Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц

Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?

Адӕмы хъизӕмӕртты Хуыцау нӕу аххосджын. «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг бакӕна» (Иов 34:10). Уӕдӕ, цымӕ, чи у аххосджын?

Йесо Чырысти Сайтаны схуыдта «ацы дунейы хицау» (Иоанны 14:30). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Дунедарӕг Хуыцау у Йегъовӕ, ӕмӕ йӕ бартыл йӕ къух никуы сисдзӕн. Фӕлӕ рӕстӕгмӕ Хуыцау Хӕйрӕгӕн бар радта, цӕмӕй адӕмы хицау уа (1 Иоанны 5:19).

Хӕйрӕг цавӕр хицау разынд? Куыддӕр фыццаг адӕмимӕ сдзырдта, афтӕ сси марӕг ӕмӕ сайӕг. Ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй архайы, цӕмӕй адӕмӕн зиан хӕсса. Чырысти Хӕйрӕджы тыххӕй загъта: «Уый йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар, ӕмӕ ӕцӕгдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг ӕцӕгдзинад нӕй. Уый мӕнг куы фӕдзуры, уӕд фӕдзуры, цы у, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ уый у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44). Чырысти ма загъта, зӕгъгӕ, марынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдон сты фыццаг лӕгмары сывӕллӕттӕ. Йӕ зондахаст сӕм кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыдысты йӕ сывӕллӕттӕ. Иу ӕмбисонд зӕгъы: «Фырт йӕ фыдӕй хуыздӕр стӕм хатт вӕййы».

Абон дӕр Сайтаны фӕнды, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзи марой. Зӕгъӕм, Гавайы университеты (АИШ) кадджын профессор Р. Раммел куыд банымадта, афтӕмӕй 1900–1987 азты алы бӕстӕты хицауӕдтӕ аххосджын уыдысты 169 198 000 адӕмы мӕлӕты – чидӕртӕ дзы репрессийы бахауд, кӕйдӕрты та амардтой, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй уыдысты, уый тыххӕй, иннӕты та ӕндӕр ӕфсӕнтты тыххӕй. Ацы нымӕцмӕ хаст не сты, уыцы рӕстӕг хӕстыты цы дӕсгай милуантӕ фӕмард, уыдон.

Кӕд Хуыцау адӕмы хъизӕмӕртты аххосджын нӕу, уӕд сӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы? Уымӕн ӕмӕ раджы заман фӕзындысты ахсджиаг фарстатӕ, ӕмӕ сын хъуыд дзуапп раттын. Ӕркӕсӕм дзы иу фарстамӕ.

Адӕмы царды райдиан Адам ӕмӕ Евӕ Сайтаны коммӕ бакастысты. Хуыцау сӕ хицау уа, ууыл не сразы сты. Бафӕндыд сӕ, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн уыдаиккой хицӕуттӕ, фӕлӕ сын ӕцӕгӕй та Хӕйраг сси хицау (Райдиан 3:1–6; Раргомад 12:9).

Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ рӕстӕг рацыдаид, цӕмӕй сбӕрӕг уыдаид, адӕмӕн сӕхи бон кӕй нӕу ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын. Цы равдыста рӕстӕг? Адӕмы хицаудзинад хӕссы ӕрмӕстдӕр хъизӕмӕрттӕ. Фӕлӕ Хуыцау рӕстӕг кӕй радта, уый ӕппынфӕстаг адӕмӕн фӕпайда уыдзӕн. Куыд? Бӕлвырдгӕнӕнтӕ чи базоны ӕмӕ сыл чи хъуыды кӕны, уыдонӕн сӕ бон у хъуыддагӕй равдисын, сӕ хицау Хуыцау уа, уый сӕ кӕй фӕнды. Хуыцауы закъӕттӕ куы базоной ӕмӕ сӕ куы ’ххӕст кӕной, уӕд ӕнустӕм цӕрдзысты (Иоанны 17:3; 1 Иоанны 2:17).

Бӕрӕг у, абон дуне Хӕйрӕджы къухы кӕй ис. Фӕлӕ тагъд йӕ бартӕ ист ӕрцӕудзысты. Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бахӕс кӕндзӕн, цӕмӕй «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала» (1 Иоанны 3:8). Чырысти сӕххӕст кӕндзӕн Йегъовӕйы фӕндон – зӕрдӕрыст адӕмы ныфс бауадздзӕн, ӕмӕ сын сӕ зындзинӕдтӕ ферох кӕнын кӕндзӕн. Ӕнусты дӕргъы цы милуангай адӕм хъизӕмар кодта ӕмӕ амард, уыдоны райгас кӕндзӕн (Иоанны 11:25).

Хуыцау Чырыстийы кӕй райгас кодта, уымӕй Хӕйрӕджы хъуыддӕгтыл фӕуӕлахиз, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йӕ ног дунейы цӕрын кӕй фӕнды, уыдонмӕ цы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Хъуыддӕгтӕ 17:31). Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Библийы фыст ис: «Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн [адӕмимӕ]. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).