Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы нын дзуры Чырысти

Иннӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй

Иннӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй

Хӕларзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

Ӕвзӕр зӕрдӕ дӕм чи дары, суанг уыцы адӕммӕ дӕр хӕларзӕрдӕ дӕ? Кӕд нӕ Йесо Чырыстийы фӕзмын фӕнды, уӕд хъуамӕ хӕларзӕрдӕ уӕм, се сӕфт нӕ чи уыны, уыдонмӕ дӕр. Чырысти загъта: «Кӕд сымах, чи уӕ уарзы, уыдоны уарзут, уӕд диссагӕй цы аразут? Тӕригъӕдджынтӕ дӕр уарзынц, чи сӕ уарзы, уыдоны... Фӕлӕ сымах уарзут уе знӕгты... ӕмӕ уыдзыстут Иунӕг Стыр Хуыцауы фырттӕ, уымӕн ӕмӕ уый, хорздзинад чи не ’мбары ӕмӕ фыдзӕрдӕ чи у, уыдонмӕ дӕр хӕларзӕрдӕ у» (Лукайы 6:32–36; 10:25–37).

Хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй нын Хуыцау ныххатыр кӕна. Чырысти ахуыр кодта, нӕ бон кӕй у Хуыцауӕй хатыр курын (Матфейы 6:12). Фӕлӕ ма загъта, Хуыцау нын ӕрмӕст уӕд кӕй хатыр кӕндзӕн, мах дӕр иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм. «Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр хатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ сымах куы нӕ хатыр кӕнат адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ» (Матфейы 6:14, 15).

Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Кӕд Йесо Чырыстийӕн бинойнаг никуы уыди, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.

1. Лӕг хъуамӕ йӕ усы уарза, йӕхи буар куыд уарзы, афтӕ. Лӕгтӕн Чырысти у фӕзминаг. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Дӕттын уын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут». Куыд? «Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы»,– загъта Чырысти (Иоанны 13:34). Ацы ныхӕстӕ лӕгтӕм дӕр хауынц. Библийы кӕсӕм: «Лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ, раст афтӕ лӕгтӕ дӕр, сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ хъахъхъӕны, Чырысти дӕр ӕмбырдмӕ куыд зилы ӕмӕ йӕ куыд хъахъхъӕны, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 5:25, 28, 29).

2. Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдион уой. Цардӕмбалӕй уӕлдай ӕндӕр искӕимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый Хуыцауы ныхмӕ тӕригъӕд аразы ӕмӕ йӕ бинонты цард халы. Чырысти загъта: «Ау, нӕ кастыстут... „адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар“? Гъемӕ дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд... Зӕгъын уын: йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матфейы 19:4–9).

3. Сывӕллӕттӕ хъуамӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсой. Кӕд Йесо Чырыстийы ныййарджытӕ ӕнӕххӕст уыдысты, йӕхӕдӕг та ӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр гыццылӕй сӕ коммӕ каст. Библийы 12-аздзыд Йесойы тыххӕй фыст ис: «[Йӕ ныййарджытимӕ] рацыд ӕмӕ ӕрцыдысты Назаретмӕ, ӕмӕ сын уыд коммӕгӕс» (Лукайы 2:51; Ефесӕгтӕм 6:1–3).

Цӕмӕн хъӕуы ацы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куы ахуыр кодта, уӕд сын загъта: «Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоанны 13:17). Иннӕтӕм хъуамӕ кӕсӕм, Йесо куыд ахуыр кодта, ахӕм цӕстӕй ӕмӕ уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг чырыстӕттӕ. «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоанны 13:35).

Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры», 14 сӕр *.

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Ныв 16, 17 фарсыл]

Хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ хатыр кӕнын ахсджиаг кӕй у, ууыл нӕ ахуыр кӕны, йӕ фыды бынтӕ чи бахордта, уыцы фырты тыххӕй фӕсномыг ныхас (Лукайы 15:11–32)

[Ныв 17 фарсыл]

Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдион уой