Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

АЦЫ ФАРСТАЙӔН ДЗУАПП ЗОНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ? Адӕймаг фидӕнмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый фӕзыны, абон куыд цӕры, ууыл. Зӕгъӕм, сомбонӕй ныфс кӕмӕн нӕй, уыдон хъуыды кӕнынц: «Хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм» (1 Коринфӕгтӕм 15:32). Ахӕм зондахаст удӕнцой нӕ хӕссы, фӕлӕ ӕркӕны фырхӕрд, фыднуӕзт ӕмӕ мӕстытӕм.

Раст зӕгъгӕйӕ, фидӕн ӕрмӕст адӕймагӕй аразгӕ куы уаид, уӕд нын уый хорзӕй ницы ’рхӕссид. Уӕлдӕф, дон ӕмӕ зӕхх абоны хуызӕн чъизи никуы уыдысты. Тынг тӕссаг у ядерон хӕстӕй ӕмӕ террористты фыдракӕндтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Ӕгас дунейы дӕр миллиардтӕ низтӕ ӕмӕ мӕгуырдзинадӕй хъизӕмар кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр мах фидарӕй зонӕм, уавӕртӕ кӕй фӕхуыздӕр уыдзысты.

Адӕймагӕн йӕ бон нӕу, фидӕны цы уыдзӕн, уый зӕгъын. Йегъовӕ Хуыцау та йӕхи тыххӕй загъта: «Ӕз дзурын райдианӕй, фӕстагмӕ цы ’рцӕудзӕн, уый, ӕмӕ раджы замантӕй – цы нӕма ис, уый тыххӕй» (Исай 46:10). Фидӕны нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй Йегъовӕ цы зӕгъы?

Библи цы дзуры

Йегъовӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй зӕхх ӕмӕ адӕм фесӕфой. Библи дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцау, «зӕхх чи сафы, уыдоны фесафдзӕн» (Раргомад 11:18). Уӕларвон Паддзахады фӕрцы зӕхх ныссыгъдӕг кӕндзӕн фыддзинадӕй ӕмӕ, райдианы йӕ куыд фӕндыд, афтӕ дзӕнӕт суыдзӕн (Райдиан 1:26–31; 2:8, 9; Матфейы 6:9, 10). Библийы стихтӕ ӕвдисынц, тагъд цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый, ӕмӕ уыдон алы адӕймаджы цард дӕр кӕй фӕивдзысты:

Псалом 46:8, 9. «Ӕрцӕут, адӕм ӕмӕ фенут Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ, зӕххыл диссаджы хъуыддӕгтӕ куыд аразы. Зӕххыл хӕстытӕн кӕрон скодта, ныппырх кодта ӕрдын ӕмӕ арц асаста, уӕрдӕттӕ басыгъта артӕй».

Исай 35:5, 6. «Уӕд куырмыты цӕстытӕ байгом уыдзысты, ӕмӕ къуырматӕ хъусын райдайдзысты. Уӕд къуылых гӕппытӕ кӕндзӕн сагау ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг фырцинӕй зардзӕн. Ӕдзӕрӕг быдыры стондзысты суадӕттӕ, кӕм ницы зайы, уыцы быдыры – дӕттӕ».

Исай 65:21, 22. «Уыдон араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ дзы цӕрдзысты; садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Уыдон нӕ араздзысты, цӕмӕй дзы ӕндӕр исчи цӕра, ӕмӕ нӕ садздзысты, цӕмӕй сӕ ӕндӕр исчи хӕра».

Данел 2:44. «Уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕлдзӕн, ахӕм паддзахад. Ӕмӕ уыцы паддзахады бартӕ ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзысты. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн ӕппӕт уыцы паддзахӕдтӕ, йӕхӕдӕг та уыдзӕн ӕнустӕм».

Иоанны 5:28, 29. «Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон фехъусдзысты [Чырыстийы] хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты».

Раргомад 21:3, 4. «Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта».

Библи цы дзуры, уый нын ӕцӕг удӕнцой цӕмӕн хӕссы

Цы бакастыстӕм, ууыл, чи зоны, зын баууӕндӕн у. Фӕлӕ уыдӕттӕй зӕрдӕ ӕвӕры, адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау. Йегъовӕ Хуыцауӕн «йӕ бон сайын» нӕу (Титмӕ 1:2).

Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл куы баууӕндай ӕмӕ йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд цыфӕнды зын уавӕрты дӕр дӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн ӕмӕ ӕцӕг удӕнцой ссардзынӕ. Хӕстытӕ, мӕгуыр цард, низтӕ, ӕмӕ суанг зӕронд адӕймаг цы зындзинӕдтӕ ’взары кӕнӕ дӕм, мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдӕттӕй дын ӕппындӕр ницы байсдзӕн дӕ удӕнцой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ дӕ фидар ныфс уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахад уыцы зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн.

Цӕй фӕрцы дын уыдзӕн фидӕнӕй ахӕм ныфс? «Дӕ зонд [куы] ног кӕнай», уӕд «бамбардзынӕ, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:2). Базон, Библи зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл ӕууӕндӕн ис ӕви нӕ. Уыцы фӕдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕуыдзӕн. Царды дын ӕндӕр ницы хъуыддаг ӕрхӕсдзӕн ахӕм стыр удӕнцой.

[Нывтӕ 8, 9 фарсыл]

Хуыцауы Ныхас фидӕны тыххӕй цы дзуры?

Исай 35:5

Исай 35:6

Иоанны 5:28, 29