Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Израилаг чызг»

«Израилаг чызг»

АЦЫ хабар ӕрцыд 2006 азы Прая-Грандийы (Бразили). Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма дыууӕ къуыри куы хъуыди, уӕд Салишы бинонтӕ ныффыстой, уыцы изӕрмӕ сӕ фӕхонын кӕй фӕндыд, уыдоны нӕмттӕ. Ӕхсӕзаздзыд Абигайлмӕ йӕ ныййарджытӕ хуынды гӕххӕтт радтой ӕмӕ йӕ бафарстой, кӕмӕн ӕй ратдзынӕ, зӕгъгӕ.

– Алыхатт дӕр мӕм чи фӕхуды, уыцы лӕгӕн,– загъта чызг.

– Ӕмӕ чи у?– бафарстой йӕ йӕ ныййарджытӕ.

– Инвалиды коляскӕйы фӕбады,– загъта Абигайл.

Цыппар боны фӕстӕ Абигайл ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ уыцы лӕгыл фембӕлдысты. Йӕ ном хуыйны Вальтер ӕмӕ цӕры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Паддзахады залмӕ ’ввахс. 15 азы размӕ, 28 азы йыл куы цыди, уӕд аварийы бахауд ӕмӕ йӕ къӕхтыл нал цӕуы. Вальтер хъӕздыг лӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕппынӕдзухдӕр дыууӕ лӕджы хъахъхъӕны. Абигайлы ныййарджытӕ бар ракуырдтой, цӕмӕй Вальтеримӕ аныхас кодтаиккой ӕмӕ йын загътой, сӕ чызджы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын хуынды гӕххӕтт радта.

Абигайл Вальтеры Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы фӕхуыдта, уӕд ын загъта: «Иннӕтӕм бирӕ хуынды гӕххӕттытӕ ис, мӕнмӕ та ӕрмӕст иу. Уымӕ гӕсгӕ дӕу йеддӕмӕ никӕй хонын. Куы не ’рбацӕуай, уӕд мӕм ничи ӕрбацӕудзӕн. Фӕлӕ куы ’рбацӕуай, уӕд цин кӕндзынӕн, Йегъовӕ та ноджы тынгдӕр».

Абигайл йӕ ныййарджытимӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕфснайдта Паддзахады зал. Вальтер машинӕйы сӕ рӕзты фӕцӕйцыд, Абигайлы федта ӕмӕ машинӕ бауромын кодта. Рудзынг бакодта ӕмӕ йӕ бафарста, цы кусыс, зӕгъгӕ. Чызг ын загъта, зал кӕй ӕфснайы, цӕмӕй йын ӕхсызгон уа уырдӕм ӕрбацӕуын.

Уыцы изӕр Абигайл тынг тыхсти. Раныхас райдыдта, уый та ракӕс-бакӕс кодта, Вальтер ӕрбацыд ӕви нӕ. Уалынмӕ Вальтер йӕ хъахъхъӕнджытимӕ ӕрбацӕуы. Чызджы цӕсгом фырцинӕй ныррухс. Раныхас куы фӕци, уӕд Вальтер загъта, ӕндӕр горӕтмӕ цӕуынмӕ кӕй хъавыд, фӕлӕ стӕй ахъуыды кодта ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд, цӕмӕй Абигайлӕн ӕхсызгон уыдаид. Стӕй ма загъта: «Абон фехъуыстон, ӕппӕты тынгдӕр мӕ цы хъуыди, уый». Уый фӕстӕ Библи ракуырдта ӕмӕ йӕ райдыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр цӕуын.

Хӕдзары Вальтер арӕх дзырдта Абигайлы тыххӕй ӕмӕ йӕ хойы дӕр бафӕндыд, цӕмӕй йемӕ базонгӕ уыдаид. Абигайлимӕ куы базонгӕ, уӕд тынг фӕцыд йӕ зӕрдӕмӕ. «Ныр ӕй ӕмбарын, ме ’фсымӕр афтӕ хъӕлдзӕг цӕмӕн вӕййы, уый».

Вальтер абон дӕр Библи ахуыр кӕны, ӕмбырдтӕм цӕуы ӕмӕ дзуапп дӕр фӕдӕтты. Стӕй йӕхӕдӕг цы базоны, уый адӕмӕн фӕдзуры. Гыццыл Абигайл нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Нееманӕн ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй чи радзырдта, уыцы израилаг чызджы (2 Паддзӕхты 5:2–14).