Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Пехуымпарӕдтӕ Чырыстийы тыххӕй

Пехуымпарӕдтӕ Чырыстийы тыххӕй

Пехуымпарӕдтӕ Чырыстийы тыххӕй

ИСАЙ ӕмӕ иннӕ пехуымпартӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй цы ныффыстой, уый дзуттӕгтӕ зыдтой, уымӕ гӕсгӕ фыццаг ӕнусы йе ’рцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕмӕ сӕ ныфс уыд, тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн (Лукайы 3:15). Цымыдисаг у, Библийы Чырыстийы тыххӕй лыстӕг хабӕрттӕ фыст кӕй ис, уый. Адӕмӕй никӕй бон уыди уыцы хабӕрттӕ сӕхи зондӕй рагацау ныффыссын кӕнӕ, цӕмӕй сӕххӕст уыдаиккой, ууыл бацархайын.

Чырыстийы райгуырд. Пехуымпар Исай загъта, Йесо Чырысти ӕнӕцыд чызгӕй кӕй райгуырдзӕн. Йесо диссаджы хуызы кӕй райгуырд, уый тыххӕй апостол Матфей куы ныффыста, уӕд ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕппӕт адӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Йегъовӕ йӕ пехуымпары дзыхӕй цы загъта, уый: „Ӕнӕвнӕлд чызг басывӕрджын уыдзӕн ӕмӕ йын райгуырдзӕн лӕппу“» (Матфейы 1:22, 23; Исай 7:14). Исай ма ноджыдӕр загъта, Чырысти Давиды байзӕддаг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ ма Давиды фыд Йессейы ном дӕр загъта. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Чырысти Давиды байзӕддаг уыд (Матфейы 1:6, 16; Лукайы 3:23, 31, 32). Чырысти куы нӕма райгуырд, уӕд зӕд Гавриил Марийӕйӕн загъта: «Уымӕн... Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн» (Лукайы 1:32, 33; Исай 11:1–5, 10; Ромӕгтӕм 15:12).

Чырыстийы цард. Назареты ӕмбырдгӕнӕны Йесо Исайы чиныгӕй пехуымпарад хъӕрӕй бакаст: «Мӕныл ис Йегъовӕйы сыгъдӕг уд, уымӕн ӕмӕ мӕ уый тыххӕй байсӕрста, цӕмӕй мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнон». Уыцы ныхӕстӕ йӕхимӕ кӕй хаудысты, уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ныртӕккӕ Фыстадӕй цы ныхӕстӕ фехъуыстат, уыдон абон сӕххӕст сты» (Лукайы 4:17–21; Исай 61:1, 2). Стӕй ма Исай ныффыста, фӕкӕсынхъуаг чи уыд, уыдонмӕ Чырысти зӕрдӕхӕлар, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ сӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕй нӕ кӕсдзӕн. Апостол Матфей ныффыста: «Адӕмӕй дӕр бирӕтӕ йӕ фӕдыл ацыдысты, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта. Ӕрмӕст сӕ карзӕй бафӕдзӕхста, мӕ кой макӕмӕн кӕнут, зӕгъгӕ. Афтӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исайы дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый... „Уый нӕдӕр тыхныхас кӕндзӕн, нӕдӕр хъӕр... Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн“» (Матфейы 8:16, 17; 12:10–21; Исай 42:1–4; 53:4, 5).

Чырыстийы хъизӕмӕрттӕ. Пехуымпар Исай загъта, израилӕгтӕн сӕ фылдӕр Йесо Чырыстийыл кӕй нӕ баууӕнддзысты ӕмӕ сын «цӕлхдур» кӕй суыдзӕн (1 Петры 2:6–8; Исай 8:14, 15). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕд Йесо бирӕ диссӕгтӕ ӕвдыста, уӕддӕр ыл адӕм не ’ууӕндыдысты. «Ӕмӕ уымӕй сӕххӕст сты пехуымпар Исайы ныхӕстӕ: „Йегъовӕ, мах цы хабар фехъуыстам, ууыл чи баууӕндыд?“» (Иоанны 12:37, 38; Исай 53:1). Чырысти Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй уыд, ууыл ма адӕм уый тыххӕй нӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ нӕ тагъд Ромы хицауадӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ Давиды паддзахад зӕххыл ӕрфидар кӕндзӕн. Стӕй ма Чырысти кӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ кӕй амард, уый тыххӕй дӕр ыл бирӕтӕ не ’ууӕндыдысты. Фӕлӕ Исай дзырдта, Чырысти цалынмӕ Паддзах суа, уӕдмӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн.

Исайы чиныджы фыст сты Чырыстийы ныхӕстӕ: «Чи мӕ цавта, уыдонмӕ мӕ фӕсӕттӕ бадардтон... Мӕхи ӕфхӕрд ӕмӕ тутӕй не ’мбӕхстон». Матфей ныффыста, Чырыстийы куыд ӕфхӕрдтой, уый: «Ӕмӕ йын райдыдтой йӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын ӕмӕ йӕ тымбыл къухӕй цӕвын. Иннӕтӕ та йын йӕ уадултӕ дзӕхстытӕ кодтой» (Исай 50:6; Матфейы 26:67). «Йӕхи хъизӕмӕртты хай бакодта; фӕлӕ йӕ дзыхӕй ныхас дӕр не схауд»,– ныффыста Исай. Пилат Чырыстийы куы фарста, дзуттӕгтӕ дӕ цӕмӕй аххосджын кӕнынц, зӕгъгӕ, уӕд «йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд, ӕмӕ бӕстӕйы хицау стыр дисы бафтыд» (Исай 53:7; Матфейы 27:12–14; Хъуыддӕгтӕ 8:28, 32–35).

Чырыстийы мӕлӕт. Исай Чырыстийы мӕлӕты тыххӕй цы дзырдта, ӕрмӕст уый нӕ сӕххӕст, фӕлӕ ма уый фӕстӕ цы уыд, уый дӕр: «Фыдгӕнджытимӕ йӕ баныгӕндзысты ӕмӕ хъӕздгуытимӕ уыдзӕн» (Исай 53:9). Цымӕ ацы пехуымпарад куыд хъуамӕ сӕххӕст уыдаид? Чырыстийы байтыгътой дыууӕ абырӕджы ’хсӕн (Матфейы 27:38). Фӕстӕдӕр иу хъӕздыг лӕг, аримафейаг Иосиф, Чырыстийы мард бавӕрдта къӕдзӕхы къахт ног зӕппадзы (Матфейы 27:57–60). Чырысти кӕй амард, уымӕй сӕххӕст Исайы сӕйрагдӕр пехуымпарӕдтӕй иу: «Мӕ рӕстгӕнӕг, мӕ лӕггадгӕнӕг бирӕ адӕмы ӕрбакӕндзӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн». Чырыстийы нывонды фӕрцы рӕстгӕнджытӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр сӕ тӕригъӕдтӕй ссӕрибар уой (Исай 53:8, 11; Ромӕгтӕм 4:25).

Пехуымпарӕдтӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст вӕййынц

Чырысти чи у, уый цӕмӕй Фыстадмӕ гӕсгӕ сбӕлвырд уыдаид, уый тыххӕй Йесо йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ апостолтӕ дӕр Исайы чиныгӕй арӕх пайда кодтой, Библийы иннӕ чингуытӕй арӕхдӕр. Фӕлӕ ӕрмӕст Исайы чиныджы нӕ уыд фыст, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Дзуттаг Фыстытӕй ма бирӕ ӕндӕр чингуыты уыд фыст Йесо Чырыстийы, йӕ Паддзахады ӕмӕ уыцы Паддзахад фидӕны цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй * (Хъуыддӕгтӕ 28:23; Раргомад 19:10). Цымӕ ацы пехуымпарӕдтӕ дӕр кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой, ууыл ӕууӕндӕн уыдис? Йесо Чырысти дзуттӕгтӕн загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ ӕз Закъон кӕнӕ пехуымпарты [ома Дзуттаг Фыстыты] ныхӕстӕ фехалынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз сӕ фехалынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ сӕ сӕххӕст кӕнынмӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын: арв ӕмӕ зӕхх куы нал уой, уӕддӕр Закъоны тӕккӕ гыццылдӕр дамгъӕ кӕнӕ дамгъӕйӕ иу хахх дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн – ӕппӕт дӕр сӕххӕст уыдзӕн» (Матфейы 5:17, 18).

Йесо Чырысти дзырдта, йӕхиуыл цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст уыдзысты, ӕрмӕст уыдоны тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма фидӕны цы уыдзӕн, уый тыххӕй дӕр (Данел 9:27; Матфейы 15:7–9; 24:15). Уымӕй уӕлдай ма Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой, сӕ мӕлӕты фӕстӕ цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдоны тыххӕй, уыимӕ абон нӕхи цӕстытӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ дӕр. Ууыл та аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы ӕмӕ ма базондзыстӕм, фидӕны чи сӕххӕст уыдзӕн, уыцы пехуымпарӕдтӕ дӕр.

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Йесо Чырыстийы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 200 фарс. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Ныв 4 фарсыл]

Ӕнӕцыд «чызгӕн... райгуырдзӕн лӕппу»

[Ныв 5 фарсыл]

«Мӕхи ӕфхӕрдӕй не ’мбӕхстон»