Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы хивӕнд дунейы сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнӕн куыд ис?

Ацы хивӕнд дунейы сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнӕн куыд ис?

ИСКУЫ федтай, сывӕллон бустӕ кӕнгӕ йӕхицӕн хъазӕн куыд ӕлхӕнын кӕны, уый? Кӕнӕ йӕ уынгмӕ ацӕуын фӕнды, фӕлӕ йӕ йӕ мад нӕ уадзы? Ахӕм уавӕрты ныййарджытӕ фӕхъуыды кӕнынц, сывӕллонӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, ууыл. Фӕлӕ арӕхдӕр ныййарджытӕ сывӕллоны ныхасыл сразы вӕййынц, куы фӕлӕгъстӕ кӕны кӕнӕ куы фӕтӕргӕйттӕ кӕны, уӕд.

Ныййарджытӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, хорз ныййарӕг хъуамӕ йӕ сывӕллоны фӕндоныл разы кӕна. Зӕгъӕм, Америкӕйы 12–17 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм сывӕллӕттӕй 750 бафарстой, сӕ ныййарджытӕ сӕ цыдӕр саразын куы нӕ фӕуадзынц, уӕд куыд бакӕнынц, уымӕй. 60 проценты бӕрц загътой, зӕгъгӕ, сын сӕ ныййарджытӕ «нӕ» куы фӕзӕгъынц, уӕддӕр сӕ цы фӕхъӕуы, уый сӕ фӕкурынц. 55 проценты загътой, афтӕмӕй сӕ фӕнд сӕ къухы кӕй бафты. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ ныййарджытӕ хъуыды кӕнынц, уымӕй сӕ уарзондзинад кӕй ӕвдисынц, фӕлӕ, цымӕ, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у?

Иу рагон ӕмбисонд зӕгъы: «Цагъары йӕ гыццылӕй буцахуыр куы скӕнай, уӕд стырӕй хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 29:21). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллон цагъар нӕу. Фӕлӕ ацы ныхӕсты цы хъуыды ис, уый сывӕллӕтты хъомыл кӕныны хъуыддагмӕ дӕр хауы. Ныййарджытӕ сывӕллоны алы фӕндыл куы разы кӕной, уӕд нӕ сахуыр уыдзӕн «хорздзинадӕн аргъ кӕнын», скъулбадӕг уыдзӕн ӕмӕ дзы хивӕнд адӕймаг рауайдзӕн.

Фӕлӕ Библи ныййарджытӕн уынаффӕ дӕтты: «Дӕ лӕппуйы йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Хорз ныййарджытӕ ацы ныхӕстӕм хъусынц ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕрӕвӕрынц бӕлвырд ӕгъдау, ӕмӕ нӕдӕр ӕгӕр карз, нӕдӕр ӕгӕр фӕлмӕн вӕййынц. Стӕй сӕ хъус фӕдарынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ архайой. Ахӕм ныййарджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты алы фӕнд дӕр куы ӕххӕст кӕной, уӕд сӕ уарзондзинад ӕвдисдзысты. Сӕ сывӕллоны хивӕнд митӕ, тӕргӕйттӕ ӕмӕ бустӕ кӕнын нӕ фӕуадзынц. Ныййарджытӕ разы сты Йесо Чырыстийы ныхӕстимӕ: «„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“» (Матфейы 5:37). Уӕдӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынмӕ цы хауы? Ӕркӕсӕм иу хорз цӕвиттонмӕ.

Сывӕллӕттӕ сты фатты хуызӕн

Библийы фыст ис, сывӕллӕтты ӕдзухдӕр ныййарджыты разамынд кӕй хъӕуы. Псалом 127:4, 5 ахӕм ныхӕстӕ ис: «Тыхджын адӕймаджы къухы фаттӕ куыд сты, афтӕ сты, адӕймагӕн ӕрыгонӕй цы фырттӕ райгуырд, уыдон дӕр. Амондджын у, йӕ фатдон сӕ чи байдзаг кодта, уыцы тыхджын адӕймаг». Ам Библи сывӕллӕтты абарста фаттимӕ, ныййарджыты та – тыхджын хӕстонимӕ. Фатӕйӕхсӕг зоны, йӕ фаттӕ нысанмӕ сӕхӕдӕг кӕй нӕ бахауынц. Ныййарджытӕ дӕр ӕмбарынц, сывӕллӕтты ӕнӕфыдӕбонӕй схъомыл кӕнӕн кӕй нӕй. Ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ бахауой «нысанмӕ», ома уой амондджын ӕмӕ сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа. Фӕнды сӕ, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ хӕссой раст уынаффӕтӕ, ӕмбаргӕ уой, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, сӕхи хизой зындзинӕдтӕй ӕмӕ сӕ къухы хорз хъуыддӕгтӕ ӕфта. Фӕлӕ сын уыдӕттӕ ӕрмӕст сӕ цӕст уарза, уый фаг нӕу.

Цы хъӕуы, цӕмӕй фат нысаныл сӕмбӕла? Фыццаг уал ӕй хъӕуы хорз бацӕттӕ кӕнын. Уый фӕстӕ йӕ хъӕуы бахъахъхъӕнын, цӕмӕй ма асӕтта, ӕмӕ йӕ стӕй комкоммӕ нысанмӕ саразын. Сывӕллӕтты дӕр хъӕуы цӕттӕ кӕнын, хъахъхъӕнын ӕмӕ раст фӕндагыл аразын, цӕмӕй царды мидӕг ӕнтыстджын уой. Уӕдӕ ӕркӕсӕм ацы ӕртӕ хъуыддагмӕ. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты сывӕллӕтты хорз хъомыл кӕнынӕн.

Сывӕллӕтты хорз бацӕттӕ кӕнут

Раджы заманты фаттӕ бӕстон цӕттӕ кодтой. Йӕ хъӕд ын-иу сарӕзтой фӕлмӕн хъӕдӕрмӕгӕй ӕмӕ-иу ӕй сраст кодтой. Йӕ фындз уыд цыргъ, йӕ кӕроныл та-иу ын бафидар кодтой пакъуытӕ, цӕмӕй раст тахтаид ӕмӕ йӕ нысаныл сӕмбӕлдаид.

Ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ уой ӕмраст фатты хуызӕн – ӕнаипп уой ӕмӕ раст фӕндагӕй ма адзӕгъӕл уой. Уӕдӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсынц, сӕ сывӕллӕттӕ исты ахсджиаг хъуыддаджы кӕй фӕрӕдийынц, уымӕ, фӕлӕ сын баххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ рӕдыд сраст кӕной. Алы сывӕллоныл дӕр бирӕ фыдӕбон хъӕуы, уымӕн ӕмӕ «ӕнӕзонддзинад арф бады лӕппуйы зӕрдӕйы» (Ӕмбисӕндтӕ 22:15). Библи ныййарджыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн зонд амоной (Ефесӕгтӕм 6:4). Зонд амонын ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй сывӕллоны зондахаст ӕмӕ удыхъӕд ива.

Уӕдӕ Библи дзӕгъӕлы нӕ дзуры: «Йӕ фыртмӕ уис чи нӕ исы, уый йӕ нӕ уарзы, чи йӕ уарзы, уый та йӕм йӕ хъус дары ӕмӕ йын зонд амоны» (Ӕмбисӕндтӕ 13:24). Ацы ран уис нысан кӕны алыхуызон мадзӕлттӕй зонд амонын. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн фӕлмӕнӕй куы ’ххуыс кӕной сӕ хъӕндзинӕдтӕ сраст кӕнынӕн, уӕд сӕ зӕрдӕйы уидаг нӕ ауадздзысты ӕмӕ куы сыстыр уой, уӕд стыр мӕстытӕй хызт уыдзысты. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куы нӕ амоной ӕмӕ сӕ куы нӕ раст кӕной, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ нӕ уарзынц.

Йӕ сывӕллоны чи уарзы, уыцы ныййарӕг йӕ хъӕбулӕн бамбарын кӕны, зонд ын цӕмӕн амоны, уый. Уӕдӕ зонд амонынмӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ сывӕллоны бафхӕрай кӕнӕ йын дзурай, афтӕ бакӕн, афтӕ та ма бакӕн. Уымӕй ахсджиагдӕр у, цӕмӕй йын ӕмбарын кӕнӕм, афтӕ йын цӕмӕн дзурӕм, уый. Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ фырт ӕххӕст кӕны закъон» (Ӕмбисӕндтӕ 28:7).

Фатӕйӕхсӕг фаты кӕрон цы пакъуытӕ бафидар кӕны, уыдоны фӕрцы фат ӕмраст атӕхы. Ахӕм пакъуыты хуызӕн сты, бинонты царды Бындурӕвӕрӕг цы амындтӕ дӕтты, уыдон дӕр. Сывӕллоны зӕрдӕйы куы ныффидар уой, уӕд ын ӕххуыс кӕндзысты цӕрӕнбонты, йӕ ныййарджытимӕ куы нал цӕра, уӕд дӕр (Ефесӕгтӕм 3:14, 15). Фӕлӕ ныййарджытӕн сӕ бон куыд у уыцы амындтӕ сӕ сывӕллоны зӕрдӕйы «ныффидар кӕнын»?

Хуыцау Моисейы рӕстӕджы ныййарджытӕн загъта: «Абон дын цы ныхӕстӕ фӕдзӕхсын, уыдон уӕнт дӕ зӕрдӕйы; ӕмӕ сӕ дӕ фырты зӕрдӕйы арф ӕвӕр» (Дыккаг закъон 6:6, 7). Уӕдӕ ныййарджыты хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы аразын. Фыццаг: хъуамӕ сӕхӕдӕг базоной ӕмӕ ӕххӕст кӕной Хуыцауы Ныхас, ома йын йӕ закъӕттӕ уарзой (Псалом 119:97). Уӕд сӕ бон уыдзӕн дыккаг хъуыддаг аразын – Хуыцауы закъӕттӕ сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕйы «арф ӕвӕрын». Ома сӕ бон уыдзӕн сӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнын, уыцы закъӕттӕ царды цы пайда сты, уый. Уый тыххӕй сӕ хъӕуы арӕхстджынӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ сын уыцы закъӕттӕ ӕппынӕдзух сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын.

Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцауы амындтӕ нӕ рӕстӕджы дӕр стыр пайда сты – ныййарджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн зонд амоной ӕмӕ сӕ раст кӕной. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй тӕхдзысты сӕ «фаттӕ» ӕмраст, ома сӕ сывӕллӕттӕ куы сыстыр уой, уӕд цӕттӕ уыдзысты царды фӕндагыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ цӕуынмӕ.

Уӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнут

Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Псалом 127:4, 5 цы цӕвиттон бакастыстӕм, уый. Фаттӕ-иу куы сарӕзтой, уӕд-иу семӕ хъуыди арӕхстгай архайын, цӕмӕй ма асастаиккой. Уый тыххӕй-иу сӕ хастой фатдоны. Зӕгъӕм, Библи Чырыстийы абарста, йӕ Фыд фатдоны кӕй бамбӕхста, ахӕм цыргъ фатимӕ (Исай 49:2). Йегъовӕ ӕппӕтӕй хуыздӕр Фыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ уарзон Фырт Йесо Чырыстийы йӕ мӕлӕты онг алцӕмӕй дӕр бахъахъхъӕдта. Ӕмӕ куы амард, уӕд дӕр ӕй бахъахъхъӕдта: ингӕны йӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ йӕ райгас кодта ӕмӕ йын уӕлӕрвты ӕнӕмӕлгӕ цард балӕвар кодта.

Хорз ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнынц ацы хӕлд дунейӕ. Чи зоны сын цыдӕр хъуыддӕгтӕ аразынӕн бар нӕ фӕдӕттынц, ӕвзӕрырдӕм сыл кӕй фӕзындзысты, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, ныййарджытӕй рох нӕу Библийы фӕдзӕхст: «Ма рӕдийут: ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнынц, Библи уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы дзуры, уымӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм ӕмгӕрттӕй. Афтӕмӕй сӕ, чи зоны, бахизой бирӕ рӕдыдтытӕй, суанг сӕ мӕлӕтмӕ чи ’ркӕна, ахӕм рӕдыдтытӕй дӕр.

Фылдӕр хатт сывӕллӕттӕ нӕ фӕаргъ кӕнынц, сӕ ныййарджытӕ сӕ фыдбылӕзӕй кӕй фӕхъахъхъӕнынц, уымӕн. Цыдӕр хъуыддӕгтӕн сын бар куы нӕ фӕдӕттынц, уӕд ма сӕ ныхмӕ дӕр свӕййынц. Сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй иу зындгонд фыссӕг загъта: «Кӕд сывӕллӕттӕ сӕхи афтӕ фӕдарынц, цыма нӕ аргъ кӕнынц, сӕ ныййарджытӕ сӕм сӕ хъус кӕй дарынц, уымӕн, уӕддӕр сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ хъахъхъӕной ӕмӕ сыл тыхсой. Уый ныййарджыты къухы бафтдзӕн, сӕ хӕстӕ зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕной ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн бӕлвырд куы амоной, сӕхи куыд дарой, уый».

Уӕ сывӕллӕтты ӕнӕхъуаджы мӕстытӕй ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй куы хъахъхъӕнат, ӕмӕ куы архайат, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уой, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ уарзут, уый. Куы сыстыр уой, уӕд бамбардзысты, зонд сын цӕмӕн амыдтат, уый ӕмӕ уӕ фыдӕбонӕн саргъ кӕндзысты.

Уӕ сывӕллӕтты раст фӕндагыл аразут

Уӕ хъус-ма ӕрдарут, Псалом 127:4, 5 ныййарӕджы «тыхджын адӕймагимӕ» кӕй бары. Мыййаг, ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ӕрмӕст фыдӕн у йӕ бон сывӕллоны хорз хъомыл кӕнын? Уый афтӕ нӕу. Ацы ныхӕстӕ хауынц фыдмӕ дӕр ӕмӕ мадмӕ дӕр, стӕй йӕ сывӕллоны иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, уыцы ныййарӕгмӕ дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Ныхӕстӕ, «тыхджын адӕймаг», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ фат фехсынӕн бирӕ хъарутӕ хъӕуы. Раджы заманты-иу ӕрдыныл бакодтой ӕрхуы, ӕмӕ-иу хӕстон лӕджы хъуыди ӕрдын къахӕй ӕрӕлхъивын, цӕмӕй-иу ыл ӕрдынбос бакодтаид ӕмӕ дзы фехстаид (Йереми 50:14, 29). Уӕдӕ бӕрӕг у, стыр тыхтӕ кӕй хъуыди, цӕмӕй фаттӕ сӕ нысаныл суадаиккой.

Сывӕллӕтты хъомыл кӕнынӕн дӕр бирӕ фыдӕбон хъӕуы. Фат йӕхӕдӕг нысанмӕ куыд нӕ бахауы, афтӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕнӕ ныййарджыты ’ххуысӕй хорз не схъомыл уыдзысты. Фӕлӕ абон бирӕ ныййарджытӕ уый не ’мбарынц ӕмӕ сын ӕнцондӕр куыд у, афтӕ архайынц. Сӕ сывӕллӕтты телевизоры, скъолайы ӕмӕ ӕмгӕртты бар бакӕнынц, цӕмӕй сын уыдон амоной, цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр, цы у ӕфсарм, стӕй нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый. «Нӕ» зӕгъын сӕм зын куы фӕкӕсы, уӕд сӕ фӕндоныл сразы вӕййынц. Стӕй сӕхи фӕрӕстытӕ кӕнынц, зӕгъгӕ мӕ йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнын нӕ фӕнды. Фӕлӕ сын афтӕмӕй та зиан йеддӕмӕ ницы хӕссынц.

Сывӕллӕтты хъомыл кӕныны фӕдыл Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын ӕнцон нӕу, фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Иу журналы фыст ис: «Цард куыд равдыста, афтӕмӕй фидар ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, фӕлӕ фӕлмӕнӕй цы сывӕллӕтты хъомыл кӕнынц, уыдон хорз фӕахуыр кӕнынц, иннӕтимӕ ныхас кӕнын сын ӕнцон вӕййы, сӕхицӕн фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ амондджындӕр вӕййынц. Тынг хицӕн кӕнынц, сӕхи бар кӕй ауадзынц кӕнӕ ӕгӕр карзӕй кӕй фӕхъомыл кӕнынц, ахӕм сывӕллӕттӕй» («Parents»).

Статьяйы райдианы ныхас кодтам Ӕмбисӕндты 22:6 фыццаг хайыл: «Дӕ лӕппуйы йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр». Ацы стихы дыккаг хайы та фыст ис: «Ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕд дӕр ӕй нӕ ныууадздзӕн». Ацы ныхӕстӕ, мыййаг, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ сывӕллӕттӕ ӕнӕмӕнгдӕр ныййарджыты фӕндиаг уыдзысты? Алы хатт уый къухы нӕ бафты. Уӕ сывӕллон куы сыстыр уа, уӕд ын бар уыдзӕн, йӕхи цы фӕнды, уый равзарынӕн. Фӕлӕ уӕддӕр ацы ныхӕстӕ ныййарджытӕн ныфс дӕттынц. Цавӕр?

Уӕ сывӕллӕтты Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы хъомыл кӕнат, уӕд сын уымӕй хуыздӕр ницы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджын ӕмӕ хъӕлдзӕг уой, ӕмӕ сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайа (Ӕмбисӕндтӕ 23:24). Уӕдӕ уӕ «фаттӕ» цӕттӕ кӕнут, хъахъхъӕнут сӕ ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл аразут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд никуы фӕфӕсмон кӕндзыстут.

[Ныв 9 фарсыл]

Ныййарджытӕ сывӕллоны алы фӕндыл куы разы кӕной, уӕд, цымӕ, уый сӕ уардзондзинадыл дзурӕг уыдзӕн?

[Ныв 11 фарсыл]

Йӕ сывӕллоны чи уарзы, уыцы ныййарӕг йӕ хъӕбулӕн бамбарын кӕны, зонд ын цӕмӕн амоны, уый

[Ныв 11 фарсыл]

Хорз ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнынц, ацы дунейы ӕвзӕрӕй цы ис, уымӕй

[Ныв 12 фарсыл]

Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ӕнцон нӕу, фӕлӕ йӕ фыдӕбоны аргъ у