Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц

Кӕд Адам ӕххӕст уыд, уӕд цӕмӕн фӕрӕдыд?

Кӕд Адам ӕххӕст уыд, уӕд цӕмӕн фӕрӕдыд?

Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Адамы сӕрибар адӕймагӕй сфӕлдыста, ома йӕхӕдӕг ӕвзӕрста, куыд бакӕна, уый. Ахӕм бар ын кӕй уыд, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕххӕст нӕ уыд. Алцӕмӕй ӕххӕст ӕрмӕст Хуыцау у (Дыккаг закъон 32:3, 4; Псалом 18:30; Марчы 10:18). Чидӕр кӕнӕ цыдӕр ӕххӕст у, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у ӕххӕст, алы хъуыддагӕн дӕр бӕззы. Зӕгъӕм, кардӕй дзидза алыг кӕндзынӕ, фӕлӕ дзы хъӕрмхуыпп дӕр бахӕрдзынӕ? Алцыдӕр у ӕххӕст, цӕмӕн конд у, ӕрмӕст уыцы хъуыддаджы.

Хуыцау Адамы цӕмӕн сфӕлдыста? Фӕндыд ӕй, цӕмӕй йын цот рацыдаид, ӕмӕ уыдаиккой зондӕй хайджын ӕмӕ сӕхи бон уыдаид уынаффӕтӕ хӕссын. Хуыцауӕн кад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн уый сӕ бон уыд равдисын, йӕ закъӕттӕ йын зӕрдиагӕй кӕй ӕххӕст кодтаиккой, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм Хуыцауы коммӕ кӕсын сӕ туджы нӕ рахастой, уый хъуамӕ сӕхи фӕндон уыдаид (Дыккаг закъон 10:12, 13; 30:19, 20). Уӕдӕ Адамӕн йӕ бон сӕрибарӕй ӕвзарын куы нӕ уыдаид, Хуыцауы коммӕ бакӕса ӕви нӕ, уӕд ӕм цыдӕр хъӕндзинад уыдаид, ома ӕнӕххӕст уыдаид. Библийы фыст ис, Адам йӕ сӕрибардзинадӕй куыд спайда кодта, уый: йӕ усы зондыл ацыд ӕмӕ Хуыцауы закъон фехӕлдта, ома «хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй» бахордта (Райдиан 2:17; 3:1–6).

Цымӕ уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ Хуыцау Адамы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд хорз ӕвзӕрӕй иртасын, уымӕ гӕсгӕ раст уынаффӕ нӕ рахаста ӕмӕ фӕрӕдыд? Цалынмӕ Адам Хуыцауы закъоны сӕрты нӕ ахызт, уӕдмӕ Йегъовӕ Хуыцау лӕмбынӕг ӕркаст, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уымӕ, фыццаг дыууӕ адӕймагмӕ дӕр, ӕмӕ загъта: «Ӕппӕт дӕр у тынг хорз» (Райдиан 1:31). Уӕдӕ Адам уый тыххӕй нӕ фӕрӕдыд, ӕмӕ йӕ Хуыцау цыдӕр хъӕндзинадимӕ сфӕлдыста, аххосджын ӕрмӕстдӕр йӕхӕдӕг уыд (Райдиан 3:17–19). Адам Хуыцауы ӕцӕгдӕр куы уарзтаид ӕмӕ йӕ йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын куы фӕндыдаид, уӕд фыццаджыдӕр йӕ коммӕ бакастаид.

Ахъуыды-ма кӕнӕм: Йесо Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд уый дӕр Адамау ӕххӕст уыд. Адамы цотӕй уӕлдай, Йесо райгуырд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы, уымӕ гӕсгӕ йӕ туджы ахӕм лӕмӕгъдзинад нӕ рахаста, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар ма фӕлӕууыдаид (Лукайы 1:30, 31; 2:21; 3:23, 38). Йесойы йӕхи бафӕндыд, цӕмӕй йӕ Фыдыл иузӕрдион уыдаид, йӕ ныхмӕ цыфӕнды карзӕй ма цыдаиккой, уӕддӕр. Адам дӕр, йӕхи куыд фӕндыд, афтӕ спайда кодта йӕ сӕрибардзинадӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый йӕхи аххос уыд.

Уӕдӕ Адам Хуыцауы коммӕ цӕуылнӕ бакаст? Мыййаг афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йын хуыздӕр уыдзӕн? Нӕ, афтӕ нӕ хъуыды кодта, уымӕн ӕмӕ апостол Павел ныффыста, Адамыл сайд кӕй не ’рцыд (1 Тимофеймӕ 2:14). Адамы бафӕндыд йӕ усы зондыл ацӕуын – уый уӕдмӕ бахордта, ӕвналӕн цы бӕласмӕ нӕ уыд, уый дыргътӕй. Хуыцаумӕ байхъусынӕй тынгдӕр Адамы фӕндыд йӕ усы зӕрдӕ балхӕнын. Евӕ йын уыцы дыргъӕй куы хӕрын кодта, уӕд уал Адӕм хъуамӕ ахъуыды кодтаид, Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакӕса, уӕд ӕм цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, ууыл. Адам Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй нӕ уарзта, уымӕ гӕсгӕ фӕлварӕны лӕмӕгъ разынд ӕмӕ йӕ усы зондыл ацыд.

Адам тӕригъд сарӕзта, цалынмӕ йын цот нӕ рацыд, уӕдмӕ. Уый тыххӕй йӕ байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сты ӕнӕххӕст. Фӕлӕ Адамау махӕн дӕр ис сӕрибардзинад. Цӕй уӕдӕ Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уый аккаг у, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йын лӕгад кӕнӕм (Псалом 63:6; Матфейы 22:36, 37).