Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы нын дзуры Чырысти

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Хуыцауы Паддзахад у, ӕнӕхъӕн дунейыл разамынд чи дӕтдзӕн, уыцы хицауад. Йесо Чырысти загъта: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ... „Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр“» (Матфейы 6:9, 10; Данел 2:44).

Хуыцауы Паддзахады разамынд чи дӕтдзӕн?

Чырысти уый тыххӕй райгуырд, цӕмӕй суыдаид Хуыцауы Паддзахады Паддзах. Зӕд фехъусын кодта Чырыстийы мад Марийӕйӕн: «Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн» (Лукайы 1:30–33). Уымӕй уӕлдӕй ма, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕй иуӕй-иуты равзӕрста, цӕмӕй йемӕ паддзӕхтӕ уыдаиккой. Йӕ апостолтӕн загъта: «Сымах мӕ фӕлварӕнты рӕстӕг уыдыстут мӕ фарсмӕ. Ӕмӕ ӕз уемӕ аразын бадзырд паддзахады тыххӕй, мӕ Фыд мемӕ куыд сарӕзта бадзырд, афтӕ» (Лукайы 22:28, 29; Данел 7:27). Ӕдӕппӕтӕй 144 000 адӕймаджы йемӕ хицӕуттӕ уыдзысты (Раргомад 5:9, 10; 14:1).

Кӕм уыдзӕнис уыцы Паддзахад?

Хуыцауы Паддзахад уыдзӕн уӕлӕрвты. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ’рцӕттӕ кӕнон [уӕлӕрвты], уӕд ногӕй ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй, ӕз кӕм дӕн, сымах дӕр уым уат... Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ» (Иоанны 14:2, 3, 12; Данел 7:13, 14).

Цымӕ Хуыцауы Паддзахад ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн?

Йесо Чырысти зӕхх ссыгъдӕг кӕндзӕн ӕвзӕр адӕмӕй. Чырысти загъта: «Адӕймаджы Фырт [Йесо] йе ’ппӕт зӕдтимӕ кадджын цыд куы ’ркӕна, уӕд ӕрбаддзӕн йӕ кадджын паддзахбадӕныл. Уӕд ӕппӕт адӕмтӕ дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты, ӕмӕ... [сӕ] ахицӕн кӕндзӕн... Ӕмӕ уыдон [фыдгӕнджытӕ] ӕнустӕм фесӕфдзысты, рӕстгӕнджытӕ та ӕнустӕм цӕрдзысты» (Матфейы 25:31–34, 46).

Хуыцауы Паддзахад разамынд куы дӕтта, уӕд зӕххыл чи цӕрдзӕн?

Йесо Чырысти загъта: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны уыдзӕн» (Матфейы 5:5; Псалом 37:29; 72:8). Зӕххыл цӕрдзысты, кӕрӕдзийы чи уарзы, уыцы адӕм. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоанны 13:34, 35).

Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы сараздзӕн?

Чырысти адӕмы сӕ низтӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн. Зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн дзырдта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... стӕй, дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыд, уыдоны дзӕбӕх кодта» (Лукайы 9:11). Апостол Иоанн Йесо Чырыстийы цӕстылуайӕны куы федта, уӕд загъта: «Федтон ног арв ӕмӕ ног зӕхх... Ӕмӕ мӕм паддзахбадӕнӕй райхъуыст тыхджын хъӕлӕс: „Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн... Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн... мӕлӕт“» (Раргомад 21:1–4).

Хуыцауы Паддзахады фӕрцы та зӕхх ногӕй суыдзӕн дзӕнӕт. Чырыстиимӕ цы фыдгӕнӕджы ӕрцауыгътой, уый загъта: «Йесо, паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн». Ӕмӕ йын Чырысти дӕр дзуапп ратта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:42, 43; Исай 11:4–9).

Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 8 сӕр *

[Фиппаинаг]

^ 16 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.