Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдӕр халынц бинонты цард?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдӕр халынц бинонты цард?

«ЛӔГ кӕнӕ ус ӕндӕр дин куы райса, уӕд сӕ цард фехӕлдзӕн». Афтӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц. Афтӕ фӕдзурынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уымӕн. Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у?

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лӕг кӕнӕ усы цыдӕр дины тыххӕй фылдӕр базонын куы бафӕнды кӕнӕ рагӕй цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыд, уыдон куы ныууадзы, уӕд йӕ цардӕмбал мӕты бахауы, фӕтыхсы ӕмӕ мӕсты дӕр фӕкӕны.

Арӕхдӕр сылгоймаджы бафӕнды йӕ дин ныууадзын. Кӕд дӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕны, уӕд уый уӕ бинонты цардыл куыд фӕзындзӕн? Сылгоймагӕн та йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йӕ цардӕмбал ма тыхса?

Нӕлгоймаджы хъуыды

Марк цӕры Австралийы. Бинонты хъуыддаг куы бакодта, уымӕй 12 азы фӕстӕ йӕ ус Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. «Уыдыстӕм амондджын, уыди мын хорз куыст, мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ рухс кодта»,– зӕгъы Марк.– Фӕлӕ мӕ цардӕмбал Библи ахуыр кӕнын куы сфӕнд кодта, уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, цыма нӕ цард фехӕлдзӕн. Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдта, уый мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Фӕлӕ ма мын афтӕ куы загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа, уый йӕ кӕй фӕнды, уӕд мӕхицӕн бынат нал ардтон бынтондӕр».

Марк тыхсти, йӕ цардӕмбалы ног дины тыххӕй куы ахицӕн уой, ууыл. Фӕндыд ӕй йӕ усӕн зӕгъын, цӕмӕй Библи мауал ахуыр кодтаид ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ дӕр мауал ӕмбӕлыдаид. Фӕлӕ йӕхи ӕрсабыр кодта ӕмӕ банхъӕлмӕ каст, дарддӕр цы уыдзӕн, уымӕ. Куыд рауад сӕ хабар?

Марк загъта: «Ныр кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр стӕм. 15 азы размӕ мӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕдӕй нырмӕ нӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарӕм». Цы сын баххуыс кодта? «Мӕ цардӕмбал Библимӕ гӕсгӕ цӕрыныл кӕй архайдта, сӕйраджыдӕр уый. Стӕй мын кад кодта».

Сылгоймаджы хъуыды

Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныс, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ лӕг къаддӕр тыхса? Ӕркӕсӕм-ма, алы бӕстӕтӕй сылгоймӕгтӕ цы дзурынц, уымӕ.

Сакико (Япони): «Мӕ цардӕмбалимӕ цӕрын 31 азы. Ис нын ӕртӕ сывӕллоны. 22 азы та дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Лӕг демӕ иу диныл хӕст куы нӕ уа, уӕд уый ӕнцон нӕу. Фӕлӕ тынг архайын Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Рӕвдз у байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕн» (Иаковы 1:19). Архайын, цӕмӕй мӕ лӕгмӕ зӕрдӕхӕлар уон ӕмӕ йемӕ разы кӕнон, Библийы ныхмӕ чи нӕу, уыцы хъуыддӕгты. Уый фӕрцы нӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарӕм».

Надеждӕ (Уӕрӕсе): «28 азы дӕн моймӕдзыд, 16 азы та дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Цалынмӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтон, уӕдмӕ мӕ лӕджы бинонты хистӕрыл нӕ нымадтон. Мӕхи куыд фӕндыд, алцыдӕр афтӕ арӕзтон. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстон, Библийы уынаффӕты фӕрцы фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрӕн кӕй ис (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ мын ӕнцондӕр у мӕ лӕджы коммӕ кӕсын, ӕмӕ уый мӕ лӕг дӕр бафиппайдта».

Марли (Бразили): «Смой кодтон 21 азы размӕ, ис нын 2 сывӕллоны. 16 азы размӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Библийӕ базыдтон, Йегъовӕ Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус иумӕ цӕрой. Ӕмӕ ныр архайын, цӕмӕй хорз бинойнаг уон, мӕ ныхасӕй ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы ӕмӕ мӕ лӕджы зӕрдӕ рухс кӕнон».

Ларисӕ (Уӕрӕсе): «19 азы размӕ сдӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ бамбӕрстон, фыццаджыдӕр мӕ мӕ цард фӕивын кӕй хъуыд. Мӕ лӕг уыны, Библи мыл хорзырдӕм кӕй зыны, ӕмӕ йын ноджы тынгдӕр кӕй аргъ кӕнын. Сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕнын хъӕуы, уымӕ райдианы иу цӕстӕй нӕ кастыстӕм, фӕлӕ уый фӕстӕ иу хъуыдымӕ ӕрцыдыстӕм. Сывӕллӕттӕ мемӕ ӕмбырдтӕм кӕй цӕуынц, мӕ лӕг уый ныхмӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ зоны, уым ӕрмӕстдӕр хорзыл кӕй ахуыр кӕнынц».

Валькирийӕ (Бразили): «Мӕ лӕгимӕ цӕрын 19 азы, ис нын иу лӕппу. Ныр 13 азы дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Райдианы мӕ лӕджы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй дзырдтаин. Фӕлӕ йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кодтон ӕмӕ архайдтон, цӕмӕй уына, Библи мӕ хуыздӕрырдӕм кӕй ивы. Фӕстӕдӕр мӕ лӕг бамбӕрста, Хуыцауы тыххӕй дзурын мын ахсджиаг кӕй у, уый. Абон мын алцӕмӕй дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнон. Адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынмӕ дард хъӕутӕм куы ацӕуын, уӕд мӕ уырдӕм йӕхӕдӕг аласы ӕмӕ цалынмӕ фӕуон, уӕдмӕ мӕм машинӕйы фенхъӕлмӕ кӕсы».

Библи куыд ӕххуыс кӕны?

Кӕд дӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕны, уӕд ма тӕрс, уӕ бинонты цард кӕй фехалдзӕн, уымӕй. Алы бӕстӕтӕй бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ бамбӕрстой, Библи сӕ бинонты цардыл хорзырдӕм кӕй зыны, уый.

Йӕ цардӕмбал Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн у, иу ахӕм нӕлгоймаг загъта: «Мӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд уый мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, фӕлӕ кӕй быхстон, уый дзӕгъӕлы нӕ уыд». Ӕндӕр лӕг та йӕ усы тыххӕй загъта: «Мӕ бинойнаг иузӕрдион, ныфсхаст ӕмӕ фӕндфидар кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн стыр аргъ кӕнын. Йӕ дины фӕрцы нӕ цард фӕхуыздӕр. Кӕрӕдзийы хъуыдыйӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ нӕ фӕнды цӕрӕнбонтӕм иумӕ фӕцӕрын».

[Рамкӕ/Ныв 25 фарсыл]

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи нымайынц Хуыцауы фӕндӕй фыст чиныгыл. Уымӕ гӕсгӕ лӕмбынӕг хъусынц, бинонты царды тыххӕй цы дзуры, уымӕ. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдонӕн Библи цы дзуаппытӕ дӕтты.

Цымӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дӕ цардӕмбал дӕ диныл хӕст куы нӕ уа, уӕд дзы хицӕнӕй цӕрын хъӕуы? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Апостол Павел ныффыста: «Кӕд ӕфсымӕрӕн йӕ ус ӕнӕуырнӕг у, фӕлӕ йемӕ цӕрыныл разы у, уӕд ӕй ма ныууадзӕд. Ӕмӕ кӕд сылгоймагӕн дӕр ӕнӕуырнӕг лӕг ис, фӕлӕ йемӕ цӕрыныл разы у, уӕд йӕ лӕджы ма ныууадзӕд» (1 Коринфӕгтӕм 7:12, 13). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕрынц ацы амындмӕ гӕсгӕ.

Кӕд уырнӕг сылгоймагӕн йӕ лӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу, уӕд хъуамӕ йӕ коммӕ ма кӕса? Нӕ, уый раст нӕу. Апостол Павел ныффыста: «Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй сӕ Хуыцауы ныхасмӕ чи нӕ хъусы, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй дӕр сӕ устыты уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕрцы басӕттой, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ» (1 Петры 3:1, 2).

Цымӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, нӕлгоймагӕн йӕ бартӕ ӕнӕкӕрон сты? Уый афтӕ нӕу. Апостол Павел загъта: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй йӕ зонат, ӕмӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Чырыстон сылгоймаг йӕ лӕгӕн аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ уый у бинонты хистӕр. Фӕлӕ лӕгӕн йӕ бартӕ ӕнӕкӕрон не сты. Уый Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы раз дзуапп дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд лӕг йӕ усӕн Хуыцауы закъон халын кӕны, уӕд ус «Хуыцаумӕ хъуамӕ хъуса, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:29).

Цымӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, хицӕн кӕнӕн нӕй? Афтӕ нӕ дзурынц. Йесо Чырысти загъта: «Зӕгъын уын: йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матфейы 19:9). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр разы сты Чырыстийы ныхӕстыл, ома хицӕн кӕнӕн ис, цардӕмбал куы хӕта, ӕрмӕстдӕр уӕд. Фӕлӕ ма хорз зонынц, гыццыл хъуыддӕгты тыххӕй хицӕн кӕнӕн кӕй нӕй. Ӕмбырдӕй иннӕты дӕр разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Чырыстийы ныхӕстӕм хъусой: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар... Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матфейы 19:5, 6).