Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Искӕмӕ хӕлӕг кодтай? Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кодтой

Искӕмӕ хӕлӕг кодтай? Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кодтой

ЦӔЙ уӕдӕ аныхас кӕнӕм, хӕлӕг кӕнын цы у, ууыл. Искӕмӕй афтӕ куы фӕзӕгъынц, цы дзӕбӕх у, цы рӕсугъд у кӕнӕ цы зондджын у, уӕд дын хъыг вӕййы? * ~ Афтӕ вӕййы, искӕмӕ куы хӕлӕг кӕнай, уӕд.

Бинонты ’хсӕн дӕр фӕхӕлӕг кӕнынц, зӕгъӕм, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕй искӕй хъулон уарзт куы фӕкӕнынц, уӕд. Библийы фыст ис, ацы миниуӕг бирӕ бӕллӕхтӕ кӕмӕн ӕрхаста, иу ахӕм бинонты тыххӕй. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, цы ’рцыди ӕмӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

Иосиф уыди Иаковы иуӕндӕсӕм фырт. Йе ’фсымӕртӕ йӕм хӕлӕг кодтой. Цӕмӕн, уый зоныс? ~ Уымӕн ӕмӕ сӕ фыд Иаков тынг уарзта Иосифы. Иухатт ын Иаков балӕвар кодта рӕсугъд хъулон уӕлӕдарӕс. Иннӕ фырттӕй йӕ фылдӕр уымӕн уарзта, «ӕмӕ йын зӕрондырдӕм райгуырд». Стӕй Иосиф уыди йӕ уарзон ус Рахилы фыццаг лӕппу.

Библи дзуры, зӕгъгӕ, «йе ’фсымӕртӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ фыд се ’ппӕтӕй фылдӕр Иосифы уарзы, уӕд дзы се сӕфт федтой». Иу бон Иосиф йӕ бинонтӕн радзырдта, фыны йын иууылдӕр ныллӕг кӕй акуывтой, суанг йӕ фыд дӕр. Библийы фыст ис: «Ӕмӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ хӕлӕгӕй мардысты». Ӕмӕ йын йӕ фыд дӕр бауайдзӕф кодта (Райдиан 37:1–11).

Иосифыл 17 азы куы цыди, уӕд ӕй Иаков арвыста йе ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнынмӕ. Уыдон дард кӕмдӕр хызтой сӕ фысты ӕмӕ сӕгъты. Зоныс, цы сфӕнд кодтой, ӕрбацӕйцӕугӕ йӕ куы федтой, уӕд? ~ Амарынмӕ йӕ хъавыдысты! Фӕлӕ Рувим ӕмӕ Иудӕйы нӕ фӕндыд.

Уыцы рӕстӕг базаргӕнджытӕ сӕ рӕзты Египетмӕ фӕцӕйцыдысты, ӕмӕ Иудӕ загъта: «Ауӕй йӕ кӕнӕм». Ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр ауӕй кодтой. Стӕй сӕгъ аргӕвстой, ӕмӕ йын йӕ тугӕй Иосифы дзаумӕттӕ самӕстой. Сӕ фыдӕн сӕ куы равдыстой, уӕд ныккуыдта: «Иосифы хъӕддаг сырд бахордта!» (Райдиан 37:12–36).

Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Египеты хицау, фараон, Иосифмӕ хорз зӕрдӕ дарын райдыдта. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Иосифӕн баххуыс кодта, цӕмӕй фараоны дыууӕ фыны бамбарын кодтаид. Фыццаг фын уыди авд хӕрзхаст ӕмӕ авд мӕллӕг хъуджы тыххӕй. Дыккаг та – авд дзаг ӕфсиры ӕмӕ авд афтид ӕфсиры тыххӕй. Иосиф бамбарын кодта, дыууӕ фыны дӕр цы нысан кодтой, уый: авд азы дӕргъы бирӕ хор уыдзӕн, иннӕ авд азы та ӕххормаг заман уыдзӕн. Уӕд фараон хордӕттӕ Иосифы бар бакодта, цӕмӕй тыллӕгджын азты сӕхи бацӕттӕ кодтаиккой ӕххормаг рӕстӕгмӕ.

Ӕххормаг азтӕ куы райдыдтой, уӕд Иосифы бинонтӕ дӕр дард бӕстӕйы хӕринагцух ӕййӕфтой. Иаков йӕ дӕс фырты Египетмӕ арвыста, цӕмӕй хор ӕрластаиккой. Уыдон Иосифмӕ ӕрбацыдысты, фӕлӕ йӕ нӕ базыдтой. Иосиф дӕр сын йӕхи не схъӕр кодта, фӕндыди йӕ базонын, ӕрфӕсмон кодтой ӕви нӕ. Иосиф куы бамбӕрста, сӕ мийыл тынг кӕй фӕсмон кӕнынц, уӕд сын йӕхи схъӕр кодта. Кӕрӕдзийӕн фӕхъӕбыстӕ кодтой ӕмӕ тынг фӕцин кодтой! (Райдиан, 40–45 сӕртӕ).

Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ~ Адӕймаг искӕмӕ куы хӕлӕг кӕна, уӕд уый, чи зоны, стыр бӕллӕхтӕм ӕркӕна, суанг ма йе ’фсымӕрӕн дӕр исты ӕвзӕрдзинад ракӕна! Бакӕсӕм Хъуыддӕгтӕ 5:17, 18 ӕмӕ Хъуыддӕгтӕ 7:54–59 ӕмӕ базонӕм, хӕлӕггӕнаг адӕм Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕн цытӕ бавзарын кодтой, уый. ~ Ныр ӕмбарыс, цӕуылнӕ хъуамӕ хӕлӕг кӕнӕм, уый?

Иосиф фӕцард 110 азы. Уыдис ын цот, федта йӕ цоты цот ӕмӕ ма уыдоны цот дӕр. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Иосиф сӕ кӕй ахуыр кодта, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзтаиккой ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ма хӕлӕг кодтаиккой (Райдиан 50:22, 23, 26).

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Дӕ сывӕллонимӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон дзуапп ратта.

Фарстатӕ:

○ Хӕлӕг кӕнын цы у?

○ Иосифӕн йе ’фсымӕртӕ фырхӕлӕгӕй цы бакодтой?

○ Иосиф йе ’фсымӕртӕн цӕмӕн ныххатыр кодта?

○ Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?