӕцӕгӕй кӕй цард. Йесойы фыдӕлтӕ чи уыдысты, уый ранымадта суанг фыццаг адӕймаджы онг (Лукайы 3:23–38). Апостол Павел Афинты адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд се ’хсӕн уыди, зындгонд грекъаг скъолаты чи ахуыр кодта, ахӕм философтӕ дӕр. Ӕмӕ Павел дӕр загъта: «Дуне ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау... иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ ӕгас зӕххыл цӕрынӕн» (Хъуыддӕгтӕ 17:24–26). Уӕдӕ Библи бӕлвырдӕй зӕгъы, мах «иу адӕймагӕй» кӕй рацыдыстӕм. Фӕлӕ цымӕ адӕймаг райдианы цыхуызӕн уыди, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уымӕн эволюциимӕ иумӕйагӕй исты ис?
Адӕм систы ӕнӕххӕст
Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ фыццаг адӕймаджы сфӕлдыста ӕххӕст адӕймагӕй. Райдиан 1:27, 31). Цыхуызӕн уыд ӕххӕст адӕймаг?
Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уыдаид – Хуыцау цы саразы, уый вӕййы алцӕмӕй ӕххӕст. Адӕймаг куыд фӕзынд, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ... Уый фӕстӕ Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Ӕххӕст адӕймаг уыди сӕрибар, йӕхи бон уыди равзарын, куыд бакӕндзӕн, уый. Стӕй йӕ бон уыд алцӕмӕй дӕр Хуыцауы фӕзмын – уымӕ цы миниуджытӕ уыди, уыдон ӕххӕстӕй ӕвдисын. Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕцӕг Хуыцау адӕмы сфӕлдыста рӕстгӕнджытӕй, фӕлӕ уыдон бирӕ ӕндӕр фӕндтыл бафтыдысты» (Екклесиаст 7:29). Адам рацыд Хуыцауы ныхмӕ ӕмӕ уый тыххӕй сси ӕнӕххӕст. Ӕнӕххӕстдзинад сӕ туджы рахастой йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр. Исты хорз саразын нӕ куы фӕфӕнды, уӕд нын арӕх иннӕрдӕм дӕр уый тыххӕй рауайы. Апостол Павел фыста: «Цы мӕ фӕфӕнды, уый нӕ бакӕнын, ме сӕфт цӕмӕй уынын, уый та саразын» (Ромӕгтӕм 7:15).
Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй ӕххӕст адӕймаг хъуамӕ цардаид ӕнустӕм ӕмӕ рынчын ма кодтаид. Уый бӕрӕг у, Хуыцау Адамӕн цы загъта, уымӕй: йӕ коммӕ куы кастаид, уӕд никуы амардаид (Райдиан 2:16, 17; 3:22, 23). Адӕймаг низтӕм ӕмхиц куы уыдаид кӕнӕ йӕ туджы ӕгоммӕгӕсдзинад куы уыдаид, уӕд дзы Йегъовӕ афтӕ нӕ загътаид, зӕгъгӕ, «тынг хорз» у. Кӕд адӕймаджы буар диссаджы конд у, уӕддӕр, ӕнӕххӕст кӕй сси, уый тыххӕй кӕны рынчын ӕмӕ йӕм фӕзыны алы низтӕ. Уӕдӕ эволюцийӕн Библиимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Эволюцимӕ гӕсгӕ, адӕймаг равзӕрд цӕрӕгойӕ ӕмӕ цӕуы ӕххӕстдзинадмӕ. Библимӕ гӕсгӕ та адӕймаг райдианы уыди ӕххӕст, фӕлӕ сси ӕнӕххӕст ӕмӕ кӕны ноджы фыддӕр.
Хуыцау адӕймаджы эволюцийы фӕрцы сфӕлдыста, зӕгъгӕ, уый раст нӕу, Библи Хуыцауы тыххӕй цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ дӕр. Кӕд Хуыцау адӕймаджы эволюцийы фӕрцы сфӕлдыста, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ ныртӕккӕ цы тӕригъӕддаг уавӕры ис, уымӕ дӕр ӕй йӕхӕдӕг ӕркодта. Фӕлӕ Библийы Хуыцауы тыххӕй афтӕ фыст ис: «Уый Хох у, йӕ хъуыддӕгты ницы хъӕндзинад ис, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Хуыцау ӕнувыд у, хӕрамӕй йӕм ницы ис; уый у рӕстаг ӕмӕ раст. Уыдон сӕхӕдӕг бафтыдысты ӕвзӕр хъуыддӕгтыл; уыдон не сты йӕ сывӕллӕттӕ, сӕ хъӕндзинӕдты сӕхӕдӕг сты аххосджын» (Дыккаг закъон 32:4, 5). Уӕдӕ адӕмы ахӕм уавӕрмӕ Хуыцау не ’ркодта. Ахӕм уавӕры уымӕн сты, ӕмӕ иу адӕймаг рацыд Хуыцауы ныхмӕ ӕмӕ сси ӕнӕххӕст, ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр сӕ туджы рахастой ӕнӕххӕстдзинад. Мах ӕркастыстӕм Адамы хабармӕ. Ныр та аныхас кӕнӕм Йесо Чырыстийы тыххӕй. Цымӕ Библи Йесойы тыххӕй цы дзуры, уымӕн эволюциимӕ иумӕйагӕй исты ис?
Эволюцийыл дӕр ӕмӕ Библийыл дӕр ис ӕууӕндӕн?
«Чырысти амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй». Ӕвӕццӕгӕн, зоныс, ацы ахуырад чырыстон дины сӕйраг ахуырӕдтӕй сӕ иу кӕй у (1 Коринфӕгтӕм 15:3; 1 Петры 3:18). Эволюцийӕн ацы ныхӕстимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис, уый бамбарынӕн уал нӕ фыццаг ӕркӕсын хъӕуы, Библи нӕ тӕригъӕдджынтӕ цӕмӕн хоны ӕмӕ нӕ тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уымӕ.
Мах не ’ппӕт дӕр тӕригъӕдджын уыцы хуызы стӕм, ӕмӕ нӕ бон нӕу Хуыцауы диссаджы миниуджытӕ, зӕгъӕм, йӕ уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕвдисын. Библи афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы: «Се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ ӕнӕхай фесты Хуыцауы кадӕй» (Ромӕгтӕм 3:23). Библи дзуры, адӕм кӕй мӕлынц тӕригъӕды тыххӕй. «Мӕлӕт чи расайы‚ уыцы маргджын фат у тӕригъӕд»,– фыст ис 1 Коринфӕгтӕм 15:56. Нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, рынчын дӕр уый тыххӕй кӕнӕм. Афтӕ кӕй у, уый нын равдыста Йесо. Иухатт, паралич кӕй ныццавта, ахӕм лӕгӕн загъта: «Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ», ӕмӕ уыцы лӕг сдзӕбӕх (Матфейы 9:2–7).
Йесо Чырысти адӕмы тыххӕй кӕй амард, уый нын хорзӕй цы дӕтты? Адам ӕмӕ Йесо цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 15:22). Йесо мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уый фӕрцы нӕ ссӕрибар кодта, Адамӕй нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы тӕригъӕдӕй. Уӕдӕ Йесойыл чи ӕууӕнды ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдон иууылдӕр райсдзысты, Адам нӕ ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодта, уый – ӕнусон цард (Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 6:23).
Ныр ӕй ӕмбарыс, эволюцийы ахуырадӕн, Библи Чырыстийы тыххӕй цы дзуры, уыимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис? Дӕхӕдӕг-ма йыл ахъуыды кӕн: адӕм иууылдӕр «Адамы аххосӕй» кӕй мӕлынц, уый нӕ кӕд нӕ уырны, уӕд нӕ уый ныфс куыд хъуамӕ уа, ӕмӕ «Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты»?
Эволюцийы ахуырад бирӕты зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы
Библи нын ӕмбарын кӕны, алыхуызон ахуырӕдтӕ, уыимӕ эволюцийы ахуырад дӕр, куыд апарахат сты, уый. «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ раст ахуырадӕн нал быхсдзысты, фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ сӕхицӕн ахуыргӕнджытӕй ӕвзардзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхӕстӕ уой, ахӕмты, ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ нал хъусдзысты, фӕлӕ се ’ргом аздахдзысты аргъӕуттӕм» (2 Тимофеймӕ 4:3, 4). Кӕд эволюцийыл ахуыргӕндтӕ фӕдзурынц, уӕддӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый у дины ахуырад дӕр. Эволюци йӕхирдыгонау ӕмбарын кӕны, адӕймаг куыд хъуамӕ цӕра ӕмӕ Хуыцаумӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса. Уыцы ахуырад сӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, хиуарзон чи у ӕмӕ афтӕ чи дзуры, ӕз мӕхӕдӕг мӕхицӕн дӕн хицау, зӕгъгӕ, уыдонӕн. Эволюцийыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, Хуыцау сӕ кӕй уырны. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы Сфӕлдисӕгыл нӕ нымайынц, афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ адӕймаджы хъуыддӕгтӕм ницы бар дары ӕмӕ сын тӕрхон дӕр нӕ кӕндзӕн. Уый у, адӕмы «хъустӕн ӕхсызгон» чи у, ахӕм ахуырад.
Эволюционисттӕ цы дзурынц, уымӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ арӕхдӕр фӕдзурынц сӕ «зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ». Зӕгъӕм, фӕфӕнды сӕ, цӕмӕй нымад уой, афтӕ чи зӕгъы, зӕгъгӕ, эволюци раст у, уыцы ахуыргӕндты ’хсӕн. Биохимийы профессор Майкл Бихи бирӕ азтӕ иртасы, кълеткӕ мидӕгӕй куыд кусы, уый, ӕмӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, афтӕ чи дзуры, кълеткӕ вазыгджынӕй-вазыгджындӕр кодта, уыдоны ныхӕстӕн ницы бындур ис. Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ молекулӕтӕ вазыгджынӕй-вазыгджындӕр кодтаиккой? «Молекулярон эволюцийӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй,– ныффыста Бихи.– Наукон литературӕйы, зындгонд журналты кӕнӕ чингуыты, никуы ницы ис фыст, молекулӕтӕ вазыгджынӕй-вазыгджындӕр куыд кодтой, кӕнӕ уымӕн куыд гӕнӕн уыд, уый тыххӕй... Дарвин молекулярон эволюцийы тыххӕй цы дзырдта, уыдон сты афтид ныхӕстӕ».
Уӕдӕ кӕд эволюционисттӕн сӕ бон бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын нӕу, уӕд уыцы ахуырады тыххӕй афтӕ стыр дзыхӕй цӕмӕн дзурынц? Майкл Бихи бамбарын кодта: «Бирӕты, уыимӕ бирӕ стыр ахуыргӕндты дӕр, нӕ фӕнды, ӕрдзӕй дарддӕр ма исты уа, уый».
Эволюцийы ахуырад цӕуы бирӕ дины кусджыты зӕрдӕмӕ дӕр. Фӕнды сӕ сӕхи зондджынӕй равдисын. Уыдон сты, апостол Павел Ромы чырыстӕттӕм кӕй тыххӕй фыста, уыцы адӕмы хуызӕн. Павел ныффыста: «Хуыцауы тыххӕй зонӕн цы уыди, уый сын ӕргом у... Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ – Ромӕгтӕм 1:19–22). Дӕ бон куыд у ахӕм мӕнг ахуыргӕнджытӕй дӕхи бахизын?
йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый – дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты. Уӕдӕ уыдон сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты. Кӕд Хуыцауы зыдтой, уӕддӕр ӕм цы кад ӕмбӕлы, уыцы кад ын не скодтой ӕмӕ дзы бузныг нӕ уыдысты, фӕлӕ ницӕйаг хъуыдытыл бафтыдысты ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтӕ нытталынг сты. Сӕхи зондджын хонынц, афтӕмӕй та сӕ зонд фӕцыд» (Сфӕлдисӕг ис
Библи нын ӕвдисы, уырнындзинадӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй хъуамӕ уа. Фыст дзы ис: «Уырнындзинад... уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты» (Дзуттӕгтӕм 11:1). Адӕймаг Хуыцауыл кӕй ӕууӕнды, уымӕн ын хъуамӕ уа ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ, цӕмӕй йӕ фидарӕй зона, Сфӕлдисӕг ӕцӕгдӕр кӕй ис. Библи нын ӕмбарын кӕны, кӕм ис ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарӕн.
Библийы фысджытӕй иу – Давид – ныффыста: «Ӕз дӕ кадджын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ диссаджы конд дӕн» (Псалом 139:14). Нӕ буар, стӕй нӕ алыварс ӕрдз, цӕрӕгойтӕ куыд диссаджы конд сты, ууыл адӕймаг куы ахъуыды кӕны, уӕд йӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы, цы стыр зонд ис не Сфӕлдисӕгмӕ, зӕгъгӕ. Мингай системӕтӕ нӕ мидӕг диссаджы куыст кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы цӕрӕм. Уӕдӕ дун-дунейы дӕр алцыдӕр ис йӕхи бынаты, бӕрӕг у, алцӕуыл дӕр дзы чидӕр дзӕбӕх кӕй ахъуыды кодта. «Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад, ӕмӕ йӕ къухты хъуыддӕгты тыххӕй дзуры арв»,– фыста Давид (Псалом 19:1).
Сфӕлдисӕг кӕй ис, уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис Библийӕн йӕхи мидӕг дӕр. Библийы ис 66 чиныджы, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, ӕгъдауы тыххӕй дзы цы диссаджы уагӕвӕрдтӕ ис ӕмӕ йӕ пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уымӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕсай, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ, йӕ автор не Сфӕлдисӕг кӕй у. Йӕ ахуырӕдтӕ йын куы бамбарай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, Библи не Сфӕлдисӕджы Ныхас кӕй у. Зӕгъӕм, куы бамбарай, зындзинӕдтӕ цӕмӕн ис, цы у Хуыцауы Паддзахад, адӕммӕ цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ цӕмӕй амондджын уай, уый тыххӕй цы хъӕуы, уӕд дын уыдзӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Библийы Хуыцауы стыр зонд кӕй зыны, уымӕн. Ӕмӕ уӕд дӕу дӕр апостол Павелау бафӕнддзӕн зӕгъын: «О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ!» (Ромӕгтӕм 11:33).
Цас фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ дын уа, уыйас дӕ уырнындзинад кӕндзӕн фидардӕр. Ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбардзынӕ, Библийы уылты не Сфӕлдисӕг йӕхӕдӕг кӕй ныхас кӕны демӕ. Хуыцау афтӕ загъта: «Ӕз скодтон зӕхх ӕмӕ йыл сфӕлдыстон адӕймаджы. Ӕз мӕхи къухтӕй айтыгътон арв ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдонӕн бардзырд ӕз дӕттын» (Исай 45:12). О, ӕппӕт дӕр сфӕлдыста Йегъовӕ. Уӕдӕ архай уыцы хъуыддаг дӕхицӕн сбӕлвырд кӕныныл. Дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн.
[Хицӕнгонд текст 14 фарсыл]
Апостол Павел ахуыргонд грекъӕгтӕн загъта: «Хуыцау... иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ»
[Хицӕнгонд текст 15 фарсыл]
Эволюцимӕ гӕсгӕ, адӕймаг равзӕрд цӕрӕгойӕ ӕмӕ цӕуы ӕххӕстдзинадмӕ. Библимӕ гӕсгӕ та адӕймаг райдианы уыди ӕххӕст, фӕлӕ сси ӕнӕххӕст ӕмӕ кӕны ноджы фыддӕр
[Хицӕнгонд текст 16 фарсыл]
«Молекулярон эволюцийӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй»
[Хицӕнгонд текст 17 фарсыл]
Не Сфӕлдисӕджы стыр зондыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы