Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕд ӕрцӕудзӕн Хуыцауы Паддзахад?

Кӕд ӕрцӕудзӕн Хуыцауы Паддзахад?

Кӕд ӕрцӕудзӕн Хуыцауы Паддзахад?

«ХИЦАУ, мыййаг, Израилы паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къахыл ныр слӕууын кӕндзынӕ?» (Хъуыддӕгтӕ 1:6). Апостолты тынг фӕндыд базонын, Йесо Чырысти йӕ Паддзахад кӕд ӕрӕвӕрдзӕн, уый. Абон, 2 000 азы фӕстӕ дӕр, адӕмы тынг фӕнды зонын: кӕд ӕрцӕудзӕн Хуыцауы Паддзахад?

Йесо сӕйраджыдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кодта, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, ацы фарстайыл дӕр куыннӕ ныхас кодтаид, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Йесо уыцы бӕлвырд рӕстӕджы тыххӕй арӕх дзырдта ӕмӕ йӕ схуыдта, ме ’рцыды рӕстӕг, зӕгъгӕ (Матфейы 24:37). Йе ’рцыд ӕнгом баст у, Мессийӕйы Паддзахад ӕвӕрд кӕд ӕрцӕудзӕн, уыимӕ. Цы у Чырыстийы «ӕрцыд»? Ӕркӕсӕм, Чырыстийы ӕрцыды тыххӕй Библи цы цыппар хъуыддаджы ӕргом кӕны, уыдонмӕ.

1. Чырыстийы «ӕрцыд» хъуамӕ уыдаид йӕ мӕлӕтӕй бирӕ фӕстӕдӕр. Йесо цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым йӕхи абарста, дард бӕстӕм паддзахы бартӕ райсынмӕ чи араст, ахӕм лӕгимӕ (Лукайы 19:12). Ацы фӕсномыг ныхас куыд сӕххӕст? Йесо амард ӕмӕ райгас; уый фӕстӕ араст «дард бӕстӕм», ома уӕлӕрвтӕм. Стӕй, ӕндӕр фӕсномыг ныхасы куыд радзырдта, афтӕмӕй хъуамӕ ӕрыздӕхтаид Паддзахы бартимӕ, ӕрмӕст «бирӕ рӕстӕджы» фӕстӕ (Матфейы 25:19).

Йесо уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ апостол Павел ныффыста: «[Йесо] та тӕригъӕдты тыххӕй ӕрхаста иу нывонд ӕнустӕм ӕмӕ ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау ын йе знӕгты йӕ къӕхты бын кӕд ӕрӕвӕрдзӕн, уымӕ» (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Уӕдӕ Йесо уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уӕд ӕй бирӕ рӕстӕг бахъуыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уыцы рӕстӕг фӕци, Йегъовӕ Хуыцау рагӕй цы Паддзахады тыххӕй дзырдта, уым йӕ Фырты Паддзахӕй куы сӕвӕрдта, уӕд. Растдӕр уӕд «ӕрцыд» Чырысти. Цымӕ зӕххыл адӕмӕн сӕ бон уыд уыцы диссаджы хабар фенын?

2. Чырыстийы «ӕрцыд» адӕмӕн сӕ бон фенын нӕу. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо кӕй загъта, йе ’рцыд цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уый (Матфейы 24:3). Адӕмӕн сӕ бон куы уыдаид, куыд ӕрцыд, уый фенын, уӕд ма цыдӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ цӕмӕн хъуыдаид? Зӕгъӕм, денджыз фенынмӕ ацыдтӕ. Ӕмӕ уыныс, фӕндаг чи амоны, ахӕм нысӕнттӕ. Фӕлӕ мӕнӕ иу рӕстӕг денджызы былмӕ бахӕццӕ дӕ ӕмӕ уыныс, донӕн кӕрон дӕр кӕй нӕй. Цымӕ ма хъуамӕ искуы стыр дамгъӕтӕй фыст уа, «Денджыз», зӕгъгӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Цӕй фыстытӕ ма дӕ хъӕуы, кӕд алцыдӕр дӕхи цӕстӕй уыныс, уӕд?

Йесо ранымадта, йе ’рцыд цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уыдӕттӕ, фӕлӕ афтӕ нӕ загъта, адӕм ӕй цӕстӕй кӕй хъуамӕ федтаиккой. Уыдӕттӕ уый тыххӕй ранымадта, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, уӕлӕрвты цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый. Уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахад афтӕ не ’рцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ цӕстӕй фенӕн уа» (Лукайы 17:20). Уӕдӕ адӕм цӕмӕй хъуамӕ базыдтаиккой, Чырысти кӕй «ӕрцыд», уый?

3. Йесо кӕй «ӕрцыд», уый бӕрӕг уыдзӕн, зӕххыл стыр бӕллӕхтӕ кӕй цӕудзӕн, уымӕй. Йесо загъта, уӕлӕрвты Паддзах куы суа, уӕд зӕххыл кӕй уыдзӕн хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстытӕ, хӕцгӕ низтӕ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты (Матфейы 24:7–12; Лукайы 21:10, 11). Уыцы бӕллӕхтӕ цӕмӕн цӕудзысты? Библи ӕмбарын кӕны, «ацы дунейы хицау», Сайтан тынг мӕсты кӕй у, уымӕн ӕмӕ зоны, Чырысти Паддзах кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн бирӕ рӕстӕг кӕй нал баззад (Иоанны 12:31; Раргомад 12:9, 12). Сайтан, тынг мӕсты кӕй у ӕмӕ Чырысти кӕй «ӕрцыд», уымӕн абон ис тынг бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Уӕлдайдӕр 1914 азӕй фӕстӕмӕ уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ фенӕн ис ӕгас дунейы дӕр. Историктӕ дӕр зӕгъынц, уыцы аз зӕххыл цард цӕхгӕр кӕй фӕивта.

Чи зоны, исчи зӕгъа, уым хорзӕй цы ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый хорз уымӕй у, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕвдисынц, ныр Мессийӕйы Паддзахад уӕлӕрвты кӕй архайы. Ӕмӕ тынг тагъд ацы Паддзахад ӕгас зӕххыл дӕр бартӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ бон куыд у ацы Паддзахады тыххӕй базонын, цӕмӕй сӕхи йӕ дӕлбар бакӕной?

4. Йесойы «ӕрцыд» бӕрӕг уыдзӕн, ӕгас дунейы дӕр хорз хабар кӕй хъусын кӕндзысты, уымӕй. Йесо загъта, йе ’рцыд кӕй уыдзӕн «Нойы рӕстӕджы» хуызӕн * (Матфейы 24:37–39). Ной ӕрмӕст науаразӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» дӕр (2 Петры 2:5). Ной адӕмы фӕдзӕхста, Хуыцауы тӕрхоны бон кӕй ӕрхӕццӕ кӕны. Йесо загъта, йе ’рцыды рӕстӕг йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр зӕххыл ахӕм куыст кӕй кӕндзысты. «Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14).

Раззаг статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахад фесафдзӕн, зӕххыл цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ ис, уыдон. Уыцы хабар адӕмӕн кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы базонынц, уӕларвон хицауад тагъд хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн. Ӕмӕ афтӕмӕй алкӕмӕндӕр фадат ис, цӕмӕй уыцы бӕллӕхы рӕстӕг фервӕза ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады дӕлбар йӕхи бакӕна. Фӕлӕ ис иу ахсджиаг фарста: ды та куыд бакӕндзынӕ?

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

Йесо цы хабар хъусын кодта, уый ницӕимӕ уыд абарӕн. Цалдӕр мин азы размӕ, Адам Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд Йегъовӕ сфӕнд кодта, хъуыддӕгтӕ чи сраст кӕндзӕн ӕмӕ йӕм райдианы цы фӕнд уыд, уый чи сӕххӕст кӕндзӕн, ахӕм хицауад ӕрӕвӕрын – цӕмӕй рӕстгӕнджытӕ зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрой. Уӕдӕ уымӕй ӕхсызгондӕр хабар цы хъуамӕ уа, Хуыцау зӕрдӕ цы хицауадӕй бавӕрдта, уый ныр уӕлӕрвты кӕй архайы! Уый цыдӕр ӕнӕрцӕугӕ бӕллиц кӕнӕ аргъау нӕу, фӕлӕ у ӕцӕг хабар!

Абон Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах архайы йе знӕгты ’хсӕн (Псалом 110:2). Ацы ӕнӕхуыцау дунейы Йесо йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕны – агуры, Хуыцауы бӕлвырд базонын кӕй фӕнды ӕмӕ йын «сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» чи кувдзӕн, уыдоны (Иоанны 4:24). Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕнустӕм цӕрыны ныфс ис ӕппӕт адӕмыхӕттытӕн дӕр, ацӕргӕтӕн ӕмӕ ӕрыгӕттӕн, хъӕздгуытӕн ӕмӕ мӕгуыртӕн (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Уӕдӕ дын цы диссаджы фадат ис, уый ма ауадз. Ныр фылдӕр базон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай! (1 Иоанны 2:17).

[Фиппаинаг]

^ 10 абз. «Ӕрцыд»-ӕй цы грекъаг дзырд у тӕлмац, паруси́а, зӕгъгӕ, уымӕн йӕ хъуыды бирӕтӕ раст нӕ фембарынц. Иу дзырдуаты уый тыххӕй фыст ис: «ПАРУСИА... нысан кӕны, чидӕр кӕдӕмдӕр кӕй ӕрцыд, уый дӕр ӕмӕ, уый фӕстӕ уым кӕй ис, уый дӕр» («Vine’s Expository Dictionary of Old and New Testament Words», 1981, 1 том, 208, 209 фф.). Ӕмӕ нын Чырыстийы ныхӕстӕ дӕр ӕххуыс кӕнынц уый бамбарынӕн. Йе ’рцыд абарста, Нойы рӕстӕг цы Доны хъаймӕт уыди, уыимӕ нӕ, фӕлӕ «Нойы рӕстӕгимӕ». Ома иу цавӕрдӕр хабары кой нӕ кодта, фӕлӕ, цасдӕр чи ахаста, уыцы рӕстӕджы кой. Уыцы рӕстӕг куыд уыд, афтӕ Чырыстийы ӕрцыды рӕстӕг дӕр адӕм ӕрмӕст сӕ царды мӕт кӕндзысты ӕмӕ сӕ цӕмӕй фӕдзӕхсынц, уымӕ нӕ хъусдзысты.

[Нывтӕ 8, 9 фарсыл]

Алы бон дӕр ӕвзӕр хабӕрттӕ кӕй хъусӕм, уымӕй бӕрӕг у, тагъд хорз хабӕрттӕ кӕй ӕрцӕудзӕн

[Барлӕвӕрдӕй]

Antiaircraft gun: U.S. Army photo