Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Фӕндыд ӕй баххуыс кӕнын

Фӕндыд ӕй баххуыс кӕнын

ТЫНГ рынчын чи уыд, ахӕм адӕймаджы зыдтай? ~ Нӕ дӕ фӕндыд, цӕмӕй йын баххуыс кодтаис? ~ Фӕлӕ, зӕгъӕм, ӕндӕр бӕстӕйӕ кӕнӕ ӕндӕр диныл хӕст у, уӕддӕр дӕ фӕндыдаид, цӕмӕй адзӕбӕх уыдаид? ~ 3 000 азы размӕ Израилы цард иу гыццыл чызг ӕмӕ йӕ фӕндыд ахӕм адӕймагӕн баххуыс кӕнын. Ӕркӕсӕм-ма, уӕд цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонмӕ.

Рагон Израил ӕмӕ Сирийы ’хсӕн хӕстытӕ арӕх уыд (1 Паддзӕхты 22:1). Иухатт сирийӕгтӕ Израилмӕ ӕрбабырстой ӕмӕ уыцы гыццыл чызджы семӕ уацары акодтой. Уым Сирийы ӕфсады хицау Нееманы усы лӕггадгӕнӕг сси. Нееман та уыдис хъотырӕй рынчын. Уыцы низӕй-иу адӕймаджы буар тынг фехӕлд.

Лӕггадгӕнӕг чызг Нееманы усӕн загъта, йӕ лӕджы цы бакӕнын хъуыд, цӕмӕй сдзӕбӕх уыдаид: «Нееман Самаримӕ куы ацӕуид, уӕд ӕй Йегъовӕйы пехуымпар Елисей йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх кӕнид». Чызг афтӕ ныфсджынӕй дзырдта Елисейы тыххӕй, ӕмӕ Нееманы бауырныдта, уыцы пехуымпар ӕй ӕцӕгӕйдӕр кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн. Нееман йӕхи ракуырдта Сирийы паддзах Венададӕй ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ Елисеймӕ дард балцы ацыд (иу-150 км бӕрц).

Фыццаг уал ацыдысты Израилы паддзах Иораммӕ ӕмӕ йын равдыстой Венадады писмо. Уыцы писмойы Венадад куырдта, цӕмӕй Нееманӕн баххуыс кодтаиккой. Фӕлӕ Иорам не ’ууӕндыд нӕдӕр Йегъовӕйыл, нӕдӕр Елисейыл. Иорам хъуыды кодта, Венадад йемӕ схӕцынмӕ кӕй хъавы. Елисей уый куы фехъуыста, уӕд паддзах Иорамӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, уадз ӕмӕ мӕм ӕрбацӕуа». Елисейы фӕндыд Нееманы сдзӕбӕх кӕнын, цӕмӕй базыдтаиккой, Йегъовӕмӕ цы тых ис, уый (2 Паддзӕхты 5:1–8).

Нееман йӕ бӕхтимӕ ӕмӕ йӕ бӕхуӕрдӕттимӕ Елисейы хӕдзармӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕм Елисей йӕ лӕггадгӕнӕджы рарвыста ӕмӕ йын загъта: «Дӕхи авд хатты ныннай Иорданы цӕугӕдоны, ӕмӕ уӕд адзӕбӕх уыдзынӕ». Нееман тынг смӕсты. Уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл уыди, Елисей йӕм йӕхӕдӕг рацӕудзӕн, йӕ къух ыл ӕрӕвӕрдзӕн ӕмӕ сдзӕбӕх уыдзӕн. Елисей та йӕм ӕрмӕст йӕ лӕггадгӕнӕджы рарвыста! Ӕмӕ Нееман фырмӕстӕй сӕхимӕ ацӕуынмӕ хъавыд (2 Паддзӕхты 5:9–12).

Нееманы лӕггадгӕнӕг куы уыдаис, уӕд куыд бакодтаис? ~ Йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ бафарстой: «Елисей дын зын хъуыддаг куы аразын кодтаид, уӕд ӕй нӕ сарӕзтаис? Уӕдӕ дын зынӕй куы ницы загъта – дӕхи ныннай ӕмӕ ссыгъдӕг уай». Нееман дӕр сӕм байхъуыста. Ацыд ӕмӕ «Иорданы йӕхи авд хатты ныннадта... ӕмӕ йӕ буар гыццыл сывӕллоны буары хуызӕн сси».

Нееман Елисеймӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Ныр ӕй зонын, зӕххыл ӕрмӕстдӕр Израилы кӕй ис Хуыцау». Стӕй ма Елисейӕн дзырд радта: «Йегъовӕйы йеддӕмӕ иу хуыцауӕн дӕр нал хӕсдзынӕн нӕдӕр басудзинаг кувинаг, нӕдӕр нывонд» (2 Паддзӕхты 5:13–17).

Нӕ дӕ фӕндид уыцы гыццыл чызгау Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ хъаруйы тыххӕй искӕмӕн радзурын? ~ Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд ыл иу хъотырджын лӕг баууӕндыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ». Зоныс, Йесо йын цы дзуапп радта? ~ «Фӕнды мӕ»,– загъта йын Йесо. Ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта, раст Йегъовӕ Нееманы куыд сдзӕбӕх кодта, афтӕ (Матфейы 8:2, 3).

Зоныс, Йегъовӕ ахӕм ног дуне кӕй скӕндзӕн, адӕм иууылдӕр ӕнӕнизӕй ӕмӕ ӕнустӕм кӕм цӕрдзысты? ~ (2 Петры 3:13; Раргомад 21:3, 4). Уӕдӕ дӕ куыннӕ фӕнддзӕн ацы диссаджы хабӕрттӕ иннӕтӕн дӕр радзурын!

Фарстатӕ:

○ Уацары цы гыццыл чызджы акодтой, уый Нееманӕн куыд баххуыс кодта?

○ Нееманы фыццаг цӕуылнӕ фӕндыд Елисеймӕ байхъусын, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ хъуыды цӕмӕн фӕивта?

○ Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы гыццыл чызджы хуызӕн уай, уӕд дӕ цы хъӕуы аразын?

○ Чырыстийы цы бафӕндыд саразын, ӕмӕ Хуыцауы ног дунейы диссаджы цард цӕмӕн уыдзӕн?