Ӕз ссардтон удӕнцой
Радзырдта йӕ Еусебио Морсильо
Мӕ кӕстӕр хо Мариви бадти ахӕстоны. Ӕз ӕм ӕрбацыдтӕн, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ райстаид донаргъуыд. Ахӕстоны чи бадти, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕмӕ ахӕстоны кусджытӕ кастысты, аргъуыд куыд дӕттын, уымӕ. Уый уыд 1993 азы сентябры. Фӕнды мӕ радзурын, гыццылтӕ куы уыдыстӕм, уӕд куыд цардыстӕм ӕмӕ мӕ хо ахӕстонмӕ цӕмӕн бахауд, уый тыххӕй.
ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1954 азы 5 майы Испанийы. Аст сывӕллонӕй уыдтӕн хистӕр, Мариви та – ӕртыккаг. Нӕ мадымад нӕ хъомыл кодта католиктӕй. Мӕ мадымадимӕ-иу куы уыдтӕн, уыцы рӕстӕг ӕрымысын мын тынг ӕхсызгон вӕййы – уӕд ӕз уарзтон Хуыцауы. Фӕлӕ нӕхимӕ та уавӕр ӕндӕрхуызон уыд. Нӕ фыд-иу фӕнадта нӕ мады дӕр ӕмӕ мах дӕр. Нӕ цард ӕрвыстам тӕрсгӕ-ризгӕйӕ, ӕмӕ-иу мӕ мады хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ мӕ зӕрдӕ фӕцӕйтыдта.
Скъолайы дӕр уавӕр хуыздӕр нӕ уыд. Нӕ ахуыргӕнджытӕй иу уыд сауджын. Раст дзуапп-иу чи нӕ радта, уымӕн-иу йӕ сӕр къулыл фӕхоста. Иннӕ сауджын та-иу сывӕллӕттӕн ӕвзӕр, чъизи митӕ кодта, сӕ уроктӕм-иу сын куы каст, уӕд. Уымӕй уӕлдай, католикты ахуырӕдтӕ, зӕгъӕм, зындон кӕй ис, мӕ бон бамбарын нӕ уыд ӕмӕ-иу мӕ стыр тас уагътой. Сындӕггай мӕ Хуыцау рох кӕнын райдыдта.
Ницӕйаг цард
Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ куыд цӕуы, уыдӕттӕн кӕй ницы зыдтон, уымӕ гӕсгӕ мӕ рӕстӕг ӕрвитын райдыдтон дискотекӕты, хӕлд ӕмӕ хылгӕнаг адӕмимӕ. Хылтӕ-иу дзы арӕх рауад. Кӕрӕдзимӕ-иу кӕрдтӕ дӕр систой. Рӕхыстӕй, авджы цъӕлтӕй ӕмӕ-иу бандӕттӕй кӕрӕдзи ныппырх кодтой. Кӕд мӕхӕдӕг хылкъахӕг нӕ уыдтӕн, уӕддӕр мӕ иухатт афтӕ тынг ныццавтой, ӕмӕ иуцасдӕр мӕхимӕ нал ӕрцыдтӕн.
Ӕппынфӕстаг уыдӕттӕй бафӕлладтӕн ӕмӕ цӕуын райдыдтон, сабырдӕр кӕм уыд, ахӕм дискотекӕтӕм. Фӕлӕ-иу уым дӕр наркотиктӕ уыд парахатӕй. Удӕнцой ӕмӕ сабырдзинад ӕрхӕссыны бӕсты-иу мын
наркотиктӕ мӕ сӕрызонд сдзӕгъӕлтӕ кодтой ӕмӕ-иу мӕ цыдӕр тас бацыд.Кӕд мӕ цардӕй райгонд нӕ уыдтӕн, уӕддӕр мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Хосе-Луисы ӕмӕ ме ’мбал Мигелы дӕр, мӕхӕдӕг цы митӕ кодтон, ахӕм митыл бафтыдтон. Уыцы рӕстӕг Испанийы фӕсивӕдӕй бирӕты йӕ фӕдыл акодта ацы хӕлд дуне. Наркотикты тыххӕй мӕ бон уыди цыфӕнды дӕр бакӕнын – худинаг мӕм ницыуал каст.
Йегъовӕ мӕ фервӕзын кодта
Уыцы рӕстӕг-иу ме ’мбӕлттимӕ арӕх ныхас кодтон Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, цӕмӕн цӕрӕм, уый тыххӕй. Фӕндыд мӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Ме ’мкусджытӕй иу, Франсиско, зӕгъгӕ, иннӕтӕй тынг хицӕн кодта. Уыдис хъӕлдзӕг, хӕларзӕрдӕ, дзӕбӕх адӕймаг, ӕмӕ мӕ бафӕндыд мӕ зӕрдӕ йын раргом кӕнын. Франсиско уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ мын радта журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» наркотикты тыххӕй.
Уыцы статья куы бакастӕн, уӕд Хуыцаумӕ скуывтон: «О Хуыцау, ӕз ӕй зонын, кӕмдӕр дӕ, уый. Фӕнды мӕ, чи дӕ, уый базонон ӕмӕ дын дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнон. Курын дӕ, баххуыс мын кӕн!» Франсиско ӕмӕ мӕ иннӕ Ӕвдисӕнтӕ фидар кодтой Библийы ныхӕстӕй ӕмӕ мын афтӕмӕй ӕххуыс кодтой. Стӕй-иу мын журналтӕ дӕр радтой. Ӕз ӕй бамбӕрстон, Хуыцау мӕ кӕй фехъуыста ӕмӕ мын уыдоны уылты кӕй ӕххуыс кӕны. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ме ’мбӕлттӕн ӕмӕ Хосе-Луисӕн дзурын райдыдтон, цы базыдтон, уыдӕттӕ.
Иу бон ме ’мбӕлттимӕ уыдтӕн рок-концерты. Фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ сӕ мӕхи фӕхицӕн кодтон ӕмӕ сӕм фӕрсырдыгӕй бакастӕн. Уӕд ӕй бамбӕрстон, наркотиктӕ нӕ цы уавӕрмӕ ӕркодтой. Ӕмӕ уыцы бон мӕхицӕн загътон, уыцы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр кӕй ныууадздзынӕн ӕмӕ кӕй суыдзынӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.
Франсискойӕ ракуырдтон Библи. Уый мын радта Библи ӕмӕ чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад» *. Хуыцауы ныхӕстӕ куы бакастӕн, зӕгъгӕ, ныссӕрфдзынӕн адӕмы цӕссыгтӕ ӕмӕ мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн, уӕд нал дызӕрдыг кодтон, кӕй ссардтон, адӕмы чи сӕрибар кӕны, уыцы рӕстдзинад (Иоанны 8:32; Раргомад 21:4). Фӕстӕдӕр ацыдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ. Куыд зӕрдӕхӕлар мӕм уыдысты ӕмӕ мыл куыд тынг бацин кодтой, уый мӕ стыр дисы бафтыдта.
Ӕмбырд мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ мӕ бафӕндыд уый тыххӕй иннӕтӕн радзурын. Уайтагъд ссардтон Хосе-Луисы ӕмӕ ме ’мбӕлтты ӕмӕ сын алцыдӕр радзырдтон. Цалдӕр боны фӕстӕ иууылдӕр ацыдыстӕм ӕмбырдмӕ. Нӕ разӕй чи бадт, иу ахӕм чызг нӕм фӕстӕмӕ разылд ӕмӕ нӕм бакаст. Бӕрӕг уыди, кӕй фӕтарст даргъдзыккуджын лӕппутӕй, ӕмӕ нӕм уый фӕстӕ иу хатт дӕр нал ракаст. Куыннӕ бадис кодтаид, иннӕ къуыри нӕ ӕмбырды костюмты ӕмӕ галстукты куы федта, уӕд.
Уый фӕстӕ та Мигелимӕ ацыдыстӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгресмӕ. Нӕ царды ахӕм цыдӕр никуыма федтам – уыди дзы сывӕллӕттӕ, ӕрыгӕттӕ, ацӕргӕтӕ, ӕмӕ иууылдӕр кӕрӕдзимӕ кастысты ӕцӕг хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты цӕстӕй. Диссаг та ма уый уыд, ӕмӕ конгресс цы театры уыд, уым ӕрӕджы ме ’мбӕлттимӕ уыдтӕн рок-концерты. Фӕлӕ дзы ацы хатт цы федтам ӕмӕ дзы цы
музыкӕ уыди, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ циндзинадӕй байдзаг кодта.Ме ’мбӕлттимӕ райдыдтам Библи ахуыр кӕнын. Иу-аст мӕйы фӕстӕ, 1974 азы 26 июлы, ӕз ӕмӕ Мигель райстам донаргъуыд. Нӕ дыууӕйыл дӕр цыдис ссӕдзгай азтӕ. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ та ме ’ннӕ цыппар ӕмбалы райстой донаргъуыд. Библийӕ цы базыдтон, уый фӕрцы мӕ бафӕндыд мӕ фӕлмӕн мадӕн хӕдзары куыстытӕ кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Дзырдтон ын Хуыцауы тыххӕй дӕр. Уый руаджы тынг балымӕн стӕм. Стӕй фылдӕр рӕстӕг ӕрвыстон мӕ кӕстӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ дӕр, ӕмӕ уыдонӕн дӕр ӕххуыс кодтон.
Фӕстӕдӕр мӕ мад, мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ иууылдӕр, иуӕй фӕстӕмӕ, систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. 1977 азы мӕ цард баиу кодтон Соледадимӕ. Уый уыди, фыццаг хатт ӕмбырдмӕ куы ’рбацыдыстӕм, уӕд нӕ чи фӕтарст, уыцы чызг. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ нӕ дыууӕ дӕр райдыдтам пионертӕй лӕггад кӕнын (Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ хонынц, хорз хабар фылдӕр чи хъусын кӕны, уыдоны).
Мӕ хо слӕууыд раст фӕндагыл
Мӕ кӕстӕр хо Мариви ма гыццыл куы уыд, уӕд ын тыхми бакодтой, ӕмӕ йын уый йӕ зӕрдӕйы арф хъӕдгом ныууагъта. Ӕрыгонӕй бафтыд наркотиктыл, райдыдта давын ӕмӕ хӕтын. 23-аздзыдӕй йӕ ахӕстоны сбадын кодтой, фӕлӕ уым дӕр йӕ митӕ нӕ ныууагъта.
Уыцы рӕстӕг ӕз уыдтӕн районон цӕстдарӕг (Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ чи бабӕрӕг кӕны, ахӕм лӕггадгӕнӕг). 1989 азы нӕ Соледадимӕ арвыстой, Мариви ахӕстоны кӕм бадт, уыцы ранмӕ. Маривийӕн хицауад байста йӕ лӕппуйы. Уый тыххӕй йӕхимӕ ныхъхъуыста ӕмӕ йӕм цӕрын дӕр нал цыд. Иу бон ӕм куы уыдтӕн, уӕд ӕй бафарстон, зӕгъгӕ дӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иумӕ Библи ахуыр кӕнӕм. Ӕмӕ уый дӕр сразы. Ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уымӕй иу мӕйы фӕстӕ ныууагъта йӕ наркотиктӕ ӕмӕ йӕ тамако. Диссаг уыд, Йегъовӕйы ӕххуысӕй йӕ цард куыд ивта, уымӕ кӕсын (Дзуттӕгтӕм 4:12).
Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Мариви, цы базыдта, уый тыххӕй дзурын райдыдта, йемӕ ахӕстоны чи бадти, уыдонӕн, стӕй ахӕстоны кусджытӕн дӕр. Ӕндӕр ахӕстонмӕ-иу ӕй куы раивтой, уӕд та-иу уым дӕр хъусын кодта. Иу ахӕстоны та хъусын кодта камерӕйӕ камерӕмӕ. Афтӕмӕй цалдӕр азы мидӕг Мариви алыхуызон ахӕстӕтты бирӕтимӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын.
Иухатт мын Мариви загъта, кӕй йӕ фӕнды йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Фӕлӕ йӕ ахӕстонӕй нӕ рауагътой ӕмӕ ахӕстонмӕ дӕр никӕй бауагътой, цӕмӕй йын донаргъуыд раттаид. Мариви ма уыцы ахӕстоны хӕлд адӕмы ’хсӕн фӕци ноджыдӕр цыппар азы. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уыдаид? Ӕмбырдтӕ-иу цы афон уыдысты, уыцы афон-иу уый дӕр ахуыр кодта, ӕмбырды цы ахуыр кодтой, уый. Уымӕй уӕлдай ма йӕхӕдӕг дӕр ахуыр кодта Библи ӕмӕ Хуыцаумӕ куывта.
Цасдӕры фӕстӕ Маривийы раивтой, карздӕр закъӕттӕ кӕм уыд, ахӕм ахӕстонмӕ. Уыцы ахӕстоны уыдис бассейн, ӕмӕ Мариви ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, кӕд ныр мӕ бон суаид донаргъуыд райсын. Ӕмӕ йын ӕцӕгдӕр радтой ахӕм бар. Афтӕмӕй мын фадат фӕцис, цӕмӕй мӕ хойӕн донаргъуыды размӕ раныхас бакастаин. Афтӕмӕй йӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр рӕстӕг уыдтӕн йӕ фарсмӕ.
Мариви раздӕр куыд царди, уый йӕ хорзмӕ не ’ркодта – ссардтой йӕм СПИД. Ахӕстоны йӕхи хорз кӕй дардта, уый тыххӕй йӕ 1994 азы мартъийы раздӕр суӕгъд кодтой. Куы йӕ рауагътой, уӕд цард нӕ мадимӕ, ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар уыд суанг йӕ мӕлӕты онг. Мариви амарди дыууӕ азы фӕстӕ.
Тох кӕнын ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ
Мӕ раздӕры цард мын мӕхицӕн дӕр ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Мӕ фыд мӕ кӕй ӕфхӕрдта, стӕй куыд цардтӕн, уый дӕр мыл тынг фӕзынди. Арӕх-иу мӕ раздӕры миты тыххӕй мӕхи фӕсмонӕй хордтон, мӕхимӕ-иу ницӕйаг кастӕн. Хатт-иу мӕхимӕ тынг ныхъхъуыстон. Фӕлӕ мын Хуыцауы Ныхас лӕвӕрдта хъару, цӕмӕй уыцы ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ тох кодтаин. Бирӕ азты дӕргъы-иу арӕх хъуыды кодтон Библийы стихтыл, зӕгъӕм, Исай 1:18 ӕмӕ Псалом 103:8–13, ӕмӕ-иу мын уый фӕрцы фенцондӕр ӕмӕ мӕхи афтӕ нал хордтон.
Хуыцаумӕ кӕй куывтон, уый дӕр мын тынг ӕххуыс кодта, мӕхимӕ ницӕйаг куы кастӕн, уӕд. Кувгӕйӕ-иу арӕх мӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты. Стыр ныфс мӕ бауадзынц, 1 Иоанны 3:19, 20 цы ныхӕстӕ ис, уыдон: «Уымӕй йӕ базондзыстӕм, мах ӕцӕгдзинадӕй кӕй стӕм. Ӕмӕ нӕ Хуыцау райгонд кӕй у, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, цыфӕнды хъуыддаджы тыххӕй ныл ма худа нӕ зӕрдӕ, уӕддӕр. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны».
Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕкувын, уый фӕрцы мӕхимӕ раздӕрау ницӕйаг нал кӕсын. Йегъовӕйы чи агуры, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Библи зӕрдӕ ӕвӕры: йӕ раздӕры митыл зӕрдӕбынӕй чи ӕрфӕсмон кӕны ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын чи райдайы, уыдоныл былысчъил нӕ кӕны (Псалом 51:17).
Ахӕм хъуыдытӕ мӕм куы фӕзыны, уӕд ахъуыды кӕнын хорз истӕуыл, зӕгъӕм, Филиппӕгтӕм 4:8 цӕуыл цӕуы дзырд, уыдӕттыл. Ӕз сахуыр кодтон 23-ӕм псалом ӕмӕ Чырыстийы зындгонд ныхӕстӕ, фыст сты Матфейы 5–7 сӕрты. Ӕмӕ мӕхимӕ куы ныхъхъусын, уӕд та уыцы стихтӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын. Уый мын уӕлдай тынгдӕр баххуыс кӕны, ӕхсӕвы мӕ хуыссӕг куы нӕ фӕахсы, уӕд.
Ноджыдӕр ма мын стыр ӕххуыс сты мӕ бинойнаг ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ. Раздӕр-иу мӕ куы ӕппӕлыдысты, уӕд-иу мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мын барӕй дзурынц ахӕм ныхӕстӕ. Фӕлӕ Библийы фӕрцы бамбӕрстон, уарзондзинад «алцӕуыл дӕр [кӕй] ӕууӕнды» (1 Коринфӕгтӕм 13:7). Стӕй, рӕстӕг куыд цыд, афтӕ сахуыр дӕн, цы лӕмӕгъдзинӕдтӕ мӕм ис, уыдонӕн быхсын.
Мӕ ныфс мын чи сӕтты, ахӕм хъуыдытимӕ кӕй тох кӕнын, уый ма мын пайда дӕр фӕци. Районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнгӕйӕ мын ӕнцондӕр у адӕмы ӕмбарын ӕмӕ сын сӕ рис мӕ зӕрдӕмӕ исын. Мӕ бинойнагимӕ ныр 30 азы бӕрц нӕ рӕстӕг дӕттӕм хорз хабар хъусын кӕнынӕн. Иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕнын, уый мын дӕтты стыр циндзинад. Ӕмӕ уый фӕрцы ме ’взӕр хъуыддӕгтӕ арӕх нал ӕрхъуыды кӕнын.
Мӕ цардмӕ фӕстӕмӕ куы акӕсын ӕмӕ куы ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ мӕ цы хорздзинӕдтӕй схайджын кодта, уыдоныл, уӕд мӕ фӕфӕнды Псалом 103:1–4 чи ныффыста, уыйау зӕгъын: «Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн... дӕ тӕригъӕдтӕ дын иууылдӕр чи хатыр кӕны, де ’ппӕт низтӕ дӕр дын чи дзӕбӕх кӕны, ингӕнӕй дӕ чи ирвӕзын кӕны ӕмӕ дыл ӕнувыд уарзт ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кадыхудау чи ныккӕны, уымӕн».
[Фиппаинаг]
^ 14 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ; ныр нал цӕуы.
[Хицӕнгонд текст 30 фарсыл]
Арӕх-иу мӕ раздӕры миты тыххӕй мӕхи фӕсмонӕй хордтон, мӕхимӕ-иу ницӕйаг кастӕн. Фӕлӕ мын Хуыцауы Ныхас лӕвӕрдта хъару, цӕмӕй уыцы ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ тох кодтаин
[Нывтӕ 27 фарсыл]
Хосе-Луис ӕмӕ мӕ Мигель бафӕзмыдтой ме ’взӕр ӕмӕ мӕ хорз хъуыддӕгтӕй
[Ныв 28, 29 фарсыл]
Нӕ бинонтӕ 1973 азы
[Ныв 29 фарсыл]
Мариви ахӕстоны
[Ныв 30 фарсыл]
Мӕ бинойнаг Соледадимӕ