Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Уый хуызӕн Фыд нӕй

Уый хуызӕн Фыд нӕй

Матфейы 3:16, 17

АДӔЙМАДЖЫ зӕрдӕмӕ арф чи бахъара, ахӕм ныхӕстӕ бирӕ нӕй. Уыцы ныхӕстӕй иу у «фыд». Фыд йӕ сывӕллӕтты куы уарза, уӕд уыцы сӕвӕллӕттӕ уыдзысты амондджын. Уӕдӕ Библи Йегъовӕйы «Фыд» дзӕгъӕлы нӕ хоны (Матфейы 6:9). Ӕмӕ цымӕ цавӕр фыд у Йегъовӕ? Цӕмӕй уый базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Йесо Чырысти донаргъуыд куы иста, уӕд ын Йегъовӕ цы загъта, уымӕ. Ӕцӕгдӕр, фыд йӕ сывӕллӕттимӕ куыд фӕныхас кӕны, уымӕй бирӕ ис базонӕн, цавӕр фыд у, уый.

Нӕ эрӕйы 29 азы октябры, Чырысти ацыд Иорданы цӕугӕдонмӕ, цӕмӕй аргъуыд райстаид. Библийы уый тыххӕй фыст ис: «Йесо куыддӕр аргъуыд райста, афтӕ донӕй рахызт, ӕмӕ мӕнӕ диссаг: арв фегом, ӕмӕ йын Иоанн йӕ сӕрмӕ федта Хуыцауы сыгъдӕг уд бӕлоны хуызы ӕрцӕй-цӕугӕ. Афтӕ ма уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс дӕр: „Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт“» * (Матфейы 3:16, 17). Ацы фӕлмӕн ныхӕстӕ нын хорз ӕвдисынц, Йегъовӕ цавӕр Фыд у, уый. Йегъовӕ йӕ Фыртӕн цы загъта, уымӕй базонӕн ис ӕртӕ хъуыддаджы. Нӕ хъус ма сӕм ӕрдарӕм.

Фыццаг уый, ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ кӕй загъта, «ай у мӕ... Фырт», зӕгъгӕ, уымӕй йӕ фӕндыд зӕгъын: «Ӕз сӕрыстыр дӕн, мӕ фырт кӕй дӕ, уымӕй». Зондджын фыд вӕййы ӕрхъуыдыджын ӕмӕ алыхатт дӕр йӕ сывӕллӕттӕй раппӕлы. Сывӕллӕттӕн ӕдзухдӕр фӕхъӕуы дзурын, кӕй сын аргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕй уарзынц. Ӕмӕ кӕд Чырысти сывӕллон нал уыд, уӕддӕр ын йӕ Фыд загъта, кӕй йын аргъ кӕны, уый. Ахъуыды-ма кӕн, уый Йесойӕн куыд ӕхсызгон уыдаид!

Дыккаг та уый, ӕмӕ, Йегъовӕ Йесойы йӕ «уарзон Фырт» кӕй схуыдта, уымӕй ӕргом равдыста йӕ уарзондзинад. Йегъовӕ йын цыма афтӕ загъта, ӕз дӕ уарзын, зӕгъгӕ. Хорз фыд йӕ сывӕллӕттӕн фӕдзуры, бирӕ сӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. Ахӕм ныхӕстӕ ӕмӕ ахӕм уарзондзинад сывӕллӕттыл базыртӕ басадзы ӕмӕ уӕд вӕййынц амондджын. Йесо йӕ Фыдӕй уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ын куыд ӕхсызгон уыд.

Ӕртыккаджы та, Йегъовӕ «мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд уымӕй равдыста, йӕ Фыртӕй разы кӕй уыд. Цыма йӕ ацы ныхӕстӕй афтӕ зӕгъын фӕндыд: «Мӕ фырт, райгонд дӕ дӕн». Уарзӕгой фыд алы хатт дӕр фӕуыны йӕ сывӕллӕтты хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у, уый сын февдисы. Уый руаджы сывӕллӕттӕ вӕййынц ныфсджындӕр. Йесойы ныфсыл дӕр ныфс куыннӕ бафтыдаид, йӕ Фыды ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд!

Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы хуызӕн Фыд нӕй. Фӕндид дӕ, цӕмӕй дын ахӕм фыд уа? Кӕд о, уӕд дын ӕхсызгон уыдзӕн базонын, дӕ бон кӕй у, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмбал уай! Ӕппӕт хъарутӕй куы архайай, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнай, уӕд суыдзынӕ йе ’мбал. Библийы фыст ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8). Ӕппӕты хуыздӕр Фыдмӕ, Йегъовӕ Хуыцаумӕ, ӕввахс уай, уымӕй стырдӕр удӕнцой дын ницы ’рхӕсдзӕн!

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Ацы хабар ма фыст ис Лукайы Евангелийы дӕр. Уым Йегъовӕ комкоммӕ дзуры йӕ фыртмӕ: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Лукайы 3:22).