Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕстӕртӕн

Мӕстыгӕр ӕфсымӕр

Мӕстыгӕр ӕфсымӕр

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.

АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС РАЙДИАН 4:1–12.

Цыхуызӕн уыд Каин ӕмӕ цавӕр адӕймаг уыд? Авел та?

․․․․․

Каин «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй» цавӕртӕ кодта, ӕмӕ уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? (Галатӕгтӕм 5:19–21).

․․․․․

ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН. НОГӔЙ ТА БАКӔС 4–7 СТИХТӔ.

Мыййаг, Каин нывондӕн фос кӕй не ’рхаста, уый тыххӕй йын нӕ райста Йегъовӕ йӕ нывонд, ӕви ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй? (Ӕмбисӕндтӕ 21:2).

․․․․․

Мӕсты кӕнын ӕвзӕр кӕд нӕ уаид, фӕлӕ Каин тынг кӕй смӕсты, уый ӕвзӕр цӕмӕн уыд?

․․․․․

Каинӕн йӕ бон цы саразын уыд, цӕмӕй йӕ мастыл «фӕуӕлахиз уыдаид»?

․․․․․

ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

Мӕсты кӕныны тыххӕй.

․․․․․

Хӕлӕг кӕныны тыххӕй.

․․․․․

Ӕвзӕр миниуджытыл уӕлахиз кӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй.

․․․․․

АЦЫ ХАБАРӔЙ ДЫН СТЫРДӔР ПАЙДА ЦЫ ӔРХАСТА ӔМӔ ЦӔМӔН?

․․․․․