Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг

Уый хӕцыд раст дины фарс

Уый хӕцыд раст дины фарс

ИЛИА лӕууыд ӕмӕ каст, адӕм Кармилы хохыл тыххӕйты хӕрдмӕ куыд ссӕуынц, уымӕ. Нырма бынтон не ’рбарухс, фӕлӕ уӕддӕр фенӕн уыди, адӕм куыд мӕгуыр ӕмӕ куыд тыхст уыдысты, уый. Ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг арвӕй иу ӕртах дӕр не ’рхауд, ӕмӕ сыл уый тынг фӕзынд.

Уыцы адӕмы ’хсӕн уыдысты Ваалы пехуымпартӕ дӕр, 450 лӕджы. Уыдон уыдысты тынг хъал ӕмӕ сӕрбӕрзонд, ӕмӕ Илиайӕ, Йегъовӕйы пехуымпарӕй, се сӕфт уыдтой. Ус-паддзах Йезавел Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты ныццагъта, фӕлӕ Илиа уӕддӕр хъӕбатырӕй тох кодта, Ваалӕн чи куывта, уыдоны ныхмӕ. Цымӕ бирӕ фӕтох кӕндзӕн? Уыцы дзуарылӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, ацы адӕймагӕн иунӕгӕй уал адӕймаджы ныхмӕ йӕ бон цы бауыдзӕн (1 Паддзӕхты 18:3, 19, 20). Уырдӕм йӕ рӕсугъд бӕхуӕрдоныл ӕрбацыд паддзах Ахав дӕр. Ӕмӕ уый дӕр Илиамӕ хуыздӕр цӕстӕй нӕ каст.

Уыцы бон Йегъовӕйы пехуымпар йӕхи цӕстӕй хъуамӕ федтаид стыр диссӕгтӕ. Хъуамӕ уыдаид, дунейыл чи никуыма уыд, ахӕм стыр тох – тох хорздзинад ӕмӕ фыддзинады ’хсӕн. Цымӕ Илиа цы хъуыды кодта? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тӕрсгӕ дӕр кодтаид, уымӕн ӕмӕ уый дӕр «мах хуызӕн адӕймаг уыд» (Иаковы 5:17). Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕрӕг у: Илиайы алыварс лӕууыдысты, ӕцӕг Хуыцауы чи ныууагъта, уыцы адӕм, сӕ паддзах дӕр уыд ахӕм, стӕй ӕгъатыр сауджынтӕ дӕр, ӕмӕ Илиа йӕхимӕ ныры хуызӕн иунӕг никуы фӕкаст (1 Паддзӕхты 18:22).

Цымӕ Израилы адӕм ахӕм уавӕрмӕ цӕмӕн ӕрцыдысты? Ӕмӕ уыцы хабар абон дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у? Библи нын дзуры, цӕмӕй Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хуыздӕр базонӕм ӕмӕ сын «сӕ уырнындзинад фӕзмӕм» (Дзуттӕгтӕм 13:7). Уӕдӕ ныр ӕркӕсӕм Илиайы хабармӕ.

Рагӕй чи цыди, уыцы тох фӕкарздӕр

Илиа цард-цӕрӕнбонты уыдта, йӕ адӕм, хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, ууыл сӕ къух кӕй систой ӕмӕ йӕ сӕ къӕхты бын кӕй ссӕндынц, ӕмӕ ууыл йӕ зӕрдӕ рысти. Израилы рагӕй цыди тох раст дин ӕмӕ мӕнг дины ’хсӕн. Тох уыди уый мидӕг, ӕмӕ адӕм куывтой Йегъовӕ Хуыцауӕн дӕр ӕмӕ, Израилы алыварс цы адӕмтӕ царди, уыдоны мӕнгхуыцӕуттӕн дӕр. Ӕмӕ Илиайы рӕстӕджы уыцы тох фӕкарздӕр.

Паддзах Ахав ракуырдта Сидоны паддзахы чызг Йезавелы. Йезавел сфӕнд кодта афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Израилы адӕм иууылдӕр Ваалӕн кувын райдыдтаиккой, Йегъовӕйӕн кӕй куывтой, уымӕн та йӕ кой дӕр хъуамӕ мауал уыдаид. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Ахав дӕр йӕ усы зондыл ацыд. Уый Ваалы номыл сарӕзта кувӕндон ӕмӕ нывондхӕссӕн, ӕмӕ уыцы мӕнгхуыцауӕн ӕппӕты фыццаг уый райдыдта кувын. Афтӕмӕй Ахав Йегъовӕйы зӕрдӕйы маст уагъта (1 Паддзӕхты 16:30–33) *.

Адӕм Ваалӕн кӕй куывтой, уый ӕвзӕр цӕмӕн уыд? Уый тыххӕй Израилы бирӕтӕ ныууагътой ӕцӕг Хуыцауы. Стӕй, Ваалӕн чи куывта, уыдон кодтой ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕгъатыр митӕ. Йӕ кувӕндӕтты царди хӕтаг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, адӕм-иу дзы кодтой алы хӕлд, сӕфт митӕ, суанг ма сывӕллӕтты дӕр нывондӕн хастой. Йегъовӕ уыдӕттӕм ӕнцад нӕ каст, ӕмӕ Илиайы Ахавмӕ арвыста, зӕгъгӕ, скӕндзӕн хус рӕстӕг ӕмӕ фӕуыдзӕн, Хуыцауы пехуымпар куы зӕгъа, уӕд (1 Паддзӕхты 17:1). Уымӕй рацыд цалдӕр азы, ӕмӕ Илиа ногӕй Ахавмӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй адӕмы ӕмӕ Ваалы пехуымпарты Кармилы хохыл ӕрӕмбырд кодтаид.

Уыцы тох абон махӕн цӕуыл дзурӕг у? Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ ма ныр Ваалы тыххӕй цы дзурӕм, кувӕндӕттӕ ӕмӕ йын нывондхӕссӕнтӕ дӕр никуыуал и. Фӕлӕ уыцы хабар ӕрмӕст истори нӕу (Ромӕгтӕм 15:4). Дзырд «Ваал» нысан кӕны «хицау». Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн дзырдта, уый кӕй хъуамӕ уа сӕ «сӕрыхицау», кӕнӕ «ваал» (Исай 54:5). Абон дӕр адӕм Иунӕг Стыр Хуыцауӕн нӕ кувынц, фӕлӕ ӕндӕр «хицӕуттӕн». Адӕймагӕн йӕ царды сӕйрагдӕр куы уа ӕхца бакусын, ахуыр ӕмӕ куыст, ирхӕфсӕнтӕ, искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ адӕм цы ӕнӕнымӕц хуыцӕуттӕн кувынц, уыдонӕн куы кува, уӕд ын уыдӕттӕ сты «хицӕуттӕ» (Матфейы 6:24; Ромӕгтӕм 6:16). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Ваалӕн кувӕг адӕм цы митӕ кодтой, ахӕм митӕ кӕнынц абон дӕр. Ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Йегъовӕ ӕмӕ Ваалы ’хсӕн цы тох уыди, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕни раст аскъуыддзаг кӕнын, кӕмӕн кувдзыстӕм, уый.

«Дыууӕ къахӕй къуылых» – куыд?

Кармилы хохмӕ бӕрзонд куы схизай, уӕд дзы Израил хорз зыны – бынӕй Киссоны цӕугӕдонӕй Стыр (Зӕххастӕу) денджызы онг ӕмӕ дард цӕгатырдыгӕй та – Ливаны хӕхтӕ *. Фӕлӕ уыцы бон хур куы скаст, уӕд, бӕстӕ цы уавӕры уыд, уымӕй зӕрдӕ бамӕгуыр. Уыцы зӕхх кӕддӕр уыди тынг хъӕздыг ӕмӕ донӕй ӕфсӕст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ радта Авраамы байзӕддӕгтӕн. Ныр та йӕ судзгӕ хур басыгъта. Ахӕм уавӕрмӕ ӕрцыд, Хуыцауы адӕм афтӕ ӕнӕзонд кӕй разындысты, уый тыххӕй! Ӕмӕ адӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сӕм Илиа бацыд ӕмӕ сын загъта: «Дыууӕ къахӕй къуылых кӕдмӕ уыдзыстут? Кӕд Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау, уӕд цӕут уый фӕдыл, кӕд Ваал у, уӕд та Ваалы фӕдыл цӕут» (1 Паддзӕхты 18:21).

Илиа афтӕ цӕмӕн загъта, «дыууӕ къахӕй къуылых кӕдмӕ уыдзыстут», зӕгъгӕ? Уыцы адӕм не ’мбӕрстой иу хъуыддаг: кӕнӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕн кувой, кӕнӕ та – Ваалӕн. Уыдон афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, ӕмӕ сӕ бон у дыууӕтӕн дӕр кувын: се ’лгъаг ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, Ваалы зӕрдӕ дӕр арын ӕмӕ ма Йегъовӕйы хорзӕх дӕр агурын. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой, ӕмӕ сын Ваал сӕ хуымтӕн ӕмӕ сӕ фосӕн арфӕ кӕндзӕн, «уӕларвон ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» та сӕ хӕсты хъахъхъӕндзӕн (1 Самуилы 17:45). Фӕлӕ сӕ иу ахсджиаг хъуыддаг ферох, ӕмӕ йӕ абон дӕр бирӕтӕ не ’мбарынц: Йегъовӕйы нӕ хъӕуы, адӕймаг ма уымӕй уӕлдай ӕндӕр хуыцӕуттӕн кува, ахӕм лӕггад. Хуыцау домы, стӕй уый аккаг дӕр у, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ ма ӕндӕр искӕмӕн кӕнӕ истӕмӕн куы фӕкувынц, уӕд уый Йегъовӕмӕ кӕсы тынг ӕвзӕр, ӕнад ын у! (Рацыд 20:5).

Уыцы израилӕгтӕ цыдысты къуылых-къуылых, уыдысты, уыцы иу рӕстӕг дыууӕ фӕндагыл цӕуыныл чи архайы, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Абон дӕр бирӕтыл ахӕм рӕдыд ӕрцӕуы: ӕндӕр «ваалтӕ» сӕ царды бацахсынц фыццаг бынат, Хуыцау та сӕ ферох вӕййы! Уӕдӕ, Илиа израилӕгтӕн комкоммӕ цы загъта, къуылых-къуылых мауал цӕут, зӕгъгӕ, уый махӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕм, царды нын сӕйрагдӕр цы у ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кувӕм, ууыл.

Фӕлварӕн – чи у ӕцӕг Хуыцау?

Уый фӕстӕ Илиа загъта, фӕлварӕн скӕнӕм, зӕгъгӕ. Уыцы фӕлварӕны зынӕй ӕппындӕр ницы уыди. Ваалы дзуарылӕгтӕ хъуамӕ сарӕзтаиккой нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл нывонд ӕрӕвӕрдтаиккой. Стӕй хъуамӕ сӕ хуыцаумӕ скуывтаиккой, цӕмӕй сын сӕ нывондхӕссӕныл арт ссыгътаид. Илиа дӕр хъуамӕ афтӕ бакодтаид. Илиа сын загъта: «Зынг кӕмӕй ӕрцӕуа, уыцы Хуыцау у ӕцӕг Хуыцау». Илиа хорз зыдта, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый. Ӕмӕ йӕ уырнындзинад афтӕ фидар уыд, ӕмӕ Ваалы пехуымпартӕн бар радта, цӕмӕй фыццаг уыдон райдыдтаиккой. Илиа сын фадат радта, цӕмӕй, сӕхицӕн ӕнцондӕр куыд уыдаид, афтӕ бакодтаиккой: загъта сын, цӕмӕй нывондӕн гал равзарой ӕмӕ Ваалмӕ скувой * (1 Паддзӕхты 18:24, 25).

Абон Йегъовӕ диссӕгтӕ не ’вдисы. Фӕлӕ ивгӕ нӕ фӕкодта, раджы заманты цавӕр уыд, абон дӕр ахӕм у. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ Илиайау Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ разы не сты, Библи цы дзуры, уыимӕ. Ӕмӕ сӕ искӕй исты зӕгъын куы фӕнда, уӕд тӕрсын нӕ хъӕуы, уадз ӕмӕ сӕ хъуыды зӕгъой. Мах дӕр Илиайау алцы ӕцӕг Хуыцауы бар бакӕнӕм, ӕмӕ уый хъуыддаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ сараздзӕн. Мах нӕ ныфс нӕхиуыл нӕ дарӕм, фӕлӕ Хуыцауы Ныхасыл, уымӕн ӕмӕ йӕ Ныхас у «хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16).

Ваалы пехуымпартӕ сӕ нывонд нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ райдыдтой сӕ хуыцаумӕ кувын. «Ваал, фехъус нӕ!» – хъӕр кодтой уыдон. Рацыд цалдӕр минуты, стӕй цалдӕр сахаты, фӕлӕ сӕм «нӕ дзурӕг уыд, нӕ дзуапп дӕттӕг». Сихорӕй сӕ Илиа хынджылӕг кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, Ваалы, ӕвӕццӕгӕн, ныртӕккӕ не ’вдӕлы сымахӕн дзуапп раттынмӕ, кӕнӕ та йӕхи хъуыдыйӕ уазӕгдонмӕ ауад, науӕд та ӕрфынӕй ӕмӕ йӕ райхъал кӕнын хъӕуы. «Уӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнут»,– дзырдта Илиа уыцы цӕстфӕлдахджытӕн. Илиа хорз зыдта, Ваалӕн чи кувы, уый йӕхицӕй кӕй хынджылӕг кӕны ӕмӕ ӕнӕзонд ми кӕй кӕны, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ Хуыцауы адӕм дӕр бамбӕрстаиккой (1 Паддзӕхты 18:26, 27).

Уӕд Ваалы дзуарылӕгтӕ бынтондӕр сӕрра сты ӕмӕ райдыдтой «сӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кӕнын, ӕмӕ се ’гъдаумӕ гӕсгӕ сӕхи хъаматӕй лыгтӕ кодтой ӕмӕ ӕрцытӕй хуынчъытӕ кодтой, цалынмӕ сӕ туг нӕ ракалд, уӕдмӕ». Фӕлӕ ӕппӕт дӕр уыди дзӕгъӕлы! «Нӕ сӕм дзурӕг уыд, нӕ сын дзуапп дӕттӕг уыди, нӕ сӕ хъусӕг уыд» (1 Паддзӕхты 18:28, 29). Ваал кӕй хуыдтой, ахӕм хуыцау уӕвгӕ дӕр нӕ уыд. Уыцы хуыцауы ӕрхъуыды кодта Хӕйрӕг, цӕмӕй адӕмы Йегъовӕйӕ аздӕхтаид. Уӕд куыд уыди, афтӕ у абон дӕр – адӕймагӕн Йегъовӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр исчи куы суа йӕ хицау, уӕд фӕфыдӕнхъӕл уыдзӕн, суанг ма худинаг дӕр фӕуыдзӕн (Псалом 25:3; 115:4–8).

Хуыцау радта дзуапп

Изӕрырдӕм ралӕууыд Илиайы рад. Илиа фӕстӕмӕ сарӕзта Йегъовӕйы нывондхӕссӕн, сыгъдӕг дины знӕгтӕ кӕй ныппырх кодтой, уый. Аразгӕ та йӕ скодта дыууадӕс дурӕй. Уымӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, Израилы дӕсмыггаг паддзахады чи цард, уыдоны зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Хуыцау дыууадӕс мыггагӕн цы Закъон радта, уый сӕ ныр дӕр ма ӕххӕст кӕнын кӕй хъуыди. Уый фӕстӕ Илиа нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрдта нывонд ӕмӕ сыл дон ныккалын кодта (дон, ӕвӕццӕгӕн, ӕрбахастой, хӕстӕг сӕм цы Зӕххастӕу денджыз уыди, уырдыгӕй). Нывондхӕссӕны алыварс ма къанау дӕр скъахын кодта, ӕмӕ уый дӕр донӕй байдзаг кодта. Кӕд Илиа Ваалы пехуымпартӕн фадат радта, цӕмӕй, ӕнцондӕр сын куыд уыдаид, афтӕ бакодтаиккой, уӕд Йегъовӕйӕн та йӕ хӕс ноджы фӕзындӕр кодта – афтӕ фидарӕй дардта йӕ зӕрдӕ йӕ Хуыцауыл (1 Паддзӕхты 18:30–35).

Ӕппӕт дӕр цӕттӕ куы уыд, уӕд Илиа Хуыцаумӕ скуывта. Йӕ ныхӕстӕ уыдысты хуымӕтӕг ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ бӕрӕг уыди, царды йын сӕйрагдӕр цы у, уый. Фыццаджыдӕр ӕй фӕндыд, цӕмӕй иууылдӕр бамбӕрстаиккой, «Израилы Хуыцау» цавӕрдӕр Ваал кӕй нӕу, фӕлӕ Йегъовӕ. Фӕндыди ма йӕ, цӕмӕй иууылдӕр базыдтаиккой, йӕхӕдӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй уыди, ӕмӕ кад ӕмӕ намыс ӕрмӕстдӕр Йегъовӕмӕ кӕй ӕмбӕлы. Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, йӕ адӕмыл кӕй тыхсы – фӕндыди йӕ, цӕмӕй сын Йегъовӕ «сӕ зӕрдӕтӕ йӕхирдӕм» раздӕхтаид (1 Паддзӕхты 18:36, 37). Хуыцауы кӕй ныууагътой, уый кӕд бирӕ фыдбылызтӕ ӕрхаста, уӕддӕр сӕ Илиа уарзта. Махӕн дӕр нӕ куывдтытӕй бӕрӕг вӕййы, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы ном скадджын уа ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй стӕм? Бӕрӕг вӕййы, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоныл нӕ зӕрдӕ кӕй риссы?

Илиа куы нӕма скуывта, уӕд ма, ӕвӕццӕгӕн, адӕм хъуыдытӕ кодтой, зӕгъгӕ, цымӕ Йегъовӕ дӕр Ваалы хуызӕн мӕнгхуыцау разындзӕн. Фӕлӕ сӕ уый фӕстӕ хъуыды кӕнын дӕр нал бахъуыд. Библийы фыст ис: «Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йегъовӕйӕ зынг ӕрцыд ӕмӕ аныхъуырдта судзинаг нывонд, сугтӕ, дуртӕ, рыг ӕмӕ, къанауы цы дон уыд, уый» (1 Паддзӕхты 18:38). Уый уыд стыр диссаг! Фӕлӕ цымӕ адӕм та куыд кодтой?

Иууылдӕр хъӕр кӕнын райдыдтой: «Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау! Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау!» (1 Паддзӕхты 18:39). Кӕдӕй-уӕдӕй йӕ бамбӕрстой! Фӕлӕ уый нырма уырнындзинадыл дзурӕг нӕ уыд. Куыннӕ хъуамӕ загътаиккой, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау у, зӕгъгӕ, кӕд ӕмӕ федтой, Илиайы куывды фӕстӕ уӕларвӕй зынг куыд ӕрцыд, уый. Фӕлӕ уый стыр уырнындзинад схонӕн нӕ уыд. Ӕмӕ сын уӕд Илиа загъта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй равдыстаиккой. Хъуамӕ бакодтаиккой, бирӕ азты размӕ дӕр сын цы ’мбӕлди бакӕнын, уый – хъуамӕ Йегъовӕйы Закъон сӕххӕст кодтаиккой. Уыцы Закъонмӕ гӕсгӕ та мӕнг пехуымпарты ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы хъуыди марын (Дыккаг закъон 13:5–9). Ваалы дзуарылӕгтӕ уыдысты Йегъовӕйы знӕгтӕ. Уыдон цыдысты йӕ фӕндты ныхмӕ. Фӕтӕригъӕд кӕнӕн сын уыди? Ӕмӕ сӕхӕдӕг Ваалы нывондхӕссӕнтыл удӕгасӕй цы сывӕллӕтты сыгътой, уыдонӕн-иу фӕтӕригъӕд кодтой? (Ӕмбисӕндтӕ 21:13; Йереми 19:5). Уыцы адӕймӕгтӕн цӕй тӕригъӕд кӕнӕн уыди! Ӕмӕ Илиа дӕр бардзырд радта, цӕмӕй сӕ ныццагътаиккой. Ӕмӕ дзы иуы дӕр нал ныууагътой (1 Паддзӕхты 18:40).

Кармилы хохыл уыцы фӕлварӕн цӕуыл ахицӕн, уый иуӕй-иу ахуыргӕндты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Уыдон тӕрсынц, дингӕнӕг фанатиктӕ куы змӕнтой кӕнӕ ӕндӕр динты ныхмӕ куы цӕуой, зӕгъгӕ, Библийы дӕр афтӕ фыст ис. Хъыгагӕн, абон тынг бирӕ ис, дины номӕй фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, ахӕм адӕм. Фӕлӕ Илиа фанатик нӕ уыд. Уый архайдта Йегъовӕйы номӕй ӕмӕ йын сӕххӕст кодта йӕ раст тӕрхон. Стӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ зонынц, сӕ бон кӕй нӕу Илиайау сӕ къухмӕ хъаматӕ райсын ӕмӕ фыдгӕнджыты цӕгъдын. Мессийӕ зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты ӕххӕст кӕнын хъӕуы, Йесо Петрӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ хъама йӕ къухмӕ чидӕриддӕр райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн» (Матфейы 26:52). Фидӕны та Йегъовӕ йӕ тӕрхӕттӕ ӕххӕст кӕндзӕн йӕ Фырты уылты.

Ӕцӕг чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр йӕ уырнындзинад хъуамӕ бӕрӕг уа йӕ цардӕй (Иоанны 3:16). Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ бон у Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фӕзмын, зӕгъӕм, Илиайы. Илиа куывта ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ адӕмы дӕр уымӕ разӕнгард кодта. Уый ныфсджынӕй хурмӕ хаста, адӕмы Йегъовӕйӕ акӕныны тыххӕй Хӕйрӕг цы дин ӕрхъуыды кодта, уымӕн йӕ мӕнг хъуыддӕгтӕ. Илиа йӕ ныфс йӕхи хъарутыл ӕмӕ йӕхи зондыл нӕ дардта, фӕлӕ Йегъовӕйыл. О, Илиа фидар хӕцыд раст дины фарс. Цӕй уӕдӕ йын мах дӕр йӕ уырнындзинад бафӕзмӕм!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 9 абз. Илиа ӕмӕ Ахавы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 1992 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй (уыр.), статьяйӕ, «Дӕуӕн дӕр дӕ уырнындзинад Илиайы уырнындзинады хуызӕн у?», зӕгъгӕ.

^ 13 абз. Кармилы хохыл зайы бирӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ вӕййы цъӕх-цъӕхид. Денджызӕй йӕм дымгӕтӕ ӕрбахӕссынц мигътӕ, ӕмӕ дзы арӕх фӕуары къӕвда ӕмӕ вӕййы ӕртӕхӕй ӕфсӕст. Адӕммӕ афтӕ кӕй каст, ӕмӕ къӕвдатӕ Ваал дӕтты, уымӕ гӕсгӕ йын ацы хохыл дӕр куывтой. Ӕмӕ ныр хурсыгъд Кармилы хохыл ӕппӕты хуыздӕр уыди равдисӕн, Ваал мӕнгхуыцау кӕй у, уый.

^ 17 абз. Илиа ма сын загъта, цӕмӕй нывонды бынмӕ арт ма скодтаиккой. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон-иу хатгай сӕ нывондхӕссӕнты бын скодтой сусӕг бынӕттӕ, цӕмӕй-иу афтӕ зындаид, цыма дзы арт сӕ хуыцау ссудзы.

[Хицӕнгонд текст 20 фарсыл]

Адӕймагӕн Йегъовӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр исчи куы суа йӕ хицау, уӕд фӕфыдӕнхъӕл уыдзӕн

[Ныв 21 фарсыл]

«Йегъовӕ у ӕцӕг Хуыцау!»