Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕстӕртӕн

Петр нӕ басаст

Петр нӕ басаст

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.

АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС МАТФЕЙЫ 26:31–35, 69–75.

Куыд дӕм кӕсы, цал адӕймаджы дзы уыди?

․․․․․

Петры чи фарста, уыдон йемӕ куыд ныхас кодтой? хӕларзӕрдӕйӕ? цымыдисӕй? мӕстыйӕ ӕви ма ӕндӕр искуыд?

․․․․․

Куыд дӕм кӕсы, Петры куы аххосджын кодтой, уӕд цы хъуыды кодта?

․․․․․

Петр Йесойы кӕй зыдта, ууыл цӕуылнӕ басаст? Кӕй йӕ нӕ уарзта, уый тыххӕй ӕви ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй?

․․․․․

ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН. БАКӔС ЛУКАЙЫ 22:31–34; МАТФЕЙЫ 26:55–58; ИОАННЫ 21:9–17.

Петр йӕхицӕй ӕгӕр ныфсджын кӕй уыд, мыййаг, уый тыххӕй фӕрӕдыд?

․․․․․

Кӕд Йесо зыдта, Петр фӕрӕдидзӕни, уӕддӕр куыд равдыста, кӕй йыл ӕууӕндыд, уый?

․․․․․

Кӕд Петр нӕ басаст, Йесойы кӕй зыдта, ууыл, уӕддӕр иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕй хъӕбатырдӕр куыд разынд?

․․․․․

Йесо куыд равдыста, Петрӕн кӕй ныххатыр кодта, уый?

․․․․․

Куыд хъуыды кӕныс, Йесо Петры ӕртӕ хатты цӕмӕн бафарста, уарзыс мӕ, зӕгъгӕ?

․․․․․

Куыд дӕм кӕсы, Йесо Петримӕ куы аныхас кодта, уӕд Петрмӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзынд ӕмӕ цӕмӕн?

․․․․․

ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

Петр адӕмӕй кӕй фӕтарст, уымӕй.

․․․․․

Йесойӕн-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы фӕрӕдыдысты, уӕддӕр-иу сын кӕй фӕтӕригъӕд кодта, уымӕй.

․․․․․

Ацы хабарӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фӕцыд ӕмӕ цӕмӕн?

․․․․․